Макуы фесафут «ирвӕзындзинады ныфс»!
Макуы фесафут «ирвӕзындзинады ныфс»!
«Сфӕлындут... ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуды» (1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 5:8).
1. «Ирвӕзындзинады ныфс» куыд ӕххуыс кӕны фидар лӕууынӕн?
ИРВӔЗЫНДЗИНАДЫ ныфс адӕймагӕн тых дӕтты цыфӕнды зын уавӕрты дӕр. Денджызы наусӕфты бахауӕг адӕймаг чысыл дымсгӕ бӕлӕгъыл бирӕ фылдӕр бафӕраздзӕн, ӕххуысмӕ йӕм кӕй фӕзындзысты, уый куы зона, уӕд. Раст афтӕ миназты дӕргъы «Иегъовӕйы ирвӕзындзинады» ныфс ӕххуыс кодта Хуыцауыл ӕууӕндӕг адӕмӕн, ӕмӕ уыцы ныфсӕй фыдӕнхъӕл никуы ма ничи фӕцис (Рацыд 14:13; Псалом 3:9; Ромӕгтӕм 5:5; 9:33). Апостол Павел «ирвӕзындзинады ныфс» абарста «згъӕрхудимӕ» — чырыстон адӕймаджы духовон хотыхтӕй иуимӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8; Ефесӕгтӕм 6:17). О, Хуыцауы ирвӕзындзинадыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый нын хъахъхъӕны нӕ зонд, ӕмӕ кӕд зындзинӕдтӕ ӕмӕ ныхмӕлӕудыл сӕмбӕлӕм, науӕд фӕлварӕнты дӕр бахауӕм, уӕддӕр нын ӕххуыс кӕны раст хъуыды кӕнынӕн.
2. «Ирвӕзындзинады ныфс» ӕцӕг кувынадӕн йӕ ахсджиаг хай цӕмӕн у?
2 Иу библион энциклопеди («The International Standard Bible Encyclopedia») куыд дзуры, афтӕмӕй «фидӕны ныфс нӕ уыд муртаттаг дунейы» — I ӕнусы чырыстӕттӕ цы дунейы цардысты, уый (Ефесӕгтӕм 2:12; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:13). Фӕлӕ «ирвӕзындзинады ныфс» ӕцӕг кувынадӕн у йӕ ахсджиаг хай. Цӕмӕн? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ирвӕзындзинад баст у йӕ номимӕ. Псаломзарӕггӕнӕг Асаф куывта: «Ахъаз нын бакӕн, Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Дӕ номы стырады тыххӕй! Фервӕзын кӕн мах» (Псалом 78:9, СПб; Иезекиль 20:9). Уый ӕддейӕ, цӕмӕй адӕймагӕн Иегъовӕимӕ хорз ахастытӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй ӕууӕнда, Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон кӕй ӕрцӕудзысты, ууыл. Павел уый афтӕ бахахх кодта: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнӕн нӕй; уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Уый кӕй ис, ууыл, ӕмӕ Йӕ агурджытӕн ратты [«зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдоны кӕй хорзӕхджын кӕны, ууыл», НД]» (Дзуттытӕм 11:6). Павел ма ноджыдӕр бамбарын кодта, Йесо зӕхмӕ кӕй ӕрцыд, уымӕн йӕ сӕйрагдӕр аххосӕгтӕй иу ӕрфӕсмонгӕнӕг адӕмы фервӕзын кӕнын кӕй уыд. Уый загъта: «Раст ӕмӕ алыхуызы райсын аккаг у дзырд, Йесо Чырысти кӕй ӕрцыд дунемӕ тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ» (1 Тимофеймӕ 1:15). Апостол Петр та загъта, ирвӕзындзинад нӕ «уырнындзинадӕй» кӕнгӕ кӕй у (1 Петры 1:9). Уӕдӕ адӕймаг ирвӕзындзинадыл йӕ ныфс кӕй дары, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ цы у ирвӕзындзинад? Ӕмӕ цы хъӕуы фервӕзынӕн?
Цы у ирвӕзындзинад?
3. Иегъовӕйӕн рагзаманты чи лӕггад кодта, уыдоны цӕмӕй ирвӕзын кодта?
3 Дзуттаг Фыстыты дзырд «ирвӕзындзинад» арӕхдӕр нысан кӕны ӕфхӕрдӕй кӕнӕ ӕнафоны мӕлӕтӕй, йе та фыдмардӕй бахизын кӕнӕ бахъахъхъӕнын. Зӕгъӕм, Иегъовӕйы «Ирвӕзынгӕнӕг» схонгӕйӕ, Давид дзырдта: «Мӕ Хуыцау у мӕ Хох. [...] Ме ’мбӕхсӕн, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг; фыддзинадӕй мӕ хъахъхъӕны. Скувдзынӕн кады аккаг иунӕг Хуыцау Иегъовӕмӕ, ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн ме знӕгтӕй» (2 Паддзахӕдты 22:2—4). Давид зыдта, Иегъовӕйӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕххуыс куы фӕкурынц, уӕд сӕм кӕй фӕхъусы, уый (Псалом 30:23, 24; 144:19).
4. Иегъовӕйӕн Чырыстийы агъоммӕ чи лӕггад кодта, уыцы адӕмы фидӕны царды тыххӕй цы ныфс уыд?
4 Иегъовӕйӕн, Чырысти зӕхмӕ цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ цы адӕм лӕггад кодтой, уыдонӕн ма уыдис фидӕны царды ныфс дӕр (Иов 14:13—15; Исай 25:8; Данелы 12:13). Уӕвгӕ, Дзуттаг Фыстыты ирвӕзындзинады тыххӕй цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ пехуымпарадон хуызы амыдтой стырдӕр ирвӕзындзинадмӕ — ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ирвӕзындзинадмӕ (Исай 49:6, 8; Куыстытӕ 13:47; 2 Коринфӕгтӕм 6:2). Йесойы рӕстӕджы дӕр иудейтӕй бирӕты уыд ӕнусон царды ныфс, фӕлӕ уыцы ныфс кӕй фӕрцы ӕххӕст кӕны, уый, ома Йесойы, нӕ райстой. Йесо йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дины разамонджытӕн загъта: «Сбӕрӕг кӕнут фыстыты: цӕмӕйдӕриддӕр сымах ӕнхъӕлут уыдоны фӕрцы ӕнусон цард ссарын; уыдон та ӕвдисӕн лӕууынц Мӕн тыххӕй» (Иоанны 5:39, НФ).
5. Ирвӕзындзинад ӕппынфӕстаг цы нысан кӕны?
5 Ирвӕзындзинад цы нысан кӕны, уый Хуыцау ӕххӕстӕй раргом кодта Йесойы уылты. Уырдӕм хауы адӕймаджы ссӕрибар кӕнын тӕригъӕды цагъарадӕй, мӕнг дины хъадамантӕй, Сайтаны къухы цы дуне ис, уымӕй, стӕй ма адӕмы тас ӕмӕ суанг мӕлӕты тасӕй дӕр (Иоанны 17:16; Ромӕгтӕм 8:2; Колоссӕгтӕм 1:13; Раргомад 18:2, 4). Ӕппынфӕстаг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ирвӕзындзинад нысан кӕны, канд ӕфхӕрддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын нӕ, фӕлӕ ӕнусон цард райсын дӕр (Иоанны 6:40; 17:3). Йесо куыд амыдта, афтӕмӕй «гыццыл дзугӕн» ирвӕзындзинад нысан кӕны, уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ Чырыстиимӕ кӕй паддзахиуӕг кӕндзысты, уый (Лукайы 12:32). Иннӕ адӕмӕн та уый нысан кӕны, фӕстӕмӕ ӕххӕстдзинадмӕ кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ сын Хуыцауимӕ кӕй уыдзӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн тӕригъӕд ракӕныны размӕ цы ахастытӕ уыдис Хуыцауимӕ, ахӕм ахастытӕ (Куыстытӕ 3:21; Ефесӕгтӕм 1:10). Иууыл райдианӕй дӕр Хуыцауы фӕндон уый мидӕг уыд, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цардаиккой дзӕнӕты (Уӕвынад 1:28; Маркы 10:30). Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ зӕххыл ногӕй дзӕнӕт уа?
Ирвӕзындзинады бындур — ахӕстаргъ
6, 7. Нӕ ирвӕзындзинады Йесойӕн цавӕр ахадындзинад ис?
6 Ӕнусон ирвӕзындзинадӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды фӕрцы. Цӕмӕн? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕд йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фидӕны байзӕддӕгты дӕр, уыдонимӕ мах дӕр, «ауӕй кодта» тӕригъӕдӕн. Ӕмӕ растдӕр уымӕ гӕсгӕ адӕймагадӕн иунӕг ӕцӕг ныфс у ахӕстаргъ (Ромӕгтӕм 5:14, 15; 7:14). Хуыцау ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр ахӕстаргъ бафидын кӕй сфӕнд кодта, уый развӕлгъау ӕвдыст ӕрцыд, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ фосы нывӕндтӕ кӕй хастой, уымӕй (Дзуттытӕм 10:1—10; 1 Иоанны 2:2). Уыцы пехуымпарадон сурӕттӕ сӕххӕст сты Йесойыл. Йесо гуырд дӕр нӕма уыд, афтӕ Иегъовӕйы зӕд фехъусын кодта: «Уый фервӕзын кӕндзӕн Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй» (Матфейы 1:21; Дзуттытӕм 2:10).
Иоанны 8:36; 1 Коринфӕгтӕм 15:22). Иннӕ адӕмӕй хъауджыдӕр Йесо тӕригъӕды тыххӕй мӕлӕтмӕ тӕрхонгонд нӕ уыд. Зӕхмӕ сӕрмагондӕй уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй «ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Ӕмӕ уыцы хӕс куы сӕххӕст кодта, уӕд райгас уӕлӕрвтыл, фӕстӕдӕр сси Паддзах, ӕмӕ ныр йӕ бон у, Хуыцауы домӕнтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ирвӕзындзинад радтын (Раргомад 12:10).
7 Йесо диссаджы хуызы райгуырд чызг Мариайӕ, ӕмӕ Хуыцауы Фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Адамӕй мӕлӕт йӕ туджы нӕ рахаста. Уый фӕрцы, стӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы дӕр йӕ цардӕй адӕймагады балхӕнӕн уыдис тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй (Цы хъӕуы ирвӕзындзинад райсынӕн?
8, 9. а) Йесойы хъӕздыг ӕвзонг хицау ирвӕзындзинады тыххӕй куы бафарста, уӕд ын цавӕр дзуапп радта? ӕ) Куыд спайда кодта Йесо уыцы цауӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ахсджиаг хъуыды бамбарын кӕнынӕн?
8 Иухатт, иу ӕвзонг израилаг хицау афтӕ бафарста Йесойы: «Цы кӕнын хъӕуы мӕн, цӕмӕй хайджын уон ӕнусон цардӕй?» (Маркы 10:17). Йӕ фарсты бӕрӕгӕй зынди, йӕ рӕстӕджы цӕрӕг иудейты цӕстӕнгас — Хуыцау адӕймагӕй домы хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ фаг куы сараза, уӕд ын Хуыцау ратдзӕн ирвӕзындзинад. Фӕлӕ адӕймаг гӕнӕн ис ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ кодтаид, йӕхицӕн дзы цыдӕр пайда кӕй уыд, уый тыххӕй. Стӕй ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ кӕронмӕ ӕххӕст кӕнын кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыддӕгты руаджы нӕ уыд райсӕн ирвӕзындзинад.
9 Йесо уыцы адӕймаджы фарстӕн дзуапп куы радта, уӕд ын ӕрмӕстдӕр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм ӕй кӕй хъӕуы хъусын, уый. Ӕвзонг хицау уайтагъд загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ ме ’рыгон бонтӕй нырмӕ кӕнын. Йесо ахӕм дзуапп куы фехъуыста, уӕд бауарзта уыцы адӕймаджы ӕмӕ йын загъта: «Иу дын нӕ фаг кӕны: цу, цы дӕм ис, уыдон иуылдӕр ауӕй кӕн ӕмӕ сӕ байуар мӕгуыртӕн, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзнатӕ уӕлӕрвты; ӕмӕ... Мӕ фӕстӕ рацу». Фӕлӕ уый ӕнкъардӕй иуварс ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм уыд «бирӕ исбон». Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста, адӕймаг цардмӕ мулчы цӕстӕй куы кӕса, уӕд йӕ бон кӕй нӕу ирвӕзындзинад райсын. Дарддӕр уый бамбарын кодта, иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу ирвӕзындзинад йӕхи хъарутӕй райсын. Фӕлӕ сӕ уый фӕстӕ бафидар кодта: «Адӕймӕгтӕн нӕу уый сӕ бон, фӕлӕ Хуыцауӕн у; уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон» (Маркы 10:18—27; Лукайы 18:18—23). Уӕдӕ куыд ис фервӕзӕн?
10. Цӕмӕй ирвӕзындзинад райсӕм, уый тыххӕй цавӕр домӕнтӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?
10 Ирвӕзындзинад Хуыцауы лӕвар у, фӕлӕ адӕймагмӕ йӕхигъӕдӕй нӕ цӕуы (Ромӕгтӕм 6:23). Цӕмӕй адӕймаг уыцы лӕвар райса, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна сӕйраг домӕнтӕ. Йесо загъта: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард». Ацы ныхӕстӕм ма апостол Иоанн бафтыдта: «Фырт кӕй уырны, уымӕн ӕнусмӕ цард ис; фӕлӕ Фырт кӕй нӕ уырны, уый нӕ фендзӕни цард» (НФ) (Иоанны 3:16, 36). Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕнусон ирвӕзындзинад райсыны ныфс кӕй ис, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр Хуыцау кӕй домы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад. Алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна Чырыстийы ахӕстаргъ райсын ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуын.
11. Ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дзы Иегъовӕ райгонд уа?
11 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ коммӕгӕсӕй ничи райгуырд, алы хъуыддаджы дӕр уӕм коммӕгӕс, уый та бынтондӕр нӕу нӕ бон. Гъе уӕдӕ раст уый тыххӕй бафыста Иегъовӕ ахӕстаргъ, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна. Фӕлӕ уӕддӕр мах хъуамӕ ӕдзухдӕр архайӕм Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрыныл. Йесо уыцы хъӕздыг ӕвзонг хицауӕн куыд загъта, афтӕмӕй мах хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ. Афтӕ куы аразӕм, уӕд нӕ Хуыцау дӕр уыдзӕн райгонд ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр стыр циндзинад исдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ «Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты»; уыдон нын «дӕттынц тых» (1 Иоанны 5:3; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:1, 8). Фӕлӕ уӕддӕр, цӕмӕй ирвӕзындзинады ныфс ма фесафӕм, уый ӕнцон нӕу.
«Уырнындзинадыл хъӕбатырӕй тох кӕнӕм»
12. Ирвӕзындзинады ныфс чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕны чъизи монцтыл уӕлахиз кӕнынӕн?
12 Ахуыргӕнинаг Иудӕйы фыццаг чырыстӕттӕм ныффыссын фӕндыд «иумӕйаг ирвӕзындзинады тыххӕй». Фӕлӕ сӕ алыварс дуне афтӕ хӕлд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Иудӕ сфӕнд кодта, йе ’фсымӕрты «уырнындзинадыл хъӕбатырӕй тох кӕнынмӕ» (НД) сразӕнгард кӕнын. Ирвӕзындзинад райсынӕн фаг нӕу ӕрмӕст Хуыцау кӕй ис, ууыл ӕууӕндын, ӕцӕг чырыстон уырнындзинадыл хӕцын ӕмӕ Хуыцаумӕ хъусын, хъуыддӕгтӕ иууылдӕр хорз куы цӕуой, уӕд. Иегъовӕйыл афтӕ ӕнувыд хъуамӕ уӕм, ӕмӕ нын ацы хӕлд дунейы ӕндӕвдады, стӕй нӕхи уды монцты ныхмӕ лӕууынӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕна. Хъыгагӕн, адӕм ӕнӕгъдау ӕмӕ хӕлд кӕй уыдысты, хицауады кӕй ницӕмӕ дардтой, кӕрӕдзийы кӕй хордтой ӕмӕ кӕрӕдзийыл кӕй дызӕрдыг кодтой, уый тынг ӕвзӕр ӕндӕвта I ӕнусы ӕмбырдыл. Иудӕйы тынг фӕндыд йе ’мчырыстӕттӕн уыцы хъуыддӕгты ныхмӕ тохы баххуыс кӕнын, ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ ӕрсидт, цӕмӕй уыцы фӕндагыл цӕй тыххӕй слӕууыдысты, уый сӕ зӕрдыл дардтаиккой: «Уарзонтӕ, ахуыр кӕнгӕйӕ уӕхи уӕ иттӕг сыгъдӕг уырнындзинадӕй, кувгӕйӕ Сыгъдӕг Удӕй, уӕхи хъахъхъӕнут Хуыцауы уарзондзинады, хорзӕхмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ, мыггагмӕйы цардӕн» (Иудӕ 3, 4, 8, 19—21). Ирвӕзындзинад райсыны ныфс сӕ хъуамӕ бафидар кодтаид ӕнӕгъдаудзинады ныхмӕ тохы.
13. Хуыцау нӕ йӕ хорзӕхы аккаг цӕй тыххӕй скодта, уый кӕй нӕ рох кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
13 Иегъовӕ Хуыцау кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уыдонӕн хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ ӕгъдауджын уагахаст (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Фӕлӕ нӕхӕдӕг, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ куы цӕрӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын иннӕтыл тӕрхон кӕныны бар ис. Нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдонӕн се ’нусон хъысмӕт махӕй кӕнгӕ нӕу. Павел Афины цӕрӕг грекъӕгтӕн куыд загъта, афтӕмӕй, кӕмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый Хуыцау скъуыддзаг кӕндзӕн: «Уый сбӕрӕг кодта бон, кӕцыйы дунейӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, Уымӕй раздӕр бӕрӕггонд Лӕджы [Йесо Чырыстийы] сӕрты» (Куыстытӕ 17:31; Иоанны 5:22). Чырыстийы ахӕстаргъыл кӕй ӕууӕндӕм, уый царды куы ӕвдисӕм, уӕд нӕ тӕрхоны бонӕй тӕрсын нӕ хъӕуы (Дзуттытӕм 10:38, 39). Сӕйраджыдӕр мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй «Хуыцауы хорзӕх [ахӕстаргъы фӕрцы йемӕ кӕй бафидыдтам, уый] райсгӕйӕ, ма ферох кӕнӕм, уыцы хорзӕхы аккаг нӕ цӕй тыххӕй скодта, уый», ома зыгъуыммӕ хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтыл ма бафтӕм (2 Коринфӕгтӕм 6:1, НД). Стӕй ма иннӕтӕн дӕр куы ӕххуыс кӕнӕм ирвӕзындзинад райсынӕн, уӕд уымӕй дӕр ӕвдисдзыстӕм, Хуыцау нӕ йӕ хорзӕхы аккаг цӕй тыххӕй скодта, уый нӕ зӕрдыл кӕй дарӕм. Фӕлӕ куыд у нӕ бон адӕмӕн уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын?
Дзурӕм ирвӕзындзинады ныфсы тыххӕй
14, 15. Кӕмӕн бахӕс кодта Йесо ирвӕзындзинады тыххӕй хъусын кӕнын?
14 Пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ ӕрхӕсгӕйӕ, Павел фыста: «Иегъовӕйы номмӕ чи сида, уый фервӕздзӕн» (НД). Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Фӕлӕ куыд фӕсидой Уымӕ, Кӕцыйыл нӕ баууӕндыдысты? Куыд ӕууӕндгӕ у Ууыл, Кӕцыйы тыххӕй нӕ фехъуыстой? Куыд фехъусгӕ у ӕнӕ хъусынгӕнӕгӕй?» Цалдӕр стих дӕлдӕр Павел дзуры, зӕгъгӕ, уырнындзинад йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзыны, фӕлӕ адӕймаг «Чырыстийы тыххӕй» (НД) кӕй фехъусы, уый руаджы (Ромӕгтӕм 10:13, 14, 17; Иоиль 2:32).
15 Чи хъусын кӕны адӕмтӕн «Чырыстийы тыххӕй»? Йесо уыцы куыст бахӕс кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн — уый тыххӕй чи базыдта, уыдонӕн (Матфейы 24:14; 28:19, 20; Иоанны 17:20). Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ мах ӕххӕст кӕнӕм, апостол Павел Исайы чиныгӕй цы ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдон: «Куыд хорз [«рӕсугъд», НФ] сты фарн ӕмӕ хорздзинад хъусынгӕнджыты къӕхтӕ!» Цы хорз уацхъуыд хъусын кӕнӕм, уый адӕмӕй бирӕтӕ куы нӕ исой, уӕддӕр нӕ къӕхтӕ Иегъовӕйӕн сты «рӕсугъд» (Ромӕгтӕм 10:15; Исай 52:7).
16, 17. Хорз уацхъуыд кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы цавӕр дыууӕ хъуыддаджы цӕуы арӕзт?
16 Уыцы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын ахъаз у дыууӕ ахсджиаг хъуыддагӕн. Фыццаг уый, ӕмӕ хорз уацхъуыд хъуыстгонд кӕй цӕуы, уымӕй кадджын кӕны Хуыцауы ном ӕмӕ ирвӕзындзинад райсын кӕй фӕнды, уыдон базонынц, кӕдӕм сӕ цӕуын хъӕуы, уый. Павел хорз ӕмбӕрста, нӕ хӕслӕвӕрды уымӕн стыр нысаниуӕг кӕй ис, уый. Уый загъта: «Афтӕ бафӕдзӕхста махӕн Хицау: „Ӕз сӕвӕрдтон Дӕу рухсӕн муртаттӕн, цӕмӕй Ды уай ирвӕзындзинадӕн зӕххы кӕронмӕ“». Уӕдӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕй алчидӕр хъуамӕ адӕмӕн хъусын кӕна ирвӕзындзинады тыххӕй (Куыстытӕ 13:47; Исай 49:6).
17 Дыккаг та уый, ӕмӕ уацамынды руаджы Хуыцауӕн йӕ бон у раст тӕрхон рахӕссын. Уыцы тӕрхоны тыххӕй Йесо загъта: «Куы ӕрцӕуа Адӕймаджы Фырт Йӕ кады ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕг Зӕдтӕ Йемӕ, уӕд ӕрбаддзӕн Йӕ кады паддзахы бадӕны. Ӕмӕ ӕрӕмбырд уыдзысты Йӕ разы ӕппӕт адӕмтӕ; ӕмӕ ахицӕн кӕндзӕн иуты иннӕтӕй, фыййау куыд ахицӕн кӕны фысты сӕгътӕй, афтӕ». Кӕд адӕм тӕрхонгонд ӕмӕ кӕрӕдзийӕ хицӕнгонд, «Адӕймаджы Фырт Йӕ кады куы ӕрцӕуа», уӕд цӕудзысты, уӕддӕр ныридӕгӕн уацамынды фӕрцы сӕ бон у, Чырыстийы духовон ӕфсымӕрты базонын ӕмӕ сӕ фарсмӕ балӕууын, цӕмӕй ӕнусон ирвӕзындзинад райсой (Матфейы 25:31—46).
«Фидарӕй ӕууӕндӕм, цы ныфс нын ис, ууыл»
18. Куыд у нӕ бон нӕ «ирвӕзындзинады ныфс» хъахъхъӕнын?
18 Зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй ма ӕххуыс кӕнӕм нӕхицӕн дӕр. Уый фӕрцы фидар кӕны нӕ ныфс. Павел фыста: «Мах фӕнды, цӕмӕй сымахӕй алчидӕр афтӕ зӕрдиагӕй архайа дарддӕр дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы кӕронмӕ фидарӕй ӕууӕнда, цы ныфс нын ис, ууыл» (Дзуттытӕм 6:11, НД). Уӕдӕ не ’ппӕтдӕр скӕнӕм «ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуд», ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, «Хуыцау мах [кӕй] сбӕрӕг кодта фыдӕхмӕ нӕ, фӕлӕ ирвӕзындзинад райсынмӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы сӕрты [«фӕрцы», НФ]» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8, 9). Нӕ зӕрдӕмӕ арф айсӕм Петры ныхӕстӕ дӕр: «Ӕрбалвасут уӕ зонды гуыр, цырд лӕуут, ӕгасӕйдӕр уӕ ныфс дарут... сымахыл чи сӕмбӕлдзӕн, уыцы хорзӕхыл» (1 Петры 1:13, НФ). Афтӕ чи аразы, уыдон се ’ппӕтдӕр фендзысты, сӕ «ирвӕзындзинады ныфс» кӕронмӕ куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый!
19. Цӕуыл уыдзӕн нӕ ныхас иннӕ статьяйы?
19 Ацы цардӕвӕрдӕн ма цы рӕстӕг баззад, уымӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа? Куыд у нӕ бон уыцы рӕстӕгӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фервӕзын кӕнӕм? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
Куыд бамбарын кӕндзынӕ?
• Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕ «ирвӕзындзинады ныфс» хъахъхъӕнын?
• Цы хауы ирвӕзындзинадмӕ?
• Цы хъӕуы ирвӕзындзинад райсынӕн?
• Хорз уацхъуыд кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 20 фарсыл]
Ирвӕзындзинад ӕрмӕст мӕлӕтӕй фервӕзын нӕ нысан кӕны.