41 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй донаргъуыд райсой (1 хай)
«Сымах стут Чырыстийы фыстӕг, фысгӕ та уӕ ныккодтам мах нӕ лӕггады фӕрцы» (2 КОР. 3:3).
78 ЗАРӔГ «Хуыцауы ныхас амонӕм»
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *
1. 2 Коринфӕгтӕм 3:1–3 стихтӕй куыд зыны, искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йын афтӕмӕй донаргъуыд райсынӕн баххуыс кӕнын стыр кад кӕй у? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)
УЕ ’МБЫРДӔЙ исчи донаргъуыд куы райсы, уӕд дын уый, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕхсызгон вӕййы (Матф. 28:19). Ӕмӕ, ды кӕимӕ ахуыр кодтай, уыцы адӕймаг куы райсы донаргъуыд, уӕд та дӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы (1 Фес. 2:19, 20). Йӕ уырнындзинад кӕй сфидар ӕмӕ донаргъуыд кӕй райста, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бирӕ бафыдӕбон кодтай, цӕмӕй йын баххуыс кодтаис. Стӕй иннӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр бирӕ бафыдӕбон кодтой. Ног ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрмӕст махӕн нӕ вӕййынц удӕгас «ӕппӕлӕн фыстӕджытӕ», фӕлӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 3:1–3.)
2. а) Цавӕр ахсджиаг фарстайыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн? б) Библийы ахуыр цы у? (Кӕс фиппаинаг.)
2 Уацамынды хыгъдтӕм гӕсгӕ, ӕгас зӕххыл дӕр фӕстаг цыппар азы алы мӕй дӕр уагътам иу-10 милуан Библийы ахуыры *. Ӕмӕ ууыл тынг цин кӕнӕм. Уыцы цыппар азы дӕргъы алы аз дӕр донаргъуыд истой 280 мин адӕймагӕй фылдӕр. Библи чи ахуыр кӕны, уыцы милуантӕй ма ноджыдӕр бирӕтӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй донаргъуыд райсой? Йегъовӕ нырма адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Ӕмӕ мах, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй сын донаргъуыд райсынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй. Рӕстӕг бирӕ нал баззад! (1 Кор. 7:29а; 1 Пет. 4:7).
3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
3 Ныртӕккӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын уӕлдай ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг советы фӕндыд бамбарын, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй ма ноджыдӕр бирӕтӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй донаргъуыд райсой. Ӕмӕ уый тыххӕй ныффыстой писмо филиалтӕм. Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, фӕлтӕрдджын пионертӕй, миссионертӕй ӕмӕ районон цӕстдарджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ (Ӕмб. 11:14; 15:22) *. Базондзыстӕм, хъусынгӕнджыты ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдоны цы хъӕуы аразын. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны цавӕр фондз хъуыддаджы хъӕуы аразын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райсой.
БИБЛИ АЛЫ КЪУЫРИ ДӔР АХУЫР КӔНУТ
4. Кӕд искӕимӕ Библи дуаргӕрон ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
4 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ адӕмимӕ Библи дуаргӕрон фӕахуыр кӕнынц. Райдианы уый хорз вӕййы, уымӕн ӕмӕ фӕархайӕм, цӕмӕй адӕймаджы бафӕнда Библийӕ фылдӕр базонын. Фӕлӕ дуаргӕрон арӕхдӕр цыбыртӕй аныхас кӕнынц, стӕй, чи зоны, алы къуыри ма ’мбӕлой. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ адӕймагӕй райсынц йӕ телефоны номыр. Ӕмӕ йӕм цалынмӕ ногӕй нӕ бацӕуынц, уӕдмӕ йӕм бадзурынц ӕмӕ йын Библийӕ исты хъуыды фӕзӕгъынц кӕнӕ та йӕм исты хъуыдытӕ афыссынц. Ӕмӕ, чи зоны, афтӕ цалдӕр мӕйы дӕр ахӕсса. Фӕлӕ адӕймаг Библи ахуыр кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг куы нӕ хицӕн кӕна, уӕд йӕ уырнындзинад нӕ фидар кӕндзӕн ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн донаргъуыд райсын.
5. Лукайы 14:27–33 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдон нын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзысты?
5 Иухатт Йесо бамбарын кодта, ӕмӕ кӕд кӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинаг суа, уӕд уал ӕй цыдӕр кӕй хъӕуы саразын. Цӕвиттонӕн ӕрхаста, мӕсыг самайын чи сфӕнд кодта, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, дам, уал раздӕр хъуамӕ ’рбада ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый банымайа, цӕмӕй йӕ кӕронмӕ сараза. Стӕй ма радзырдта, хӕстмӕ цӕуынвӕнд чи скодта, ахӕм паддзахы тыххӕй. Ӕмӕ уымӕй дӕр загъта, зӕгъгӕ уал раздӕр хъуамӕ ’рбада ӕмӕ иннӕтимӕ бауынаффӕ кӕна, цӕмӕй бамбара, йе ’фсад знагыл фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕви нӕ. (Бакӕс Лукайы 14:27–33.) Раст афтӕ, кӕй фӕнды, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинаг суа, уыцы адӕймаг хъуамӕ хорз базона, йӕ фӕдыл цӕуын цы нысан кӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн хъӕуы бамбарын кӕнын, ахсджиаг кӕй у Библи алы къуыри дӕр ахуыр кӕнын. Уый куыд ис саразӕн?
6. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн сӕ уырнындзинад тагъддӕр рӕза?
6 Кӕд искӕимӕ Библи дуаргӕрон фӕахуыр кӕныс, уӕд бацархай, цӕмӕй йемӕ фылдӕр ныхас кӕнын райдайай. Зӕгъӕм, кӕд-иу раздӕр иу стихыл аныхас кодтат, уӕд-иу ныр та дыууӕ стихыл аныхас кӕнут. Фылдӕр рӕстӕг кӕй фӕныхас кӕнут, ууыл куы сахуыр уа, уӕд ӕй ис бафӕрсӕн, зӕгъгӕ, нӕ бон нӕ уаид искуы ӕрбадын ӕмӕ нӕ ныхас адарддӕр кӕнын. Цы дзуапп дын ратта, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕгдӕр ӕй фӕнды Библи ахуыр кӕнын ӕви нӕ. Цӕмӕй йӕ уырнындзинад тагъддӕр рӕза, уый тыххӕй йын дӕ бон у зӕгъын, кӕй ис къуыри дыууӕ хатты дӕр ахуыр кӕнӕн (кӕд ӕй фӕнды, уӕд). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай ноджыдӕр цыдӕр хъӕуы аразын.
ДӔХИ АЛЫ АХУЫРМӔ ДӔР ЦӔТТӔ КӔН
7. Нӕ бон куыд у алы ахуырмӕ дӕр нӕхи хорз цӕттӕ кӕнын?
7 Кӕд искӕимӕ Библи ахуыр кӕныс, уӕд хъуамӕ алы ахуырмӕ дӕр дӕхи хорз цӕттӕ кӕнай. Фыццаг уал бакӕс ӕрмӕг ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдон. Сӕйраг хъуыдытӕ ссар. Ахъуыды кӕн сӕргондыл, дӕлсӕргӕндтыл, фарстатыл, нывтыл ӕмӕ, «бакӕс», зӕгъгӕ, кӕм ис фыст, уыцы стихтыл. Чи зоны йын ис равдисӕн, темӕ хуыздӕр кӕй фӕрцы бамбардзӕн, ахӕм видеороликтӕ. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыцы адӕймагӕн куыд ис ӕрмӕг хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнӕн. Хъуамӕ алцыдӕр хорз бамбара, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕна (Неем. 8:8; Ӕмб. 15:28а).
8. Колоссӕгтӕм 1:9, 10 стихтӕй куыд зыны, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны тыххӕй кувын кӕй хъӕуы?
8 Дӕхи Библийы ахуырмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ уыцы адӕймаджы тыххӕй скув. Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕ бон уа адӕймагӕн рӕстдзинад афтӕ амонын, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ хъара. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:9, 10.) Ахъуыды кӕн, зын ын цы уыдзӕн бамбарын кӕнӕ разы цӕимӕ нӕ уыдзӕн. Дӕ зӕрдыл дар, дӕ нысан кӕй у адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уырнындзинад сфидар уа ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райса.
9. Нӕ бон куыд у, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй ахуырмӕ цӕттӕ кӕной?
9 Адӕймагимӕ Библи алы къуыри дӕр куы ахуыр кӕнӕм, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, аргъ кӕнын райдайдзӕн, Йегъовӕ ӕмӕ йын Йесо хорзӕй цы сарӕзтой, уымӕн, ӕмӕ йӕ фӕнддзӕн ноджы фылдӕр базонын (Матф. 5:3, 6). Цӕмӕй йын Библийы ахуыр фылдӕр пайда хӕсса, уый тыххӕй-иу йӕ хъуыдытӕ хъуамӕ иууылдӕр сараза, цы ӕрмӕг ӕвзарут, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ йын бамбарын кӕн, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй йӕхи алы ахуырмӕ дӕр цӕттӕ кӕна. Хъуамӕ-иу рагацау ӕрмӕг бакӕса ӕмӕ-иу ахъуыды кӕна, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон куыд у архайын. Дӕ бон ын куыд у уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын? Иумӕ иу сӕр бацӕттӕ кӕнут *. Равдис ын, куыд ис фарстатӕн абзацты комкоммӕ дзуаппытӕ ссарӕн. Бамбарын ын кӕн, ӕрмӕстдӕр-иу сӕйраг дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстытӕ куы бахахх кӕна, уӕд ын ӕнцондӕр кӕй уыдзӕн дзуапп ӕрхъуыды кӕнын. Уый фӕстӕ йын зӕгъ, цӕмӕй дзуапп йӕхи ныхӕстӕй ратта. Уӕд ӕй фендзынӕ, ӕрмӕг хорз бамбӕрста ӕви нӕ. Фӕлӕ ма адӕймагӕн иу цыдӕр хъӕуы бамбарын кӕнын.
САХУЫР ӔЙ КӔН ЙЕГЪОВӔИМӔ АЛЫ БОН ДӔР НЫХАС КӔНЫН
10. Ахсджиаг цӕмӕн у Библи алы бон дӕр кӕсын? Кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый цы хъуамӕ араза, цӕмӕй йын Библи фылдӕр пайда хӕсса?
10 Адӕймагӕн алы къуыри дӕр чидӕр Библи бамбарынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый хорз у. Фӕлӕ ма йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ алы бон дӕр цыдӕр араза. Хъуамӕ-иу байхъуса, Йегъовӕ йын цы дзуры, уымӕ ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг дӕр йемӕ ныхас кӕна. Алы бон дӕр Библи куы кӕса, уӕд-иу афтӕмӕй байхъусдзӕн, цы йын дзуры, уымӕ (Йес. Н. 1:8; Пс. 1:1–3). Сайты jw.org ссарӕн ис «Библи кӕсыны график» (ис ӕй гӕххӕттыл дӕр рауадзӕн) *. Ӕмӕ йын равдис, куыд ис Библи уыцы графикмӕ гӕсгӕ кӕсӕн. Фӕлӕ йын цӕмӕй Библи фылдӕр пайда хӕсса, уый тыххӕй ма йӕ хъӕуы, Йегъовӕйы тыххӕй цы базоны, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын ӕмӕ, цы базоны, уымӕ гӕсгӕ цӕрын (Хъуыд. 17:11; Иак. 1:25). Ӕмӕ йын хъуамӕ уый дӕр бамбарын кӕнай.
11. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый раст кувын куыд сахуыр уыдзӕн? Йегъовӕмӕ арӕх кува, уый ахсджиаг цӕмӕн у?
11 Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн ӕмбарын кӕн, Йегъовӕимӕ кӕй хъуамӕ ныхас кӕна, ома йӕм алы бон дӕр кӕй хъуамӕ кува. Ахуыры размӕ ӕмӕ-иу ахуыры фӕстӕ зӕрдӕбынӕй скув ӕмӕ-иу дӕ куывдтыты, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый кой дӕр скӕн. Куыд кувыс, уый уынгӕйӕ уый дӕр сахуыр уыдзӕн зӕрдӕбынӕй кувын ӕмӕ базондзӕн, Йегъовӕмӕ Йесо Чырыстийы номӕй кӕй хъӕуы кувын (Матф. 6:9; Иоан. 15:16). Библи алы бон дӕр куы кӕса (ома йын Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ куы хъуса) ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы кува (ома йемӕ куы ныхас кӕна), уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзӕн (Иак. 4:8). Ӕмӕ йӕ иу бон бафӕнддзӕн йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Ноджыдӕр ма йын дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?
ӔХХУЫС ЫН КӔН, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ХӔЛАР СУА
12. Дӕ бон куыд у, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ Хӕлар суа?
12 Мах бӕгуыдӕр фӕнды, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базона. Фӕлӕ ма йын уыцы зонындзинӕдтӕ хъуамӕ йӕ зӕрдӕ дӕр бацагайой, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕд бафӕнддзӕн, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Йесо адӕмӕн бирӕ цыдӕртӕ ӕмбарын кодта, ӕмӕ сын цы амыдта, уый-иу сӕм раст ӕмӕ хорз каст. Фӕлӕ-иу йӕ фӕдыл ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ацыдысты. Йесо ма-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ дӕр бацагайдта (Лук. 24:15, 27, 32). Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый хъуамӕ бамбара, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй суа йӕ Фыд, йӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Хӕлар (Пс. 25:4, 5). Ахуыры рӕстӕг ын йе ’ргом здах, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уымӕ, цыфӕнды темӕ ма ӕвзарат, уӕддӕр (Рац. 34:5, 6; 1 Пет. 5:6, 7). Йе ’ргом ын здах Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕм – йӕ уарзондзинадмӕ, йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ ӕмӕ, тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕ. Йесо загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз... Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» (Матф. 22:37, 38). Уӕдӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарза.
13. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн, цӕмӕй базона, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
13 Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн-иу дзур, Йегъовӕйы цӕй тыххӕй уарзыс, уый. Ӕмӕ уӕд бамбардзӕн, уый дӕр кӕй хъуамӕ архайа, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ Хӕлар суа (Пс. 73:28). Цы сӕр ахуыр кӕнут, уым кӕцыдӕр абзацы кӕнӕ кӕцыдӕр стихы, чи зоны, Йегъовӕйы тыххӕй цавӕрдӕр хъуыды бакастӕ, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ бацагайдта. Зӕгъӕм, федтай, куыд равдыста йӕ уарзондзинад, йе стыр зонд, рӕстӕй кӕй архайы кӕнӕ стыр тыхы хицау кӕй у, уый. Уӕд-иу уыцы хъуыды зӕгъ, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн, цӕмӕй-иу фена, нӕ уӕларвон Фыды цӕй тыххӕй уарзыс. Ныр та аныхас кӕнӕм, адӕймаг ма йӕхӕдӕг ноджыдӕр цы хъуамӕ араза, ууыл.
ӔМБАРЫН ЫН КӔН, ӔМБЫРДТӔМ ЦӔУЫН АХСДЖИАГ КӔЙ У
14. Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихты ӕмбырдты тыххӕй цы фыст ис?
14 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн хъуамӕ ӕмбарын кӕнӕм, ӕмбырдтӕм цӕуын сӕ кӕй хъӕуы. Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, ӕмбырдтӕм уайтагъд чи райдайы цӕуын, уыдон къахдзӕфтӕ тагъддӕр скӕнынц (Пс. 111:1). Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнынц, уыдонӕн бамбарын кӕнынц, Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ ӕрмӕстдӕр ӕмбырдты кӕй базондзысты. Иумӕ бакӕсут Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихтӕ ӕмӕ адӕймагӕн бамбарын кӕн, ӕмбырдтӕм куы цӕуа, уӕд ын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн. Равдис ын видеоролик «Паддзахады залы цы вӕййы?» * Хъуамӕ бамбара, алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын куыд ахсджиаг у, уый, ӕмӕ йӕ афтӕ аразын бафӕнда.
15. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын райдайа?
15 Кӕд адӕймаг ӕмбырды иу хатт дӕр нӕма уыд кӕнӕ та искуы иу хатт ӕрбацӕуы, уӕд дӕ бон цы у саразын? Ӕмбырдтӕм ӕй куыннӕ фӕхоныс. Фӕлӕ ма йын дӕ бон у радзурын, фӕстаг ӕмбырды дӕ зӕрдӕмӕ цы хъуыдытӕ фӕцыд, уыдон. Арӕх адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ фылдӕр уый бацагайы. Дӕ бон ын у раттын, ныртӕккӕ ӕмбырды кӕй ахуыр кӕнут, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕнӕ «Кусӕн тетрад». Равдис ын иннӕ фембӕлды программӕ ӕмӕ йӕ бафӕрс, цымыдисагдӕр ӕм цы фӕкаст. Чи зоны-иу ӕндӕр диныл хӕст адӕмы ӕмбырдты дӕр уыд. Фӕлӕ не ’мбырды фыццаг хатт цы фена ӕмӕ цы фехъуса, уый йын, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕ тынг бацагайа ӕмӕ бамбара, не ’мбырдтӕ иннӕ динты ӕмбырдтӕй тынг кӕй хицӕн кӕнынц (1 Кор. 14:24, 25). Уымӕй уӕлдай ма базонгӕ уыдзӕн, йӕ бон бафӕзмын кӕй у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, ӕмӕ йын уыдон дӕр ӕххуыс кӕндзысты йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн.
16. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй донаргъуыд райсой? Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?
16 Уӕдӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй донаргъуыд райсой? Хъуамӕ сын ӕмбарын кӕнӕм, ахсджиаг кӕй у Библи алы къуыри дӕр ахуыр кӕнын ӕмӕ алы ахуырмӕ дӕр цӕттӕ кӕнын. Уӕд бамбардзысты, Библийы ахуырмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй. Хъуамӕ сын ӕмбарын кӕнӕм, Йегъовӕимӕ алы бон дӕр кӕй хъуамӕ ныхас кӕной ӕмӕ кӕй хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй сӕ Хӕлар суа. Хъуамӕ ма сын ӕмбарын кӕнӕм, ахсджиаг кӕй у ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын. (Кӕс рамкӕ « Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый цы хъӕуы аразын?».) Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон ма ноджыдӕр куыд у адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райса. Аныхас кӕндзыстӕм фондз хъуыддагыл.
76 ЗАРӔГ Ӕхсызгон дын нӕу?
^ 5 абз. Адӕймагӕн цыдӕр куы фӕамонӕм ӕмӕ йӕ цӕуылдӕр куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй райдайа ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕндӕрхуызон архайын. 2020 азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст – Матфейы 28:19 стих – уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, тынг ахсджиаг кӕй у адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ сын амонын, цы сӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй донаргъуыд райсой ӕмӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Ацы статьяйы ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи ис, уыцы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджындӕр цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уымӕ.
^ 2 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Кӕд алы къуыри дӕр искӕимӕ Библийӕ цавӕрдӕр фарстатыл фӕныхас кӕныс ӕмӕ йын ӕххуыс кӕныс Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ базонынӕн, уӕд уый у Библийы ахуыр. Кӕд адӕймагӕн равдыстай, ахуыр куыд фӕцӕуы, уый, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ дыууӕ хатты ауагътай, ӕмӕ кӕд бӕрӕг у, дарддӕр ӕй кӕй фӕнды ахуыр кӕнын, уӕд дӕ бон у уыцы ахуыры тыххӕй уацамынды хыгъды ныффыссын.
^ 3 абз. Ацы дыууӕ статьяйы ма ис, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 2004 азы июлы номырӕй 2005 азы майы номырмӕ рубрикӕйы «Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм уырнындзинады рӕзынӕн» цы уынаффӕтӕ уыд, уыдон.
^ 9 абз. Бакӕс видеороликмӕ «Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амонӕм, ахуырмӕ цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы, уый» (цӕуы 4 минуты бӕрц). Приложенийы JW Library® кӕс МУЛЬТИМЕДИА > НАШИ ВСТРЕЧИ И СЛУЖЕНИЕ > СОВЕРШЕНСТВУЕМ НАВЫКИ.
^ 10 абз. Кӕс БИБЛИОТЕКӔ > ЧИНГУЫТӔ ӔМӔ БРОШЮРӔТӔ.
^ 14 абз. Приложенийы JW Library® кӕс МУЛЬТИМЕДИА > НАШИ ВСТРЕЧИ И СЛУЖЕНИЕ > ПОСОБИЯ ДЛЯ СЛУЖЕНИЯ.