ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 2 2021 | Хуыздӕр цард къӕсӕрыл ис!
Цымӕ, абон ӕгас зӕххыл дӕр цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ацы дунейы кӕрон хӕстӕг у? Кӕд о, уӕд нӕ бон у исты саразын, цӕмӕй, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд фервӕзӕм? Ацы дунейы кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд уый фӕстӕ та цы уыдзӕн? Ацы журналы цы статьятӕ ис, уыдонӕй ацы фарстатӕн Библийы фӕрцы дзуаппытӕ базондзынӕ, ӕмӕ дын ныфсы хос фӕуыдзысты.
Адӕмы хъӕуы хуыздӕр цард!
Дуне цы уавӕры ис, уымӕй бӕрӕг у, адӕмы кӕй хъӕуы хуыздӕр цард.
Цымӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн?
Библийы фыст ис, ацы дунейӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ ма дзы афтӕ дӕр ис фыст, ӕмӕ зӕххыл адӕм алкӕддӕр цӕрдзӕн.
Йесо Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?
Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдон абон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый уыныс?
Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ног дунейы цӕрай?
Хуыцауы хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фервӕзӕм?
Тагъд зӕххыл уыдзӕн дзӕнӕт!
Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд зӕххыл цард цыхуызӕн уыдзӕн?
Ацы дунейы кӕрон хӕстӕг у?
Библи ацы фарстайӕн цавӕр дзуапп дӕтты, уый дӕ, чи зоны, дисы бафтауа.