Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи у Хуыцау?

Чи у Хуыцау?

Бирӕтӕ дзурынц, Хуыцау сӕ кӕй уырны. Фӕлӕ сӕ куы бафӕрсай, чи у Хуыцау, зӕгъгӕ, уӕд алыхуызон дзуаппытӕ фехъусдзынӕ. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцау у карз тӕрхонгӕнӕджы хуызӕн, ӕмӕ адӕмы сӕ рӕдыдтыты тыххӕй бафхӕрынмӕ бӕллы. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та, цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр сӕ Хуыцау уарздзӕн ӕмӕ сын хатыр кӕндзӕн. Кӕмӕдӕр та афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ Хуыцау дард у ӕмӕ адӕммӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы. Адӕм ацы фарстайы фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый базонӕн нӕй.

Хуыцауы зонын ахсджиаг у? О. Хуыцауы хуыздӕр куы базонай, уӕд бамбардзынӕ, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый (Хъуыддӕгтӕ 17:26–28). Хуыцаумӕ куы ӕввахсдӕр кӕнай, уӕд дӕ тынгдӕр уарздзӕн ӕмӕ дын тынгдӕр ӕххуыс кӕндзӕн (Иаковы 4:8). Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауы хорз куы зонай, уӕд дын ӕнустӕм цӕрыны ныфс уыдзӕн (Иоанны 17:3).

Дӕ бон куыд у Хуыцауы базонын? Ахъуыды-ма кӕн, хорз кӕй зоныс, ахӕм адӕймагыл, зӕгъӕм, де ’мбалыл. Ӕмбӕлттӕ куыд систут? Ӕвӕццӕгӕн ын базыдтай йӕ ном, цавӕр адӕймаг у, цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, цы сарӕзта ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, стӕй ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ. Уыцы адӕймаджы тыххӕй фылдӕр кӕй базыдтай, уый фӕрцы систут ӕмбӕлттӕ.

Раст афтӕ, ацы фарстаты фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы базонын:

Ацы журналӕй базондзынӕ, ацы фарстатӕн Библи цавӕр дзуапп дӕтты, уый. Базондзынӕ, Хуыцау чи у, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ йӕм куы баввахс уай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн, уый дӕр.