14 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз
«Хорз хабар хъусын кӕн, дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз» (2 ТИМ. 4:5).
57 ЗАРӔГ Хъусын кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. Хуыцауы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр цӕуыл фӕнды архайын ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)
ЙЕСО ЧЫРЫСТИ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:19). Ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр фӕнды уыцы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ архайын, цӕмӕй сӕ лӕггады «рохуаты мацы уадзой» (2 Тим. 4:5). Царды уымӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ арфӕйагдӕр куыст нӕй, стӕй йӕ хъӕуы ӕвӕстиатӕй кӕнын. Фӕлӕ кӕмӕндӕрты сӕ бон нӕу, цас сӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын.
2. Кӕмӕндӕрты нӕ ӕнцон цӕуылнӕ у ууыл архайын, цӕмӕй нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм?
2 Мах фӕхъӕуы ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕр аразын, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты нӕ хъӕуы бирӕ кусын, цӕмӕй нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты фӕдарӕм. Кӕмӕндӕрты та нӕ нӕ бинонтӕй чидӕр у кӕсинаг, йе та нӕхӕдӕг стӕм рынчын кӕнӕ нын ис депресси. Науӕд та цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, азтӕ ныл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр нӕ бон куыд у архайын, цӕмӕй нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм?
3. Матфейы 13:23 стихы фыст Йесойы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?
3 Кӕд нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ бон нӕу Йегъовӕйӕн, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын, уӕддӕр хъуамӕ нӕ ныфс асӕттын ма бауадзӕм. Йесо зыдта, Паддзахады хъуыддаджы архайгӕйӕ се ’ппӕтӕн сӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн иухуызон тыллӕг дӕттын. (Бакӕс Матфейы 13:23.) Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, нӕ бон цы у, уый кӕй аразӕм, уымӕн (Дзут. 6:10–12). Фӕлӕ дӕ, чи зоны, дӕ уавӕртӕ амонынц, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразай. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ: 1) Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нын царды ӕппӕты сӕйраг цӕй фӕрцы уыдзӕн, 2) хуымӕтӕг цард кӕнынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ 3) нӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн иннӕтӕн ноджы арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын. Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, «дӕ лӕггады рохуаты мацы уадзай», уый куыд ӕмбаргӕ у, уый.
4. Ныхӕстӕ, «дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты?
4 Ныхӕстӕ, «дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕтӕн хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн, цас хъусын кӕнӕм, ӕрмӕст уый нӕу ахсджиаг, фӕлӕ нӕ уымӕ цы разӕнгард кӕны, уый дӕр. Кӕд нӕ уымӕ, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый разӕнгард кӕны, уӕд ӕппӕт удӕй лӕггад кӕндзыстӕм (Мар. 12:30, 31; Кол. 3:23) *. Хуыцауӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагӕн дӕттай ӕмӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразай. Хъусын кӕнын нӕхицӕн стыр кадыл куы нымайӕм, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй хорз хабар, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм.
5, 6. Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ, бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕмӕн вӕййы, ахӕм чырыстон хъусын кӕныны хъуыддаг царды фыццаг бынаты ӕвӕра? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
5 Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Ӕрыгон лӕппу уарзы гитарӕйыл цӕгъдын, ӕмӕ йын фадат куыддӕр фӕвӕййы, афтӕ йыл ацӕгъды. Иуафон кафейы кусын райдыдта – улӕфгӕ бонты дзы гитарӕйыл фӕцӕгъды. Фӕлӕ йын уым бирӕ нӕ фидынц, ӕмӕ ма ноджыдӕр иу куыст ссардта – къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ дуканийы кассирӕй кусы. Фылдӕр рӕстӕг дуканийы вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты музыкӕйыл. Йӕ бӕллиц у, цӕмӕй гитарӕйыл ноджы хуыздӕр цӕгъдын сахуыр уа ӕмӕ йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр музыкӕимӕ сбӕтта. Ныр та уал алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕны, цӕмӕй-иу гитарӕйыл ацӕгъда, иу гыццыл ын рӕстӕг куы фӕвӕййы, уӕд дӕр.
6 Раст афтӕ, чи зоны, дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр хъусын кӕнын тынг уарзыс. Ды архайыс, цӕмӕй хорз хабар арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнай ӕмӕ-иу адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарай. Фӕлӕ дын бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй, чи зоны, хъуыды кӕныс, мӕ бон куыд у хъусын кӕныны хъуыддаг мӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын, зӕгъгӕ.
ХУЫЦАУӔН ЛӔГГАД КӔНЫН НЫН ЦАРДЫ ӔППӔТЫ СӔЙРАГ ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗӔН?
7, 8. Йесо Хуыцауы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?
7 Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уыцы хъуыддаджы нын ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо Чырысти. Уымӕн царды ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын (Иоан. 4:34, 35). Цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ кодтаид, уый тыххӕй сӕдӕгай километртӕ фӕцыд. Йесо алы фадатӕй дӕр пайда кодта, цӕмӕй-иу адӕмӕн сӕ хӕдзӕртты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хъусын кодтаид. Иудзырдӕй йын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы уыд.
8 Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойау хорз хабар хъусын кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кӕнын. Мах цӕттӕ вӕййӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ бон уа хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын (Мар. 6:31–34; 1 Пет. 2:21). Чырыстӕттӕй чидӕртӕ лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй, чидӕртӕ та – пионертӕй ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Иннӕтӕ та сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг. Чидӕртӕ та лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Фӕлӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг бирӕ аразынц. Нӕ бон бирӕ у лӕггад кӕнын ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ, нӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр нӕ домы. Уый у «амондджын Хуыцау», ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй хорз хабар цингӕнгӕйӕ хъусын кӕнӕм (1 Тим. 1:11; Дык. з. 30:11).
9. а) Кӕд Павелы кусын хъуыди, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ царды фыццаг бынаты куыд ӕвӕрдта? б) Хъуыддӕгты 28:16, 30, 31 стихтӕм гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн, Павел Хуыцауы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй?
9 Апостол Павелӕн дӕр царды ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг Коринфы куы уыд, уӕд ӕхцайӕ хъуаг ӕййӕфта, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй хъуыди кусын. Павел цатыртӕ хуыдта, фӕлӕ йын уыцы куыст царды ӕппӕты сӕйраг нӕ уыди. Уыцы куыст уый тыххӕй кодта, цӕмӕй йӕхи фӕдардтаид, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд коринфӕгтӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ уыцы хъуыддаг «лӕвар... аразын» (2 Кор. 11:7). Кӕд Павелы кусын хъуыди, уӕддӕр Хуыцауы хъуыддаг царды фыццаг бынаты ӕвӕрдта ӕмӕ алы сабаты дӕр хъусын кодта. Павелӕн йӕ уавӕр куы фӕхуыздӕр, уӕд ын фадат фӕзынд уыцы хъуыддаджы фылдӕр архайынӕн. Уый «йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ – дзуттӕгтӕн хъусын кодта ӕмӕ сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у, уымӕн» (Хъуыд. 18:3–5; 2 Кор. 11:9). Фӕстӕдӕр Павел Ромы куы уыд ӕмӕ йӕ дыууӕ азы дӕргъы хӕдзары ахстӕй куы дардтой, уӕд-иу хъусын кодта, чи-иу ӕм ӕрбацыд, уыдонӕн, стӕй-иу фыстӕджытӕ фыста. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 28:16, 30, 31.) Павел архайдта, цӕмӕй йӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын мацы хъыгдардтаид. Уый ныффыста: «Хуыцау [нын] ахӕм куыст... кӕй бахӕс кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты» (2 Кор. 4:1). Кӕд мах дӕр Павелау кусгӕ кӕнӕм ӕмӕ куысты бирӕ рӕстӕг вӕййӕм, уӕддӕр нӕ бон у Паддзахады хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын.
10, 11. Кӕд не ’нӕниздзинады тыххӕй нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр нӕ бон куыд у архайын, цӕмӕй нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм?
10 Кӕд ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой кӕнӕ рынчын стӕм, ӕмӕ уый тыххӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц нӕ бон нӕу, уӕд ис ӕндӕр искуыд хъусын кӕнӕн. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хъусын кодтой, адӕм кӕмдӕриддӕр уыд, уым – хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ, бирӕ адӕм кӕм уыд, ахӕм рӕтты, стӕй-иу хъусын кодтой, фадат-иу сын куы фӕзынд, уӕд (Хъуыд. 17:17; 20:20). Кӕд нӕ бон бирӕ цӕуын нӕу, уӕд нӕ бон у, зӕгъӕм, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм ран сбадын ӕмӕ, нӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уыдонӕн хъусын кӕнын. Кӕнӕ та нӕ бон у писмотӕ фыссын кӕнӕ телефонӕй хъусын кӕнын, йе та, фадат куы фӕзына, уӕд хъусын кӕнын. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕй бирӕтӕ ацы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, ӕмӕ сын уый хӕссы стыр циндзинад.
11 Кӕд не ’нӕниздзинады тыххӕй нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм апостол Павелы цӕвиттоныл. Уый загъта: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13). Павелы уыцы хъару бахъуыд, иухатт йӕ уацамындон балцы рӕстӕг куы фӕрынчын, уӕд. Ӕмӕ уыцы хабары кой скодта, галатӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым: «Сымах ӕй зонут, фыццаг хатт уын хорз хабар рынчынӕй кӕй хъусын кодтон» (Гал. 4:13). Раст афтӕ, кӕд мах дӕр рынчын стӕм, уӕд, чи зоны, нӕ бон у уыцы уавӕрӕй спайда кӕнын, цӕмӕй иннӕтӕн, зӕгъӕм, дохтыртӕн, медицинон хотӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм кусджытӕн, хорз хабар хъусын кӕнӕм. Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ куысты вӕййынц, хъусынгӕнджытӕ сӕм хӕдзармӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд.
ХУЫМӔТӔГ ЦАРД КӔНЫНӔН НЫН ЦЫ БАХХУЫС КӔНДЗӔН?
12. «Дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт... уа», уый куыд ӕмбаргӕ у?
12 Йесо загъта: «Буарӕн йӕ цырагъ цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уа [кӕнӕ «дӕ цӕст хуымӕтӕг куы уа»], уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн рухс» (Матф. 6:22). Ацы ныхӕстӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Хъуамӕ хуымӕтӕг цард кӕнӕм, ома нӕ хъарутӕ иууылдӕр хъуамӕ арӕзт уой иунӕг нысанмӕ ӕмӕ нӕ уыцы хъуыддаджы хъуамӕ мацы къуылымпы кӕна. Йесойӕн йӕхицӕн дӕр царды ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаг царды фыццаг бынаты ӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ мах дӕр Йесойау архайӕм, цӕмӕй «фыццаджыдӕр агурӕм Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад», ома нын царды ӕппӕты сӕйраг уа Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Матф. 6:33).
13. Цӕмӕй нӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ саразӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?
*. Зӕгъӕм, нӕ бон нӕ уаид нӕ куысты график фӕивын, цӕмӕй нын къуырийы дӕргъы хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа? Кӕнӕ та нын кӕд цавӕрдӕр ирхӕфсӕнтӕ бирӕ рӕстӕг исынц, уӕд нӕ бон нӕ уаид исты фӕивын?
13 Цӕмӕй нӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ саразӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Иу уый, ӕмӕ хуымӕтӕг цард куы кӕнӕм. Уый фӕрцы нын фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ йӕ бауарзынӕн14. Иу лӕг ӕмӕ ус цы фӕивтой, цӕмӕй сын хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид?
14 Иу хистӕр нӕлгоймаг, Элиас, ӕмӕ йӕ бинойнаг дӕр раст афтӕ бакодтой. Мӕнӕ цы зӕгъы Элиас: «Уыцы рӕстӕг нӕ бон нӕ уыд пионертӕй лӕггад кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ цыдӕртӕ фӕивтам, цӕмӕй нӕ бон уыдаид фылдӕр хъусын кӕнын. Зӕгъӕм, нӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кодтам, ирхӕфсӕнтыл уыйбӕрц рӕстӕг нал хардз кодтам ӕмӕ нӕ куысты хицӕуттӕн загътам, цӕмӕй нын нӕ куысты график иу гыццыл фӕивтаиккой. Уый фӕрцы нӕ бон уыди изӕрыгӕтты хъусын кӕнын, фылдӕр адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ма мӕй дыууӕ хатты кусгӕ бонты дӕр хъусын кӕнынмӕ цӕуын. Уый нын хаста стыр циндзинад!»
НӔ БОН ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗӔН ИННӔТӔН НОДЖЫ АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔНЫН ӔМӔ СӔ АХУЫР КӔНЫН?
15, 16. 1 Тимофеймӕ 4:13, 15 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм? (Кӕс рамкӕ « Цӕмӕй мӕ лӕггады рохуаты мацы уадзон, уымӕн мын цавӕр нысӕнттӕ баххуыс кӕндзысты?».)
15 Цӕмӕй нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм, уымӕн ма нын баххуыс кӕндзӕн, арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл куы архайӕм, уый дӕр. Зӕгъӕм, иуӕй-иу дӕсныйӕдтыл хӕст адӕмӕй фӕдомынц, цӕмӕй ӕдзух цӕуылдӕрты Ӕмб. 1:5; бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:13, 15).
ахуыр кӕной ӕмӕ сӕм уый фӕрцы фылдӕр зонындзинӕдтӕ уа ӕмӕ сӕ куыст арӕхстджындӕрӕй кӕной. Уый зӕгъӕн ис Паддзахады хъусынгӕнджытӕй дӕр. Хъуамӕ ӕдзухдӕр архайӕм, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы арӕхстджындӕр кӕнӕм (16 Цымӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн? «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды фехъусӕм хорз уынаффӕтӕ. Уыцы фембӕлд нын стыр ӕххуыс у, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕдзухдӕр арӕхстджындӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, хӕслӕвӕрд кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн уынаффӕтӕ куы фӕдӕтты, уӕд фехъусӕн вӕййы хорз хъуыдытӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ уацамынды нӕ бон вӕййы уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын. Нӕ бон ма у нӕ уацамындон къорды цӕстдарӕгӕй дӕр уынаффӕ ракурын кӕнӕ йемӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын. Йе та нӕ бон у хъусын кӕнынмӕ фӕлтӕрд хъусынгӕнӕгимӕ, пионеримӕ кӕнӕ та районон цӕстдарӕгимӕ ацӕуын. Иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй арӕхстджындӕрӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд нын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн.
17. Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадзай, ууыл куы архайай, уӕд цы банкъардзынӕ?
17 Йегъовӕ нӕ йе ’мкусджытыл кӕй нымайы, уый махӕн у стыр кад! (1 Кор. 3:9). Куы архайӕм, «цӕмӕй-иу, ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнӕм» ӕмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр нӕ лӕггадмӕ куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм (Фил. 1:10; Пс. 100:2). Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ ма дызӕрдыг кӕн: кӕд цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс кӕнӕ та де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ лӕггады рохуаты мацы уадзай (2 Кор. 4:1, 7; 6:4). Дӕ бон бирӕ хъусын кӕнын у ӕви нӕ, уӕддӕр, Хуыцауӕн ӕппӕт удӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕ циныл цин ӕфтдзӕн (Гал. 6:4). Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадзай, ууыл куы архайай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзыс. «Афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тим. 4:16).
58 ЗАРӔГ Агурӕм фарнуарзаг адӕмы
^ 5 абз. Йесо Чырысти нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр нӕ бон куыд у ууыл архайын, цӕмӕй нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, арӕхстджындӕрӕй цӕй фӕрцы хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ циныл ноджы фылдӕр цин цӕй фӕрцы ӕфтдзӕн, уымӕ.
^ 4 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Нӕ лӕггадмӕ хауы иннӕтӕн хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын, стӕй нӕ организацийы агъуыстытӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын ӕмӕ, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын (2 Кор. 5:18, 19; 8:4).
^ 13 абз. Ӕркӕс, 2016 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 10 фарсыл рамкӕйы «Дӕ бон куыд у дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын» цы авд уынаффӕйы ис, уыдонмӕ.