Хуыцау цы сарӕзта?
Искӕимӕ дӕ хуыздӕр базонгӕ кӕнын куы фӕнда, уӕд хорз уаид, уыцы адӕймагӕн нырмӕ цы бантыст ӕмӕ цы зындзинӕдты сӕрты ахызт, уый тыххӕй базонын. Уӕдӕ нӕ кӕд Хуыцауы хуыздӕр базонын фӕнды, уӕд хъуамӕ базонӕм, цы сарӕзта, уый. Чи зоны дӕм диссаг фӕкӕса, ныронг дӕр нӕ пайдайӕн бирӕ цыдӕртӕ кӕй сарӕзта ӕмӕ нын амондджын фидӕнӕй ныфс кӕй ӕвӕры, уый.
ХУЫЦАУ АЛЦЫДӔР НӔ ПАЙДАЙӔН СФӔЛДЫСТА
Йегъовӕ Хуыцауы у Дуне Сфӕлдисӕг ӕмӕ, «цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (Ромӕгтӕм 1:20). «Уый зӕхх скодта йӕ тыхӕй, зӕхх ӕрфидар кодта йӕ зондӕй, арв айтыгъта йе ’мбарындзинады фӕрцы» (Йереми 10:12). Хуыцау цы сфӕлдыста, уымӕй бӕрӕг у, кӕй ныл тыхсы.
Йегъовӕ «адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ» кӕй сфӕлдыста, уый фӕрцы нӕ цардӕн ис нысан (Райдиан 1:27). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ бон у йӕ диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын. Афтӕ нӕ скодта, цӕмӕй ӕмбарӕм, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй ӕмӕ зонӕм, цӕмӕн аргъ кӕны, уый ӕмӕ алцӕмӕдӕр уый цӕстӕй кӕсӕм. Алцӕмӕдӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсыныл куы архайӕм, уӕд амондджындӕр уыдзыстӕм ӕмӕ ӕмбардзыстӕм, цӕмӕн цӕрӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма нын Хуыцау уый фадат радта, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.
Хуыцау зӕхх куыд сфӕлдыста, уымӕ кӕсгӕйӕ ӕмбарӕм, кӕй нӕ уарзы, уый. Апостол Павел Хуыцауы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста» (Хъуыддӕгтӕ 14:17). Цӕрынӕн нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ӕрмӕст уый нын нӕ радта. Зӕххыл бирӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын цард цины хос уа. Фӕлӕ нын Хуыцау ноджы фылдӕр цыдӕртӕ раттынмӕ хъавыд.
Хуыцау зӕхх афтӕ скодта, цӕмӕй йыл адӕм ӕнустӕм цардаиккой. Библийы фыст ис: «Зӕхх та радта адӕймаджы фырттӕн» ӕмӕ «дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Псалом 115:16; Исай 45:18). Чи йыл хъуамӕ цардаид ӕмӕ кӕдмӕ? «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).
Йегъовӕ сфӕлдыста фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕмӕ сӕ зӕххыл дзӕнӕты хуызӕн цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта, «цӕмӕй йӕ куыстаиккой ӕмӕ йӕм зылдаиккой» (Райдиан 2:8, 15). Хуыцау сын диссаджы куыст бахӕс кодта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут» (Райдиан 1:28). Уӕдӕ Адам ӕмӕ Евӕмӕ диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст – зӕххыл ӕнустӕм цӕрын. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ сын «рӕстгӕнджытимӕ зӕхх бынӕн райсыны» фадат нал уыд. Куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй Йегъовӕ нӕ аивта, адӕмы ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, Хуыцау ма адӕмы тыххӕй цы сарӕзта, уый.
ХУЫЦАУ НЫН РАДТА ЙӔ ФЫСТ НЫХАС
Библи ма хонынц Хуыцауы Ныхас. Цымӕ нын Йегъовӕ Библи цӕмӕн радта? Фыццаджыдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй йын йӕхи тыххӕй базыдтаиккам (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы тыххӕй нӕм цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн Библийы дзуапп нӕй, нӕдӕр ӕндӕр чиныджы (Екклесиаст 3:11). Фӕлӕ Библийы цы фыст ис, уый фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы базонын. Библийӕ базонӕн ис, адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй. Йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр адӕм цӕуынц кӕнӕ нӕ цӕуынц, уый (Псалом 15:1–5). Базонӕн ис, куыд ын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ, стӕй мулк ӕмӕ ӕхцамӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй ӕппӕты хуыздӕр базонӕн ис, йӕ Фырт Йесо Чырысти цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый фӕрцы (Иоанны 14:9).
Йегъовӕ ма йӕ Ныхас, Библи, радта иу хъуыддаджы тыххӕй – цӕмӕй амондджынӕй цӕрӕм. Библийы нын Йегъовӕ дзуры, цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ бинонтӕ амондджын уой, цӕмӕй райгонд уӕм, цы нӕм ис, уымӕй ӕмӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм. Ацы журналӕй ма базонӕн ис, Библийы царды ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп кӕй ис, уый, зӕгъӕм, «Зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис? Цавӕр фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Стӕй ма дзы базонӕн ис, Хуыцау цы сарӕзта, райдианы йӕм цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст кӕныны тыххӕй.
Библи диссаджы чиныг кӕй у,– Хуыцауы лӕвӕрд чиныг – уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Библи фыстой 40 адӕймаджы бӕрц 1 600 азӕй фылдӕр. Фӕлӕ йӕ сӕйраг темӕ у иу, уымӕн ӕмӕ йӕ Автор Хуыцау у (2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕндӕр рагон чингуытӕй уӕлдай, Библи нӕ рӕстӕгмӕ ӕрхӕццӕ, райдианы йӕ куыд ныффыстой, афтӕмӕй ӕмӕ уый бӕрӕг у Библийы рагон къухфыстытӕй. Стӕй кӕд йӕ фесафыныл тынг архайдтой, уӕддӕр ӕй абон дӕр тӕлмац кӕнынц, парахат ӕй кӕнынц ӕмӕ йӕ кӕсынц. Библи нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, уымӕй бӕрӕг у «нӕ Хуыцауы ныхас... [кӕй] уыдзӕн ӕнустӕм» (Исай 40:8).
ХУЫЦАУ НЫН ЗӔРДӔ БАВӔРДТА
Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй диссаджы хъуыддаг сарӕзта. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм зӕххыл ӕнустӕм цардаиккой. Фӕлӕ Адам Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакаст ӕмӕ тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕнусон цардӕй ӕнӕхай ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ фӕци, фӕлӕ йын фидӕны цы байзӕддӕгтӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон дӕр. «Гъемӕ иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Адам ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый тыххӕй тӕссаг уыд, Хуыцауы фӕнд куы нӕ сӕххӕст уа, уымӕй. Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта?
Йегъовӕ куыд архайдта, уым ирдӕй зындысты йӕ цыппар миниуӕджы. Йӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ Адам ӕмӕ Евӕйы сӕ тӕригъӕды тыххӕй бафхӕрдта, фӕлӕ сын сӕ фидӕны цотмӕ уарзондзинад равдыста. Ӕгӕрон зонды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уыцы уавӕры раст уынаффӕ рахаста ӕмӕ йӕ уайтагъд фехъусын кодта (Райдиан 3:15). Адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕнӕн уыд Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийы фӕрцы. Уый куыд саразӕн уыд?
a (Матфейы 20:28; Иоанны 14:6). Чырыстийӕн йӕ бон уыд йӕ цард нывондӕн раттын, уымӕн ӕмӕ Адамау ӕххӕст адӕймаг уыд. Фӕлӕ Адамӕй уӕлдай Чырысти Хуыцауыл иузӕрдион уыд суанг мӕлӕты онг. Чырысти тӕригъӕдджын нӕ уыд, афтӕмӕй амард ӕмӕ йӕ Йегъовӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн райгас кодта. Ныр Чырыстийӕн йӕ бон уыд, Адам цы нӕ сарӕзта, уый саразын – коммӕгӕс адӕмӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс раттын. «Иу адӕймаг ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ, иу адӕймаг коммӕгӕс кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Ромӕгтӕм 5:19). Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый – адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты.
Цӕмӕй адӕм, сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уымӕй фервӕзтаиккой, уый тыххӕй Йегъовӕ Чырыстийы зӕхмӕ рарвыста. Хъуамӕ Чырысти адӕмы ахуыр кодтаид царды раст фӕндагыл цӕуын ӕмӕ хъуамӕ «йӕ уд раттаид бирӕты балхӕныны тыххӕй»Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ базонӕн ис, Адам йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд куыд бакодта, уыцы хабарӕй. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын ницы бахъыгдардзӕн. Йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Исай 55:11). Стӕй ма ныр зонӕм, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый. «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм. Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы, фӕлӕ уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ Хуыцау бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывондӕн ӕрхастаид» (1 Иоанны 4:9, 10).
Хуыцау «йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ йӕ мах сӕрвӕлтау мӕлӕтмӕ радта». Ӕмӕ нын «цӕстуарзонӕй... ратдзӕн, цы ма нӕ хъӕуы, ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр», зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ (Ромӕгтӕм 8:32). Цымӕ нын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? Дӕ бон ӕй у бакӕсын.
ХУЫЦАУ ЦЫ САРӔЗТА? Йегъовӕ адӕмы скодта ӕнустӕм цӕрынӕн. Библи нын радта, цӕмӕй йӕ нӕ бон базонын уа. Йесо Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн
a Чырыстийы нывонды тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын чиныгӕй «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 27 урок. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис сайты www.dan124.com.