Адӕмы хъӕуы хуыздӕр цард!
Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь загъта: «Мах цӕрӕм зындзинӕдтӕй йедзаг дунейы». Йӕ ныхӕстимӕ разы дӕ?
Арӕхӕй-арӕхдӕр фехъусӕм ӕвзӕр хабӕрттӕ
Низтӕ ӕмӕ пандемийӕтӕ парахат кӕнынц
Ӕрдзон бӕллӕхтӕ сарӕх сты
Мӕгуырдзинад ӕмӕ ӕххормагдзинад сты парахат
Адӕм ӕрдз чъизи кӕнынц; зӕххы климӕт хъармдӕр кӕны
Фыдракӕндтӕ ӕмӕ коррупци сарӕх сты
Бирӕ бӕстӕты цӕуы хӕстытӕ
Бӕрӕг у, адӕмы кӕй хъӕуы хуыздӕр цард, цӕмӕй
Алчидӕр уа ӕнӕниз
Алкӕмӕн дӕр уа ӕдас
Хӕринаг уа парахатӕй
Ӕрдз мачиуал чъизи кӕна
Хӕрам хъуыддӕгтӕ мауал уа
Ӕгас зӕххыл дӕр уа сабырдзинад
Адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хуыздӕр цард. Цавӕр цард?
Ныр цы дунейы цӕрӕм, уый цы бауыдзӕн?
Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хуыздӕр цардӕй хайджын уӕм?
Ацы журналӕй Библийы фӕрцы дзуапп базондзынӕ ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстатӕн, ӕмӕ дын уый ныфсы хос фӕуыдзӕн.