Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай
ИУӔЙ-ИУТӔ АФТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ, ӔМӔ...
Хуыцау адӕмыл нӕ тыхсы, дард у ӕмӕ йӕм ӕнӕххӕст адӕймаг баввахс уа, уый гӕнӕн нӕй.
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС
«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8).
«Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).
НӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН, ЦӔМӔЙ ХУЫЦАУМӔ БАВВАХС УӔМ?
Кувын ӕм (Псалом 145:18, 19).
Йӕ коммӕ кӕсын (Псалом 32:8).
Йӕ амындтӕ йын ӕххӕст кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).
Нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм (Матфейы 7:7, 8).