Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ма уӕм сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй!

Ма уӕм сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй!

Ма уӕм сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй!

«Мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ» (ДЗУТТЫТӔМ 10:39).

1. Апостол Петры тас цавӕр уавӕрты бацыд?

АПОСТОЛТӔН сӕ уарзон Ахуыргӕнӕг Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, уе ’ппӕт дӕр ныххӕлиутӕ уыдзыстут ӕмӕ мӕ ныууадздзыстут, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дисы бахаудысты. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ йӕ сӕ сӕр иууыл тынгдӕр куы ба хъуыдаид, уӕд ӕй ныууагътаиккой? Петр нӕ разы кодта: «Иуылдӕр куы фӕрӕдиой, уӕддӕр ӕз нӕ». Петр ӕцӕгдӕр уыд ӕхсарджын ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг. Фӕлӕ Йесойыл гадзрахатӕй куы рацыдысты ӕмӕ йӕ куы ӕрцахстой, уӕд апостолтӕ — Петр дӕр семӕ, афтӕмӕй — алырдӕм ныппырхытӕ сты. Фӕстӕдӕр хистӕр сауджын Каиафӕйы хӕдзары Йесойы куы фарстой, уӕд Петр дӕр ӕнкъардӕй лӕууыд кӕрты ӕмӕ, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Уазал ӕхсӕвы фӕудмӕ бирӕ нал хъуыд, афтӕ Петр, ӕвӕццӕгӕн, тӕрсын райдыдта, Йесо ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр куы амарой, уымӕй. Йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕй сӕ иу Петры базыдта ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ ды дӕр Йесойы ӕввахс ӕмбал дӕ, уӕд фыртӕсӕй цы фӕуыдаид, уый нал зыдта. Уый ӕртӕ хатты бавдисӕн кодта Йесойыл. Суанг ын зонгӕ кӕй уыд, ууыл дӕр нӕ басаст! (Маркы 14:27—31, 66—72).

2. а) Йесойы куы ’рцахстой, уыцы ӕхсӕв Петр йӕхи тӕппудӕй кӕд равдыста, уӕддӕр ӕй цӕуылнӕ ис ахӕссӕн «дызӕрдыггӕнджыты» нымӕцмӕ? ӕ) Ӕппӕт тыхтӕй цӕуыл хъуамӕ архайӕм?

2 Петры царды уый уыд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ мӕлӕты онг кӕуыл фӕсмон кодта, ахӕм хабар. Фӕлӕ Петрыл уыцы ӕхсӕв цы ’рцыд, уый йӕ тӕппуддзинадыл дзурӕг уыд? Цымӕ Петры ахӕссӕн ис, фӕстӕдӕр апостол Павел афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, «мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ», уыдонмӕ? (Дзуттытӕм 10:39). Уӕвгӕ нӕ фылдӕр сразы уыдзысты, Павелы ныхӕстӕ Петрмӕ кӕй нӕ хауынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Петры зӕрдӕйы тас бацыд цыбыр рӕстӕгмӕ, диссаджы хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ уыд, уыцы адӕймаг ӕруагъта рӕдыд. Махӕй дӕр бирӕты царды уыдис, ныртӕккӕ сӕ куы ӕрхъуыды кӕнӕм, уӕд кӕмӕй фӕсырх вӕййӕм, ахӕм уысмтӕ; ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕры-иу нӕ тас куы бацыд ӕмӕ-иу нӕ бон куы нӕ уал уыд, ӕцӕгад, куыд нӕ фӕндыд, афтӕ хъӕбатырӕй бахъахъхъӕнын. (Абар Ромӕгтӕм 7:21—23.) Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, нӕ царды ахӕм уысмтӕ кӕй уыд, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй стӕм. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй макуы суӕм ахӕмтӕ. Цӕмӕн? Ӕмӕ цӕмӕй ахӕм адӕймӕгтӕ ма суӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

Цы нысан кӕны сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй уын

3. Пехуымпартӕ Илиа ӕмӕ Ионӕйы тас куыд бацыд?

3 Павел «дызӕрдыггӕнджыты» тыххӕй куы фыста, уӕд уый, цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ хъӕбатырдзинад чи фесӕфта, уыдоны кой нӕ кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел зыдта, Петрыл цы ’рцыд, уый ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ дӕр. Хъӕбатыр ӕмӕ ӕргомдзырд пехуымпар Илиа дӕр иухатт фӕтарст йӕхицӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕныны сӕраппонд алыгъд, уымӕн ӕмӕ йӕм фыдзӕрдӕ ус-паддзах Иезавель ӕртхъирӕн кодта, амардзынӕн дӕ, зӕгъгӕ (3 Паддзахӕдты 19:1—4). Пехуымпар Ионӕ та ноджы стырдӕр тасы бахауд. Иегъовӕ йын бахӕс кодта, тынг мӕнгард ӕмӕ фыдадӕм кӕм цард, уыцы сахар Ниневимӕ ацӕуын. Ионӕ та уайтагъддӕр сбадт, Фарсисмӕ цы нау цыд, ууыл; йӕ зӕрды уыд Ниневийӕ 3 500 километры дарддӕр ацӕуын (Ионӕ 1:1—3). Фӕлӕ уӕддӕр куыд Петрӕй, афтӕ уыцы иузӕрдион пехуымпартӕй иуӕй дӕр нӕй зӕгъӕн, зӕгъгӕ, дызӕрдыггӕнджытӕ уыдысты. Цӕуылнӕ?

4, 5. а) Павел Дзуттытӕм 10:39-ӕм стихы цы «сӕфты» кой кӕны, уый нысаниуӕг сбӕлвырд кӕнынӕн нын стихы контекст куыд ӕххуыс кӕны? ӕ) Павел куы ныффыста, зӕгъгӕ, «мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ», уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд?

4 Ӕркӕсӕм, Павел цы хъуыды загъта, уымӕ ӕнӕхъӕнӕй: «Мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ». Цавӕр «сӕфты» кой кодта Павел? Цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый хаттӕй-хатт нысан кӕны ӕнусон куынӕгдзинад. Уӕдӕ йын раст ахӕм нысаниуӕг ис ацы стихы контекстмӕ гӕсгӕ дӕр. Уый размӕ Павел фӕдзӕхста: «Кӕд мах ӕцӕгдзинад базонгӕйӕ, барӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд нал баззад нывонд тӕригъӕдты тыххӕй, фӕлӕ цавӕрдӕр ӕбуалгъы тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ хӕргӕ [«пиллон», НФ] артмӕ, кӕцы цӕттӕ у ныхмӕлӕуджыты аныхъуырынмӕ» (Дзуттытӕм 10:26, 27).

5 Уымӕ гӕсгӕ Павел йе ’муырнджытӕм куы фыста, зӕгъгӕ, «мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ», уӕд ӕй зӕгъын фӕндыд, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йын йӕ ӕрвыст чи каст, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ дӕр фидарӕй кӕй аскъуыддзаг кодтой, Иегъовӕйы кӕй никуы аиуварс кӕндзысты ӕмӕ йӕ кӕй никуы ныууадздзысты. Афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ каст ӕнусон куынӕгдзинад. Ахӕм сӕфтмӕ, кӕнӕ куынӕгдзинадмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ уыдысты Искариотаг Иудӕ ӕмӕ ӕцӕгады иннӕ знӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон зонгӕ-зонын Иегъовӕйы сыгъдӕг уды ныхмӕ уыдысты (Иоанны 17:12; 2 Фессалоникӕгтӕм 2:3). Ахӕм адӕм хауынц, символикон арты ӕнустӕм куынӕггонд чи цӕуы, уыцы «тӕрсӕгтӕм» (Раргомад 21:8). Уӕдӕ мах ахӕмтӕ макуы уӕм!

6. Сайтан Хӕйрӕджы махӕй цы хъӕуы?

6 Сайтан Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй мах уӕм сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй. Уый дӕсны у «хин митӕм» ӕмӕ зоны, мӕлӕтмӕ кӕнӕг фӕндаг гыццыл хъуыддӕгтӕй кӕй райдайы (Ефесӕгтӕм 6:11). Комкоммӕ ӕфхӕрдӕй йын куы ницы рауайы, уӕд ӕцӕг чырыстӕтты уырнындзинад сӕттын райдайы бирӕ мӕнгарддӕр амӕлттӕй. Уый архайы, цӕмӕй Иегъовӕйы хъӕбатыр, иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ мауал дзурой. Ӕркӕсӕм, Павел кӕмӕ фыста, уыцы дзуттаг чырыстӕтты ныхмӕ куыд архайдта, уымӕ.

Чырыстӕттыл цавӕр ӕндӕвдад уыд, цӕмӕй дызӕрдыггӕнджытӕ суыдаиккой

7. а) Иерусалимы ӕмбырды истори цавӕр у? ӕ) Павелы ӕрвыст чи каст, уыдонӕй иуӕй-иутӕ духовон ӕгъдауӕй цавӕр уавӕрты уыдысты?

7 Бӕлвырд куыд у, афтӕмӕй Павел Дзуттытӕм ӕрвыст ныффыста н. э. 61 азы. Иерусалимы ӕмбырд бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Йесойы мӕлӕты фӕстӕ сӕ тынг ӕфхӕрдтой, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн уыцы сахары чырыстӕттӕй бирӕтӕ алырдӕм ныппырхытӕ сты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ралӕууыд сабыр рӕстӕг, ӕмӕ уӕд чырыстӕтты нымӕц зынгӕ фӕфылдӕр (Куыстытӕ 8:4; 9:31). Цыдысты азтӕ, чырыстӕттӕ-иу куы ӕййӕфтой карз ӕфхӕрд ӕмӕ сурындзинӕдтӕ, куы та нӕ, куы-иу сын уыдис бирӕ ӕмӕ стыр зындзинӕдтӕ, куы та къаддӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй Павел Дзуттытӕм ӕрвыст куы фыста, уӕд дӕр та ӕмбырды уавӕр уыд хуыздӕр, сабырдӕр. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ бынтондӕр нӕ хъыгдӕрдтой. Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, Иерусалим куынӕггонд ӕрцӕудзӕн, уӕдӕй рацыд дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Ӕвӕццӕгӕн дзы уыдис ахӕмтӕ дӕр, афтӕ чи хъуыды кодта, зӕгъгӕ, кӕрон ӕгӕр фӕстиат кӕны ӕмӕ сӕ ӕгасӕй ӕрӕййафдзӕн ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Иннӕтӕ та, уӕлдайдӕр уырнындзинады хӕрзӕвзонг чи уыд, уыдон карз ӕфхӕрд нӕма баййӕфтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнты фидар лӕууын цы нысан кӕны, уый дзӕбӕх не ’мбӕрстой (Дзуттытӕм 12:4). Сайтан, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, архайдта уыцы уавӕртӕй спайда кӕныныл. Цымӕ цавӕр «хин митӕй» спайда кодта?

8. Иудейтӕй бирӕтӕ цы цӕстӕй кастысты, ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырдмӕ?

8 Иерусалимы ӕмӕ Иудейы цӕрӕг дзуттӕгтӕ ног чырыстон ӕмбырдыл ӕлгъ кодтой. Павелы ӕрвыст нын ӕххуыс кӕны, Иудейы дины сӕрбӕрзонд разамонджытӕ ӕмӕ сӕ фӕдонтӕ чырыстӕттыл куыд худтысты, уый бамбарынӕн. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой: «Махӕн Иерусалимы ис, ӕнусты дӕргъы чи лӕууы, ахӕм стыр кувӕндон! Махӕн ис, кувӕндоны чи лӕггад кӕны, ахӕм цытджын хистӕр сауджын ӕмӕ йӕ дӕлбар ӕндӕр сауджынтӕ. Уым алы бон дӕр хаст цӕуы нывӕндтӕ. Ис нын, Моисейӕн зӕдты уылты чи ӕрцыд лӕвӕрд ӕмӕ Синайы хохыл диссаджы нысӕнттӕй фидаргонд чи ӕрцыд, ахӕм Закъон. Иудаизм чи ныууагъта, сӕ хъуымыз сӕ былтыл кӕмӕн нӕма басур, уыцы сектӕмӕ, уыцы чырыстӕттӕм та ницы ис ахӕмӕй!» Цымӕ ахӕм фидистӕн ӕмӕ схъӕл ныхӕстӕн исты ӕндӕвдад уыдис? Куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзуттаг чырыстӕттӕй иуӕй-иуты сагъӕсы бафтыдтой. Уӕдӕ Павелы ӕрвыст уыд йӕ тӕккӕ афоныл.

Цӕуылнӕ хъуамӕ суыдаиккой сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ?

9. а) Дзуттытӕм ӕрвысты райдианӕй кӕронмӕ бӕрӕгӕй цавӕр темӕ зыны? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Иерусалимы кувӕндонӕй чырыстӕттӕ бирӕ хуыздӕр кувӕндоны лӕггад кодтой?

9 Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Иудейы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цӕуылнӕ хъуамӕ суыдаиккой сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ, уымӕн Павел цы дыууӕ аххосаджы ӕрхаста, уыдонмӕ. Фыццаг: чырыстон кувынад уыд бирӕ хуыздӕр; уый ирдӕй зыны Дзуттытӕм ӕрвысты райдианӕй кӕронмӕ. Павел йе ’рвысты ӕдзухдӕр кӕны уый кой. Иерусалимы кувӕндон уыдис, уымӕй бирӕ стырдӕр, «къухӕй конд чи нӕу», ахӕм арӕзтад, Иегъовӕйы духовон кувӕндонӕн, ӕрмӕстдӕр, йӕ аууон (Дзуттытӕм 9:11, НФ). Уыцы чырыстӕттӕн уыдис стырдӕр кад, уымӕн ӕмӕ сӕ бон уыд, ӕцӕг кувынадӕн цы духовон арӕзтад уыд, уым лӕггад кӕнын. Уыдон лӕггад кодтой, Моисейӕ стырдӕр Ӕхсӕнылӕг Йесо Чырысти кӕй сарӕзта ӕмӕ бирӕ раздӕр рагзагъд чи уыд, уыцы ног, хуыздӕр цӕдисы (Иереми 31:31—34).

10, 11. а) Йесойы равзӕрд ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ йын духовон кувӕндоны Хистӕр Сауджынӕй лӕггад кӕныны бар нӕй? ӕ) Иерусалимы кувӕндоны цы хистӕр сауджын лӕггад кодта, уымӕй Йесо цӕмӕ гӕсгӕ уыд хуыздӕр?

10 Афтӕ ма уыцы чырыстӕттӕн уыдис бирӕ хуыздӕр Хистӕр сауджын — Йесо Чырысти. Нӕ, уый Аароны мыггагӕй нӕ рацыд. Уый уыдис Хистӕр Сауджын «Мелхиседекы цинмӕ гӕсгӕ» (Псалом 109:4). Йӕ мыггаг ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕ бӕрӕг кӕмӕн нӕ уыдысты, уыцы Мелхиседек рагон Салимы уыд паддзах дӕр ӕмӕ хистӕр сауджын дӕр. Уымӕ гӕсгӕ уый иттӕг хорз ӕвдисы Йесойы — Йесо сауджын сси, цавӕрдӕр ӕнӕххӕст адӕймагӕй кӕй равзӕрд, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Иегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг сомы кӕй ракодта, уый фӕрцы. Мелхиседекау Йесо дӕр канд Хистӕр Сауджын нӕу, фӕлӕ ма ӕнӕмӕлгӕ Паддзах дӕр (Дзуттытӕм 7:11—21).

11 Стӕй ма, Иерусалимы кувӕндоны чи лӕггад кодта, уыцы хистӕр сауджынӕй уӕлдай Йесойы нӕ хъуыд азӕй-азмӕ ног нывӕндтӕ хӕссын. Уый иухатт нывондӕн ӕрхаста йе ’ххӕст цард, ӕмӕ уыцы нывонд йӕ тыхы уыдзӕн цӕргӕ-цӕрӕнбонтӕм (Дзуттытӕм 7:27). Кувӕндоны цы нывӕндтӕ цыдысты хаст, уыдон Йесойы нывондӕн уыдысты ӕрмӕстдӕр йӕ аууон, йӕ ныв. Йӕ ӕххӕст нывондыл чи ӕууӕндыд, уыдонӕн ӕцӕгдӕр хатыргонд цыдысты сӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕхсызгон ма сты Павелы ныхӕстӕ, цыран ӕвдыст цӕуы, Хистӕр Сауджын, Иерусалимы чырыстӕттӕ кӕй зыдтой, уыцы ӕнӕивгӕ Йесо кӕй у, уый. Уый уыд сӕрныллӕг, зӕрдӕхӕлар, ӕмӕ йӕ бон «не ’дыхдзинӕдтӕ ӕмбарын» кӕмӕн у, ахӕм (Дзуттытӕм 4:15, НД; 13:8). Уыцы сӕрст чырыстӕттӕн уыдис Чырыстийы дӕлбар сауджынтӕй лӕггад кӕныны ныфс! Куыд ма уыд сӕ бон хӕлд иудаизмы «ӕдых ӕмӕ мӕгуыр» хъуыддӕгтӕм фӕстӕмӕ аздӕхыныл ӕрмӕст ахъуыды кӕнын дӕр? (Галатӕгтӕм 4:9).

12, 13. а) Дзуттӕгтӕ дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй хъуамӕ ма суыдаиккой, уымӕн Павел цавӕр дыккаг аххосаг ӕрхаста? ӕ) Дзуттаг чырыстӕттӕ раздӕр цы фидардзинад равдыстой, уый сын куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ ма суыдаиккой?

12 Уӕвгӕ дзуттӕгтӕн уӕлдӕр хаст бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр фаг уыдысты, фӕлӕ ма сын Павел ӕрхаста, сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ ма суыдаиккой, уымӕн дыккаг аххосаг дӕр. Уый уыд, раздӕр цы фидардзинад ӕвдыстой, уый. Павел фыста: «Ӕрхъуыды кӕнут уӕ раздӕры бонтӕ, кӕцыты сымах рухсгонд уӕвгӕйӕ, тухӕнты стыр скуыхтдзинад равдыстат». Павел сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фыдкойты ӕмӕ зындзинӕдты «иннӕтӕн ӕркӕсинаг [кӕй] фесты» (НФ), уый. Иутӕ сӕ удхар кодтой ахӕстӕтты; иннӕтӕ та семӕ хъыг кодтой ӕмӕ сын ӕххуыс кодтой. Ӕцӕгдӕр, уыдон ӕвдыстой фӕзминаг уырнындзинад ӕмӕ фидардзинад (Дзуттытӕм 10:32—34). О, фӕлӕ сӕм Павел цӕмӕн дзырдта, уыцы хъизӕмайраг бонтӕ «хъуыды кӕнут», зӕгъгӕ? Сӕ ныфс цӕмӕй асастаид, уый йӕ фӕндыд, мыййаг?

13 Нӕ, дзуттӕгтӕ сӕ раздӕры бонтӕ куы хъуыды кодтаиккой, уӕд сӕ нӕ рох кодтаид, Иегъовӕ сын фӕлварӕнты куыд ӕххуыс кодта, уый. Иегъовӕйы ӕххуысӕй уыдон фӕуӕлахиз сты Сайтаны фыдхъуыддӕгтӕй бирӕтыл. Павел фыста: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ хъуыды кодта, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдон иууылдӕр, уымӕн ӕмӕ дзы ницы рох кӕны. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Йесойы сидт, зӕгъгӕ, уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕларвыл. Уыцы хӕзнатӕ къӕрныхы бон нӕу адавын, стӕй сын рӕмпӕг кӕнӕ згӕйӕ дӕр нӕу тӕссаг (Матфейы 6:19—21). Уыцы хӕзнатӕ фесӕфдзысты, ӕрмӕстдӕр чырыстон сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнаг куы суа, уӕд. Афтӕмӕй адӕймаг уӕлӕрвты цасфӕнды хӕзнатӕ ма ӕрӕмбырд кӕна, уӕддӕр ын иууылдӕр дзӕгъӕлы фӕуыдзысты. Цӕй диссаджы ахадгӕ аххосаг ӕрхаста Павел дзуттаг чырыстӕттӕн, цӕмӕй ахӕм фӕндагыл макуы ныллӕууыдаиккой! Уӕд иузӕрдионӕй цы азтӕ фӕлӕггад кодтой, уый дон йӕ бынмӕ аластаид. Ӕмӕ сӕ уый цӕмӕн хъуыд? Бирӕ хуыздӕр ӕмӕ растдӕр уыдаид фидар лӕууын.

Цӕуылнӕ хъуамӕ суӕм дызӕрдыггӕнджытӕ сӕфтмӕ?

14. I ӕнусы чырыстӕттау абон мах дӕр цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм?

14 Абоны ӕцӕг чырыстӕттӕн дӕр къаддӕр аххосӕгтӕ нӕй, дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй ма хъуамӕ суой, уымӕн. Фыццаджыдӕр, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн стыр арфӕдзинад кӕй у. I ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр цӕрӕм, бирӕ зындгонд динты минӕвӕрттӕ сӕ стыр, рӕсугъд бӕстыхӕйттӕм ӕмӕ сӕ рагон ӕгъдӕуттӕм амонгӕйӕ мах сӕ сӕрмӕ куы нӕ хӕссынц ӕмӕ ныл куы худынц, ахӕм рӕстӕджы. Фӕлӕ нын Иегъовӕ фидарӕй дзуры, нӕ кувынад кӕй цӕуы йӕ зӕрдӕмӕ, уый тыххӕй. Уый ӕддейӕ, раст куы зӕгъӕм, уӕд абон махӕн ис, I ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ. Чи зоны дӕм диссаг фӕкӕса ӕмӕ зӕгъай: уый гӕнӕн куыд ис? Уыдон цардысты, духовон кувӕндон йӕ тыхы куы бацыд, уыцы рӕстӕджы. Н. э. 29 азы Чырысти донаргъуыд куы райста, уӕд уыцы кувӕндоны сси Хистӕр Сауджын. Бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой Хуыцауы Фырты диссӕгтӕ аразгӕ. Суанг ма йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр сӕ бон уыд диссӕгтӕ аразын. Фӕлӕ развӕлгъау загъд куыд уыд, афтӕ уыцы хӕрзиуджытӕ фӕстагмӕ фесӕфтысты (1 Коринфӕгтӕм 13:8).

15. Абоны ӕцӕг чырыстӕтты рӕстӕджы цавӕр пехуымпарад ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ сӕххӕст махӕн цы нысан кӕны?

15 Мах та цӕрӕм, Иезекилы чиныджы 40—48-ӕм сӕрты кувӕндоны тыххӕй цы стыр пехуымпарад ис, уый диссаджы хуызы куы ӕххӕст кӕны, уыцы рӕстӕджы *. Уӕдӕ мах нӕхи цӕстӕй федтам ӕмӕ дарддӕр дӕр уынӕм, Хуыцауы сконд сыгъдӕг кувынад куыд фидар кӕны, уый. Уыцы духовон кувӕндоны динон ӕнӕсыгъдӕгдзинад ӕмӕ гуымирытӕн бынат нал ис (Иезекиль 43:9; Малахи 3:1—5). Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, духовон кувӕндон сыгъдӕггонд кӕй ӕрцыд, уый нын цы стыр пайда ӕрхаста, ууыл.

16. Цавӕр ныфссӕттӕг хъуыддагыл сӕмбӕлдысты I ӕнусы чырыстӕттӕ?

16 Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды фидӕн уыд тынг тӕссаг. Йесо развӕлгъау загъта, зӕгъгӕ, ног тыд мӕнӕуы нӕмгуыты ’хсӕн тыд ӕрцӕудзысты мӕгъӕлдатӕ, ӕмӕ мӕнӕу зынтӕй хицӕн кӕндзӕн мӕгъӕлдатӕй (Матфейы 13:24—30). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ӕрцыд. I ӕнусы кӕрон ма хӕлддзинад ӕрмӕстдӕр зӕронд апостол Иоанн урӕдта, ӕндӕр аздӕхынад ӕйттӕй парахат кӕнын райдыдта (1 Иоанны 2:18; 2 Фессалоникӕгтӕм 2:6). Апостолты мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фӕзынд дины разамонджыты хицӕн къорд, уый ссӕндын райдыдта фысты, даргӕ та кодта сӕрмагонд дарӕс. Буары хъӕдгом сау кӕнын ӕмӕ ӕмбийын куыд байдайы, аздӕхынад дӕр афтӕ тагъд парахат кодта. Куыд зын уыд иузӕрдион чырыстӕттӕн уымӕ кӕсын! Хӕрзӕрӕджы цы сыгъдӕг кувынад сырӕзт, уый сӕ цӕсты раз ивд ӕрцыд цавӕрдӕр хӕлд, чъизи ӕгъдӕуттӕй. Афтӕмӕй Чырысти ӕмбырдӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уымӕй ӕнус дӕр нӕма рацыд.

17. Нырыккон чырыстон ӕмбырд I ӕнусы ӕмбырдӕй фылдӕр рӕстӕг куыд ис?

17 Ныр та ӕркӕсӕм хицӕндзинадмӕ. Абон, ӕцӕг кувынад ис, апостолты мӕлӕты онг цы рӕстӕг рацыд, уымӕй бирӕ фылдӕр рӕстӕг! 1879 азы ацы журналы фыццаг номыр мыхуыры куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ныл Иегъовӕ ӕнӕвгъауӕй арфӕ кӕны, йӕ кувынад тынгӕй-тынгдӕр кӕй сыгъдӕг кӕны, уымӕй. 1918 азы Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти бацыдысты духовон кувӕндонмӕ, цӕмӕй йӕ ссыгъдӕг кӕной (Малахи 3:1—5). 1919 азӕй Иегъовӕ Хуыцауӕн кувынад сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕны. Хуыздӕр райдыдтам ӕмбарын Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ принциптӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18). Цымӕ кӕй фӕрцы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕххӕст адӕмы фӕрцы нӕ. Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт, ӕмбырды Сӕр, хъахъхъӕдтой Сӕ адӕмы хӕлддзинадӕй ацы ӕвзӕр рӕстӕг. Цӕй уӕдӕ кӕддӕриддӕр бузныг уӕм Иегъовӕйӕ, абон нын сыгъдӕг кувынады хайад исыны бар кӕй дӕтты, уый тыххӕй! Ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй макуы суӕм дызӕрдыггӕнджытӕ сӕфтмӕ!

18. Сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй ма хъуамӕ суӕм, уымӕн нын цавӕр аххосаг ис?

18 Тӕппуддзинад ӕмӕ дызӕрдыгдзинӕдты фӕндагыл кӕй ма хъуамӕ ацӕуӕм, уымӕн дзуттаг чырыстӕттау махӕн дӕр ис дыккаг аххосаг — цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы цы фидардзинад ӕвдисӕм, уый. Иегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын ӕви йын дӕсгай азты дӕргъы зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ алчидӕр фӕстӕмӕ куы акӕса, уӕд фендзӕн, цы чырыстон хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон. Махӕй бирӕтӕ сӕмбӕлдысты алыхуызон ныхмӕлӕудтыл: бадтысты ахӕстӕтты, архайдтой, нӕ хъуыддагӕн закъонон ӕгъдауӕй бар куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕджы, бавзӕрстой ӕгъатыр ахаст кӕнӕ ӕнӕхӕдзар, ӕнӕдуар фесты. Ноджы фылдӕр чырыстӕттӕн та сӕ ныхмӕ цыдысты сӕ бинонтӕ, сӕ хиуӕттӕ, худтысты сыл, хынджылӕг сӕ кодтой ӕмӕ сӕм уазал цӕстӕй кастысты. Фӕлӕ кӕд не ’ппӕтдӕр царды алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдыстӕм, уӕддӕр Иегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтам ӕмӕ фидар лӕууыдыстӕм, нӕ фӕцудыдтам. Афтӕ аразгӕйӕ, махӕй алчидӕр ӕрӕмбырд кодта, Иегъовӕ кӕй никуы ферох кӕндзӕн, ахӕм фидардзинады хъуыддӕгтӕ. Иудзырдӕй, мах ӕрӕмбырд кодтам хӕзнатӕ уӕлӕрвтыл. Уӕдӕ ныртӕккӕ уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнӕм, кӕддӕр фӕстейӕ кӕй ныууагътам, уыцы зӕронд ӕмбыд дунемӕ фӕстӕмӕ аздӕхӕм! Нӕ фыдӕбӕттӕ доны цӕмӕн калӕм? Уӕлдайдӕр та абон, кӕронмӕ ма «чысыл, тынг чысыл» куы баззад, уӕд (Дзуттытӕм 10:37).

19. Цӕуыл цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?

19 Цӕй уӕдӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонтӕм аскъуыддзаг кӕнӕм, «мах... [кӕй] не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ»! Уый бӕсты кӕддӕриддӕр «лӕууӕм уырнындзинады» (Дзуттытӕм 10:39). Цӕмӕй ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ уыцы хъуыддаджы не ’мчырыстӕттӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 15 абз. Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1999 аз 1 мартьи, 18—32 фӕрстӕ.

Хъуыды ма кӕныс?

□ Цы нысан кӕны сӕфтмӕ дызӕрддыггӕнӕг уын?

□ Павел кӕмӕ фыста, уыцы дзуттаг чырыстӕттыл цавӕр ӕндӕвдад уыд?

□ Дзуттӕгтӕ сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ кӕй хъуамӕ ма суыдаиккой, уый тыххӕй сын Павел цавӕр аххосӕгтӕ ӕрхаста?

□ Мах та цавӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ ма хъуамӕ суӕм сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Петры иухатт тас кӕй бацыд, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕфтмӕ дызӕрдыггӕнджытӕй уыд.