Кӕй онг ӕххӕссы дӕ уарзондзинад?
Кӕй онг ӕххӕссы дӕ уарзондзинад?
«Бауарз дӕ хӕстӕджы, дӕхи хуызӕн» (МАТФЕЙЫ 22:39).
1. Кӕд Иегъовӕйы уарзӕм, уӕд нӕ алыварс чи ис, уыдоны дӕр цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?
ЙЕСОЙЫ куы бафарстӕуыд, иууыл стырдӕр фӕдзӕхст цы у, зӕгъгӕ, уӕд уый загъта: «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй». Уый фӕстӕ ӕрхаста дыккаг фӕдзӕхст, уый дӕр фыццаджы хуызӕн: «Бауарз дӕ хӕстӕджы, дӕхи хуызӕн» (Матфейы 22:37, 39). О, иннӕты кӕй уарзӕм, уымӕй бӕрӕг кӕны, чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый. Уӕвгӕ кӕд Иегъовӕйы уарзӕм, уӕд хъуамӕ иннӕты дӕр уарзӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, йӕ Ныхасмӕ йын кӕй хъусӕм, уымӕй. Йӕ Ныхас та нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй уарзӕм, нӕ алыварс чи ис, уыдоны. Уымӕ гӕсгӕ кӕд не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты нӕ уарзӕм, уӕд Хуыцауы дӕр нӕ уарзӕм (Ромӕгтӕм 13:8; 1 Иоанны 2:5; 4:20, 21).
2. Нӕ алыварс чи ис, уыдонмӕ нын хъуамӕ цавӕр уарзондзинад уа?
2 Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, иннӕты хъуамӕ уарзӕм, уӕд уый ӕрмӕст хӕлардзинады кой нӕ кодта. Нӕ кодта, бинонты астӕу кӕнӕ сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы ’хсӕн цы уарзт вӕййы, уый кой дӕр. Уый дзырдта, Иегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыцы лӕггадгӕнджыты Хуыцау куыд уарзы ӕмӕ йӕ уыдон дӕр куыд уарзынц, ууыл (Иоанны 17:26; 1 Иоанны 4:11, 19). Йесо куыд бафиппайдта, афтӕмӕй зондджын ныхас чи кодта, уыцы иудейаг чиныджы дӕсны разы уыд йемӕ, «Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй, ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» кӕй хъӕуы уарзын, ууыл (Маркы 12:28—34). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Чырыстон Хуыцаумӕ дӕр ӕмӕ адӕммӕ дӕр цы уарзондзинад ӕвдисы, уый баст у куыд зӕрдӕйыл, афтӕ зондыл дӕр. Уыцы уарзондзинад адӕймаг ӕнкъары зӕрдӕйӕ, къухдариуӕг та йыл кӕны зондӕй.
3. а) Йесо закъонзонӕгӕн куыд бацамыдта, йӕ хӕстӕг чи у, уымӕ йӕ цӕстӕнгас кӕй хъуамӕ фӕивтаид, уый? ӕ) Уыцы фӕсномыг ныхас абоны чырыстӕттӕм куыд ис ахӕссӕн?
Лукайы 10:25—37). Закъонзонӕг, ӕвӕццӕгӕн, арвыцӕфау фӕци, Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, сауджын ӕмӕ левитӕй самариаг хуыздӕр хион разынд, уӕд. Бӕрӕг у, Йесойы кӕй фӕндыд уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕнын, йӕ хӕстӕг чи у, уый хуыздӕр бамбарынӕн ӕмӕ йӕ уарзынӕн. Ахӕм уарзондзинад ис чырыстӕттӕм дӕр. Ӕркӕсӕм, кӕй уарзынц, уымӕ.
3 Лукайы Евангели куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, нӕ хӕстӕджы дӕр хъуамӕ уарзӕм, уӕд ӕй закъонзонӕг бафарста: «Мӕ хӕстӕг та чи у?» Дзуаппӕн ын Йесо ӕрхаста фӕсномыг ныхас. Абырджытӕ иу лӕджы фӕнадтой, бастыгътой йӕ ӕмӕ йӕ фӕндаджы былыл ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. Уыцы фӕндагыл фыццаг ацыд сауджын, уый фӕстӕ та левит. Сӕ иу дӕр ӕй не ’рхъуыды кодта. Фӕстагмӕ ууылты фӕцӕйцыд самариаг, уый федта цӕф адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ хӕларзӕрдӕйӕ баххуыс кодта. Чи уыд уыцы ӕртӕйӕ цӕф адӕймагӕн йӕ хӕстӕг? Цы базонын ма йӕ хъуыд, чи уыд, уый! (Уарзондзинад бинонты ’хсӕн
4. Чырыстон фыццаджыдӕр уарзондзинад кӕм ӕвдисы?
4 Чырыстӕттӕ уарзынц сӕ бинонты — ус уарзы йӕ мойы, лӕг йӕ бинойнаджы, ныййарджытӕ та сӕ сывӕллӕтты (Екклесиаст 9:9; Ефесӕгтӕм 5:33; Титмӕ 2:4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уарзондзинад ис алы бинонты ’хсӕн дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ бинонтӕн сӕ цард хӕлы, кӕрӕдзимӕ сӕ къух исынц ӕмӕ бирӕ хӕдзӕртты сывӕллӕттӕ ныййарджытӕй сты рохуаты кӕнӕ та ӕдзухдӕр хъусынц, ӕвзӕр ныхас, ӕлгъыст ӕмӕ ӕййафынц ӕфхӕрд. Адӕттӕ иууылдӕр ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ бинонты ахастытӕ тынг мӕгуырау уавӕры кӕй сты ӕмӕ сын тугхӕстӕгдзинады ӕнкъарӕнтӕ дӕр кӕй не ’ххуыс кӕнынц хъӕрмудӕй цӕрынӕн (2 Тимофеймӕ 3:1—3). Цӕмӕй чырыстон бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы, Иегъовӕ ӕмӕ Йесомӕ цы уарзондзинад ис, ахӕм уарзондзинад ӕвдисын (Ефесӕгтӕм 5:21—27).
5. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн ӕххуыс кӕмӕй курынц ӕмӕ уый фӕрцы бирӕтӕн цы бантыст?
5 Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты нымайынц, Иегъовӕ сын се ’вджид кӕй бакодта, ахӕм зынаргъ хӕзнатыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ хъомыл кӕнынӕн ӕххуыс курынц Уымӕй (Псалом 126:3—5; Фӕсномыг ныхӕстӕ 22:6). Уыдон ахуыр кӕнынц чырыстон уарзондзинадыл, ӕмӕ сын уый та ӕххуыс кӕны, фӕсивӕдӕн тӕссаг кӕмӕй у, уыцы зианхӕссӕг ӕндӕвдадӕй сӕ сывӕллӕтты бахизынӕн. Афтӕ аразгӕйӕ, чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ ӕппынфӕстаг бавзарынц, Нидерландтӕй иу мад кӕй бавзӕрста, ахӕм циндзинад. Йӕ фырт уыд, фарон Нидерландты донаргъуыд цы 575 адӕймаджы райстой, уыдонӕй сӕ иу. Йӕ лӕппуйы аргъуыды фӕстӕ мад ныффыста: «Абон ӕз уынын, ссӕдз азы дӕргъы цӕуыл фӕфыдӕбон кодтон, уый дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕци. Мӕ зындзинӕдтӕ, мӕ фыдӕбӕттӕ, мӕ мӕстытӕ, мӕхицӕн ӕхсӕв ӕмӕ бон кӕй нӕ зыдтон, уыдӕттӕ мӕ иууылдӕр ферох сты». Куыд амондджын у уыцы мад: йӕ лӕппу барвӕндӕй йӕ цард снывонд кодта Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Ивгъуыд азы Нидерландты хъусынгӕнджыты ӕппӕты стырдӕр нымӕц уыд 31 089 ӕмӕ уыдонӕй бирӕтӕ сты, Иегъовӕйы бауарзынӕн йӕ ныййарджытӕ кӕмӕн баххуыс кодтой, ахӕмтӕ.
6. Чырыстон уарзондзинад бинонты ӕнгомдзинадӕн куыд у ахъаз?
6 Павел уарзондзинад схуыдта «иудзинады ӕххӕст тӕгтӕ» (НД) ӕмӕ уый фӕрцы бинонтӕн сӕ бон у стыр зындзинӕдты дӕр сӕ фарн ӕмӕ сӕ иудзинад бахъахъхъӕнын (Колоссӕгтӕм 3:14, 18, 19; 1 Петры 3:1—7). Таитийӕ 700 километры дӕрддзӕгӕн къаннӕг сакъадах Рурутуйӕ иу нӕлгоймаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи куы райдыдта ахуыр кӕнын, уӕд ын йӕ бинойнаг стыр мӕстытӕ бавзарын кодта. Ӕппынфӕстаг ӕй ныууагъта, йӕ сывӕллӕтты йемӕ акодта ӕмӕ Таитимӕ алыгъд цӕрынмӕ. Фӕлӕ лӕгӕн йӕ уарзондзинад ууыл нӕ фӕци: алы мӕй дӕр сын ӕрвыста ӕхца, стӕй-иу сӕ телефонӕй дӕр афарста, мыййаг, йӕхӕдӕг кӕнӕ сывӕллӕттӕ ницы хъуаг сты. Афтӕмӕй уый арӕзта, йӕ чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн иууыл хуыздӕр йӕ бон цы уыд, уый (1 Тимофеймӕ 5:8). Уымӕй дарддӕр ма ӕппынӕдзух куывта, цӕмӕй йӕ бинонтӕ ногӕй баиу уыдаиккой, ӕмӕ фӕстагмӕ йӕ ус ӕцӕгдӕр ӕрбаздӕхт фӕстӕмӕ. Фӕлӕ уый фӕстӕ дӕр йӕ бинойнагмӕ йӕ ахаст нӕ фӕивта, раздӕрау ӕм ӕвдыста «уарзондзинад, фӕразондзинад, фӕлмасдзинад» (1 Тимофеймӕ 6:11). 1998 азы лӕг райста донаргъуыд, гыццыл фӕстӕдӕр та йӕ бинойнаг райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ йӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Уый у, Таитийы филиалы территорийыл фарон Библи цы 1 351 адӕймагимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕй сӕ иу.
7. Германӕй иу нӕлгоймаг куыд загъта, афтӕмӕй йӕ бинонты ’хсӕн ахастытӕ цӕй фӕрцы фӕхуыздӕр сты?
7 Германы иу нӕлгоймаг тынг цыд йӕ бинойнаджы ныхмӕ, Библийы ӕцӕгад ӕй кӕй фӕндыд базонын, уый тыххӕй. Уый афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ бинойнаджы сайынмӕ хъавынц. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уый ахӕм ныхӕстӕ ныффыста, йӕ бинойнаг Ӕвдисӕнтӕй фыццаг хатт кӕуыл фембӕлд, уымӕ: «Фӕнды мӕ дӕуӕн стыр бузныг зӕгъын, мӕ бинойнаджы мын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ кӕй базонгӕ кодтай, уый тыххӕй. Фыццаг ӕз тынг мӕт кодтон, уымӕн ӕмӕ бирӕ ӕвзӕр цыдӕртӕ фехъуыстон уыдоны тыххӕй. Фӕлӕ ныр, мӕ бинойнагимӕ фембӕлдты мӕхӕдӕг куы уыдтӕн, уӕд бамбӕрстон, куыд тынг рӕдыдтӕн, уый. Ӕз зонын, ӕцӕгад кӕй хъусын, уый, ӕмӕ уый руаджы мӕ бинойнагимӕ нӕ ахастытӕ фенгомдӕр сты». Германы 162 932 Ӕвдисӕны ӕмӕ Таитийы филиалы бӕрны цы сакъадӕхтӕ сты, уым цы 1 773 Ӕвдисӕны ис, уыдоны ’хсӕн бирӕ ис, Хуыцауы уарзондзинад иудзинадмӕ кӕй ӕркодта, ахӕм бинонтӕ.
Уарзондзинад нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕм
8, 9. а) Чи нӕ ахуыр кӕны не ’фсымӕрты уарзын ӕмӕ нӕ уыцы уарзондзинад цавӕр хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны? ӕ) Ӕрхӕсс цӕвиттон, уарзондзинад ӕфсымӕртӕн кӕрӕдзийы ӕнцой лӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕн.
8 Павел Фессалоникӕйы чырыстӕттӕн загъта: «Уӕхӕдӕг сымах ахуыргонд стут Хуыцауӕй кӕрӕдзийы уарзыныл» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:9). О, «Иегъовӕ [кӕй] ахуыр кӕны», уыдон уарзынц кӕрӕдзи (Исай 54:13). Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, сӕ уарзондзинад кӕй бӕлвырд кӕны хъуыддӕгтӕй: «Уарзондзинадӕй кӕрӕдзийӕн кӕстӕриуӕг кӕнут» (Галатӕгтӕм 5:13, НФ; 1 Иоанны 3:18). Зӕгъӕм, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй исчи рынчын куы вӕййы, уӕд ӕй бабӕрӕг кӕнынц, зӕрдӕсаст чи вӕййы, уымӕн ныфсытӕ бавӕрынц ӕмӕ ӕдыхтыл фӕхӕцынц, се ’нцой балӕууынц (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Ӕцӕг чырыстон уарзондзинад кӕй ис, уый фӕрцы нӕ духовон дзӕнӕт стырӕй-стырдӕр кӕны.
9 Эквадоры цы 544 ӕмбырды ис, уыдонӕй сӕ иу ис Анконы. Уыцы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ сӕ уарзондзинад равдыстой хъуыддагӕй. Экономикон кризисы фӕстиуӕгӕн ӕгуыстӕй баззадысты ӕмӕ цӕмӕй цардаиккой, уый сын нал уыд. Уымӕ гӕсгӕ хъусынгӕнджытӕ сфӕнд кодтой, бынӕттон кӕсагахсджытӕ ӕхсӕвы кӕсаг ахсынӕй куы ӕрцӕуой, уӕд сын хӕринаг ауӕй кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй ӕхца бакусын. Хъуыддаджы хайад истой хъусынгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр, суанг ма сывӕллӕттӕ дӕр. Кусын райдыдтой ӕхсӕвы фыццаг сахатыл, ӕмӕ райсом цыппар сахатыл кӕсагахсджытӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕдмӕ хӕринаг уыд цӕттӕ. Цы ӕхца бакуыстой, уый адих кодтой ӕфсымӕртыл, чи цас хъуаг уыд, уымӕ гӕсгӕ. Кӕрӕдзийӕн афтӕ кӕй баххуыс кодтой, уый дзурӕг уыд ӕцӕг чырыстон уарзондзинадыл.
10, 11. Зонгӕ кӕимӕ не стӕм, уыцы ӕфсымӕртӕм нӕ бон куыд у уарзондзинад ӕвдисын?
1 Петры 2:17, НФ). Мах уарзӕм ӕппӕт ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр немӕ иумӕ лӕггад кӕнынц Иегъовӕ Хуыцауӕн. Исты бӕллӕх кӕнӕ ӕнамонд хабар куы ӕрцӕуы, уӕд вӕййы фадат уыцы уарзондзинад равдисынӕн. Зӕгъӕм, 2000 лӕггаддзинады азы Мозамбикы уыд стыр донивылдтӕ, Анголӕйы та цыд хӕст, ӕмӕ уый бирӕты ӕркодта мӕгуыр уавӕртӕм. Уыцы бӕллӕхтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой Мозамбикы 31 725 ӕфсымӕры, Анголӕйы та 41 222 ӕфсымӕры. Фӕлӕ сын уыцы тыхст уавӕры баххуыс кодтой Ӕвдисӕнтӕ сыхаг Хуссар Африкӕйӕ. Бирӕ цыдӕртӕ сын ӕрӕрвыстой. Сӕ «бӕркадӕй» сӕ тыхст ӕфсымӕртӕн рӕдауӕй кӕй бахай кодтой, уымӕй уыдон равдыстой ӕцӕг уарзондзинад (2 Коринфӕгтӕм 8:8, 13—15, 24).
10 Фӕлӕ нӕ уарзондзинад, кӕй зонӕм, ӕрмӕст уыцы чырыстӕттӕм не ’вдисӕм. Апостол Петр загъта: «Уарзут ӕфсымӕрад» (11 Уарзондзинад ма бӕрӕг у, бирӕ бӕстӕтӕй ӕфсымӕртӕ мӕгуырдӕр бӕстӕты Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгресты залтӕ аразынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕй дӕр. Цӕвиттонӕн райсӕм Соломоны сакъадӕхтӕ. Кӕд Соломоны сакъадӕхтыл цард тынг тыхст ӕмӕ ӕмтъеры у, уӕддӕр дзы фарон хъусынгӕнджыты нымӕцыл бафтыд 6 проценты, ӕппӕты стырдӕр нымӕц та уыд 1 697. Уыдон сфӕнд кодтой Конгресты зал саразын. Ӕмӕ кӕд уыцы сакъадӕхтыл ӕвзӕр царды уавӕрты аххосӕй цӕрджытӕй бирӕтӕ ӕндӕр рӕттӕм лидзынц, уӕд зал саразынӕн баххуыс кӕнынмӕ та барвӕндон кусджытӕ ӕрцыдысты Австралийӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цасдӕры фӕстӕ барвӕндон кусджыты хъуыд фӕстӕмӕ аздӕхын, фӕлӕ сӕ ацыды размӕ бынӕттон ӕфсымӕртӕн бацамыдтой, фундамент кӕронмӕ фӕуын куыд хъӕуы, уый. Цӕттӕ, ӕрмӕстдӕр ма сӕмбырд кӕнын ӕмӕ сӕвӕрын кӕй хъуыд, ахӕм ӕндонӕй конд зал ӕрбаластой Австралийӕ науыл. Уым кувынӕн диссаджы агъуыст кӕй сарӕзтой (уыцы рӕстӕджы бирӕ ӕндӕр агъуыстытӕ та ӕрдӕгарӕзтытӕй баззадысты), уый у диссаджы ӕвдисӕнад Иегъовӕйы номӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уымӕн.
Мах уарзӕм дуне, Хуыцау ӕй куыд уарзы, афтӕ
12. Цы ис саразӕн, цӕмӕй нӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдонмӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм?
12 Цымӕ ӕрмӕстдӕр нӕ бинонтӕ ӕмӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕрты хъуамӕ уарзӕм? Кӕд нӕ «Хуыцауы фӕзмын» фӕнды, уӕд хъуамӕ афтӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард» (Ефесӕгтӕм 5:1; Иоанны 3:16). Иегъовӕйау мах дӕр уарзондзинад ӕвдисӕм алкӕмӕдӕр — уыимӕ нӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдонмӕ дӕр (Лукайы 6:35, 36; Галатӕгтӕм 6:10). Уый сӕйраджыдӕр ӕвдисӕм, Паддзахады тыххӕй сын хорз уацхъуыд кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕм Хуыцау цы стыр уарзондзинад равдыста, уый тыххӕй сын кӕй дзурӕм, уымӕй. Чи байхъуса, уыдоны уый ӕркӕндзӕн ирвӕзындзинадмӕ (Маркы 13:10; 1 Тимофеймӕ 4:16).
13, 14. Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, уыдонмӕ уарзондзинад равдисыны сӕраппонд ӕфсымӕртӕ сӕхицӕн цавӕр зындзинӕдтӕ скодтой? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
13 Ӕркӕсӕм, Непалы специалон пионертӕй цы цыппар ӕфсымӕры лӕггад кӕны, уыдоны дӕнцӕгмӕ. Фондз азы ӕмгъуыдмӕ сӕ снысан кодтой уыцы бӕстӕйы хуссар-ныгуылӕн хайы иу горӕтмӕ. Уыдон сӕ уарзондзинад ӕвдисынц, горӕт ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты цӕрджытӕн фӕразонӕй кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй. Цӕмӕй сӕ территорийыл ӕрзилой, уый тыххӕй арӕх цалдӕргай сахаттӕ велосипедтыл фӕцӕуынц 40 градус тӕвды. Сӕ уарзондзинад ӕмӕ «хорз хъуыддаг ӕнӕрынцойӕ» кӕй кӕнынц, уый ӕрхаста диссаджы тыллӕг — иу хъӕуы фӕзынд чиныгахуыркӕнынады къорд (Ромӕгтӕм 2:7). 2000 азы мартъийы цӕуӕг цӕстдарӕджы раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрцыд 32 адӕймаджы. Ивгъуыд аз Непалы хъусынгӕнджыты ӕппӕты стырдӕр нымӕц уыд 430 — фӕфылдӕр сты 9 проценты. Иегъовӕ ӕцӕгдӕр арфӕ кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайынц ӕмӕ ахӕм уарзондзинад кӕй ӕвдисынц, уымӕн.
14 Колумбийы специалон пионерты рӕстӕгмӕ арвыстой индейӕгты знӕм ваюйы адӕмӕн хъусын кӕнынмӕ. Уым сӕ бахъуыд ног ӕвзаг ахуыр кӕнын, фӕлӕ адӕмыл зӕрдӕбынӕй кӕй тыхстысты, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци: кӕд къӕвда сӕх-сӕх кодта, уӕддӕр фембӕлдмӕ раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд 27 адӕймаджы. Пионерты ахӕм зӕрдӕбын лӕггаддзинады руаджы Колумбийы хъусынгӕнджыты нымӕц фӕфылдӕр 5 проценты ӕмӕ ныртӕккӕ ӕппӕты стырдӕр нымӕц у 107 613 хъусынгӕнӕджы. Данийы иу ацӕргӕ хойы тынг фӕндыд хорз уацхъуыд хъусын кӕнын, фӕлӕ уый уыд инвалид. Хойӕн йӕ ныфс нӕ асаст, уый цымыдисгӕнӕг адӕммӕ фыссын райдыдта фыстӕджытӕ. Ныртӕккӕ фыстӕджытӕ кӕмӕ фыссы ӕмӕ йын дзуапп чи
дӕтты, уыдон сты 42 адӕймаджы, 11 адӕймагимӕ та ахуыр кӕны Библи. Уый у, фарон Данийы цы 14 885 хъусынгӕнӕджы уыд, уыдонӕй сӕ иу.Уарзондзинад не знӕгтӕм
15, 16. а) Нӕ уарзондзинад кӕй онг хъуамӕ ӕххӕсса, уый тыххӕй Йесо цы загъта? ӕ) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм мӕнг азым чи ӕрхаста, уыцы адӕймагмӕ бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕ уарзӕгой ахаст куыд равдыстой?
15 Йесо закъонзонӕгӕн загъта, самариаджы дӕр, куыд йӕ хӕстӕг, йӕ хион, афтӕ кӕй хъуамӕ уарзтаид. Уыцы хъуыды фӕбӕлвырддӕр кодта йӕ Уӕлхох уацамынды: «Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд: „уарз дӕ хӕстӕджы ӕмӕ дын уӕд ӕнӕуынон де знаг“. Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты, арфӕдзинад курут уӕ ӕлгъитджытӕн, хорз кӕнут чи уӕ нӕ уарзы уыдонӕн ӕмӕ кувут уӕ ӕфхӕрджытӕ ӕмӕ сурджыты тыххӕй, цӕмӕй суат уӕ Уӕларвон Фыдӕн фырттӕ» (Матфейы 5:43—45). Исчи нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуы, уӕддӕр мах фӕархайӕм «фыддзинад хорздзинадӕй сӕттыныл» (Ромӕгтӕм 12:19—21). Ӕмӕ, кӕд гӕнӕн вӕййы, уӕд ын фӕдзурӕм, иууыл зынаргъдӕр нӕм цы ис, уый тыххӕй — ӕцӕгады тыххӕй.
16 Украинӕйы газет «Кременчукский вестник»-ы рацыд статья Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй, цыран дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, уыдон сты тӕссаг сектӕ. Ӕмӕ уый хъазын нӕу, уымӕн ӕмӕ Европӕйы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты иуӕй-иутӕ афтӕ хонынц, цӕмӕй адӕмы баууӕндын кӕной, Ӕвдисӕнтӕн уыйбӕрц сӕрибардзинад кӕй нӕ хъӕуы дӕттын йе та сӕ бынтондӕр сӕхгӕнын кӕй хъӕуы, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ газеты редактормӕ бацыдысты ӕмӕ йӕм бахатыдысты, цӕмӕй уыцы статьяйы раст цы нӕ уыд, уый сраст кодтаид, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ныммыхуыр кодтаид. Уый сразы, фӕлӕ ӕрмӕгмӕ бахаста ахӕм хъуыды дӕр, зӕгъгӕ, фыццаг статья бындуриуӕг кодта фактыл. Уӕд та йӕм бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕ ногӕй бацыдысты ӕмӕ йын фылдӕр информаци бахастой. Ӕппынфӕстаг газеты редактор бамбӕрста, фыццаг статья раст кӕй нӕ уыд, уый, ӕмӕ ныммыхуыр кодта уый тыххӕй йӕ хъуыды. Ӕфсымӕртӕ йӕм хӕларзӕрдӕ ахаст кӕй дардтой ӕмӕ йемӕ ӕргом кӕй ныхас кодтой, уый уыд иууыл хуыздӕр мадзал хъуыддаг сабырӕй алыг кӕнынӕн, ӕмӕ уый ӕркодта хорз фӕстиуджытӕм.
Куыд у нӕ бон уарзондзинадыл ахуыр кӕнын?
17. Нӕ алыварс чи ис, уыдоны уарзын алыхатт ӕнцон кӕй нӕу, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
17 Сывӕллон куы райгуыры, уӕд ӕй йӕ ныййарджытӕ куыддӕр фенынц, афтӕ йӕ бауарзынц. Фӕлӕ нын ахӕм ахаст стыртӕм алыхатт нӕ вӕййы. Ӕвӕццӕгӕн нын Библи афтӕ арӕх дӕр уый тыххӕй дзуры, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм; ӕмӕ уый та нысан кӕны, уарзондзинадыл ахуыр кӕй хъуамӕ кӕнӕм, уый (1 Петры 1:22; 4:8; 1 Иоанны 3:11). Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ӕфсымӕрӕн «ӕвдайтӕй авд хатты онг» хъуамӕ хатыр кӕнӕм, уӕд ӕй зыдта, нӕ уарзондзинад фӕлвӕрд кӕй цӕудзӕн, уый (Матфейы 18:21, 22). Павел дӕр нӕм сиды, цӕмӕй «кӕрӕдзийӕн барӕм» (Колоссӕгтӕм 3:12, 13). Уӕдӕ диссаг нӕу, ахӕм ныхӕстӕ кӕй кӕсӕм: «Тындзут уарзондзинадмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 14:1). Куыд?
18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн иннӕты уарзын ахуыр кӕнынӕн?
18 Фыццаджыдӕр, алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕ Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый. Иууыл тынгдӕр нӕ уыцы уарзондзинад разӕнгард кӕны иннӕты уарзынмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕ куы фӕаразӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыды ӕвдисӕм хорзырдыгӕй ӕмӕ йын кадджын кӕнӕм йӕ ном (Иоанны 15:8—10; Филиппӕгтӕм 1:9—11). Дыккаг: алы хъуыддагмӕ дӕр кӕсӕм Иегъовӕйы цӕстӕй. Мах ӕдзухдӕр стӕм тӕригъӕды мидӕг, мах рӕдийӕм Иегъовӕйы ныхмӕ, фӕлӕ нын уый ногӕй ӕмӕ ногӕй хатыр кӕны ӕмӕ нӕ уарзы (Псалом 85:5; 102:2, 3; 1 Иоанны 1:9; 4:18). Иегъовӕйы цӕстӕнгасыл куы ахуыр кӕнӕм, уӕд мах дӕр нӕ зӕрдӕ разӕнгард кӕндзӕн иннӕты уарзынмӕ ӕмӕ нӕ ныхмӕ цӕмӕй фӕрӕдийынц, уый сын ӕнӕзивӕгӕй хатыр кӕнынмӕ (Матфейы 6:12). Ӕртыккаг: куыд нӕ фӕнды, цӕмӕй махӕн кӕной, мах дӕр афтӕ кӕнӕм иннӕтӕн (Матфейы 7:12). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ кӕйдӕр бахъӕуы махӕн ныххатыр кӕнын. Зӕгъӕм, нӕ ныхӕстӕй искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс вӕййы, уыцы адӕймаг йӕ зӕрдыл кӕй дардзӕн, дзыхы ныхасӕй алчидӕр кӕй рӕдийы, уый (Иаковы 3:2). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕм иннӕтӕ уарзӕгой ахаст дарой, уӕд сӕм хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр ахӕм ахаст дарӕм.
19. Уарзондзинадыл ахуыр кӕнынӕн сыгъдӕг уды ӕххуыс куыд у нӕ бон агурын?
19 Цыппӕрӕм: нӕ бон у сыгъдӕг уды ӕххуыс курын, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад уды дыргътӕй сӕ иу у (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Хӕлардзинад, тугхӕстӕгдзинад ӕмӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн уарзондзинад тынг тыхджын ӕнкъарӕнтӕ сты. Фӕлӕ цӕмӕй Иегъовӕйы уарзондзинадыл, «иудзинады ӕххӕст тӕгтӕ» чи у, уыцы уарзондзинадыл ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы йӕ сыгъдӕг уды ӕххуыс. Уыцы ӕххуыс нӕ бон агурын у Хуыцауы удцырынӕй фыст Ныхасы, Библийы. Зӕгъӕм, Йесойы царды тыххӕй кӕсгӕйӕ, мах уындзыстӕм, адӕммӕ йын цавӕр ахаст уыд, уый, ӕмӕ нын уӕд ӕнцондӕр уыдзӕн, уый куыд кодта, афтӕ кӕнын (Иоанны 13:34, 35; 15:12). Иегъовӕйы сыгъдӕг уд уӕлдай зӕрдиагӕй нӕ бон курын у, цавӕрдӕр уавӕрты нын уарзондзинадмӕ гӕсгӕ архайын зын куы вӕййы, уӕд (Лукайы 11:13). Ӕппынфӕстаг нын уарзондзинадыл ахуыр кӕнынӕн ӕххуыс кӕны чырыстон ӕмбырд. Нӕ уарзӕгой ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм кӕсгӕйӕ, мах дӕр ахуыр кӕнӕм уарзондзинадыл (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20).
20, 21. 2000 лӕггаддзинады азы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр стыр уарзондзинад равдыстой?
20 Ивгъуыд азы ӕгас дунейы хорз уацхъуыд хъусынгӕнджыты ӕппӕты стырдӕр нымӕц уыд 6 035 564. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз уацхъуыд фехъусын кӕныны тыххӕй хицӕн адӕймӕгты агургӕйӕ бахардз кодтой ӕдӕппӕт 1 171 270 425 сахаты. Уыцы куыст цыфӕнды уавӕрты — тӕвды дӕр ӕмӕ уазалы дӕр, къӕвдайы дӕр ӕмӕ миты дӕр — кӕй кодтой, уый дзурӕг у сӕ уарзондзинадыл. О, уарзондзинад сӕ разӕнгард кодта, скъолайы кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонимӕ, се ’мкусджытимӕ ӕмӕ ма суанг кӕй нӕ зонынц, уыдонимӕ дӕр уынгты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты ныхас кӕнынмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй нӕ фӕндыд Ӕвдисӕнтӕм хъусын, чидӕртӕ та сӕ ныхмӕ дӕр цыдысты. Фӕлӕ уыд, зӕрдиагӕй чи хъуыста, ахӕмтӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Ӕвдисӕнтӕ дыккаг хатт бацыдысты 433 454 049 адӕймагмӕ, Библи та ахуыр кодтой 4 766 631 адӕймагимӕ *.
21 Цӕй диссаджы бӕлвырдгӕнӕн у уый, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ Хуыцауы дӕр ӕмӕ сӕ алыварс чи ис, уыдоны дӕр кӕй уарзынц, уымӕн! Уыцы уарзондзинад никуы фӕуыдзӕн. Мах фидарӕй уырны, 2001 лӕггаддзинады азы ӕппӕт дунейы ноджы стырдӕр ӕвдисӕнад кӕй ӕрцӕудзӕн лӕвӕрд, уый. Уадз ӕмӕ Иегъовӕ дарддӕр дӕр арфӕ кӕнӕд йӕ иузӕрдион ӕмӕ зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕмӕ сӕм «алцыдӕр уӕд уарзондзинадимӕ» (1 Коринфӕгтӕм 16:14).
[Фиппаинаг]
^ 20 абз. 2000 лӕггаддзинады азы хыгъдимӕ лӕмбынӕгдӕр базонгӕ уӕвынӕн кӕс таблицӕмӕ 28—31 фӕрстыл.
Бамбарын кӕн
• Нӕ алыварс чи ис, уыдонмӕ уарзондзинад кӕй ӕвдисӕм, уымӕй кӕй фӕзмӕм?
• Нӕ уарзондзинад кӕй онг хъуамӕ ӕххӕсса?
• Чырыстон уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдыст куыд цӕуы, уый цавӕр цаутӕ бӕлвырд кӕнынц?
• Куыд у нӕ бон чырыстон уарзондзинадыл ахуыр кӕнын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Таблицӕ 28–31 фарсыл]
ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2000 ЛӔГГАДДЗИНАДЫ АЗӔН
(Кӕс публикацимӕ)
[Нывтӕ 25 фарсыл]
Чырыстон уарзондзинад ахъаз у бинонты иудзинадӕн.
[Нывтӕ 32 фарсыл]
Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны нӕ ныфсы тыххӕй иннӕтӕн дзурынмӕ.