СӔЙРАГ ТЕМӔ | ӔНӔЗӔРДӔХУДТ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ?
Ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг абон кадджын нал у?
Хитоси куыста бухгалтерӕй, адӕмӕн куыст чи фӕагуры, ахӕм агентствойы Японийы. Цы хыгъд скодта, уымӕ йӕ хицауимӕ куы кастысты, уӕд ын хицау загъта, зӕгъгӕ сӕ ахӕм раст хыгъд нӕ хъуыди, ӕмӕ йӕ хъуамӕ фӕива. Хитоси йын бамбарын кодта, йе ’фсарм ӕй сайын кӕй нӕ уадзы. Уӕд ын хицау загъта, дӕхи фӕнд куы тӕрай, уӕд ӕнӕ куыстӕй баззайдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр йӕ куыстӕй ратардтой.
Цалдӕр мӕйы Хитосийӕн йӕ бон куыст ссарын нӕ уыд, ӕмӕ йӕ ныфс асаст. Зӕгъӕм, иухатт куысты тыххӕй иу хицауимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын загъта, куысты мидӕг сайгӕ кӕй нӕ кӕндзӕн. Хицау тынг бадис кодта: «Цыдӕр ӕнахуыр адӕймаг дӕ!» Хитосийы ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй фӕндыд кусын, уый тыххӕй дзы йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ӕппӕлыдысты. Фӕлӕ йӕхӕдӕг дызӕрдыг кӕнын райдыдта, раст кӕй кӕны, ууыл. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй хъуыды кодта, зӕгъгӕ мӕ дины тыххӕй сайыныл кӕй нӕ разы кӕнын, уымӕй мын цы пайда ис.
Хитосийы хабарӕй бӕрӕг у, ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймагӕн бирӕты цӕсты кад кӕй нӕй. Кӕмӕдӕрты та, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы миниуӕг хъыгдарыны хос йеддӕмӕ ницы у, уӕлдайдӕр та куысты. Хуссар-Африкаг Республикӕйӕ иу сылгоймаг зӕгъы: «Кӕимӕ кусын, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт нӕу, ӕмӕ мӕ хатт фӕхъӕуы мӕхиимӕ тох кӕнын, цӕмӕй уыдоны хуызӕн ма суон».
Адӕм ӕнӕууӕнк кӕй сты, уый цы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, уыдонӕй иу у, сайгӕ кӕй кӕнынц, уый. Зӕххыл ахӕм бынат нӕй, адӕм кӕм нӕ сайынц. Цалдӕр азы размӕ горӕт Амхерсты, Массачусетсы университеты кусӕг психолог Роберт Фельдман раиртӕста, кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнгӕйӕ адӕмӕн сӕ 60 проценты 10 минутмӕ кӕй асайынц ӕппынкъаддӕр иу хатт. «Уый нӕм тынг диссаг фӕкаст. Адӕм афтӕ арӕх кӕй фӕсайынц, уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм»,– зӕгъы Фельдман. Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у – адӕмӕн кӕд сӕ фылдӕр сайынӕй се сӕфт уынынц, уӕддӕр афтӕ арӕх фӕсайынц, раст цыма уый сӕ сӕйраг куыст у!
Цымӕ абон сайын, давын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм митӕ афтӕ арӕх цӕмӕн систы? Уыдӕттӕ адӕмы цардыл куыд зынынц? Ӕмӕ сӕйрагдӕр та, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй мах дӕр ахӕм митӕ кӕнын ма райдайӕм?