Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон у, ӕмӕ иннӕтӕн уай «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос»

Дӕ бон у, ӕмӕ иннӕтӕн уай «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос»

«Уыдон ӕрбалӕууыдысты мӕ фарсмӕ Хуыцауы паддзахады хъуыддаджы, уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (КОЛ. 4:11).

90 ЗАРӔГ Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

ӔГАС зӕххыл дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕмбӕлынц зындзинӕдтыл, ӕвзарынц рыст ӕмӕ маст. Де ’мбырды дӕр ис ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ? Иуӕй-иу чырыстӕттӕ сты уӕззау низӕй рынчын, кӕуылдӕр зиан ӕрцыд. Кӕмӕндӕр йӕ бинонтӕй чидӕр кӕнӕ йе ’мбал рӕстдзинад ныууагъта. Кӕмдӕрты та нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕрдзон бӕллӕхтӕ стыр зиан ӕрхӕссынц. Ӕмӕ, ахӕм зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыцы чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр хъӕуы ныфс уадзын. Нӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын?

2. Апостол Павелы дӕр-иу цӕмӕн хъуыди ныфс бауадзын?

2 Апостол Павел иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахауд тӕссаг уавӕры (2 Кор. 11:23–28). Уымӕй уӕлдай ма йӕ тухӕнӕй мардта йӕ «буары... сындз» – чи зоны, уый уыд цавӕрдӕр низ (2 Кор. 12:7). Тынг зын ма йын уыд, йе ’мкусӕг Димас ӕй кӕй ныууагъта, уый дӕр. Ныууагъта йӕ, «уымӕн ӕмӕ... бауарзта ацы дуне» (2 Тим. 4:10). Павел уыд сӕрст чырыстон, стӕй уыди хъӕбатыр адӕймаг ӕмӕ иннӕтӕн удуӕлдайӕ ӕххуыс кодта. Фӕлӕ-иу уымӕн дӕр хатт йӕ ныфс асаст (Ром. 9:1, 2).

3. Йегъовӕ-иу Павелы ныфсыл ныфс куыд бафтыдта ӕмӕ-иу ын куыд баххуыс кодта?

3 Йегъовӕ-иу Павелы ныфсыл ныфс бафтыдта ӕмӕ-иу ын баххуыс кодта. Куыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бафидар-иу ӕй кодта йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (2 Кор. 4:7; Фил. 4:13). Стӕй ма-иу дзы ныфс бауагъта иннӕ чырыстӕтты уылты дӕр. Павел йе ’мкусджытӕй кӕмӕйдӕрты загъта, уыдон, дам, мын фесты «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:11). Номгай кӕй ранымадта, уыдоны ’хсӕн уыдысты Аристарх, Тихик ӕмӕ Марк. Уыцы ӕфсымӕртӕ-иу Павелы бафидар кодтой ӕмӕ йын ӕххуыс кодтой йӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Уый сын цавӕр миниуджыты фӕрцы ӕнтыст? Ӕмӕ нӕ бон куыд у уыдонау архайын, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос уӕм?

АРИСТАРХАУ ӔНУВЫД ӔМБӔЛТТӔ УӔМ

Аристархау махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн уӕм ӕнувыд ӕмбӕлттӕ. Уый тыххӕй-иу хъуамӕ «зын сахат» сӕ фарсмӕ уӕм (кӕс 4, 5 абзацтӕ) *

4. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Аристарх ӕнувыд ӕмбал кӕй уыд, уый?

4 Аристарх уыди Фессалоникӕйӕ (Македонийӕ). Уый Павелӕн уыд йе ’нувыд ӕмбал. Библийы фыццаг хатт Аристархы кой ис, Павелы ӕртыккаг уацамындон балцы кой кӕм ис, уым. Аристарх Павелимӕ Ефесы куы уыд, уӕд адӕм сызмӕстой ӕмӕ Аристархы ӕрцахстой (Хъуыд. 19:29). Куы йӕ ауагътой, уӕд йӕ сӕр нӕ бафснайдта, фӕлӕ дарддӕр дӕр уыди Павелимӕ. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ дӕр Аристарх уыди Павелы фарсмӕ, Грецийы куы уыдысты, уӕд. Кӕд Павелы йе знӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр ӕй нӕ ныууагъта (Хъуыд. 20:2–4). Н. э. 58 азмӕ ’ввахс Павелы Роммӕ куы арвыстой, уӕд Аристарх уыцы дард балцы йемӕ ацыд. Уыцы балцы рӕстӕг сӕ нау ныппырх (Хъуыд. 27:1, 2, 41). Куыд зыны, афтӕмӕй, Роммӕ куы ’рцыдысты, уӕд Аристарх цасдӕр рӕстӕг Павелимӕ ахст уыд (Кол. 4:10). Уӕдӕ ахӕм ӕнувыд ӕмбал Павелӕн стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос куыннӕ уыдаид!

5. Ӕмбисӕндтӕ 17:17 стихмӕ гӕсгӕ, иннӕтӕн ӕнувыд ӕмбӕлттӕ кӕд уыдзыстӕм?

5 Аристархау махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕнувыд ӕмбӕлттӕ уӕм. Уый тыххӕй-иу хъуамӕ сӕ фарсмӕ уӕм ӕрмӕст хорз рӕстӕджыты нӕ, фӕлӕ «зын сахат» дӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17:17.) Адӕймаг цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ куы бавзара, уӕд ма йын уый фӕстӕ дӕр, гӕнӕн ис, бирӕ рӕстӕг бахъӕуа йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕмӕ йӕ фидар кӕнын. Френсисӕн * йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕ мад дӕр ракӕй амардысты. Фыццаг йӕ фыд амард, ӕртӕ мӕйы фӕстӕ та – йӕ мад. Ӕмӕ Френсис афтӕ зӕгъы: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, адӕймаг стыр зындзинӕдты фӕстӕ йӕхимӕ афтӕ тагъд не ’рцӕуы. Ӕмӕ ме ’нувыд ӕмбӕлттӕй тынг бузныг дӕн. Кӕд мӕ ныййарджыты зианыл бирӕ рацыд, уӕддӕр ӕй ӕмбарынц, мӕ зӕрдӕйы рыст нырма кӕй не ’рсабыр».

6. Иннӕтыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд куыд архайдзыстӕм?

6 Ӕнувыд ӕмбӕлттӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ тыхтӕ не ’вгъау кӕнынц. Иу ӕфсымӕрӕн, Питерӕн, дохтыр загъта, сдзӕбӕх кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм низӕй рынчын кӕй у ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фыддӕр кӕй кӕндзӕн. Йӕ бинойнаг Кэтрин радзырдта: «Дохтырмӕ нӕ не ’мбырдӕй иу къай акодта, ӕмӕ йын йӕ низы тыххӕй уӕд базыдтам. Уыцы хо ӕмӕ ӕфсымӕр нын уайтагъд загътой, уыцы уӕззау уавӕры нӕ иунӕгӕй кӕй нӕ ныууадздзысты ӕмӕ нӕ се ’ххуыс кӕдфӕнды ма бахъӕуа,– алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕудзысты». Ахӕм ӕмбӕлттӕ нын баххуыс кӕнынц нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн, ӕмӕ нын стыр ныфсы хос сты!

ТИХИКАУ ӔУУӔНКДЖЫН УӔМ

Иннӕтӕн сӕ зындзинӕдты куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд сын Тихикау уыдзыстӕм ӕууӕнкджын ӕмбӕлттӕ (кӕс 7–9 абзацтӕ) *

7, 8. Колоссӕгтӕм 4:7–9 стихты цы фыст ис, уымӕй куыд зыны, Тихик ӕууӕнкджын кӕй уыд, уый?

7 Тихик уыди ромаг провинци Азийӕ. Уый Павелӕн уыд ӕууӕнкджын ӕмбал (Хъуыд. 20:4). Н. э. 55 азмӕ ’ввахс Павелы фӕндмӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕхца ӕрӕмбырд кодтаиккой, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн баххуыс кодтаиккой. Ӕмӕ Павел, ӕвӕццӕгӕн, Тихикӕн бахӕс кодта, цӕмӕй уыцы ахсджиаг хъуыддаджы ӕфсымӕртӕм фӕкастаид (2 Кор. 8:18–20). Фӕстӕдӕр Павел Ромы фыццаг хатт ахст куы уыд, уӕд дӕр ын Тихик стыр ӕххуыс фӕци. Павел Азийы ӕмбырдтӕм цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдон сӕм фӕхӕццӕ кодта ӕмӕ сын радзырдта, кӕмӕй бафидар сты, ахӕм хабӕрттӕ (Кол. 4:7–9).

8 Тихик Павелӕн алкӕддӕр уыди ӕнувыд ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕмбал (Тит. 3:12). Чырыстӕттӕ се ’ппӕт Тихикы хуызӕн ӕууӕнкджын нӕ уыдысты. Павел н. э. 65 азмӕ ’ввахс, дыккаг хатт ахст куы уыд, уӕд, ныффыста, Азийы цӕрӕг чырыстӕттӕй йӕм бирӕтӕ цӕугӕ дӕр кӕй нӕ кодтой, ӕвӕццӕгӕн, знӕгтӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй (2 Тим. 1:15). Фӕлӕ Павел зыдта, йӕ бон кӕй у Тихикыл йӕ зӕрдӕ дарын, ӕмӕ йын ног хъуыддаг бахӕс кодта (2 Тим. 4:12). Павел бӕгуыдӕр аргъ кодта ахӕм хорз ӕмбалӕн.

9. Нӕ бон куыд у Тихикы бафӕзмын?

9 Махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ Тихикау иннӕтӕн ӕууӕнкджын ӕмбӕлттӕ уӕм. Цӕвиттон, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн-иу хъуамӕ ӕрмӕст дзургӕ ма кӕнӕм, баххуыс дын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу сын хъуамӕ хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнӕм (Матф. 5:37; Лук. 16:10). Махӕй сӕ ныфс куы вӕййы, ӕцӕгдӕр сын кӕй баххуыс кӕндзыстӕм, уӕд сын тынг фенцон вӕййы. Афтӕ цӕмӕн у, уый иу хо бамбарын кодта: «Уӕд дӕ мӕт кӕнын нал фӕхъӕуы, адӕймаг йӕ ныхасӕн хицау разындзӕн ӕви нӕ».

10. Ӕмбисӕндтӕ 18:24 стихмӕ гӕсгӕ, зын уавӕры чи вӕййы кӕнӕ маст чи бавзары, уымӕн цӕй фӕрцы фенцондӕр вӕййы?

10 Зын уавӕры чи вӕййы кӕнӕ маст чи бавзары, уымӕн арӕх фенцондӕр вӕййы, кӕуыл ӕууӕнды, ахӕм ӕмбалӕн йӕ зӕрдӕ куы раргом кӕны, уӕд. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 18:24.) Биджейӕн йӕ лӕппуйы ӕмбырдӕй куы ацух кодтой, уӕд ын тынг зын уыд. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Хъуыди мӕ, кӕуыл ӕууӕндыдтӕн, ахӕм искӕимӕ аныхас кӕнын». Карлос цавӕрдӕр рӕдыд куы ’руагъта, уӕд йӕ бон нал уыд, ӕмбырды йыл цы хӕстӕ уыд, уыдон ӕххӕст кӕнын. Уый зӕгъы: «Хъуыди мӕ, мӕ зӕрдӕйы рыст сӕрибарӕй кӕм радзырдтаин ӕмӕ мыл кӕм ничи фӕхудтаид, ахӕм „ӕдас бынат“ ссарын». Карлос ахӕм «ӕдас бынат» ссардта хистӕр нӕлгоймӕгтӕм. Уыдон ын тынг баххуыс кодтой. Стӕй нӕ тарсти, цы сын радзырдта, уый искӕмӕн кӕй радзурдзысты, уымӕй, ӕмӕ уый фӕрцы дӕр йӕ уаргъ фӕрогдӕр.

11. Цы хъӕуы, цӕмӕй иннӕтӕн ӕууӕнкджын ӕмбӕлттӕ уӕм?

11 Цӕмӕй иннӕтӕн ӕууӕнкджын ӕмбӕлттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фӕразондзинад. Жаннӕйы йӕ цардӕмбал куы ныууагъта, уӕд ын йе ’мбӕлттӕ стыр ныфсы хос уыдысты. Йӕ зӕрдӕйы цытӕ цыд, уый-иу сын радзырдта. Уый зӕгъы: «Кӕд-иу сын уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй дзырдтон, уӕддӕр-иу мӕм ӕнцад хъуыстой». Ды дӕр-иу иннӕтӕм лӕмбынӕг куы байхъусай, уӕд равдисдзынӕ, хорз ӕмбал кӕй дӕ.

МАРКАУ ЦӔТТӔ УӔМ ИННӔТӔН ЛӔГГАД КӔНЫНМӔ

Павелӕн ӕнцондӕр уыд йӕ зындзинӕдтӕ сфӕразын, Марк ын кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон вӕййы зын сахат не ’фсымӕрты фарсмӕ балӕууын (кӕс 12–14 абзацтӕ) *

12. Марк чи уыди ӕмӕ цӕмӕй уыд бӕрӕг, иннӕтӕн лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый?

12 Марк, хуыдтой ма йӕ Иоанн дӕр, уыди Иерусалимӕй, дзуттаг чырыстӕттӕй. Йӕ хӕстӕг Варнавӕ уыд зындгонд миссионер (Кол. 4:10). Куыд зыны, афтӕмӕй Марчы бинонтӕ хъӕздыг цардысты. Фӕлӕ Маркӕн ӕхца ӕмӕ мулк царды сӕйраг нӕ уыдысты. Йӕ цардӕй бӕрӕг у, ӕхсызгон ын кӕй уыд иннӕтӕн истӕмӕй балӕггад кӕнын. Зӕгъӕм-иу кӕстӕры лӕггад кодта апостол Павелӕн дӕр ӕмӕ апостол Петрӕн дӕр. Чи зоны-иу сын ӕлхӕдта хойрӕгтӕ ӕмӕ-иу ссардта, кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынӕттӕ (Хъуыд. 13:2–5; 1 Пет. 5:13). Павел афтӕ кӕмӕй загъта, «уыдон ӕрбалӕууыдысты мӕ фарсмӕ Хуыцауы паддзахады хъуыддаджы, уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос», зӕгъгӕ, уыдонӕй иу уыди Марк (Кол. 4:10, 11).

13. 2 Тимофеймӕ 4:11 стихӕй куыд у бӕрӕг, Павел кӕй аргъ кодта, Марк ын кӕй ӕххуыс кодта, уымӕн?

13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел аргъ кодта, Марк ын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодта, уымӕн. Ӕмӕ йын тынг ӕввахс ӕмбал сси. Павел н. э. 65 азмӕ ’ввахс, Ромы фӕстаг хатт ахст куы уыд, уӕд, ныффыста йӕ дыккаг фыстӕг Тимофеймӕ. Ӕмӕ дзы ныффыста, цӕмӕй Тимофей Роммӕ ӕрцыдаид ӕмӕ Марчы дӕр йемӕ ракодтаид (2 Тим. 4:11). Ӕвӕццӕгӕн, Павел ӕмбӕрста, тагъд ын мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕсдзысты ӕмӕ йын бирӕ кӕй нал баззад. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фӕндыд, цӕмӕй Марк йӕ фарсмӕ уыдаид. Марк ын, цӕмӕй хъуыд, уымӕй ӕххуыс кодта, ӕвӕццӕгӕн-иу ын ӕрбахаста хӕринаг ӕмӕ фыссӕнгӕрзтӕ. Ӕмӕ йын афтӕ кӕй ӕххуыс кодта, стӕй йын ныфсы хос кӕй уыд, уый фӕрцы Павелӕн ӕнцондӕр уыд йӕ царды фӕстаг бонтӕ сфӕразын.

14, 15. Матфейы 7:12 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, иннӕтӕм нӕ бон фӕкӕсын цӕмӕй у, уый бамбарынӕн?

14 Бакӕс Матфейы 7:12. Адӕймаг тынг фӕаргъ кӕны, зын сахат йӕ фарсмӕ чи ’рбалӕууы, уыдонӕн! Райанӕн йӕ фыдыл цавӕрдӕр бӕллӕх ӕрцыд ӕмӕ фӕмард. Райан афтӕ зӕгъы: «Зӕрдӕйы рыст куы нӕ фӕсабыр кӕны, уӕд адӕймагӕн йӕ бон хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ аразын дӕр нӕ вӕййы. Ахӕм хъуыддӕгтӕ та бирӕ вӕййынц. Ӕмӕ дӕм иннӕтӕ истӕмӕй куы фӕкӕсой, гыццыл истӕмӕй дӕр, уӕд уый стыр ӕххуыс у».

15 Ӕрхъуыдыджын куы уӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уавӕртӕм нӕ хъус куы дарӕм, уӕд зондзыстӕм, нӕ бон сын баххуыс кӕнын цӕмӕй у, уый. Гыццыл раздӕр кодтам Питер ӕмӕ Кэтрины кой. Уыдоны-иу хъуыди дохтыртӕм цӕуын. Ӕмӕ сын иу хо баххуыс кодта. Нӕдӕр Питерӕн, нӕдӕр Кэтринӕн йӕ бон машинӕ скъӕрын нал уыд. Ӕмӕ уыцы хо график скодта, цӕмӕй сӕ се ’мбырдӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ радгай дохтыртӕм ластаиккой. Цымӕ сын уый исты ӕххуыс фӕци? Кэтрин загъта: «Раст цыма не уӕхсчытӕй уӕззау уаргъ ахауд, афтӕ нын фенцон». Уӕдӕ дӕ зӕрдыл дар, дӕ гыццыл хъуыддӕгтӕ дӕр иннӕтӕн стыр ӕххуыс кӕй уыдзысты ӕмӕ сын афтӕмӕй ныфсы хос кӕй уыдзынӕ.

16. Марк нын фӕзминаг цӕмӕй у?

16 Маркӕн Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ цыдӕртӕ уыдаид аразинаг. Уыди йыл стыр хӕстӕ, стӕй йӕ хъуыд, йӕ ном чи хӕссы, уыцы Евангели ныффыссын. Фӕлӕ-иу уый рӕстӕг ссардта, цӕмӕй-иу Павелы бафидар кодтаид. Ӕмӕ Павел дӕр зыдта, Маркӕн куы зӕгъа, цӕмӕй йын баххуыс кӕна, уӕд ын «нӕ» кӕй нӕ зӕгъдзӕн. Анджелӕйӕн йӕ мадымады куы амардтой, уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ йӕ фарсмӕ балӕууыдысты. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг бузныг уыд. Анджелӕ зӕгъы: «Куы йӕ зонай, ӕмӕ де ’мбӕлтты зӕрдиагӕй фӕнды баххуыс кӕнын, уӕд дӕ ныфс хӕсдзынӕ, цӕмӕй сын зӕгъай, ӕххуыс дӕ кӕй хъӕуы. Бӕрӕг вӕййы, баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты». Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕз дӕр иннӕтӕн ныфсы хос вӕййын ӕмӕ сын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй баххуыс кӕнын? Иннӕтӕ мӕ ахӕм адӕймагӕй зонынц?»

ФӔНДЫ НӔ, ЦӔМӔЙ ИННӔТӔН АЛКӔДДӔР НЫФСЫ ХОС УӔМ

17. 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4 стихтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ фӕнда иннӕты ныфс уадзын?

17 Бафидар кӕнын кӕй фӕхъӕуы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ссарын зын нӕу. Ӕмӕ сӕ, чи зоны, нӕ бон уа, иннӕтӕ мах кӕмӕй бафидар кодтой, растдӕр уыцы хъуыдытӕй бафидар кӕнын. Нинойӕн йӕ мадымад куы амард, уӕд уый фӕстӕ афтӕ загъта: «Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ мах уылты иннӕты ныфс бауадза, уый бар ын куы дӕттӕм, уӕд». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4.) Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы Френсис та загъта: «2 Коринфӕгтӕм 1:4 стихы ныхӕстӕ раст сты. Нӕхи нын исчи куы бафидар кӕны, уӕд нӕ бон вӕййы иннӕты дӕр раст афтӕ бафидар кӕнын».

18. а) Иуӕй-иутӕ иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ сӕ ныфс цӕуылнӕ фӕхӕссынц? б) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иннӕтӕн ныфсы хос уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

18 Кӕд нӕ ныфс нӕ хӕссӕм иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ, уӕддӕр хъуамӕ уымӕн фадӕттӕ агурӕм. Чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, зын уавӕры чи ис, уымӕн цы зӕгъдзынӕн кӕнӕ йын цӕмӕй баххуыс кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Пол, зӕгъгӕ, хорз хъуыды кӕны, йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ иуӕй-иутӕ куыд архайдтой, цӕмӕй йын ныфсы хос уыдаиккой. Уый афтӕ зӕгъы: «Бӕрӕг-иу уыд, ӕнцон сын кӕй нӕ уыд мӕнмӕ ӕрбацӕуын ӕмӕ мын исты зӕгъын. Зын-иу сын уыди хъӕугӕ ныхӕстӕ ссарын. Фӕлӕ сӕ баххуыс кӕнын кӕй фӕндыд, уымӕн тынг аргъ кодтон». Иу ӕфсымӕр, Таджон, стыр зӕххӕнкъуысты фӕстӕ загъта: «Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ-иу мӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрбадзырдтой ӕмӕ-иу мӕм ныффыстой. Ӕмӕ кӕд сӕ ныхӕстӕй алцы нӕ хъуыды кӕнын, уӕддӕр мӕ рох нӕу, куыд мыл тыхстысты, уый». Мах дӕр иннӕтыл куы тыхсӕм, уӕд сын уыдзыстӕм ныфсы хос.

19. Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» уай?

19 Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ дунейы уавӕртӕ дӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕндзысты ӕмӕ цард дӕр уӕззаудӕр кӕндзӕн (2 Тим. 3:13). Стӕй ма нӕхи аххосӕй дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзардзыстӕм, уымӕн ӕмӕ стӕм тӕригъӕдджын, ӕмӕ рӕдийӕм. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕудзӕн иннӕты ӕххуыс. Апостол Павел йӕ царды кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад, иннӕ чырыстӕттӕ йын ныфсы хос кӕй уыдысты ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы дӕр. Цӕй уӕдӕ мах дӕр Аристархау ӕнувыд ӕмбӕлттӕ уӕм, Тихикау уӕм ӕууӕнкджын ӕмӕ Маркау цӕттӕ уӕм иннӕтӕн лӕггад кӕнынмӕ. Ӕмӕ уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайынӕн (1 Фес. 3:2, 3).

111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад

^ 5 абз. Апостол Павел бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Ӕмӕ йын зын рӕстӕджыты йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ уыдысты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос. Мах аныхас кӕндзыстӕм, уыцы чырыстӕттӕн иннӕты ныфс уадзын кӕй фӕрцы ӕнтысти, ӕртӕ ахӕм миниуӕгыл. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, нӕ бон сӕ бафӕзмын цавӕр хъуыддӕгты у, уымӕ.

^ 5 абз. Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 56 абз. НЫВ. Аристарх ӕмӕ Павел уыдысты иумӕ, цы науыл цыдысты, уый куы ныппырх, уӕд.

^ 58 абз. НЫВ. Павел Тихикӕн бабар кодта, цӕмӕй йын йӕ фыстӕджытӕ ӕмбырдтӕм фӕхӕццӕ кодтаид.

^ 60 абз. НЫВ. Марк Павелӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъуыд, уымӕй.