Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн ном ис?

Хуыцауӕн ном ис?

Искӕимӕ куы фӕзонгӕ кӕныс, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг йӕ номӕй бафӕрсыс. Цымӕ Хуыцаумӕ ахӕм фарста куы раттис, уӕд дын цавӕр дзуапп раттид?

«Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:8).

Мыййаг, ацы ном фыццаг хатт фехъуыстай? Уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ бирӕ тӕлмацты Хуыцауы ном ӕрмӕст цалдӕр раны ис фыст йе та бынтондӕр нӕй. Фӕлӕ Библи фыццаг цы ӕвзагыл ӕрцыд фыст, уым Хуыцауы ном ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Хуыцауы ном фыст у цыппар дзуттаг ӕмхъӕлӕсонӕй ӕмӕ сӕ ратӕлмац кӕнӕн ис ЙХВХ кӕнӕ ЙГЪВГЪ-йӕ ӕмӕ ацы ном иронау фӕдзурынц «Йегъовӕ», зӕгъгӕ.

Псаломты чиныг Мард денджызы тыхтӕтты Н. э. 1 ӕнус, ДЗУТТАГАУ

Тиндалы тӕлмац 1530 аз, АНГЛИСАГАУ

Рейны–Валерӕйы тӕлмац 1602 аз, ИСПАЙНАГАУ

«Юнион вершн» тӕлмац 1919 аз, КИТАЙАГАУ

Хуыцауы ном арӕх ӕмбӕлы дзуттаг текстты ӕмӕ бирӕ тӕлмацты

ХУЫЦАУЫ НОМ АХСДЖИАГ У?

Ацы ном Хуыцауӕн йӕхицӕн ахсджиаг у. Хуыцауӕн ном ничи радта, йӕхӕдӕг ӕй равзӕрста. Йегъовӕ загъта: «Уый у мӕ ном ӕнустӕм, уыцы номӕй мӕ зондзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Рацыд 3:15). Хуыцауӕн бирӕ титултӕ ис, зӕгъӕм, Ӕппӕтхъомысджын, Фыд, Хицау ӕмӕ Хуыцау. Фӕлӕ Библийы йӕ ном уыдонӕй арӕхдӕр ӕмбӕлы. Стӕй, Библийы цы адӕймӕгты нӕмттӕ ис, зӕгъӕм, Авраам, Давид, Моисей ӕмӕ Чырысти, уыдонӕй дӕр арӕхдӕр ӕмбӕлы. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы йӕхи фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зоной. Библийы фыст ис: «Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Псалом 83:18).

Ацы ном Чырыстийӕн ахсджиаг у. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй Хуыцаумӕ афтӕ кувой: «Срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Чырысти йӕхӕдӕг Хуыцаумӕ куывта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном» (Иоанны 12:28). Чырыстийӕн царды Хуыцауы ном кадджын кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы уыд, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон уыд Хуыцауӕн афтӕ зӕгъын: «Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн» (Иоанны 17:26).

Ацы ном ахсджиаг у, Хуыцауы чи зоны, уыдонӕн. Рагзаманты Хуыцауы адӕм ӕмбӕрстой, Хуыцауы ном куы зоной ӕмӕ йын куы кад кӕной, уӕд ӕдас кӕй уыдзысты. «Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы» (Ӕмбисӕндтӕ 18:10). «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый аирвӕздзӕн» (Иоил 2:32). Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон йӕ номы фӕрцы иннӕтӕй хицӕн кӕндзысты. «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕудзысты сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Михей 4:5; Хъуыддӕгтӕ 15:14).

ХУЫЦАУЫ НОМ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ?

Хуыцауы ном ӕргом кӕны, цавӕр Хуыцау у, уый. Ахуыргӕндтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ном Йегъовӕ нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕ Хуыцауӕн йӕ ном цы нысан кӕны, уый йӕхӕдӕг бамбарын кодта, Моисейӕн ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд: «ӔЗ СУЫДЗЫНӔН, ЧИ МӔ БАФӔНДА, УЫЙ» (Рацыд 3:14). Уӕдӕ нын Хуыцауы ном ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Сфӕлдисӕг у, фӕлӕ ма йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон дӕр кӕй свӕййынц, чи ӕмӕ цы хъуамӕ суой, уый. Хуыцауӕн йӕ титултӕ амонынц, цы бынат ахсы, цы бартӕ йын ис ӕмӕ йӕм цы хъару ис, уымӕ. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр йӕ ном Йегъовӕ нысан кӕны, чи у ӕмӕ чи свӕййы, уый.

Хуыцауы ном цы нысан кӕны, уымӕй бӕрӕг у, кӕй ныл тыхсы. Хуыцауы ном цы нысан кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алкӕддӕр тыхсы, цы сфӕлдыста, ууыл, уыимӕ махыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцау нын йӕ ном кӕй раргом кодта, уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕхи зонӕм. Хуыцау адӕмӕн йӕ ном раргом кодта, куы йӕ бафарстой, уымӕй раздӕр. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зонӕм, удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕм нӕ бон ӕввахс кӕнын кӕй у (Псалом 73:28).

Хуыцаумӕ йӕ номӕй куы дзурӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йын кад кӕнӕм. Зӕгъӕм, фӕнды дӕ, цӕмӕй кӕимӕдӕр балымӕн уай ӕмӕ йын загътай, цӕмӕй дӕм дӕ номӕй дзура. Цы ахъуыды кӕнис, дӕ номӕй дӕм барӕй куы нӕ дзурид, уӕд? Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнис, уӕвгӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбӕлттӕ уӕм? Йегъовӕ дӕр нын йӕ ном раргом кодта ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм йӕ номӕй дзурӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, «йӕ номыл [ын] чи хъуыды кӕны», уыдонӕн! (Малахи 3:16).

Цӕмӕй Хуыцауы базонӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ ном зонӕм. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма базонӕм, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис, уый.

ХУЫЦАУӔН НОМ ИС? Хуыцауы ном у Йегъовӕ. Уыцы диссаджы ном ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фӕндтӕ чи сӕххӕст кӕны, уыцы Хуыцау у