Дӕхи цавӕр адӕймагыл нымайыс?
Дӕхи цавӕр адӕймагыл нымайыс?
УЫЙ уыд сӕрбӕрзонд адӕймаг. Хицауады стыр бынат куы бацахста, уӕд уый тынг цин кодта, иннӕтӕ йын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕй кодтой ӕмӕ дзы кӕй ӕппӕлыдысты, ууыл. Фӕлӕ тынг смӕсты, ӕндӕр хицау ын афтӕ кӕй нӕ кодта, ууыл. Ацы сӕрбӕрзонд хицау йӕ маст райсыны тыххӕй сфӕнд кодта, чи йӕ фӕхъыг кодта, уымӕн ма йӕ адӕмыхаттӕй сӕ паддзахады чи уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр скуынӕг кӕнын. Цӕй зыгъуыммӕ цӕстӕнгас ын уыдис!
Ацы хахуырхӕссӕг уыд Аман, персайнаг паддзах Артаксерксы галуаны стыр бынат чи ахста, уыцы хицау. Кӕмӕй хъуамӕ райстаид йӕ маст? Дзуттаг нӕлгоймаг Мардохейӕ. Аман йӕ масты фӕдыл ацыд ӕмӕ сфӕнд кодта ӕнӕхъӕн адӕмыхатт скуынӕг кӕнын. Ацы цауӕй бӕрӕг у, сӕрбӕрзонддзинад куыд тӕссаг у ӕмӕ цӕй ӕвзӕр фӕстиуджытӕм кӕны, уый. Ацы адӕймаджы ӕнӕрвӕссон ахаст ӕрмӕст иннӕ адӕмӕн нӕ хаста зындзинӕдтӕ, фӕлӕ ма йын йӕхи дӕр фӕхудинаг кодта ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг фесӕфта (Есфирь 3:1—9; 5:8—14; 6:4—10; 7:1—10).
Ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ дӕр гӕнӕн ис уой сӕрбӕрзонд
Иегъовӕ нӕ домы, цӕмӕй «сӕрныллӕгӕй нӕ Хуыцауы раз цӕуӕм» (Михей 6:8). Библийы дзырдӕуы, ӕфсарм кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕмыл. Уый тыххӕй уыдон бавзӕрстой бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ бирӕ маст. Ахӕм цӕвиттонтӕй иу цалдӕрыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд фендзыстӕм, зыгъуыммӕ зондахаст ӕвзӕр ӕмӕ тӕссаг кӕй у, уый.
Хуыцауы пехуымпар Ионӕйӕн йӕ зондахаст афтӕ сзыгъуыммӕ, ӕмӕ йын Иегъовӕ куы загъта, зӕгъгӕ, Ниневийы ӕнӕгъдау адӕмӕн фехъусын кӕн мӕ тӕрхон, уӕд алыгъд (Ионӕ 1:1—3). Фӕстӕдӕр ын ниневийӕгтӕ йӕ ныхӕстӕм куы байхъуыстой ӕмӕ куы ӕрфӕсмон кодтой, уӕд Ионӕ тынг смӕсты. Уый афтӕ тынг тыхсти, цӕмӕй куыд пехуымпар, афтӕ йӕ ном ма фегад уыдаид, ӕмӕ мингай ниневийӕгтыл ӕппындӕр нӕ мӕт кодта (Ионӕ 4:1—3). Уӕздандзинад нӕм куы нӕ уа ӕмӕ сӕрныллӕг куы нӕ уӕм, уӕд нӕ бон не суыдзӕн адӕммӕ ӕмӕ нӕ алыварсцӕуӕг цаутӕм раст цӕстӕй кӕсын.
Ӕркӕсӕм ма хорз иудейаг паддзах Озийы цӕвиттонмӕ дӕр. Йӕ зондахаст куы сзыгъуыммӕ, уӕд йӕ ныфс бахаста сауджыны хӕстӕ йӕхимӕ райсынмӕ. Йӕхицӕй кӕй ныббуц ӕмӕ ӕгӕр кӕй схъал, уымӕ гӕсгӕ уый фӕрынчын ӕмӕ Хуыцауы арфӕдзинад фесӕфта (2 Паралипоменон 26:3, 16—21).
Йесойы апостолтӕн ӕнӕраст зондахаст гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ къӕппӕг ма суыдаид. Уыдон ӕгӕр тынг райдыдтой тыхсын сӕ кад ӕмӕ сӕ бартыл. Стыр фӕлварӕнты рӕстӕджы та Йесойы ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты (Матфейы 18:1; 20:20—28; 26:56; Маркы 9:33, 34; Лукайы 22:24). Ӕнӕфсӕрм ӕмӕ сӕрбӕрзонд кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ рох кӕнын райдыдта Иегъовӕйы фӕндон ӕмӕ сын йӕ фӕндоны цы бынат уыд, уый.
Сӕрбӕрзонддзинады кӕуинаг фӕстиуджытӕ
Адӕймаг алцы йӕхимӕ куы ӕмбара, уӕд гӕнӕн ис йӕхицӕн дӕр смаст кӕна ӕмӕ йӕ алыварсуӕвджытимӕ дӕр йӕ ахастытӕ фехала. Зӕгъӕм, дӕ цуры дыууӕ адӕймаджы сусу-бусу кӕнынц ӕмӕ цӕуылдӕр худынц. Уӕд сӕрбӕрзонд куы уӕм, ис гӕнӕн ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, кӕд сусӕгӕй дзурынц, уӕд махыл худынц. Сӕ уагахаст сын ӕндӕрхуызон нӕ бон нӕу бамбарын. Ӕцӕгдӕр, кӕй тыххӕй ма хъуамӕ дзурой? Чи зоны сӕм смӕсты уӕм ӕмӕ сӕм мауал дзурӕм. Уӕдӕ нӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй гӕнӕн ис искӕй раст ма бамбарӕм ӕмӕ не ’мгӕрттимӕ, нӕ бинонтимӕ ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ нӕ ахастытӕ фехалӕм.
Хиуылӕввӕрсон адӕм гӕнӕн ис сӕхицӕй ӕппӕлой ӕмӕ ӕппынӕдзух дзурой се стыр курдиӕттыл, сӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ сӕ мулкыл, кӕнӕ та ныхасы бар макӕмӕн дӕттой 1 Коринфӕгтӕм 13:4).
ӕмӕ ӕппынӕдзух сӕхи кой кӕной. Ахӕм ныхасӕй бӕрӕг кӕны, адӕймагмӕ сыгъдӕг уарзондзинад кӕй нӕй ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдонӕн та вӕййы тынг хъыг. Уымӕ гӕсгӕ сӕрбӕрзонд адӕм арӕх сӕхи иннӕтӕй дард фӕласынц (Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ныл гӕнӕн ис уацамынды исчи бахуда кӕнӕ нӕм ма байхъуса. Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, мах ныхмӕ кӕй нӕ фӕцӕуынц, фӕлӕ Иегъовӕйы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уацхъуыд уымӕй цӕуы. Хиуылӕввӕрсон куы уӕм, уӕд нӕ уый гӕнӕн ис ӕркӕна кӕуинаг фӕстиуджытӕм. Цалдӕр азы размӕ иу ӕфсымӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы цыд ӕмӕ куы хъусын кодта, уӕд ыл иу хӕдзары хицау хъӕр кӕнын райдыдта, ӕфсымӕр дӕр нӕ фӕлӕууыд ӕмӕ йӕм уый дӕр сдзырдта (Ефесӕгтӕм 4:29). Уый фӕстӕ уыцы ӕфсымӕр никуыуал хъусын кодта хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. О, сӕрбӕрзонд куы уӕм, уӕд уацамынды гӕнӕн ис нӕхиуыл ма фӕхӕцӕм. Цӕй ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй афтӕ макуы саразӕм! Уый бӕсты Иегъовӕйӕ сӕрныллӕгӕй курӕм ӕххуыс, цӕмӕй дарддӕр дӕр аргъ кӕнӕм нӕ чырыстон лӕггаддзинадӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:1, 7; 10:4, 5).
Хиуылӕввӕрсондзинад хъыгдары адӕймаджы хорз уынаффӕмӕ байхъусын. Цалдӕр азы размӕ Централон Америкӕйы бӕстӕтӕй иуы иу ӕрыгон лӕппу ныхасы рацыд чырыстон ӕмбырды Теократон лӕггаддзинады скъолайы. Скъолайы цӕстдарӕг ын, цӕуыл ӕй хъӕуы бакусын, уый тыххӕй комкоммӕ уынаффӕ куы ратта, уӕд ӕм лӕппу смӕсты, йӕ Библи пъолыл фӕкодта, Паддзахады Залӕй рацыд ӕмӕ йӕхицӕн дзырд ратта, уырдӕм кӕй никуыуал бацӕудзӕн, уый. Фӕлӕ цалдӕр боны фӕстӕ ӕрсабыр, скъолайы цӕстдарӕгимӕ бафидыдта ӕмӕ йын йӕ уынаффӕмӕ сӕрныллӕгӕй байхъуыста. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ уыцы ӕрыгон лӕппу сси духовон ӕгъдауӕй фӕлтӕрд чырыстон.
Ӕфсармджын ӕмӕ сӕрныллӕг куы нӕ уӕм, уӕд нын Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ нӕ уыдзӕн. Фӕсномыг ныхӕсты 16:5-ӕм стих нӕ фӕдзӕхсы: «Алкӕцы ӕнӕрвӕссон адӕймаг Хицауы раз ӕлгъаг у».
Раст цӕстӕнгас нын уӕд нӕхимӕ
Адӕймаг сӕрбӕрзонд хъуамӕ ма уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕн ӕмӕ нӕ ныхӕстӕн нысаниуӕг ма дӕттӕм. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, цӕстдарджытӕ, службӕйон ӕххуысгӕнджытӕ ӕмӕ ӕмбырды уӕнгтӕ иууылдӕр хъуамӕ уой уӕздан (1 Тимофеймӕ 3:4, 8, 11; Титмӕ 2:2). Уӕдӕ чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сын сӕхимӕ раст цӕстӕнгас уа ӕмӕ уой хӕдӕфсарм ӕмӕ уӕздан?
Библийы ис бирӕ ныфсдӕттӕг цӕвиттонтӕ, йӕхимӕ раст цӕстӕнгас кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Йесо Чырысти равдыста сӕрныллӕгдзинады диссаджы цӕвиттон. Цӕмӕй йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кодтаид ӕмӕ адӕймагады фервӕзын кодтаид, уый тыххӕй Хуыцауы Фырт ӕнӕзивӕгӕй ныууагъта уӕлӕрвты йӕ кадджын бынат ӕмӕ сси хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг. Ӕфхӕрд, ӕгъатыр ахаст ӕмӕ худинаджы мӕлӕтмӕ нӕкӕсгӕйӕ, уый йӕхиуыл хӕцыд ӕмӕ йӕхи нӕ фегад кодта (Матфейы 20:28; Филиппӕгтӕм 2:5—8; 1 Петры 2:23, 24). Йесойӕн уыцы хъуыддаг куыд бантыст? Уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндыд Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Йесо зӕрдӕбынӕй ахуыр кодта Хуыцауы Ныхас, зӕрдӕбынӕй куывта ӕмӕ хъусын кодта (Матфейы 4:1—10; 26:36—44; Лукайы 8:1; Иоанны 4:34; 8:28; Дзуттытӕм 5:7). Йесойы цӕвиттон нын баххуыс кӕндзӕн нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн (1 Петры 2:21).
Ӕркӕсӕм ма паддзах Саулы фырт Ионафаны диссаджы цӕвиттонмӕ дӕр. Ионафанӕн йӕ бон нал уыд Саулы фӕстӕ паддзах суын, уымӕн ӕмӕ йӕ фыд Хуыцауы коммӕ нӕ бакаст (1 Паддзахӕдты 15:10—29). Ионафан уый тыххӕй маст кодта? Ӕвзонг Давидмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта, йӕ бӕсты паддзах кӕй хъуамӕ суыдаид, уый тыххӕй? Кӕд Ионафан Давидӕй бирӕ хистӕр ӕмӕ бирӕ фӕлтӕрдджындӕр уыд, уӕддӕр хӕдӕфсармӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй байхъуыста Иегъовӕйы уынаффӕмӕ ӕмӕ Давидӕн иузӕрдионӕй ӕххуыс кодта (1 Паддзахӕдты 23:16—18). Хуыцауы фӕндон куы зонӕм ӕмӕ йӕ ӕнӕзивӕгӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхиуыл ма «сагъӕс кӕнӕм, цас ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр» (Ромӕгтӕм 12:3).
Йесо ахуыр кодта, зӕгъгӕ, адӕймаг хъуамӕ уа хӕдӕфсарм ӕмӕ сӕрныллӕг. Йесо уый бамбарын кодта цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй ӕмӕ Лукайы 14:7—11). Йесойы фӕдзӕхстмӕ куы хъусӕм ӕмӕ куы «сфӕлындӕм... сабыр зонды», уӕд раст бакӕндзыстӕм (Колоссӕгтӕм 3:12; 1 Коринфӕгтӕм 1:31).
загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ искуы чындзӕхсӕвы куы уой, уӕд хъуамӕ «фыццаг бынаты» макуы сбадой, цӕмӕй сӕм кадджындӕр уазӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд сӕ ма сыстын кӕной ӕмӕ ма сӕфсӕрмы уой. Цӕмӕй сын ацы цӕвиттон хуыздӕр бамбарын кодтаид, уый тыххӕй ма сын Йесо загъта: «Уымӕн ӕмӕ алкӕцы йӕхӕдӕг йӕхи бӕрзонд кӕнӕг ныллӕггонд уыдзӕн, йӕхи ныллӕг кӕнӕг та бӕрзондгонд уыдзӕн» (Раст цӕстӕнгас хӕссы арфӕдзинӕдтӕ
Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ лӕггаддзинады уӕздандзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад хӕссынц циндзинад. Хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ныхасгӕнӕн уыдзӕн, сӕрныллӕг куы уой ӕмӕ «дзугӕн тӕригъӕд» куы кӕной, уӕд (Куыстытӕ 20:28, 29). Уӕд ӕмбырды уӕнгтӕн ӕнцондӕр уыдзӕн семӕ ныхас кӕнын ӕмӕ сӕ ӕххуыс курын. Афтӕмӕй ӕмбырды адӕм кӕрӕдзи тынгдӕр уарздзысты, се ’хсӕн уыдзӕн хорз ахастытӕ ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕнддзысты.
Адӕймаг хиуылӕввӕрсон куы нӕ уа, уӕд ссардзӕн бирӕ хорз хӕлӕрттӕ. Хӕдӕфсарм ӕмӕ сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд быцӕу нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ тырндзыстӕм, цӕмӕй иннӕтӕй цыдӕр хъуыддӕгты кӕнӕ та материалон ӕгъдауӕй хуыздӕр уӕм. Ахӕм хорз миниуджытӕ нын баххуыс кӕндзысты уӕздандӕр уӕвынӕн, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ ӕнцондӕр уыдзӕн искӕмӕн ныфс ӕвӕрын ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнын (Филиппӕгтӕм 2:3, 4). Адӕм куы фӕхатынц, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сӕм хорз ахаст кӕй дарӕм, уӕд нӕм сӕхӕдӕг дӕр фӕкӕсынц хорз цӕстӕй. Цымӕ ахӕм хорз ахастытӕ хӕлардзинадӕн ахъаз не сты? Цӕй стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хӕдӕфсарм ӕмӕ сӕрныллӕг адӕммӕ! (Ромӕгтӕм 12:10).
Искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд нын раст зондахаст баххуыс кӕндзӕн нӕ рӕдыдыл бассӕттынӕн (Матфейы 5:23, 24). Ахӕм уавӕры нӕ куы фӕнда бафидауын ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн нӕ ахастытӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Ӕмбырды цӕстдарыны бӕрн кӕуыл ис, уыдон, зӕгъӕм, чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, хӕдӕфсарм ӕмӕ сӕрныллӕг куы уой, уӕд сын фылдӕр фадат уыдзӕн иннӕтӕн хорздзинад аразынӕн (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:27; Матфейы 11:29). Сӕрныллӕг адӕймагӕн ӕнцондӕр у искӕй рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын (Матфейы 6:12—15). Куы йӕ фӕхъыг кӕной, уӕд ӕй йӕ зӕрдӕмӕ нӕ хӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ бон саразын куы ницы уа, уӕд Иегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цалынмӕ уый хъуыддаг не сраст кӕна, уӕдмӕ (Псалом 36:5; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5, 6).
Хӕдӕфсарм ӕмӕ сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад уыдзӕн, Иегъовӕ нӕ райгонд кӕй уыдзӕн ӕмӕ нӕм хорз ахаст кӕй дардзӕн, уый. «Хуыцау хъалты ныхмӕ у, сабыртӕн та хорз лӕвар дӕтты» (1 Петры 5:5). Цӕй ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй цы стӕм, уымӕй фылдӕр нӕхицӕй ӕнхъӕл ма уӕм. Уый бӕсты сӕрныллӕгӕй хъуыды кӕнӕм, Иегъовӕйы хъуыддӕгты нын цы бынат ис, ууыл. Йӕ домӕнмӕ гӕсгӕ чи архайы, зӕгъгӕ, «сӕрныллӕгӕй... Хуыцауы раз цӕуын», уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр арфӕдзинӕдтӕ!
[Ныв 17 фарсыл]
Ионафан сӕрныллӕгӕй ӕххуыс кодта Давидӕн.