Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Хуымтӕм» цы цӕстӕй кӕсыс?

«Хуымтӕм» цы цӕстӕй кӕсыс?

«Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (ИОАН. 4:35).

64 ЗАРӔГ Хуымгӕрдӕны зӕрдӕрайгӕйӕ кусӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Иоанны 4:35, 36 стихты ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

ЙЕСО хуымты фӕцӕйцыд. Ӕвӕццӕгӕн, уыдон уыдысты хъӕбӕрхоры хуымтӕ ӕмӕ уӕд нырма цъӕх уыдысты (Иоан. 4:3–6). Хъӕбӕрхор кӕрдыны афон хъуамӕ уыдаид иу-цыппар мӕйы фӕстӕ. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕнахуыр фӕкастаид, Йесо афтӕ куы загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ». (Бакӕс Иоанны 4:35, 36.) Цымӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

2 Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо ӕнӕуи хуымтӕ кӕрдыны тыххӕй нӕ дзырдта. Уый кодта ӕндӕр хуымгӕрдӕны кой – адӕмы ӕмбырд кӕныны кой. Ахъуыды-ма кӕнӕм, уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уый размӕ цы хабар ӕрцыд, ууыл. Дзуттӕгтӕ самариӕгтӕм хӕстӕг дӕр нӕ цыдысты. Фӕлӕ Йесо иу самариаг сылгоймагимӕ дзырдта рӕстдзинады тыххӕй, ӕмӕ йӕм уый байхъуыста! Ӕмӕ Йесо, кӕрдынмӕ цӕттӕ чи сты, уыцы хуымты кой куы кодта, уыцы рӕстӕг ӕм самариӕгтӕй чидӕртӕ ӕрбацӕйцыдысты. Йесойы тыххӕй сын уыцы сылгоймаг радзырдта, ӕмӕ сӕ фӕндыд Йесомӕ йӕхимӕ байхъусын ӕмӕ фылдӕр базонын (Иоан. 4:9, 39–42). Иу библииртасӕг ацы хабары тыххӕй ныффыста: «Уыцы адӕм Йесомӕ уайтагъд кӕй ӕрбацыдысты, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыдысты, йӕ кӕрдыны афон кӕмӕн ӕрцыд, ахӕм хуымы хуызӕн».

Кӕд афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ хуымтӕ «фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ», уӕд цы хъуамӕ аразӕм? (кӕс 3 абзац)

3. Йесо адӕммӕ цы цӕстӕй каст, ды дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй куы кӕсай, уӕд дын цы бантысдзӕн?

3 Ды та, хорз хабар кӕмӕн фӕхъусын кӕныс, уыцы адӕммӕ цы цӕстӕй фӕкӕсыс? Разы дӕ, сӕ «кӕрдыны» афон кӕй ӕрцыд, уыимӕ? Кӕд о, уӕд дын бантысдзӕн ӕртӕ хъуыддаджы. Фыццаг: хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕстиат нӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дзы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайдзынӕ. Хуымгӕрдӕн афон тагъд фӕуыдзӕн, ӕмӕ рӕстӕг сафӕн нӕй. Дыккаг: адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсынц, уый уынгӕйӕ цин кӕндзынӕ. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Адӕм хуымгӕрдӕны афон... фӕцин кӕнынц» (Ис. 9:3). Ӕмӕ ӕртыккаг: алы адӕймаджы дӕр нымайдзынӕ фидӕны ахуыргӕнинагыл. Ӕмӕ-иу алкӕимӕ дӕр дӕ ныхас афтӕ райдайдзынӕ, цӕмӕй-иу ын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарай.

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй чидӕртӕ, чи зоны, хъуыды кодтой, ӕмӕ самариӕгтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ никуы суыдзысты. Йесо та афтӕ нӕ хъуыды кодта. Уый сӕм ахӕм цӕстӕй каст, цыма уыдон дӕр иу бон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суыдзысты. Мах дӕр нӕ территорийы адӕммӕ хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Уыцы хъуыддаджы нын апостол Павел фӕзминаг у. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ: 1) Павел-иу базыдта, кӕмӕн хъусын кодта, уыдон цӕуыл ӕууӕндынц, уый; 2) цымыдисаг сӕм цы фӕкӕсдзӕн, уый зыдта ӕмӕ 3) ахӕм цӕстӕй сӕм каст, цыма фидӕны ахуыргӕнинӕгтӕ сты.

ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫНЦ?

5. Павел кӕцӕй зыдта, дзуттӕгтимӕ цӕуыл ис аныхас кӕнӕн, уый?

5 Павел арӕх хъусын кодта дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнты. Зӕгъӕм, Фессалоникӕйы ӕмбырдгӕнӕны «фӕд-фӕдыл ӕртӕ сабаты... [дзуттӕгтимӕ] ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ» (Хъуыд. 17:1, 2). Павел-иу ӕмбырдгӕнӕны куы хъусын кодта, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕтыхст. Йӕхӕдӕг дӕр дзуттаг уыди (Хъуыд. 26:4, 5). Ӕмӕ зыдта, дзуттӕгтимӕ цӕуыл ис аныхас кӕнӕн, уый, ӕмӕ сын ныфсджынӕй хъусын кодта (Фил. 3:4, 5).

6. Павел Афинты базары фӕзы кӕмӕн хъусын кодта, уыцы адӕм цӕмӕй хицӕн кодтой, ӕмбырдгӕнӕны кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕй?

6 Павелӕн Фессалоникӕйы йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд алыгъд Веримӕ. Стӕй та йӕ уырдыгӕй дӕр лидзын бахъуыд, ӕмӕ ацыд Афинтӕм. Павел уым дӕр «ӕмбырдгӕнӕнты дзуттӕгтимӕ ӕмӕ иннӕ уырнӕг адӕмимӕ ныхас кодта» (Хъуыд. 17:17). Фӕлӕ Афинты базары фӕзы куы хъусын кодта, уӕд уым ӕндӕрхуызон адӕм уыд. Се ’хсӕн уыди философтӕ ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, ахӕм адӕм. Павел сын цы дзырдта, уый, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, «ног ахуырад» уыди. Афтӕ дӕр ма йын загътой, цыдӕр ӕнахуыр хабӕрттӕ, дам, дзурыс (Хъуыд. 17:18–20).

7. Хъуыддӕгты 17:22, 23 стихтӕм гӕсгӕ, Павел йӕ ныхас куыд райдыдта?

7 Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:22, 23. Павел Афинты куы уыд, уӕд дзуттӕгтимӕ ӕмбырдгӕнӕны иухуызон ныхас кодта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонимӕ та йӕ ӕндӕрхуызон хъуыди ныхас кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, Павел ахъуыды кодта, Афинты адӕм цӕуыл ӕууӕндынц, ууыл. Йӕ хъус-иу ӕрдардта, йӕ алыварс цытӕ уыдта, уыдӕттӕм, стӕй сӕ дины ӕгъдӕуттӕм. Уымӕй уӕлдай ма уыцы адӕмӕн Фыстадӕй дзырдта, йемӕ цӕуыл сразы уыдаиккой, уыдӕттӕ. Иу библииртасӕг загъта: «Дзуттаг чырыстӕттӕй кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕрста, дзуттӕгтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ цы „ӕцӕг“ Хуыцауӕн куывтой, муртатт грекъӕгтӕ уыцы Хуыцауӕн кӕй нӕ куывтой. Фӕлӕ афинӕгтӕн ӕмбарын кодта, цы Хуыцауы кой кӕны, уый сын ӕцӕгӕлон кӕй нӕу». Уӕдӕ Павел йӕ ныхас райдыдта, уыцы адӕм цӕуыл ӕууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Афинӕгтӕн загъта, цы хабар сын хъусын кӕны, уый кӕй у, «Ӕнӕзонгӕ Хуыцау» кӕй хуыдтой, уымӕй. Кӕд уыдон Фыстад нӕ зыдтой, уӕддӕр Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ чырыстӕттӕ никуы суыдзысты. Уый сӕ нымадта кӕрдинаг хуымтыл, ӕмӕ сын хорз хабар афтӕ хъусын кодта, цӕмӕй йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстаиккой.

Апостол Павелау дӕ хъус дар, адӕймаджы тыххӕй дын цыдӕртӕ базонынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уыдӕттӕм, дӕ ныхас-иу араз, адӕммӕ цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ сӕ нымай фидӕны ахуыргӕнинӕгтыл (кӕс 8, 12, 18 абзацтӕ) *

8. а) Цы дын баххуыс кӕндзӕн, уӕ территорийы адӕм цӕуыл ӕууӕндынц, уый бамбарынӕн? б) Исчи дын куы зӕгъа, мӕнӕн мӕхи дин ис, зӕгъгӕ, уӕд ын дӕ бон цы у зӕгъын?

8 Павелау дӕ хъус дар, адӕймаджы тыххӕй дын цыдӕртӕ базонынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уыдӕттӕм. Бацархай, уӕ территорийы адӕм цӕуыл ӕууӕндынц, уый бамбарыныл. Зӕгъӕм, адӕймаджы тыххӕй йӕ хӕдзармӕ гӕсгӕ цы ис базонӕн? Цавӕр диныл хӕст у, уый йӕ номмӕ, йӕ уӕлӕдарӕсмӕ ӕмӕ йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ, стӕй йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ис бамбарӕн? Чи зоны дын комкоммӕ зӕгъа, мӕнӕн мӕхи дин ис, зӕгъгӕ. Иу хо, сӕрмагонд пионер, ахӕм уавӕры фӕзӕгъы: «Уый тыххӕй дӕм не ’рбацыдтӕн, цӕмӕй, ӕз цӕуыл ӕууӕндын, ууыл дӕ баууӕндын кӕнон. Фӕнды мӕ ахӕм фарстайыл аныхас кӕнын...».

9. Цавӕрдӕр диныл хӕст чи у, ахӕм адӕймагимӕ дӕ бон цӕуыл у аныхас кӕнын?

9 Цавӕрдӕр диныл хӕст чи у, ахӕм адӕймагимӕ дӕ бон цӕуыл у аныхас кӕнын? Чи зоны, цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст стут. Гӕнӕн ис, уый дӕр ӕрмӕстдӕр иу Хуыцауӕн кувы, Йесойы нымайы ӕппӕт адӕмы Ирвӕзынгӕнӕгыл кӕнӕ йӕ уырны, ӕвзӕр рӕстӕджы кӕй цӕрӕм ӕмӕ тагъд ацы дунейӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Йемӕ иу хъуыдыйыл хӕст цы фарстайы фӕдыл дӕ, уый фӕрцы йын дӕ бон уыдзӕн, Библи цы дзуры, уый равдисын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын.

10. Адӕмимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу цӕуыл хъуамӕ бацархайӕм ӕмӕ цӕмӕн?

10 Дӕ зӕрдыл дар, иуӕй-иутӕ сӕ дины ахуырӕдтӕй алкӕцыйыл кӕй нӕ феууӕндынц. Ӕмӕ, адӕймаг цавӕр диныл хӕст у, уый куы базонай, уӕддӕр-иу бацархай, цӕмӕй-иу базонай, йӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕнды, уый. Дейвид лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй Австралийы. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Абон бирӕтӕ философи сӕ дины ахуырӕдтимӕ схӕццӕ кодтой». Иу албайнаг хо та загъта: «Кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдонӕй чидӕртӕ фӕзӕгъынц, цавӕрдӕр диныл хӕст кӕй сты. Фӕлӕ стӕй рабӕрӕг вӕййы, ӕцӕгӕй сӕ Хуыцау кӕй нӕ уырны». Аргентинӕйы миссионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр бафиппайдта, ӕмӕ кӕд иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, Троицӕйыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕ нӕ фӕуырны, Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тых иумӕ иу Хуыцау кӕй сты. Уый загъта: «Уыдӕттӕ зонгӕйӕ мын ӕнцондӕр вӕййы бамбарын, адӕймагимӕ хуыздӕр цӕуыл уыдзӕн аныхас кӕнын, уый». Уӕдӕ-иу бацархай, адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уый базоныныл. Ӕмӕ уӕд ды дӕр Павелау алыхуызон адӕмӕн суыдзынӕ алцыдӕр (1 Кор. 9:19–23).

ЦЫМЫДИСАГ СӔМ ЦЫ ФӔКӔСДЗӔН?

11. Хъуыддӕгты 14:14–17 стихтӕм гӕсгӕ, Павел Листрӕйы цӕрджытӕн куыд хъусын кодта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид?

11 Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 14:14–17. Павел зыдта, кӕмӕн хъусын кодта, уыдонмӕ цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, уый, ӕмӕ-иу йӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ сарӕзта. Зӕгъӕм, Листрӕйы цӕрджытӕ Фыстад ӕвзӕр зыдтой. Ӕмӕ сын Павел ӕрхаста, ӕнцонтӕй кӕй бамбӕрстаиккой, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ: ракодта сын хъӕздыг тыллӕджы кой ӕмӕ, цард циндзинад кӕй хӕссы, уый кой. Йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ, цы цӕвиттонтӕ хаста, уыдон сын уыдысты ӕнцонӕмбарӕн.

12. Дӕ бон куыд у бамбарын, адӕймагмӕ цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, уый, цӕмӕй-иу дӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ райдайай?

12 Арфуынӕг куы уай, уӕд-иу бамбардзынӕ, уӕ территорийы адӕммӕ цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, уый, ӕмӕ-иу дӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ райдайдзынӕ. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куыд ис бамбарӕн йӕ хӕдзармӕ гӕсгӕ кӕнӕ йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ? Ам дӕр дын баххуыс кӕндзӕн, адӕймаджы тыххӕй цыдӕртӕ цӕй фӕрцы базондзынӕ, уыдӕттӕм дӕ хъус куы дарай, уый. Чи зоны, йӕ цӕхӕрадоны цыдӕртӕ кусы, чиныг кӕсы, йӕ машинӕ аразы кӕнӕ ӕндӕр цыдӕр кусы. Ӕмӕ кӕд уавӕр амоны, уӕд дӕ бон у, цы кусы, уый кой скӕнын ӕмӕ афтӕмӕй ныхас райдайын (Иоан. 4:7). Адӕймагӕн йӕ уӕлӕдарӕсмӕ гӕсгӕ дӕр вӕййы цыдӕртӕ базонӕн, зӕгъӕм, цы адӕмыхаттӕй у, кӕм кусы йе та йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр спортивон командӕ цӕуы. Ӕфсымӕр Густаво радзырдта: «Иу 19-аздзыд лӕппуимӕ ныхас кӕнын райдыдтон. Йӕ футболкӕйыл уыди зындгонд зарӕггӕнӕджы ныв. Ӕмӕ йӕ куы бафарстон, уыцы зарӕггӕнӕг йӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуы, уӕд мын ӕй радзырдта. Уыцы лӕппуимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон, ӕмӕ ныр не ’фсымӕр у».

13. Адӕймагӕн цы ис зӕгъӕн, цӕмӕй йӕ Библи ахуыр кӕнын бафӕнда?

13 Куы дӕ фӕнда искӕмӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъын, уӕд-иу дӕ ныхас афтӕ райдай, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ бацагайай. Бамбарын ын кӕн, Библийы ахуыр ын царды куыд баххуыс кӕндзӕн (Иоан. 4:13–15). Иу хо хъусын кодта иу сылгоймагӕн. Уый бафӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ хойы мидӕмӕ бахуыдта. Хо федта, къулыл диплом ауыгъд кӕй уыд, ӕмӕ базыдта, уыцы сылгоймаг университеты кӕй кусы ӕмӕ профессор кӕй у. Уӕд ын хо загъта, мах дӕр адӕмы кӕй ахуыр кӕнӕм Библийы фӕрцы ӕмӕ не ’мбырдты фӕрцы. Уыцы сылгоймаг сразы Библи ахуыр кӕныныл. Иннӕ бон ацыд ӕмбырдмӕ, гыццыл фӕстӕдӕр та – районон конгресмӕ. Ӕмӕ иу азы фӕстӕ та донаргъуыд райста. Дӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Ногӕй кӕмӕ ’рбацӕуын, уыдонмӕ цымыдисаг цы кӕсы? Адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй сын куы фӕдзурын, уӕд афтӕ фӕдзурын, цӕмӕй сӕ Библи ахуыр кӕнын бафӕнда?»

14. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕндаг ссарай?

14 Кӕд искӕимӕ Библи ахуыр кӕныс, уӕд-иу алы хатт дӕр Библийы ахуырмӕ дӕхи хорз бацӕттӕ кӕн. Дӕ зӕрдыл-иу дар, адӕймаг цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл кӕнӕ йӕм цавӕр ахуырад ис. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, цымыдисаг ӕм цы фӕкӕсдзӕн, ууыл. Дӕхи куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, кӕцы стихтӕ бакӕсдзыстут, цавӕр видеороликтӕ йын равдисдзынӕ ӕмӕ цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй спайда кӕндзынӕ, цӕмӕй йын Библийы ахуырӕдтӕ бамбарын кӕнай. Ахъуыды-иу кӕн ахӕм фарстайыл: «Ацы адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ тынгдӕр цы бацагайдзӕн?» (Ӕмб. 16:23). Флорӕ лӕггад кӕны пионерӕй Албанийы. Иу сылгоймагимӕ Библи ахуыр кодта, ӕмӕ йын уый иуафон фидарӕй загъта: «Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый мӕ никуы бауырндзӕн». Флорӕ йын уыцы хъуыды тыххӕй нӕ хъардта. Уый зӕгъы: «Ӕмбӕрстон ӕй, ӕмӕ йӕ цӕмӕй, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый бауырна, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ базона, уымӕй нын зӕрдӕ чи ӕвӕры, уыцы Хуыцауы». Уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу ын Флорӕ алы ахуыры рӕстӕг дӕр йӕ хъус ӕрдардта Йегъовӕйы уарзондзинадмӕ, йӕ зондмӕ ӕмӕ йӕ тыхмӕ. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймаг баууӕндыд, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Ӕмӕ ныр Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны.

НЫФС ДӔ УӔД, ЧЫРЫСТИЙЫ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ КӔЙ СУЫДЗЫСТЫ

15. Хъуыддӕгты 17:16–18 стихтӕм гӕсгӕ, Павел Афинты цы федта, фӕлӕ афинӕгтыл йӕ къух цӕуылнӕ ауыгъта?

15 Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:16–18. Кӕд афинӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой, ӕнӕгъдау митӕ кодтой ӕмӕ алыхуызон философитыл хӕст уыдысты, уӕддӕр сыл Павел йӕ къух нӕ ауыгъта. Ӕмӕ йӕ кӕд ӕфхӕргӕ дӕр кодтой, уӕддӕр сын хъусын кодта. Павел йӕхӕдӕг раздӕр Хуыцауы фаудта, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдта ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыд, фӕлӕ уӕддӕр чырыстон сси (1 Тим. 1:13). Йесо Чырыстийы ныфс уыд, Павел иу бон йӕ ахуыргӕнинаг кӕй суыдзӕн. Ӕмӕ афтӕ Павелы дӕр ныфс уыд, иу бон афинӕгтӕ дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзысты. Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл (Хъуыд. 9:13–15; 17:34).

16, 17. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ алыхуызон адӕймӕгтӕн сӕ бон у, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Фыццаг ӕнусы алыхуызон адӕм систы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ. Павел грекъаг горӕт Коринфы чырыстӕттӕм ныффыста, се ’мбырдӕй иуӕй-иутӕ раздӕр кӕй уыдысты фыдгӕнджытӕ, чидӕртӕ та кӕй хӕтыдысты ӕмӕ тынг хӕлд митӕ кӕй кодтой. Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут» (1 Кор. 6:9–11). Дӕу дӕр ныфс уыдаид, уыцы адӕм иу бон кӕй фӕивдзысты ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзысты?

17 Абон дӕр бирӕты бафӕнды сӕ цард аивын, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Иу хо, Юкинӕ, зӕгъгӕ, лӕггад кӕны Австралийы сӕрмагонд пионерӕй. Уый бамбӕрста, хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ алыхуызон адӕймӕгтӕ кӕй айсынц. Иухатт кӕмдӕр уыди, ӕмӕ дзы федта, татуировкӕтӕ кӕуыл уыд ӕмӕ ӕнӕбары кӕндтытӕ чи уыд, ахӕм чызджы. Юкинӕ зӕгъы: «Фыццаг ӕм мӕ ныфс нӕ хастон, фӕлӕ стӕй йемӕ ныхас кӕнын райдыдтон. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Библийыл тынг ӕууӕндыд. Суанг ма йӕ татуировкӕтӕй кӕцыдӕртӕ уыдысты стихтӕ Псаломтӕй!» Уыцы чызг райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын *.

18. Адӕмӕй афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ сӕ ницы рауайдзӕн?

18 Мыййаг, Йесо афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр йӕ фӕдыл ацӕудзысты, ӕмӕ уый тыххӕй загъта, хуымтӕ кӕрдынмӕ цӕттӕ сты, зӕгъгӕ? Уый тыххӕй нӕ загъта афтӕ. Фыстады раджы ӕрцыд фыст, Йесойыл чи баууӕнддзӕн, уыдон афтӕ бирӕ кӕй нӕ уыдзысты (Иоан. 12:37, 38). Уымӕй уӕлдай ма йӕ бон уыди, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый уынын. Ӕмӕ зыдта, бирӕтӕ йын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ айсдзысты (Матф. 9:4). Ӕмӕ кӕд, чи йыл баууӕндыдаид, фылдӕр уыдонӕн баххуыс кӕныныл архайдта, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта. Мах адӕмы зӕрдӕтӕ нӕ уынӕм, ӕмӕ уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ территорийы адӕмӕй ма хъуыды кӕнӕм, нӕ байхъусдзысты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдонӕй афтӕ хъуамӕ макӕмӕй хъуыды кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ ныфс уа, иу бон уыдон дӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзысты. Марк лӕггад кӕны миссионерӕй Буркина-Фасойы. Уый афтӕ зӕгъы: «Афтӕ ӕнхъӕл кӕмӕй вӕййын, ӕмӕ сӕ цыдӕр рауайдзӕн, уыдон арӕх Библи нал фӕахуыр кӕнынц. Фӕлӕ афтӕ кӕмӕй фӕзӕгъын, ӕвӕццӕгӕн сӕ ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ, уыдон та Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайынц. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бамбӕрстон, ӕппӕты хуыздӕр кӕй у Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын, цӕмӕй нӕ бон уа, рӕстдзинад зӕрдиагӕй чи агуры, уыдоны ссарын».

19. Нӕ территорийы адӕммӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

19 Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ территорийы бирӕ нӕй, хуымтау кӕрдынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм адӕм. Фӕлӕ-ма ’рхъуыды кӕн, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уый. Хуымтӕ, дам, фӕбур сты, ома кӕрдинаг сты. Адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ фӕивой ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Йегъовӕ дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы ӕмӕ сӕ нымайы «зынаргъ хӕзнатыл» (Аг. 2:7). Мах дӕр адӕммӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд-иу бацархайдзыстӕм, цӕмӕй-иу базонӕм, адӕймаг цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл, цавӕр ахуырад ӕм ис, стӕй йӕм цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, уый. Ӕмӕ сӕ ӕцӕгӕлӕттыл нӕ нымайдзыстӕм, фӕлӕ нӕ фидӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл.

57 ЗАРӔГ Хъусын кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн

^ 5 абз. Нӕ территоримӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый куыд фӕзыны, куыд хъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад куыд амонӕм, ууыл? Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Йесо Чырысти ӕмӕ апостол Павел кӕмӕн хъусын кодтой, уыцы адӕммӕ цы цӕстӕй кастысты ӕмӕ сӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у, ууыл. Аныхас кӕндзыстӕм, адӕм цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ сӕм цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, ууыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, стӕй сӕ нӕ фидӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл кӕй хъуамӕ нымайӕм.

^ 17 абз. Рубрикӕйы «Библи ивы адӕймаджы цард» бакӕсӕн ис, йӕ цард чи фӕивта, уыцы адӕмы хабӕрттӕ. Ацы рубрикӕ 2017 азмӕ мыхуыргонд цыди «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Ныр та йӕ ссарӕн ис сайты jw.org®. (Кӕс МАХ ТЫХХӔЙ > ХАБӔРТТӔ.)

^ 57 абз. НЫВ. Лӕг ӕмӕ ус хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ уынынц: 1) хорз кӕмӕ зилынц ӕмӕ дидинджытӕй кӕй срӕсугъд кодтой, ахӕм хӕдзар; 2) сывӕллонджын бинонтӕ кӕм цӕрынц, ахӕм хӕдзар; 3) мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр ӕдзӕллаг чи у, ахӕм хӕдзар ӕмӕ 4) цавӕрдӕр диныл хӕст бинонтӕ кӕм цӕрынц, ахӕм хӕдзар. Куыд хъуыды кӕныс, кӕцы хӕдзары разындзӕн, Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи суыдзӕн, ахӕм адӕймаг?