Райгасдзинады ныфсӕн ис стыр тых
Райгасдзинады ныфсӕн ис стыр тых
«Ӕз ӕппӕтдӕр ныууагътон... цӕмӕй базонон Уый [Йесо Чырыстийы] ӕмӕ Йӕ райгасдзинады хъару» (ФИЛИППӔГТӔМ 3:8—10).
1, 2. а) Цалдӕр азы размӕ иу сауджын райгасдзинады тыххӕй цы загъта? ӕ) Хуыцау мӕрдты куыд ӕгас кӕндзӕн?
МИН астсӕдӕ нӕуӕдзӕм азты райдианы мыхуыры фӕзынд иу уац. Уым дзырдӕуыд, Бруклинӕй (Нью-Йорк, АИШ) иу сауджын адӕмы раз йӕ раныхасы цы ӕнахуыр хабӕрттӕ ракодта, уый тыххӕй. Уый загъта, зӕгъгӕ, райгасдзинады рӕстӕджы мӕрдты стджытӕ ӕмӕ фыдтӕ ногӕй ӕмбырдгонд ӕрцӕудзысты ӕмӕ сӕгас уыдзысты; уыимӕ адӕймаг арты басыгъд ӕви йыл ӕнамонд хабар ӕрцыд, ӕмӕ афтӕмӕй фӕмард, сырд ӕй бахордта кӕнӕ зӕххӕн хъацӕн сси, уый уӕлдай нӕу. Йӕ раныхасы мидис уый мидӕг уыд, ома иу боны ӕмгъуыдмӕ, 24 сахатмӕ, зӕхх байдзаг уыдзӕн миллиардгай мард адӕймӕгты цӕнгтӕ, къухтӕ, къӕхтӕ, ӕнгуылдзтӕ, стджытӕ, нуӕрттӕ ӕмӕ цӕрмттӕй. Адӕймаджы буары хӕйттӕй иутӕ агурдзысты уыцы буары иннӕ хӕйттӕ. Уый фӕстӕ дзӕнӕтӕй ӕмӕ зындонӕй ӕрыздӕхдзысты удтӕ ӕмӕ цы буӕрттӕ райгас сты, уыдоны бацӕудзысты.
2 Адӕймаг цы сыджыты лыстӕг хӕйттӕй конд уыд, уыдон ногӕй сиу уыдзысты, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕ ӕрцӕудзӕн райгасдзинад, уый адӕймагӕн йӕ зонд нӕ ахсы ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕны. Стӕй ма уый дӕр, ӕмӕ адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд нӕй (Екклесиаст 9:5, 10; Иезекиль 18:4). Мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйы уый сӕр ницӕмӕн хъӕуы, ӕмӕ адӕймаджы буар цы гыццыл хӕйттӕй конд уыд, уыдон фӕстӕмӕ ӕмбырд кӕна. Кӕй ӕгас кӕна, уыдонӕн йӕ бон у ног буӕрттӕ скӕнын. Иегъовӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийӕн радта тых мӕрдты ӕнустӕм цӕрыны ныфсимӕ ӕгас кӕнынӕн (Иоанны 5:26). Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Ӕз Дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард; Мӕныл ӕууӕндӕг, куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:25, 26). Диссаджы зӕрдӕвӕрд! Уый нӕ бафидар кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар лӕууӕм, суанг ма Иегъовӕйыл ӕнувыд кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ мӕлӕты раз ӕрлӕууын куы бахъӕуа, уӕд дӕр.
3. Павелы цӕмӕн бахъуыд, райгасдзинады ахуырад раст кӕй у, уый бӕлвырд кӕнын?
3 Райгасдзинадӕн иумӕйагӕй ницы ис, грекъаг философ Платоны ахуырадимӕ, ома адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ апостол Павел Афины тӕрхондоны, грекъӕгты раз ӕвдисӕнад Куыстытӕ 17:29—34). Йесо Чырыстийы йӕ райгасы фӕстӕ чи федта, уыдонӕй ма уӕд бирӕтӕ ӕгас уыдысты ӕмӕ сыл кӕд худтысты, уӕддӕр ӕвдисӕн лӕууыдысты, Йесо мӕрдтӕй кӕй райгас, уый тыххӕй. Фӕлӕ Коринфы ӕмбырдмӕ цы мӕнг ахуыргӕнджытӕ баирвӕзти, уыдоны нӕ уырныдта райгасдзинад. Уымӕ гӕсгӕ Коринфӕгтӕм 1-аг ӕрвысты 15-ӕм сӕры Павел ӕрхаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уыцы чырыстон ахуырад раст кӕй у, уый тыххӕй. Уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕм лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, райгасдзинады ныфсӕн фидар бындур ӕмӕ стыр тых кӕй ис, уый.
дӕтгӕйӕ, Йесойы кой куы скодта ӕмӕ куы загъта, зӕгъгӕ йӕ Хуыцау райгас кодта, уӕд цы ’рцыд? «Райгасдзинады тыххӕй фехъусгӕйӕ, иутӕ хынджылӕг кодтой [«бахудтысты», НФ]»,— дзырдӕуы Библийы (Йесойы райгасдзинады фидар бӕлвырдгӕнӕн
4. Йесо кӕй райгас, уымӕн Павел цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста?
4 Цымыдисаг у, Павел йӕ ныхас цӕмӕй райдыдта, уый (1 Коринфӕгтӕм 15:1—11). Кӕд коринфӕгты фӕнды, цӕмӕй уырнджытӕ кӕй систы, уый дзӕгъӕлы ма фӕуа, уӕд фидар хӕцдзысты ирвӕзындзинады тыххӕй хорз уацхъуыдыл. Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ныгӕд ӕрцыд ӕмӕ уый фӕстӕ райгас. Райгасуӕвӕг Йесо фӕзынд Кифӕмӕ (Петрмӕ), «уый фӕстӕ та дыууадӕсмӕ» (Иоанны 20:19—23). Уый фӕстӕ йӕ федтой 500 ахуыргӕнинаджы, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «ацӕут, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут», уӕд (Матфейы 28:19, 20, НД). Йӕ иузӕрдион апостолтӕ йӕ се ’ппӕт дӕр куыд федтой, афтӕ йӕ федта Иаков дӕр (Куыстытӕ 1:6—11). Дамаскмӕ хӕстӕг та Йесо фӕзынд Савлмӕ, «цымӕ иу ӕнафоны гуырдзмӕ» (НФ) — уый афтӕ уыд, цыма Савл афонӕй бирӕ раздӕр райгас уӕларвон цардмӕ (Куыстытӕ 9:1—9). Коринфӕгтӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ систы, Павелӕй хорз уацхъуыд кӕй райстой, уый фӕрцы.
5. 1 Коринфӕгтӕм 15:12—19-ӕм стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй Павел цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста?
5 Ӕркӕсӕм, Павел цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссы, уымӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:12—19). Иугӕр хъуыддаг йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон дзурынц Чырыстийы райгасдзинады тыххӕй, уӕд ма куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ райгасдзинад нӕй? Уӕвгӕ та кӕд Йесо нӕ райгас, уӕд нӕ уацамынд дӕр ӕмӕ нӕ уырнындзинад дӕр сты дзӕгъӕлы. Иууыл стырдӕр бӕллӕх та уый мидӕг ис, ӕмӕ кӕд Хуыцау Чырыстийы нӕ райгас кодта, мах та дзурӕм, зӕгъгӕ йӕ райгас кодта, уӕд мах мӕнг ӕвдисӕн кӕнӕм Хуыцауы тыххӕй. Ӕмӕ кӕд мӕрдтӕн райгасдзинад нӕй, уӕд «мах нырма стӕм нӕ тӕригъӕдты», Чырыстийы сӕрвӕлтау чи амард, уыдон та хӕрз дзӕгъӕлы фесӕфтысты. Стӕй ма «кӕд мах ӕрмӕст ацы царды нӕ зӕрдӕ дарӕм Чырыстийыл, уӕд мах стӕм ӕнамонддӕр ӕппӕт адӕмтӕй».
6. а) Йесо ӕцӕгдӕр кӕй райгас, уый сбӕлвырд кӕнынӕн Павел цы загъта? ӕ) Цы у «фӕстаг знаг» ӕмӕ сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн?
6 Павел фидарӕй дзуры, зӕгъгӕ, Йесо райгас (1 Коринфӕгтӕм 15:20—28). Ӕмӕ Чырысти мӕрдвынӕй чи баци, уыдонӕй «фыццаг дыргъ» (НД) кӕй у, уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕм дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы райгасдзинад. Адӕм, иу адӕймаг Адам кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй куыд мӕлынц, афтӕ райгасдзинадӕн дӕр гӕнӕн ис адӕймаг, Йесойы, руаджы. Йемӕ уӕларвыл чи уыдзӕн, уыдон та ӕгас кӕнын райдыдтой, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы ис, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Чырысти скуынӕг кӕндзӕн, Хуыцауы хицауиуӕгады ныхмӕ цы «сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ хицауад ӕмӕ тых» цӕуы, уыдоны иууылдӕр. Йӕхӕдӕг та паддзахиуӕг кӕндзӕн, цалынмӕ йын Иегъовӕ йе знӕгты иууылдӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ. Йесойы нывонды руаджы сӕфт ӕрцӕудзӕн суанг «фӕстаг знаг» дӕр — Адамӕй рахӕсгӕ мӕлӕт. Ӕмӕ уӕд Чырысти Паддзахад ратдзӕн йӕ Хуыцаумӕ, йӕ Фыдмӕ ӕмӕ «йӕхӕдӕг дӕр, ӕппӕты Йын чи басаста, Уый бӕрны йӕхи бакӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцау уа ӕппӕт ӕппӕты» (НФ).
Мӕрдты тыххӕй райстой аргъуыд?
7. «Мӕрдтӕ цӕмӕй суой, уый тыххӕй» аргъуыд чи исы ӕмӕ сын уый цы нысан кӕны?
7 Павел бафарста, райгасдзинады ныхмӕ чи цыд, уыдоны: «Цы кусынц мӕрдты тыххӕй [«мӕрдтӕ цӕмӕй суой, уый тыххӕй», НД] аргъуыд чи райсы, уыдон?» (1 Коринфӕгтӕм 15:29). Павелы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ удӕгӕстӕ, чи амард, уыдоны бӕсты хъуамӕ исой аргъуыд, уымӕн ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй алчидӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ базона ӕцӕгад, баууӕнда йыл ӕмӕ уый фӕстӕ райса аргъуыд (Матфейы 28:19, 20; Куыстытӕ 2:41). Сӕрст чырыстӕттӕ, «мӕрдтӕ цӕмӕй суой, уый тыххӕй» аргъуыд кӕй исынц, уый нысан кӕны, мӕлӕтмӕ ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ та райгасдзинадмӕ чи ӕркӕндзӕн, уыцы царды фӕндагыл кӕй слӕууынц, уый. Уыцы аргъуыд райдайы, Хуыцауы фӕндӕй чырыстӕтты зӕрдӕты уӕларвон ныфс куы райгуыры, уӕд. Фӕугӕ та фӕкӕны, уыцы чырыстӕттӕ уӕларвыл ӕнӕмӕлгӕ цардмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд (Ромӕгтӕм 6:3—5; 8:16, 17; 1 Коринфӕгтӕм 6:14).
8. Чырыстӕттӕн Сайтан ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты къухӕй мӕлӕтӕй тас куы уа, уӕддӕр сӕ бон цӕуыл у фидарӕй ӕууӕндын?
8 Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, райгасдзинады ныфсы фӕрцы чырыстӕтты бон кӕй у Паддзахады хъуыддаджы тыххӕй сӕ цард алы сахат дӕр тасы ӕфтауын ӕмӕ ма суанг мӕлӕт райсынмӕ дӕр цӕттӕ уӕвын (1 Коринфӕгтӕм 15:30, 31). Кӕд Иегъовӕ уый ӕруадза, цӕмӕй чырыстӕттӕ Сайтан ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты къухӕй амӕлой, уӕддӕр уыдон фидарӕй зонынц, кӕй сӕ райгас кӕндзӕн, уый. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн у йӕ бон адӕймаджы уд, кӕнӕ цард, геенайы фесафын, ома ӕнустӕм скуынӕг кӕнын (Лукайы 12:5, НФ).
Хъуамӕ уӕм къӕрцхъус
9. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ райгасдзинады ныфс фидар кӕна, уӕд хъуамӕ нӕхи цӕмӕй хизӕм?
9 Райгасдзинады ныфс тынг фидар кодта Павелы. Ефесы куы уыд, уӕд ӕй йе ’знӕгтӕ, чи зоны, ӕмӕ ракодтой фӕзмӕ сырдтимӕ хӕцынмӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:32). Ӕмӕ кӕд Павелыл ахӕм хабар ӕцӕгдӕр ӕрцыд, уӕд уый мӕлӕтӕй фервӕзт, Данел домбӕйтты дзыхӕй сӕрӕгасӕй куыд раирвӕзт, афтӕ (Данелы 6:16—22; Дзуттытӕм 11:32, 33). Павелы райгасдзинады ныфс кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уый нӕ хъуыды кодта, Исайы дуджы Иудейы цӕрӕг аздӕхджытӕ куыд хъуыды кодтой, афтӕ. Уыдон дзырдтой: «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм, уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм» (Исай 22:13). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй райгасдзинады ныфс Павелы куыд фидар кодта, мах дӕр афтӕ фидар кӕна, уӕд нӕхи хъуамӕ хизӕм, ахӕм зыгъуыммӕ зондыл хӕст чи у, уыдонӕй. «Уӕхи ма сайут: ӕвзӕр ӕмбаладтӕ халынц хорз ӕгъдӕуттӕ»,— фӕдзӕхста Павел (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Ацы ныхӕстӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, царды бирӕ рӕтты ис спайдагӕнӕн.
10. Цӕмӕй райгасдзинадыл алкӕддӕр фидарӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
10 Райгасдзинадыл чи дызӕрдыг кӕны, уыдонӕн Павел дзуры: «Ут ӕвронг, куыд ӕмбӕлы,— афтӕ, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ма кӕнут; уӕ фидисӕн, ӕвӕдза, зӕгъын, сымахӕй чидӕртӕ Хуыцауы нӕма зоны!» (1 Коринфӕгтӕм 15:34, НФ). Ацы «кӕроны рӕстӕджы» нӕ алы хъуыддаджы дӕр архайын хъӕуы, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй цы дырыс зонындзинӕдтӕ райстам, уыдонмӕ гӕсгӕ (Данелы 12:4, НД; Иоанны 17:3). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд райгасдзинадыл никуы фӕдызӕрдыг уыдзыстӕм, нӕ ныфс алкӕддӕр уыдзӕн фидар.
Цавӕр буары райгас уыдзысты?
11. Павел сӕрст чырыстӕтты райгасдзинад цӕимӕ абарста?
11 Дарддӕр Павел ӕмбарын кӕны цалдӕр фарсты (1 Коринфӕгтӕм 15:35—41). Райгасдзинад кӕй нӕ уырны, уый цӕмӕй адӕймаджы дызӕрдыгдзинӕдты бафтауа, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ бафӕрса: «Куыд райгас уыдзысты мӕрдтӕ? Цавӕр буары рацӕудзысты?» Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй зӕххы цы нӕмыг ныппарынц, уый куыддӕр ног тау суадзы, афтӕ йӕхӕдӕг амӕлы. Уӕдӕ сыгъдӕг удӕй чи райгуырд, уыдон дӕр хъуамӕ амӕлой. Тауинаджы нӕмыгӕй цы зайӕгой сӕвзӕры, уый вӕййы бынтондӕр ног буар; раст афтӕ сӕрст чырыстон цы буары райгас вӕййы, уый дӕр фыд ӕмӕ стӕгӕй нал вӕййы. Кӕд райгасуӕвӕг йӕ мӕлӕты размӕ чи уыд, уыцы гоймаг уыдзӕн, уӕддӕр уый райгас уыдзӕн, куыд ног фӕлдисонд ӕнӕуынгӕ буаримӕ ӕмӕ цӕрдзӕн уӕларвыл. Зӕххыл чи райгас уа, уыдонӕн та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдзӕн зӕххон, туг ӕмӕ стӕгӕй конд буӕрттӕ.
12. Цы сты «уӕларвон буӕрттӕ» ӕмӕ «зӕххон буӕрттӕ»?
12 Павел куыд загъта, афтӕмӕй адӕймаджы ӕмӕ цӕрӕгойты буӕрттӕ ӕмхуызон не сты. Стӕй цӕрӕгойтӕн дӕр алыхуызон буӕрттӕ ис (Уӕвынад 1:20—25). Уӕдӕ ӕнӕуынгӕ фӕлдисондты «уӕларвон буӕрттӕ» дӕр сӕ кадӕй хицӕн кӕнынц «зӕххон буӕрттӕй». Сӕ кадӕй ма хицӕн кӕнынц хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ дӕр. Фӕлӕ уыдонӕй райгасуӕвӕг сӕрстытӕ сты бирӕ кадджындӕр.
13. 1 Коринфӕгтӕм 15:42—44-ӕм стихтӕм гӕсгӕ тыд цы цӕуы ӕмӕ стгӕ та цы скӕны?
13 Павел уыцы хицӕндзинӕдты кой куы ракодта, уӕд йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Афтӕ уыдзӕн мӕрдты райгасы дӕр» (НФ) (1 Коринфӕгтӕм 15:42—44). Уый загъта: «Тыд цӕуы ӕмбийыны, сысты ӕнӕмбийыны». Ӕвӕццӕгӕн ам Павел сӕрст чырыстӕтты тыххӕй дзуры, куыд къорд, афтӕ. Уыцы къорд йӕ мӕлӕты рӕстӕджы «тыд цӕуы ӕмбийыны», йӕ райгасы рӕстӕджы та «сысты ӕнӕмбийыны», ӕнӕ тӕригъӕдӕй. Кӕд сӕрстытӕ ацы дунейы нымады дӕр никӕмӕ сты, уӕддӕр сӕ Хуыцау ӕгас кӕны уӕларвон цардмӕ ӕмӕ Чырыстиимӕ кады мидӕг фӕзындзысты (Куыстытӕ 5:41; Колоссӕгтӕм 3:4). Мӕлӕты рӕстӕджы тыд цӕуы «зӕххон буар», ӕгас та кӕны «удон [уӕларвон] буар». Ӕмӕ иугӕр сыгъдӕг удӕй гуырд чырыстӕттӕн ис уый гӕнӕн, уӕд фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр ис зӕххыл цӕрынӕн райгас уӕвыны фадат.
14. Павел Чырысти ӕмӕ Адамы ныхӕй-ныхмӕ куыд сӕвӕрдта?
1 Коринфӕгтӕм 15:45—49). Фыццаг адӕймаг Адам «ссис цӕргӕ уд» (НФ) (Уӕвынад 2:7). «Фӕстаг Адам» — Йесо та «царддӕттӕг тых» (НД). Уый йӕ цард радта адӕймагады балхӕнынӕн, фыццаджыдӕр та йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты балхӕнынӕн (Маркы 10:45). Зӕххыл цӕргӕйӕ сӕрстытӕ «фӕхӕссынц зӕххоны фӕлгонц», куы райгас вӕййынц, уӕд та свӕййынц фӕстаг Адамы хуызӕн. Фӕлӕ Йесойы нывонд канд уыдонӕн нӕу ахъаз, фӕлӕ ма алы коммӕгӕс адӕймагӕн дӕр, уыимӕ зӕххыл чи райгас уа, уыдонӕн дӕр (1 Иоанны 2:1, 2).
14 Уый фӕстӕ Павел ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕры Чырысти ӕмӕ Адамы (15. Сӕрст чырыстӕттӕ зӕххон буары мидӕг цӕуылнӕ ӕгас кӕнынц ӕмӕ Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы ис, уыцы рӕстӕджы дӕргъы куыд ӕгас кӕнынц?
15 Сӕрст чырыстӕттӕ куы амӕлынц, уӕд зӕххон буары мидӕг нал райгас вӕййынц (1 Коринфӕгтӕм 15:50—53). Туг ӕмӕ стӕгӕй конд буарӕн йӕ бон нӕу ӕнӕмбийгӕйӕ баззайын ӕмӕ уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын. Сӕрстытӕй иуӕй-иуты мӕрдвынӕй кӕнын бирӕ нӕ бахъӕуы. Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы ис, уыцы рӕстӕджы сӕ зӕххыл Хуыцауӕн кӕронмӕ иузӕрдионӕй лӕггадгӕнгӕйӕ чи амӕлы, уыдон «ӕвиппайды, цӕсты фӕныкъуылдмӕ» фӕивынц. Уыдон уыцы тӕккӕ райгас вӕййынц уӕларвон фӕлдисондтӕй, цӕмӕй цӕрой ӕнӕмбийыны ӕмӕ кады. Ӕппынфӕстаг Чырыстийы уӕларвон «чындзаджы» къорды нымӕц уыдзӕн 144 000 (Раргомад 14:1; 19:7—9; 21:9; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:15—17).
Мӕлӕт саст ӕрцыд!
16. Павелы ӕмӕ рагон пехуымпарты ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм тӕригъӕдджын Адамӕй сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы мӕлӕтыл цы ’рцӕудзӕн?
16 Павел цингӕнгӕйӕ зӕгъы, мӕлӕт ӕнустӕм сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый (1 Коринфӕгтӕм 15:54—57). Мӕлгӕ ӕмӕ ӕмбийгӕ чи кодта, уыцы адӕм ӕнӕмбийгӕ ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ гоймӕгтӕ куы суой, уӕд сӕххӕст уыдзысты ацы ныхӕстӕ: «Мӕлӕт ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн», «Мӕлӕт, кӕм ис дӕ уӕлахиздзинад? Мӕлӕт, кӕм ис дӕ фат?» (Исай 25:8; Оси 13:14). Мӕлӕтмӕ кӕнӕг фат у тӕригъӕд, тӕригъӕды тых та уыд Закъон, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕдджынтӕн хаста мӕлӕты тӕрхон. Фӕлӕ Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ кӕй райгас, уый фӕрцы адӕм нал мӕлдзысты Адамы тӕригъӕды аххосӕй (Ромӕгтӕм 5:12; 6:23).
17. 1 Коринфӕгтӕм 15:58-ӕм стихы ныхӕстӕ абон кӕмӕ хауынц?
17 «Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ,— дзуры Павел,— ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр ӕнтыстджын Хицауы хъуыддаджы, зонгӕйӕ, уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу Хицауы раз» (1 Коринфӕгтӕм 15:58). Уыцы ныхӕстӕ хауынц сӕрстытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ Йесойы «ӕндӕр фыстӕм» дӕр, ацы фӕстаг бонты сӕ исчи куы амӕла, уӕддӕр (Иоанны 10:16). Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныныл цы тых ӕмӕ цы хъарутӕ хардз кӕнынц, уыдон дзӕгъӕлы не сты, уымӕн ӕмӕ куы амӕлой, уӕддӕр сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы райгасдзинад. Цӕй уӕдӕ ӕдзухдӕр хайад исӕм Хицауы хъуыддаджы, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы рӕстӕгмӕ, иууылдӕр иумӕ цингӕнгӕйӕ куы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Мӕлӕт, кӕм ис дӕ уӕлахиздзинад?».
Райгасдзинады ныфс ӕххӕст кӕны!
18. Павел райгасдзинадыл цас тынг ӕууӕндыд?
18 Павел Коринфӕгтӕм фыццаг ӕрвысты 15-ӕм сӕры цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, райгасдзинады ныфс ын царды мидӕг стыр тых кӕй лӕвӕрдта, уый. Павел мисхалы бӕрц дӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йесо кӕй райгас ӕмӕ адӕймагады иумӕйаг ингӕнӕй иннӕтӕн дӕр сӕ бон кӕй у сыстын, ууыл. Ды дӕр афтӕ фидарӕй ӕууӕндыс райгасдзинадыл? Павелӕн дунейы хорз бынат бацахсын ӕмӕ йӕхицӕн ном скӕныны хъуыддажы йӕ къухы цы бафтыд, уыдӕттӕ иууылдӕр нымадта «быроныл» ӕмӕ цӕмӕй «[Чырыстийы] ӕмӕ Йӕ райгасдзинады хъару» базыдтаид, уый тыххӕй «ӕппӕтдӕр ныууагъта». Чырыстиау уый дӕр «раг райгасдзинады» (НД) ныфс кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ уыд мӕлӕтмӕ. Библийы ма уыцы райгасдзинад хуыйны «фыццаг райгасдзинад» дӕр ӕмӕ хауы Йесойы 144 000 мин сӕрст фӕдылдзӕуӕгмӕ. Ӕмӕ кӕд уыдон уӕларвон цардмӕ ӕгас кӕнынц, уӕд «иннӕ мӕрдтӕ» та зӕххыл райгас уыдзысты (Филиппӕгтӕм 3:8—11; Раргомад 7:4; 20:5, 6).
19, 20. а) Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы адӕймӕгтӕй зӕххыл чи райгас уыдзӕни? ӕ) Ды та кӕй райгасдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
19 Суанг йӕ мӕлӕты онг Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи баззад, уыцы сӕрстытӕ райгасдзинады диссаджы ныфс сӕхиуыл бавзӕрстой (Ромӕгтӕм 8:18; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:15—18; Раргомад 2:10). «Стыр утӕхсӕны» (НФ) чи аирвӕза, уыдон дӕр сӕхи цӕстӕй фендзысты, «денджыз йӕ мидӕг уӕвӕг мӕрдты куы радта, мӕлӕт дӕр, зындон дӕр куы раттой уым уӕвӕг мӕрдты», уӕд зӕххон райгасдзинад куыд ӕрцӕудзӕн, уый (Раргомад 7:9, 13, 14; 20:13). Зӕххыл цы адӕм райгас уыдзӕн, уыдоны ’хсӕн уыдзӕн Иов дӕр, йӕ авд фырты ӕмӕ йӕ ӕртӕ чызджы кӕмӕн амардысты, уый. Ахъуыды ма кӕн, куыд цингӕнгӕйӕ сыл сӕмбӕлдзӕн, стӕй сӕхӕдӕг та куыд амондджын уыдзысты, ноджыдӕр ма сын авд ӕфсымӕры ӕмӕ ӕртӕ рӕсугъд хойы кӕй ис, уый куы базоной, уӕд! (Иов 1:1, 2, 18, 19; 42:12—15).
20 Уӕдӕ зӕххыл Авраам ӕмӕ Саррӕ, Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ, ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ, уыимӕ «ӕппӕт пехуымпартӕ» дӕр куы райгас уой, уӕд та цӕй стыр циндзинад уыдзӕн! (Лукайы 13:28). Уыцы пехуымпартӕй иу уыди Данел. Хуыцау ын загъта, зӕгъгӕ, Мессиа куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд райгас уыдзынӕ. Ныр 2 500 азы бӕрц Данел хуыссы ингӕны, фӕлӕ рӕхджы уый «райгас уыдзӕн» йӕ хал райсынмӕ ӕмӕ суыдзӕн «ӕппӕт зӕххы кънйӕзтӕй» сӕ иу (Данелы 12:13; Псалом 44:17). Дзӕнӕты зӕххыл мах сӕмбӕлдзыстӕм, рагзаманты Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, канд уыдоныл нӕ, фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ кӕнӕ нӕ мадӕлтыл, йе та нӕ лӕппутӕ кӕнӕ нӕ чызджытыл, ӕмӕ ма ӕгъатыр знаг, мӕлӕт, ноджыдӕр кӕй цард байста, бирӕ ахӕм зынаргъ адӕймӕгтыл. Ахъуыды ма кӕн, куы сӕ фенӕм, уӕд цӕй ӕнӕкӕрон циндзинад банкъардзыстӕм!
21. Абон нӕ ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъӕуы иннӕтӕн хорздзинад кӕнын?
21 Нӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ не ’ввахс хиуӕттӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц дӕсгай азты дӕргъы, ӕмӕ сыл ныр азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой. Уый аххосӕй ӕнцон нӕу, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизын. Уӕдӕ сын абон нӕ бон цы у, уымӕй куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн нӕ уарзондзинадыл. Ӕмӕ райсом нӕ уарзон адӕймӕгтӕй исчи куы амӕла, уӕд нӕ фӕсмон кӕндзыстӕм, уый йын куы нӕ сарӕзтон, уӕд ын куы нӕ баххуыс кодтон, зӕгъгӕ (Екклесиаст 9:11; 12:1—7; 1 Тимофеймӕ 5:3, 8). Нӕ бон у, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, Иегъовӕ кӕй нӕ ферох кӕндзӕн, иннӕтӕн, сӕ кар ӕмӕ сӕ уавӕртӕм нӕкӕсгӕйӕ, хорзӕй цы аразӕм, уый. Павел фыста: «Цалынмӕ рӕстӕг ис, [уӕдмӕ] кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм» (Галатӕгтӕм 6:10; Дзуттытӕм 6:10).
22. Цалынмӕ мӕрдтӕ нӕ райгас сты, уӕдмӕ цы хъуамӕ аразӕм?
22 Иегъовӕ у «хӕларзӕрдӕйы Фыд ӕмӕ алы рӕвдауындзинады Хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Йӕ Ныхас нын нӕхи дӕр рӕвдауы райгасдзинады ныфсӕй ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны уыцы ныфсӕй иннӕты рӕвдауынӕн дӕр. Цалынмӕ мӕрдтӕ зӕххыл цардмӕ нӕ райгас сты, уӕдмӕ та Павелау фидарӕй ӕууӕндӕм райгасдзинадыл ӕмӕ нӕ уырнындзинад нӕ цардыуагӕй ӕвдисӕм. Иууыл тынгдӕр та фӕзмӕм Йесойы: уый нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ӕй кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл, ӕмӕ йӕ ныфс нӕ фӕмӕнг. Рӕхджы зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты чи ис, уыдон фехъусдзысты Чырыстийы хъӕлӕс ӕмӕ рацӕудзысты. Цӕй уӕдӕ нын уый хӕссӕд стыр цин ӕмӕ нӕ фидар кӕнӕд. Сӕйраджыдӕр та бузныг уӕм Иегъовӕйӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы уылты уый басаста мӕлӕт.
Цавӕр дзуапп радтис?
• Йесо кӕй райгас, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонӕй Павел кӕй кой ракодта?
• Цы у «фӕстаг знаг» ӕмӕ куыд ӕрцӕудзӕн куынӕггонд?
• Сӕрст чырыстӕттӕ куы амӕлынц, уӕд тыд цы ӕрцӕуы ӕмӕ фӕстӕмӕ та цы сысты?
• Библи цы адӕмы кой кӕны, уыдон зӕххыл куы райгас уой, уӕд дӕ дзы кӕимӕ фӕндид фембӕлын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 14 фарсыл]
Апостол Павел фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссы райгасдзинады тыххӕй.
[Ныв 18 фарсыл]
Иов, йӕ бинонтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ куы райгас уой, уӕд уый уыдзӕн ӕгӕрон циндзинад!