«Рӕстгӕнӕгӕн Йегъовӕ уыдзӕн йӕ цин»
ДАЙАНӔЙЫЛ цӕуы 80 азӕй фылдӕр. Йӕ сӕрыхицау рынчын уыд Альцгеймеры низӕй ӕмӕ йӕ мӕлӕты размӕ цалдӕр азы фӕци зӕрӕдты хӕдзары. Йӕ мастыл ма бафтыд, йӕ дыууӕ фырты дӕр куы фӕзиан сты, уӕд. Йӕхицӕн та йӕ риуы уыд рак, ӕмӕ уыцы уӕззау низимӕ тох кодта. Фӕлӕ йе ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Дайанӕ ӕмбырды ӕмӕ уацамынды куы вӕййы, уӕд алкӕддӕр цин фӕкӕны.
Джон 43 азӕй фылдӕр фӕлӕггад кодта цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Уый йӕ лӕггад бирӕ уарзта – царды йын уымӕй зынаргъдӕр ницы уыд! Фӕлӕ йӕ хӕстӕджытӕй чидӕр кӕсинаг кӕй фӕци, уый тыххӕй йӕ бон нал уыд цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Джоныл йӕ зонгӕтӕ конгрессты куы сӕмбӕлынц, уӕд фӕзӕгъынц, кӕй нӕ фӕивта – раздӕр куыд цингӕнаг уыд, ныр дӕр афтӕ у.
Цымӕ Дайанӕйӕн дӕр ӕмӕ Джонӕн дӕр цы баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕнын ма бауагътаиккой? Ныфссаст чи у кӕнӕ цавӕрдӕр низӕй рынчын чи у, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы циндзинад цӕй фӕрцы уыдзӕн? Ӕмӕ цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ чи нал ӕххӕст кӕны, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа? Библийы фыст ис: «Рӕстгӕнӕгӕн Йегъовӕ уыдзӕн йӕ цин» (Пс. 64:10). Цӕмӕй ацы ныхӕстӕ хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм, циндзинад цӕуыл у баст ӕмӕ цӕуыл нӕу, уымӕ.
РӔСТӔГМӔ ЧИ ВӔЙЙЫ, АХӔМ ЦИНДЗИНАД
Адӕймагӕн арӕх циндзинад цавӕр хъуыддӕгтӕ фӕхӕссынц? Зӕгъӕм, чызг ӕмӕ лӕппу сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд тынг фӕцин кӕнынц. Кӕнӕ ныййарджытӕн сывӕллон куы райгуыры, уӕд уыдонӕй амондджындӕр нӕ вӕййы. Йе та, чырыстонӕн йӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ куы бакӕнынц, уӕд ын уый стыр циндзинад ӕрхӕссы. Уыцы хъуыддӕгтӕ циндзинад уымӕн хӕссынц, ӕмӕ Йегъовӕйӕ сты. Бинонты цард уа, хъӕбулы ад ӕви цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ,– ӕппӕт уыдӕттӕ сты Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ (Райд. 2:18, 22; Пс. 127:3; 1 Тим. 3:1).
Фӕлӕ уыцы циндзинад хатгай вӕййы рӕстӕгмӕ. Цымӕ цӕмӕн? Хъыгагӕн, вӕййы афтӕ, ӕмӕ адӕймагыл йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй рацӕуы кӕнӕ та йын амӕлы (Йез. 24:18; Оси 3:1). Сывӕллӕттӕ та хатт сӕ ныййарджытӕм нӕ фӕхъусынц ӕмӕ Хуыцауы коммӕ нӕ фӕкӕсынц, кӕйдӕрты та суанг ӕмбырдӕй дӕр ацух кӕнынц. Зӕгъӕм, Самуилы фырттӕ Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал лӕггад кодтой. Давиды бинонтӕ та бирӕ мӕстытӕ бавзӕрстой, Давид цы стыр тӕригъӕдтӕ ӕруагъта, уыдоны тыххӕй (1 Сам. 8:1–3; 2 Сам. 12:11). Адӕймагыл ахӕм хабӕрттӕ куы ’рцӕуы, уӕд йӕ зӕрдӕйы циндзинад нал вӕййы.
Чырыстӕттӕй чидӕртӕ цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ нал феххӕст кӕнынц, се ’нӕниздзинад куы ’рлӕмӕгъ вӕййы, сӕ хиуӕттӕй чидӕр кӕсинаг куы вӕййы, йе та нӕ организацийы цавӕрдӕр ивындзинад куы ’рцӕуы, уӕд. Уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, сӕ раздӕры лӕггад тынг кӕй мысынц.
Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй цӕйдӕрты тыххӕй циндзинад бирӕ нӕ ахӕссы. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг дӕр цин кӕнӕм? Ис. Ӕмӕ уый зыны Самуилы, Давиды ӕмӕ иннӕты хабарӕй. Уыдонӕн зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр сӕ циндзинад не ’рмынӕг.
АЛКӔДДӔР ЧИ УЫДЗӔН, АХӔМ ЦИНДЗИНАД
Йесо зыдта, ӕцӕг циндзинад цы у, уый. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, зӕхмӕ куы ’рцыд, уый размӕ «алкӕддӕр цин кодта... [Йегъовӕйы] разы» (Ӕмб. 8:30). Ӕмӕ-иу кӕд зӕххыл цӕргӕйӕ стыр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр ын циндзинад хаста, йӕ Фыды фӕндон кӕй ӕххӕст кодта, уый (Иоан. 4:34). Йӕ мӕлӕты размӕ куы хъизӕмар кодта, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Библийы фыст ис: «Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста» (Дзут. 12:2). Ӕцӕг циндзинад цы у, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм, Йесо циндзинады тыххӕй цы дзырдта, уымӕ.
Иухатт Йесо 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ арвыста. Ӕмӕ фӕстӕмӕ цингӕнгӕ ӕрбаздӕхтысты, уымӕн ӕмӕ сӕ бон уыд диссӕгтӕ аразын, суанг адӕмӕй хӕйрӕджыты дӕр сурын. Йесо сын загъта: «Дӕлимонтӕ уӕ коммӕ кӕй кӕсынц, ууыл ма цин кӕнут – цин кӕнут, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл» (Лук. 10:1–9, 17, 20). Ӕцӕгдӕр, цавӕрфӕнды кадджын хӕстӕ ма ’ххӕст кӕнӕм, уӕддӕр, Йегъовӕ нӕ райгонд уа, уымӕй стырдӕр циндзинад ницы хӕссы ӕмӕ уымӕй ахсджиагдӕр ницы у.
Ӕндӕр хатт та, Йесо адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд, иу дзуттаг сылгоймагӕн йӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ загъта, Йесойы ныййарӕг мад тынг амондджын кӕй у. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Нӕ, амондджын уыдон сты, Лук. 11:27, 28). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ сывӕллонӕй цӕйдӕр тыххӕй сӕрыстыр уай, уый цины хос у. Фӕлӕ уымӕй стырдӕр циндзинад та хӕссы, Йегъовӕмӕ хъусай ӕмӕ йемӕ ӕнгом уай, уый.
Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Адӕймаг стыр циндзинад фенкъары, Йегъовӕ дзы райгонд кӕй у, уый зонгӕйӕ. Ӕмӕ зындзинӕдты куы бахауы, уӕддӕр уыцы циндзинад не ’рмынӕг вӕййы. Уый нӕ, фӕлӕ ма, иузӕрдионӕй куы баззайы, уӕд йӕ циныл ноджы стырдӕр цин бафты (Ром. 5:3–5). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ, чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн ратты йӕ сыгъдӕг тых, ӕмӕ циндзинад та у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу (Гал. 5:22). Уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм 64-ӕм псаломы 10-ӕм стихы ныхӕстӕ, «рӕстгӕнӕгӕн Йегъовӕ уыдзӕн йӕ цин», зӕгъгӕ.
Уӕдӕ ныр ӕмбарӕм, Дайанӕ ӕмӕ Джонӕн зындзинӕдты дӕр сӕ циндзинад цӕуылнӕ ӕрмынӕг, уый. Дайанӕ загъта: «Йегъовӕимӕ дӕн ӕдас, сывӕллон йӕ фыдимӕ куыд ӕдас вӕййы, афтӕ». Стӕй ма загъта: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ мын кӕй арфӕ кӕны. Уый мын тыхтӕ дӕтты, цӕмӕй дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ хъусын кӕнон». Цымӕ Джонӕн та цы баххуыс кодта дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн, кӕд цӕуӕг цӕстдарӕгӕй нал лӕггад кодта, уӕддӕр? Уый загъта: «1998 азы мын бахӕс кодтой Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола уадзын. Ӕмӕ-иу уӕд Библи иртасынӕн цас рӕстӕг рахицӕн кодтон, уыйбӕрц уый размӕ никуы». Йӕ бинойнагимӕ ма сын цы баххуыс кодта, уый тыххӕй дарддӕр загъта: «Йегъовӕйӕн уал азы лӕггад кӕнгӕйӕ цыфӕнды хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ дӕр алкӕддӕр цӕттӕ кӕй уыдыстӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр уыд, цӕмӕй нӕ ног уавӕртыл сахуыр уыдаиккам. Мах ӕппындӕр ницӕуыл фӕсмон кӕнӕм».
Дайанӕ ӕмӕ Джонау 64-ӕм псаломы 10-ӕм стихы ныхӕстӕ сӕхиуыл бирӕтӕ бавзӕрстой. Ӕркӕсӕм иу бинонты цӕвиттонмӕ. Уыдон Иугонд Штатты Вефилы фӕлӕггад кодтой 30 азӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ стӕй снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Уыдон загътой: «Цы уарзыс, уымӕй куы фӕцух уай, уӕд дын уый ӕнцон кӕцӕй уыдзӕн. Фӕлӕ ууыл цӕрӕнбонты нӕ маст кӕндзынӕ». Кӕдӕм сӕ снысан кодтой, уырдӕм куы ’рцыдысты, уӕд уайтагъд ног ӕмбырдимӕ хъусын кӕнынмӕ бавнӕлдтой. Дарддӕр загътой: «Мах-иу бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй куывтам. Ӕмӕ-иу нӕ куывдтытӕн дзуапп куы федтам, уӕд-иу бафидар стӕм ӕмӕ-иу нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг сты. Ног ӕмбырдимӕ лӕггад кӕнын куы райдыдтам, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дзы чидӕртӕ систы пионертӕ, стӕй дыууӕ адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам, ӕмӕ сӕ уырнындзинад тагъд рӕзыд».
«УӔ ЗӔРДӔ ӔНУСТӔМ РАЙӔД»
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппынӕдзух цин кӕнай, уымӕн гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ нӕ 64-ӕм псаломы 10-ӕм стихы ныхӕстӕ ныфс уадзынц. Кӕд хатгай нӕ ныфс асӕтты, уӕддӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, цыфӕнды зындзинӕдты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты алкӕддӕр кӕй уыдзӕн циндзинад. Стӕй ма нӕ бон у ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд «ног арв ӕмӕ ног зӕххы» тыххӕй куы сӕххӕст уа, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд Хуыцауы адӕм иууылдӕр «цин кӕндзысты» ӕмӕ «[сӕ] зӕрдӕ ӕнустӕм райдзӕн», Йегъовӕ цыдӕриддӕр араза, уый тыххӕй (Ис. 65:17, 18).
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уӕд цавӕр цард уыдзӕн, уый. Не ’ппӕт дӕр уыдзыстӕм ӕнӕниз ӕмӕ-иу алы бон дӕр куы райхъал уӕм, уӕд уыдзыстӕм уӕнгрог. Маст ӕппындӕр ницӕуылуал кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ, абон нӕ ныфс кӕй тыххӕй асӕтты, уыцы хабӕрттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты». Йесо 12-аздзыд чызджы куы райгас кодта, уӕд уыцы чызджы ныййарджытӕ, «фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой» (Мар. 5:42). Ӕмӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ уыдзӕн милуангай адӕммӕ, чи сын амард, уыдон куы райгас уой, уӕд. Ӕппынфӕстаг зӕххыл цӕрдзӕн ӕрмӕстдӕр рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ ӕнустӕм «Йегъовӕ уыдзӕн... [сӕ] цин».