Хъӕуы йыл ӕууӕндын?
Хъӕуы йыл ӕууӕндын?
ИУ 12-АЗДЗЫД скъоладзау не ’мбӕрста алгебрӕ. Ахуыргӕнӕг къласӕн равдыста фыццаг бакастӕй ӕнцонаразӕн алгеброн хынцинӕгтӕ.
«Зӕгъӕм, x=y, ӕмӕ дыууӕ дӕр ӕмбӕрц сты 1» — загъта уый.
«Нырма уал алцыдӕр ӕмбӕрст у»,— ахъуыды кодта скъоладзау.
Фӕлӕ цыппар рӕгъы фӕстӕ, кӕцытӕ йӕм кастысты раст, ахуыргӕнӕг скодта диссаджы хатдзӕг: «Уӕдӕ 2=1!»
«Ссарут рӕдыд»,— загъта уый катайы бахауӕг скъоладзаутӕн.
Скъоладзау алгебрӕ хорз кӕй нӕ зыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон не сси рӕдыд ссарын. Куы нымадта, уӕд ӕм алцыдӕр раст каст. Уӕдӕ уый хъуамӕ уыцы ӕнахуыр хатдзӕгыл баууӕндыдаид? Ӕппын фӕстаг, ахуыргӕнӕг математикӕ уымӕй хуыздӕр зыдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ йыл ма баууӕндыдаид! «Цӕмӕн ма дзы хъӕуы рӕдыд агурын,— хъуыды кодта скъоладзау йӕхимидӕг.— Бӕрӕг у, уый ӕнӕзонд хатдзӕг кӕй у» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 14:15, 18). Уый хорз зыдта, йӕ ахуыргӕнӕг дӕр ӕмӕ йе ’мкъласонтӕ дӕр дыууӕ доллӕры иу доллӕрыл кӕй нӕ баивдзысты!
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ скъоладзау нымайгӕ-нымайын ссардта рӕдыд. Уыцы уавӕрӕй уый сахуыр хорз цӕуылдӕр. Суанг ма дын исчи дӕуӕй зондджындӕр, куы хӕсса, фыццаг бакастӕй, зондджын бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уӕд ӕууӕндын нӕ хъӕуы ӕнӕзонд хатдзӕгыл ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ уыцы тӕккӕ дӕ бон кӕй нӕу сбӕлвырд кӕнын. Уыцы скъоладзау архайдта Библийы ахсджиаг принципмӕ гӕсгӕ, кӕцы фыст ис 1 Иоанны 4:1-ӕм стихы — цы хъусут, ууыл уайтагъд ма ӕууӕндут, суанг ма уӕм куы кӕса, ахадгӕ суадонӕй кӕй цӕуы, уӕддӕр.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нӕ нысан кӕны, цӕмӕй фидарӕй ныххӕцӕм нӕхи хъуыдыйыл. Раст нӕ уыдзӕн, нӕ рӕдыд цӕстӕнгӕстӕ нын чи фӕива, ахӕм информацимӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕд. Ноджы дӕр ма нӕ нӕ хъӕуы «тагъд кӕнын зондӕй дызӕрдыг кӕнынмӕ», йӕхи тынг зондджын чи хоны кӕнӕ тынг кадджын чи у, уыдоны ӕндӕвдадӕй (2 Фессалоникӕгтӕм 2:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахуыргӕнӕг скъоладзауты фӕлваргӕ кодта. Фӕлӕ алцыдӕр алкӕд афтӕ хуымӕтӕг нӕ вӕййы. Адӕм, гӕнӕн ис, уой тынг «хинӕйдзаг» (Ефесӕгтӕм 4:14, НФ; 2 Тимофеймӕ 2:14, 23, 24).
Ахуыргӕндтӕ алкӕддӕр раст вӕййынц?
Зонады алы фадыджы дӕр ӕппӕты зындгонддӕр ахуыргӕндтӕн дӕр, гӕнӕн ис, сӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзиуыл ма бадой, сӕ цӕстӕнгӕстӕ та, гӕнӕн ис, ивой. Ӕркӕсӕм, зӕгъӕм, низтӕ цӕй аххосӕй фӕзынынц, уый тыххӕй ӕрвылбон медицинӕйы цы быцӕутӕ цӕуы, уымӕ. «Тынгдӕр цы ӕндавы низты фӕзындыл, адӕймаг йӕ туджы цы рахӕссы, уый ӕви йыл ӕддейӕ цы ӕндавы, уый? Уый тыххӕй ахуыргӕндтӕ быцӕу кӕнынц»,— фыссы Гарварды университеты медицинӕйы профессор. Детерменистон къордтӕ кӕй хонынц, уыдоны фидарӕй уырны, адӕймаг кӕй рынчын кӕны, уый сӕйраджыдӕр йӕ гентыл баст кӕй у. Иннӕтӕ та бӕлвырд кӕнынц, зӕгъгӕ, низты аххосӕгтӕ сӕйраджыдӕр сты ӕрдз ӕмӕ адӕймаджы царды ӕгъдау. Дыууӕтӕн дӕр сӕ цӕстӕнгӕстӕ бахъахъхъӕнынӕн сӕ бон у алыхуызон бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕрхӕссын. Фӕлӕ уӕддӕр быцӕутӕн кӕрон нӕй.
Ӕппынфӕстаг бӕлвырд кӕны, ӕппӕты зындгонддӕр хъуыдыгӕнджытӕ кӕй рӕдыдысты, кӕд сын сӕ хъуыдытӕ уӕды рӕстӕджы
нымадтой растыл, уӕддӕр. Философ Бертран Расселл Аристотелы схуыдта «ӕппӕты зынгӕдӕр философ». Фӕлӕ ма Расселл ноджыдӕр банысан кодта, Аристотелы ахуырӕдтӕй бирӕтӕ кӕй уыдысты «бынтон ӕнӕраст». «Абон,— фыссы уый,— зӕгъӕн ис, зонады, логикӕ ӕмӕ философийы алы къахдзӕф дӕр кӕнын хъӕуы Аристотелы ахуыргӕнинӕгты ӕнӕразыйы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ» («History of Western Philosophy»).«Мӕнгӕй хуыйнынц „зонындзинӕдтӕ“»
Рагон чырыстӕттӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕлдысты зындгонд грекъаг философтӕ Сократ, Платон ӕмӕ Аристотелы ахуыргӕнинӕгтыл. Уӕды рӕстӕджы ахуыргонд адӕм сӕхи бирӕ чырыстӕттӕй зондджындӕртыл нымадтой. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕты нӕ нымадтой «буарӕй зондджынтыл» (1 Коринфӕгтӕм 1:26). Уый нӕ, фӕлӕ ма уыцы рӕстӕджы философи чи ахуыр кодта, уыдон чырыстӕттӕ цӕуыл ӕууӕндыдысты, уый нымадтой «ӕнӕзонддзинадыл», кӕнӕ «ӕдылы ныхӕстыл» (Филлипсы тӕлмац) (1 Коринфӕгтӕм 1:23).
Рагон чырыстон ӕмбырды куы уыдаис, уӕд дыл цымӕ уыцы рӕстӕджы хъуыдыгӕнӕг адӕмы бӕлвырдгӕнӕнтӕ бандӕвтаиккой ӕмӕ сын сӕ зондджындзинадыл бадис кодтаис? (Колоссӕгтӕм 2:4). Апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ уымӕн бындур нӕ уыд. Уый чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иегъовӕ «зондджынты зонд» ӕмӕ «ӕмбаргӕты ӕмбаргӕдзинад» кӕй нымайы ӕнӕзонддзинадыл (1 Коринфӕгтӕм 1:19). Павел фӕрсы: «Кӕм ис зондджын? Кӕм ис ахуыргонд? Кӕм ис абоны хъуыдыгӕнӕг?» (1 Коринфӕгтӕм 1:20, НТ). Кӕд Павелы рӕстӕджы цӕрӕг философтӕ, фысджытӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕм диссаджы курдиӕттӕ уыдис, уӕддӕр сӕ бон не сси адӕмы зындзинӕдтӕ аиуварс кӕнын.
Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ сӕхи хизынц, апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ «мӕнгӕй „зонындзинӕдтӕ“ кӕй хонынц, уый ныхмӕлӕудӕй» (1 Тимофеймӕ 6:20, НД). Павел ахӕм зонындзинӕдтӕ «мӕнг» уый тыххӕй схуыдта, ӕмӕ дзы уыд иу хъӕндзинад. Уыдон Хуыцауӕй нӕ цыдысты, ӕмӕ сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ уыд (Иов 28:12; Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:7). Ахӕм зондыл чи хӕцы, уыдон ӕцӕгад никуы ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕм фаг зонындзинӕдтӕ нӕй, ӕмӕ ма сӕ Сайтан дӕр бакуырм кодта, уый та сайынмӕ дӕсны у (1 Коринфӕгтӕм 2:6—8, 14; 3:18—20; 2 Коринфӕгтӕм 4:4; 11:14; Раргомад 12:9).
Библи у Хуыцауы удцырын разамынд
Рагон чырыстӕттӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, Хуыцау йӕ хъуыдытӕ, йӕ фӕндон ӕмӕ йӕ принциптӕ Сыгъдӕг Фыстады кӕй раргом кодта, ууыл (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уый сӕ хъахъхъӕдта, цӕмӕй сӕ «мачи аздӕхтаид философийӕ ӕмӕ афтид сайдӕй, адӕймаджы... таурӕгътӕм гӕсгӕ» (Колоссӕгтӕм 2:8). Уавӕр абон дӕр афтӕ у. Адӕймаджы хӕццӕ ӕмӕ ныхмӕвӕрд цӕстӕнгӕстӕй уӕлдай, Хуыцауы удцырын Ныхасы нӕ уырнындзинадӕн ис фидар бындур (Иоанны 17:17; 2 Петры 1:21; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Ӕнӕ уымӕй нӕ уавӕр тынг уӕззау уыдаид, уымӕн ӕмӕ архайдтаиккам адӕмы ӕрымысгӕ ахуырӕдтӕ ӕмӕ философиты змисыл фидар исты аразыныл (Матфейы 7:24—27).
Чи зоны, исчи зӕгъа: «Исты ахуыргӕндтӕ не сбӕлвырд кодтой, Библи раст кӕй нӕу, уый, ӕмӕ йыл уымӕ гӕсгӕ адӕмы фӕлдурӕджджын философитӕй тынгдӕр ӕууӕндӕн кӕй нӕй?» Зӕгъӕм, Бертран Расселл загъта: «Коперник, Кеплер ӕмӕ Галилей хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Зӕхх нӕу Дун-дунейы центр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст Аристотелы цӕстӕнгӕсты ныхмӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ ма Библийы ныхмӕ дӕр». (курсив у мах. — Ред.) Уымӕй уӕлдай ма абон креационисттӕ нӕ бӕлвырд кӕнынц, Библимӕ гӕсгӕ Зӕхх ӕхсӕз бонмӕ кӕй ӕрцыд фӕлдыст, афтӕмӕй та ӕппӕт бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕвдисынц, Зӕххыл цалдӕр миллиард азы кӕй цӕуы?
Ӕцӕгӕй, Библи нӕ дзуры, зӕхх Дун-дунейы центр кӕй у, уый. Ууыл ахуыр кодтой аргъуаны разамонджытӕ, кӕцытӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ архайдтой. Уӕвынады чиныджы, сфӕлдыстады тыххӕй кӕм дзырдӕуы, уым ис фенӕн, зӕххыл цалдӕр миллиард азы кӕй цӕуы ӕмӕ йе сфӕлдыстадон Уӕвынад 1:1, 5, 8, 13, 19, 23, 31; 2:3, 4). Библимӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд сбӕрӕг кӕндзыстӕм, уый кӕд зонадон чиныг нӕу, уӕддӕр кӕй нӕй зӕгъӕн, «ӕдылы ныхӕстӕ» дзы ис, зӕгъгӕ. Уымӕй уӕлдай ма уый ӕнӕхъӕнӕй разы у зонадон бӕлвырдгӕнӕнтимӕ дӕр *.
бонтӕй алкӕцы дӕр ӕнӕмӕнг 24 сахаты кӕй нӕу, уый (Спайда кӕнын хъӕуы зондӕй
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ уыдысты хуымӕтӕг адӕм, ӕмӕ кӕд стыр ахуыргӕндтӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр сын Хуыцауӕй лӕвӕрд миниуӕг ӕххуыс кодта. Кӕд сӕм алыхуызон ахуырад уыд, уӕддӕр уыдон иууылдӕр хорзӕхджын ӕрцыдысты хъуыды кӕныны курдиатӕй. Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй «ӕмбаргӕйӕ» лӕггад кодтаиккой, ома сӕ разӕнгард кодта зондӕй архайынмӕ, цӕмӕй «бамбӕрстаиккой Хуыцауы фӕндон кӕй у хорз, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:1, 2).
Хуыцауӕй лӕвӕрд зонды руаджы рагон чырыстӕттӕ хорз ӕмбӕрстой, Хуыцауы Ныхасимӕ цы философитӕ кӕнӕ ахуырӕдтӕ нӕ уыдысты разы, уыдон кӕй ницы пайда уыдысты, уый. Хаттӕй-хатт-иу сӕ рӕстӕджы зондджын адӕм ӕцӕгӕй дӕр «рӕстдзинад ссӕстой» ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд фенын, Хуыцау кӕй ис, уымӕн сӕ алыварс цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыд, уыдон. «Сӕхи зондджынтӕ хонгӕйӕ, сӕнӕзонд сты»,— фыста апостол Павел. Уыдон Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгад ӕмӕ йӕ фӕндон кӕй ницӕмӕ дардтой, уымӕ гӕсгӕ «стыхстысты сӕ зонды, ӕмӕ ныттар сты се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтӕ» (Ромӕгтӕм 1:18—22; Иереми 8:8, 9).
Сӕхи зондджынтыл чи нымайы, уыдон арӕх ӕрцӕуынц ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау нӕй, Библийыл нӕй ӕууӕндӕн кӕнӕ абон фӕстаг бонтӕ не сты. Ахӕм хъуыдытӕ Хуыцауы цӕсты сты ӕнӕзонддзинад, «2=1», зӕгъгӕ, ӕнӕзонд хатдзӕг куыд у, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 3:19). Адӕм сӕхи цыфӕнды зондджын ма хоной, уӕддӕр сын сӕ ныхӕстыл ӕнӕмӕнг хъуамӕ ма сразы уӕм, Хуыцауы ныхмӕ куы уой, йӕ Ныхас ын куы ницӕмӕ дарой ӕмӕ раст цӕстӕнгасимӕ куы нӕ разы кӕной, уӕд. Ӕппынфӕстаг хуыздӕр уаид, нӕ зӕрдыл куы дариккам, «Хуыцау раст [кӕй] у, алкӕцы адӕймаг та [кӕй] у мӕнг» (Ромӕгтӕм 3:4).
[Фиппаинаг]
^ 20 абз. Уый тыххӕй фылдӕр кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чингуыты «Библи — Хуыцауы ныхас у ӕви адӕймаджы?» (уыр.) ӕмӕ «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?».
[Нывтӕ 32 фарсыл]
Адӕймаджы ивгӕ цӕстӕнгӕстӕй хъауджыдӕр нын Библи дӕтты фидар бындур уырнындзинадӕн.
[Барлӕвӕрдӕй]
Галиуырдыгӕй: Эпикур: Photograph taken by courtesy of the British Museum; уӕле астӕуӕй: Платон: National Archaeological Museum, Athens, Greece; рахизырдыгӕй: Сократ: Roma, Musei Capitolini