Кӕсджыты фарстатӕ
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, адӕм цардӕмбӕлттӕ кӕм фӕагурынц, уыцы сайттӕм?
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, дыууӕ уды сӕ цард куы баиу кӕной, уӕд амондджын уой, кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм иумӕ уой (Матф. 19:4–6). Кӕд дӕу дӕр фӕнды ус ракурын кӕнӕ смой кӕнын, уӕд дӕ бон куыд у хорз цардӕмбал ссарын? Уый не Сфӕлдисӕгӕй хуыздӕр ничи зоны. Ӕмӕ цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайай, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.
Фыццаджыдӕр хъуамӕ ӕмбарӕм иу ахсджиаг хабар: «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис» (Йер. 17:9). Дыууӕ адӕймаджы ӕмбӕлын куы райдайынц, уӕд, гӕнӕн ис, кӕрӕдзийыл тагъд ацахуыр уой ӕмӕ сӕ зӕрдӕты фӕзына тыхджын ӕнкъарӕнтӕ. Ӕмӕ уӕд адӕймагӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын зын вӕййы. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи ацӕуы, афтӕмӕй сӕ цард чи баиу кӕны, уыдон арӕх фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц (Ӕмб. 28:26). Уӕдӕ хорз нӕ уыдзӕн, дыууӕ адӕймаджы куыддӕр ӕмбӕлын райдайой, афтӕ кӕрӕдзийӕн се ’нкъарӕнтӕ куы ӕргом кӕной кӕнӕ кӕрӕдзийӕн дзырд куы раттой. Фыццаг уал хъуамӕ кӕрӕдзи хорз базоной.
Ӕмбисӕндты 22:3 стихы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц». Цардӕмбал ссарыны тыххӕй кӕм базонгӕ вӕййынц, ахӕм сайттӕ тӕссаг цӕмӕй сты? Чидӕртӕ интернеты кӕимӕдӕр базонгӕ сты, ӕмбӕлын райдыдтой, фӕлӕ фӕстӕдӕр базыдтой, уыцы адӕймаг сӕ сайгӕ кӕй кодта. Уымӕй уӕлдай ма ахӕм мӕнгард адӕм скӕнынц аккаунттӕ, ӕмӕ, ӕцӕгӕй чи сты, уый басусӕг кӕнынц. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕнцонсайӕн адӕмӕй ӕхца дӕр расайынц. Хатт-иу уыцы цӕстфӕлдахджытӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр схуыдтой.
Ахӕм сайттӕ ма ноджыдӕр тӕссаг цӕмӕй сты? Чи кӕимӕ сфидаудзӕн, уый иуӕй-иу сайтты равзары компьютерон программӕ. Фӕлӕ ахӕм мадзалы фӕрцы хорз цардӕмбал ссарӕн кӕй ис, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Бинонтӕ скӕнын тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Ӕмӕ ахӕм ахсджиаг хъуыддаг компьютерон программӕйы бар бакӕнай, уый зондджын ми у? Ахӕм программӕтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕй хуыздӕр сты? (Ӕмб. 1:7; 3:5–7).
Ӕндӕр уагӕвӕрд та ис Ӕмбисӕндты 14:15 стихы: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл». Цалынмӕ искӕмӕй зӕгъай, цардӕмбалӕн мын бӕздзӕн, зӕгъгӕ, уӕдмӕ уал уыцы адӕймаджы хъуамӕ хорз базонай. Фӕлӕ, кӕрӕдзиимӕ кӕм фӕзонгӕ кӕнынц, ахӕм сайты адӕймаджы хорз куыд хъуамӕ базонай? Уыцы сайты уӕхи тыххӕй цы ныффыстат, кӕд уыдӕттӕ дӕр уӕ бон у бакӕсын ӕмӕ бирӕ рӕстӕг кӕрӕдзимӕ цыдӕртӕ фыссут, уӕддӕр дӕ бон у зӕгъын, уыцы адӕймаджы хорз кӕй зоныс? Кӕмӕдӕрты афтӕ каст, ӕмӕ сӕ амонд ссардтой. Фӕлӕ-иу стӕй, интернеты кӕимӕ базонгӕ сты, уыимӕ куы фембӕлдысты, уӕд-иу хорзау нал фесты.
Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Ӕз никуы бадтӕн мӕнгард адӕмимӕ ӕмӕ, йе ’цӕг цӕсгом чи ӕмбӕхсы, уыдонимӕ нӕ лымӕн кӕнын» (Пс. 26:4). Бирӕтӕм ӕвзӕр нӕ кӕсы, уыцы сайтты сӕхи тыххӕй алцы, ӕцӕг куыд у, афтӕ кӕй нӕ ныффыссынц, уый. Афтӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй-иу иннӕты зӕрдӕмӕ фӕцӕуой. Чидӕртӕ барӕй басусӕг кӕнынц, ӕцӕгӕй цавӕр сты, уый. Чидӕртӕ та кӕд афтӕ барӕй нӕ фӕкӕнынц, уӕддӕр семӕ интернетӕй зонгӕ кӕнгӕйӕ нӕ вӕййы базонӕн, цавӕр ӕвзӕр миниуджытӕ сӕм ис, уый. Хъӕуы ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Кӕд чидӕртӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр схонынц, уӕддӕр ӕцӕгӕй донаргъуыд чырыстӕттӕ сты? Фидар уырнындзинад сын ис? Се ’мбырды сын хорз ном ис? Ӕви, фӕзминаг чи нӕу кӕнӕ ма суанг „ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ“ дӕр кӕй ис схонӕн, ахӕм чырыстӕттӕ сты? (1 Кор. 15:33; 2 Тим. 2:20, 21). Библимӕ гӕсгӕ сын бар ис, цӕмӕй бинонтӕ скӕной?» Уыдӕттӕ дӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы зонын. Ӕмӕ, уыцы адӕймаджы хорз чи зоны, уыцы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ куы нӕ аныхас кӕнай, уӕд ахӕм хабӕрттӕ базонын зын уыдзӕн (Ӕмб. 15:22). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыцы чырыстон хъуыды дӕр нӕ акӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕуырнӕгимӕ йӕхи «иу ӕфсондзы... баифтындза» (2 Кор. 6:14; 1 Кор. 7:39).
Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй, адӕм сӕхицӕн цардӕмбӕлттӕ кӕм фӕагурынц, уыцы сайттӕ сты тӕссаг. Фӕлӕ ис хуыздӕр мадзӕлттӕ, цӕмӕй базонгӕ уай, цардӕмбалӕн равзарын дӕ кӕй бафӕнддзӕн, ахӕм адӕймагимӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн гӕнӕн куы вӕййы, цӕмӕй бирӕгӕйттӕй ӕмбырд кӕной, уӕд базонгӕ вӕййынц ӕмбырдты, конгрессты кӕнӕ, ӕнӕуи иумӕ рӕстӕг куы фервитынц, уӕд.
Бирӕгӕйттӕй куы нӕ вӕййы ӕмбырд кӕнӕн, зӕгъӕм, коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг куыд рауад, афтӕ, уӕд та ӕмбырдтӕ фӕуадзӕм видеоконференцийы фӕрцы. Ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы Ӕвдисӕнтӕн уый фӕрцы вӕййы фадат, цӕмӕй базонгӕ уой. Сӕ бон вӕййы фенын, иннӕтӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ куыд бацӕттӕ кӕнынц, фехъусынц, цавӕр дзуаппытӕ фӕдӕттынц (1 Тим. 6:11, 12). Кӕимӕ зонгӕ кӕныс, уыимӕ ма дӕ бон у ӕмбырды фӕстӕ хицӕнӕй аныхӕстӕ кӕнын (сессионный зал кӕй хонынц, уым). Видеоконференциты фӕрцы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕуи дӕр фембӕлынц, цӕмӕй иумӕ рӕстӕг арвитой. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр дӕ бон у, фылдӕр дӕ кӕй тыххӕй фӕнды базонын, уыцы чырыстонмӕ бакӕсын, зӕгъӕм, йӕхи иннӕтимӕ куыд дары ӕмӕ семӕ куыд ныхас кӕны. Ӕмӕ уый фӕрцы дӕр базондзынӕ, цавӕр адӕймаг у (1 Пет. 3:4). Уый фӕстӕ та, хуыздӕр куы базонгӕ уат, уӕд бамбардзынӕ, иухуызон зондыл хӕст стут, иухуызон нысӕнттӕ уын ис ӕмӕ кӕрӕдзийӕн цардӕмбӕлттӕн сбӕздзыстут ӕви нӕ.
Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдон цардӕмбал агургӕйӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд сӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын. Ӕмӕ уӕд сӕхиуыл бавзардзысты, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Хорз ус [кӕнӕ хорз лӕг] ссардтай? Уӕд ссардтай стыр хорздзинад ӕмӕ хайджын дӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй» (Ӕмб. 18:22).