Ацы тӕссаг дунейы ӕдасдзинад куыд ис ссарӕн
Ацы тӕссаг дунейы ӕдасдзинад куыд ис ссарӕн
МИНӔТӔ кӕм ис, ахӕм быдыры цӕуын у тынг тӕссаг. Фӕлӕ дӕм ахӕм картӕ куы уаид, ныгӕд минӕты бынӕттӕ бӕрӕг кӕм сты, уӕд дын нӕ баххуыс кӕнид? Зӕгъӕм, зоныс ма, кӕм цавӕр минӕ ис, уый дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм зонындзинӕдтӕ дӕ бахъахъхъӕниккой фӕцӕнкуыл уӕвынӕй кӕнӕ мӕлӕтӕй.
Библи абарӕн ис ахӕм картӕимӕ ӕмӕ ма, минӕтӕ цӕй руаджы ис сбӕлвырд кӕнӕн, ахӕм зонындзинӕдтимӕ. Библийы цы зонд ис, уый хуызӕн адӕймагӕн ницы баххуыс кӕндзӕн тӕссаг уавӕртӕй хи хизынӕн ӕмӕ царды зындзинӕдтӕ иуварс кӕнынӕн.
Дӕ хъус ма ӕрдар, Фӕсномыг ныхӕсты 2:10, 11-ӕм стихты цы ныфсдӕттӕг зӕрдӕвӕрд ис, уымӕ: «Зонд дӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕна ӕмӕ дӕ удӕн зонындзинӕдтӕ ӕхсызгон куы суой, уӕд дӕ ӕрхъуыдыдзинад хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад уыдзӕн дӕ сӕрхъуызой». Ам цы зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинады тыххӕй дзырдӕуы, уыдон сты адӕймагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй. Ӕмӕ «[Хуыцауы зондмӕ] чи хъуса, уый та цӕрдзӕн ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:33). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библи нын ӕдасӕй цӕрынӕн ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕй хи хизынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ.
Ӕвирхъау бӕллӕхтӕй хи хизын
Ӕнӕниздзинады дунеон организацийы (ВОЗ) фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ алы аз дӕр ӕппӕт дунейы авариты фӕмард вӕййы 1 171 000 адӕймаджы бӕрц. Уымӕй уӕлдай ма 40 милуан адӕймаджы бӕрц фӕцӕфтӕ вӕййынц, ӕмӕ 8 милуанӕй фылдӕр та бирӕ рӕстӕджы дӕргъы куыстхъом нал вӕййынц.
Кӕд машинӕйыл цӕугӕйӕ алы хатт бӕллӕхӕй хи бахизӕн нӕ вӕййы, уӕддӕр фӕндӕгтыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ нӕхи хуыздӕр бахъахъхъӕндзыстӕм. Ацы уагӕвӕрдтӕ чи сфидар кӕны ӕмӕ сӕ цӕмӕй ӕххӕст кӕной, уымӕ йӕ хъус чи дары, уыцы хицауады тыххӕй Библи дзуры: «Алы удгоймаг дӕр уӕд коммӕгӕс уӕлдӕр хицауадӕн» (Ромӕгтӕм 13:1). Машинӕ скъӕрджытӕй ацы уынаффӕмӕ чи хъусы, уыдон сӕхи хизынц стыр зианхӕссӕг бӕллӕхтӕй.
Машинӕйыл ма сабыр цӕудзыстӕм, нӕ цардӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд. Библи Иегъовӕ Хуыцауӕй дзуры: «Дӕумӕ ис царды суадон» (Псалом 35:10, СПб). Уӕдӕ цард у Хуыцауы лӕвар, ӕмӕ махӕн нӕй бар, цӕмӕй уыцы лӕвар искӕмӕй байсӕм кӕнӕ ма аргъ кӕнӕм искӕй ӕмӕ нӕхи цардӕн дӕр (Уӕвынад 9:5, 6).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаджы цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ машинӕйы ӕдасӕй цӕуынӕн ӕмӕ нӕ хӕдзары ӕдасӕй цӕрынӕн цы хъӕуы, уый куы саразӕм, уӕд. Рагон Израилы ӕдасдзинад ахсджиаг уыд царды алы фадыджы дӕр. Зӕгъӕм, хӕдзар-иу куы арӕзтой, уӕд-иу Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕ уӕлхӕдзарӕн (уым-иу бинонтӕ кодтой сӕ фылдӕр куыстытӕ) Дыккаг закъон 22:8). Уыцы ӕдасдзинадӕн ахъаз закъон-иу ӕххӕстгонд куы нӕ цыд ӕмӕ-иу уый тыххӕй уӕлхӕдзарӕй исчи куы рахауд, уӕд-иу Хуыцауы раз дзуапп лӕвӕрдта хӕдзары хицау. Ӕцӕгдӕр, ацы закъон цы принципыл бындуриуӕг кӕны, уымӕ адӕм сӕ хъус куы дариккой, уӕд фӕкъаддӕр уаиккой ӕнамонды цаутӕ кусӕн бынӕтты дӕр ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты дӕр.
йӕ алыварс самадтаиккой ныллӕг сис дӕр. «Хъуамӕ дӕ уӕлхӕдзарӕн йӕ алыварс самайай ныллӕг сис дӕр, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ дӕ хӕдзар тугкалды аххосджын ма фӕуа» (Зианхӕссӕг ахуыртимӕ тох кӕнын
ВОЗ-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕгас зӕххыл тамакодымджытӕ сты миллиардӕй фылдӕр, ӕмӕ ӕрвылаз тамакойы азарӕй амӕлы 4 милуан адӕймаджы бӕрц. 20—30 азмӕ уыцы нымӕц, гӕнӕн ис, схиза иу-10 милуанмӕ. Уӕдӕ ма тамакодымджытӕй ноджыдӕр милуантӕ, уыимӕ наркотиктӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр, сӕ миты тыххӕй фӕсахъатджын уыдзысты ӕмӕ сӕ цард царды хуызӕн нал уыдзӕн.
Кӕд Хуыцауы Ныхасы комкоммӕ тамако дымыны ӕмӕ наркотиктӕй фыдархайд кӕныны тыххӕй нӕ дзырдӕуы, уӕддӕр дзы цы принциптӕ ис, уыдон нӕ бахъахъхъӕндзысты уыцы митӕй. Зӕгъӕм, 2 Коринфӕгтӕм 7:1-ӕм стихы (НФ) дзырдӕуы: «Нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм алы буарон ӕмӕ уды чъизидзинадӕй». Дызӕрдыггаг нӕу, тамако ӕмӕ наркотиктӕ буар бирӕ зианхӕссӕг химикон буаргъӕдтӕй кӕй чъизи кӕнынц, уый. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕ буӕрттӕ уой «сыгъдӕг» (Ромӕгтӕм 12:1). Разы нӕ дӕ, адӕймаг ацы принциптӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд йӕ цардӕн къаддӕр тӕссаг кӕй уыдзӕн?
Зианхӕссӕг ахуыртӕ ныууадзын
Адӕмӕй бирӕтӕ хӕрдӕй дӕр ӕмӕ нозтӕй дӕр сӕ бӕрц нӕ зонынц. Фырхӕрдӕй адӕймагмӕ, гӕнӕн ис, фӕзына сӕкӕрниз, рак ӕмӕ зӕрдӕйы низтӕ. Фырнозт та ӕркӕны алкоголизммӕ, игӕрнизмӕ, бинонтӕ кӕй ахицӕн вӕййынц, уымӕ, ӕмӕ аваритӕм. Иннӕрдыгӕй та ӕгӕр гыццыл хӕрын дӕр, гӕнӕн ис, ӕрхӕсса зиан, хӕрды ӕгъдау фехӕла ӕмӕ ӕркӕна цардӕн тӕссаг низмӕ — анорексимӕ.
Кӕд Библи медицинон чиныг нӕу, уӕддӕр уый дӕтты комкоммӕ уынаффӕтӕ, хӕрд ӕмӕ нозтӕй бӕрц кӕй хъӕуы зонын, уый тыххӕй. «Мӕ фырт, хъус, цӕмӕй зондджын уай, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ раст фӕндагыл кӕнай. Сӕнӕй йе ʹфсис чи нӕ зоны, уыдоны ʹхсӕн ма у, стӕй дзидза фырхӕрд чи кӕны, уыдоны ʹхсӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ расыггӕнаджы дӕр ӕмӕ фыдгуыбыны дӕр баййафдзӕн мӕгуырдзинад» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 23:19—21). Фӕлӕ Библи дзуры, хӕрд ӕмӕ нозт адӕймагӕн ӕхсызгон кӕй хъуамӕ уой, уый. «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ фыдӕбонӕй циндзинад иса. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Екклесиаст 3:13).
Библи ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй раст ахаст дарӕм физикон фӕлтӕрӕнтӕм дӕр, афтӕ кӕй дзуры, «буары фӕлтӕрӕн гыццыл пайда у», зӕгъгӕ, уымӕй. Фӕлӕ уыимӕ дзуры: «Хуыцауы ӕфсарм цӕмӕндӕриддӕр ахъаз у,— ис ӕм ацы ӕмӕ фидӕны царды зӕрдӕвӕрӕн» (НФ) (1 Тимофеймӕ 4:8). Чи зоны, бафӕрсай, «Хуыцауы ӕфсарм абон цӕмӕн у пайда?», зӕгъгӕ. Бирӕ цӕмӕндӕрты. Хуыцауы ӕфсарм адӕймаджы цардӕн ӕцӕг нысаниуӕг кӕй дӕтты, уымӕй уӕлдай ма дзы ӕвзӕрын кӕны ахӕм хорз миниуджытӕ, куыд уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад ӕмӕ хиуыл хӕцын, уыдон та нын ӕххуыс кӕнынц зӕрдӕрайгӕйӕ ӕмӕ ӕнӕнизӕй цӕрынӕн (Галатӕгтӕм 5:22, 23).
Ӕнӕгъдаудзинады кӕуинаг фӕстиуджытӕ
Абон адӕмӕй бирӕтӕм ӕфсарм нал и. Уый фӕстиуджытӕй иу у, СПИД кӕй сарӕх, уый. ВОЗ-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ СПИД куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ дзы амард 16 милуан адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ СПИД цы вирусы тыххӕй фӕзыны — ВИЧ — уымӕй абон рынчын сты 34 милуан адӕймаджы бӕрц. Бирӕтыл СПИД бахӕцыд, ӕнӕгъдау цард кӕй кодтой, наркотиктӕй пайда кӕнгӕйӕ, чъизи шприцтӕй укол кӕй кодтой кӕнӕ та сын чъизи туг кӕй бауагътой, уый тыххӕй.
Ӕнӕгъдау царды фӕстиуджытӕ ма сты уыдырны, гонорей, гепатит В ӕмӕ С ӕмӕ Фӕсномыг ныхӕсты 7:23-ӕм стихы («Мах дуг», 1999 аз, № 12), хӕтындзинадӕн цы тӕссаг фӕстиуджытӕ вӕййы, уыдонӕй иуы тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый у «игӕрыл фат сӕмбӕлӕгау». Сифилис арӕхдӕр фӕсахъат кӕны игӕр, ӕмӕ гепатит дӕр афтӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, Библийы уынаффӕ, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ хъуамӕ «сӕхи уромой... тугӕй... ӕмӕ хӕтындзинадӕй», у афойнадыл ӕмӕ хорз (Куыстытӕ 15:28, 29).
сифилис. Кӕд библион рӕстӕджыты ахӕм медицинон терминтӕй нӕ пайда кодтой, уӕддӕр адӕм зыдтой, ӕрдон ахастыты уылты хӕцгӕ низтӕй иуӕй-иутӕ цы буары уӕнгтӕн уыдысты тӕссаг, уыдоны тыххӕй. Зӕгъӕм,Ӕхцауарзондзинады къӕппӕг
Цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ ӕхца бакусыны охыл бирӕтӕ се ’хца бавӕрынц тӕссаг хъуыддӕгты. Хъыгагӕн, уыдон афтӕмӕй арӕх фесафынц бирӕ ӕхца кӕнӕ та сӕм цыдӕриддӕр вӕййы, уый. Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн Библи дӕтты уынаффӕ: «Фыдӕбон кӕн, дӕхи къухтӕй пайда кӕнгӕйӕ, цӕмӕй дӕ бон уа хъуаг чи у, уымӕн хай бакӕнын» (Ефесӕгтӕм 4:28). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыдӕбон чи кӕны, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ ма схъӕздыг уа. Фӕлӕ уый цӕры сабырӕй, йӕхицӕн аргъ кӕны ӕмӕ ма йӕм, гӕнӕн ис, ӕхца дӕр уый фаг уа, цӕмӕй дзы исты хорз хъуыддагӕн балӕвар кӕна.
Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Сбонджынмӕ чи бӕллы, уыдон бахауынц фыдӕвзарӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызджын цыбӕлты, адӕм хӕрзхӕлдмӕ ӕмӕ бынысӕфтмӕ чи цыссоны,— ахӕмты мидӕг. Цӕмӕйдӕриддӕр ӕхцайы зыд фыдбылызтӕн се ʹппӕтӕн сӕ сӕры уидаг у; чидӕртӕ йӕм сӕхи раттой ӕмӕ... сӕхи бирӕ утӕхсӕнты хай 1 Тимофеймӕ 6:9, 10, НФ). Ӕцӕгӕйдӕр, «сбонджынмӕ чи бӕллы», уыдонӕй бирӕтӕ сбонджын вӕййынц. Фӕлӕ сын уый цас слӕууы? Нӕ сын бандавы уый се ʹнӕниздзинадыл, сӕ бинонтыл, сӕ удварныл ӕмӕ ма суанг сӕ хуыссӕгыл дӕр? (Екклесиаст 5:11).
фӕкодтой» (Зондджын адӕймаг ӕмбары, «цард йӕ бирӕ мулкӕй [кӕй] нӕу», уый (Лукайы 12:15). Ӕхца ӕмӕ цавӕрдӕр исбон фылдӕр ӕхсӕнадты ӕнӕмӕнг хъӕуынц. Суанг ма Библи дӕр дзуры, «ӕхца у хъахъхъӕнӕг», зӕгъгӕ, фӕлӕ дарддӕр дзуры: «Зонындзинӕдтӕ хуыздӕр уымӕй сты, ӕмӕ зонд, кӕмӕ ис, уый мӕлӕтӕй хизы» (Екклесиаст 7:12). Ӕхца нӕ, фӕлӕ нын раст зонындзинӕдтӕ ӕмӕ зонд баххуыс кӕндзысты алы уавӕрты дӕр, уӕлдайдӕр та нын нӕ цардыл цы хъуыддӕгтӕ ӕндавынц, уыдоны (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:5—9).
Уыцы бон нӕ ӕрмӕстдӕр зонд бахъахъхъӕндзӕн
Ӕцӕг зонд кӕмӕ ис, уыдоны уый тагъд «мӕлӕтӕй бахиздзӕн» диссаджы хуызы — уый уыдзӕн, хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр чи кӕны, уыцы «стыр зындзинады» рӕстӕджы, Хуыцау фыдгӕнджыты куы куынӕг кӕна, уӕд (Матфейы 24:21). Адӕм уӕд се ’хцатӕ калдзысты уынгтӕм, Библи куыд дзуры, афтӕмӕй сӕм уыдон кӕсдзысты «ӕлгъаг цыдӕр». Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхиуыл бавзардзысты, «Иегъовӕйы мастисӕн бон» сӕхицӕн сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй цард кӕй нӕ балхӕндзысты, уый (Иезекиль 7:19). Фӕлӕ диссаг у, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм», зондджын уӕвгӕйӕ, «сӕхицӕн хӕзнатӕ арвыл» кӕй ӕмбырд кодтой, ома Паддзахады хъуыддӕгтӕ сӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрдтой, уый руаджы спайда кӕндзысты сӕ ӕвӕрӕнтӕй ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕнусон цард дзӕнӕтон зӕххыл (Раргомад 7:9, 14; 21:3, 4; Матфейы 6:19, 20).
Куыд у нӕ бон ахӕм ӕдас фидӕны цӕрын? Йесо загъта: «Ӕнусон цард та уый у, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3, НФ). Милуантӕ ахӕм зонындзинӕдтӕ ссардтой Хуыцауы Ныхасы — Библийы. Уыцы адӕм сӕ ныфс ӕрмӕст диссаджы фидӕныл нӕ дарынц, фӕлӕ ма ныртӕккӕ дӕр цӕрынц фӕрнӕй ӕмӕ ӕдасӕй. Псаломзарӕггӕнӕг дӕр уый тыххӕй зарыд: «Ӕнцадӕй ӕрхуыссын ӕз ӕмӕ фынӕй кӕнын, уымӕн ӕмӕ иунӕг Ды, Хицау, дӕттыс мӕнӕн цард ӕдасдзинады» (Псалом 4:9).
Зӕгъ ма, Библийы хуызӕн дын искӕцы чиныг баххуыс кӕндзӕн дӕ ӕнӕниздзинад ӕмӕ дӕхи бахъахъхъӕнынӕн? Библийы хуызӕн иу чиныгӕн дӕр нӕ аргъ кӕнынц, ӕмӕ дын уый хуызӕн иу чиныг дӕр нӕ баххуыс кӕндзӕн ацы тӕссаг дунейы ӕцӕг ӕдасдзинад ссарынӕн. Хорз нӕ уаид, лӕмбынӕгдӕр ӕй куы равзарис, уӕд?
[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]
Библийы руаджы — хуыздӕр ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕдасдзинад
Иу ӕрыгон сылгоймаг, Жаннӕ *, цӕмӕй йӕм царды зындзинӕдтӕ ма хъардтаиккой, уый тыххӕй ӕдзухдӕр фыдархайд кодта марихуанӕйӕ, тамакойӕ, кокаинӕй, амфетаминӕй, ЛСД-йӕ (адӕймаг цӕстылуайӕнтӕ цы наркотикӕй фӕуыны, ахӕм) ӕмӕ ма ӕндӕр наркотиктӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма фыднозт дӕр кодта. Жаннӕ куыд дзуры, афтӕмӕй йӕ лӕг дӕр хуыздӕр уавӕры нӕ уыд. Фидӕнмӕ хорзӕй ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. Иухатт Жаннӕ аныхас кодта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Уый райдыдта цӕуын чырыстон фембӕлдтӕм ӕмӕ кӕсын журнал «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ йемӕ чи рацӕуы, уыцы журнал «Райхъал ут!», ӕмӕ сӕ йӕ лӕг дӕр каст. Дыууӕйӕ дӕр Ӕвдисӕнтимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Иегъовӕ уагахастӕн цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕн аргъ кӕнын куы райдыдтой, уӕд ныууагътой сӕ зианхӕссӕг ахуыртӕ иууылдӕр. Уый цӕмӕ ӕркодта? «Нӕ ног цард нын цас циндзинад хӕссы! — ныффыста Жаннӕ цалдӕр азы фӕстӕ.— Ӕз Иегъовӕйӕ куыд тынг бузныг дӕн, йӕ Ныхасы тыхы руаджы афтӕ кӕй ссыгъдӕг стӕм ӕмӕ ныр нӕ бон афтӕ зӕрдӕрайгӕйӕ ӕмӕ ӕнӕнизӕй цӕрын кӕй у, уый тыххӕй».
Ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг уӕвын куыд ахсджиаг у, уый ӕвдисы Курты дӕнцӕг. Йӕ куыст баст уыд компьютертимӕ. Иу рӕстӕджы сӕ бахъуыд ног компьютертӕ, ӕмӕ куыстуаты хицау Куртӕн бабар кодта, цӕмӕй сӕ асламдӕрӕй балхӕдтаид. Курт ссардта ӕмбӕлон компани ӕмӕ семӕ аргъыл баныхас кодта. Фӕлӕ уыцы компанийы кусӕг гӕххӕттыты раст аргъ нӕ ныффыста — уыд 40 000 америкаг доллӕры бӕрц къаддӕр. Уый бафиппайгӕйӕ, Курт фӕдзырдта телефонӕй компанимӕ, ӕмӕ директор загъта, зӕгъгӕ, 25 азы кусын, фӕлӕ нырма ахӕм ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг никуы федтон. Курт ын бамбарын кодта, йӕ намыс Библимӕ гӕсгӕ кӕй уыд ахуыр, уый. Уыцы хабар директорыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ йе ʹмкусджытӕн ракуырдта журнал «Райхъал ут!», 300 экземпляры, цыран дзырдӕуыд бизнесы ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайыны тыххӕй. Курт та куыстмӕ ахӕм ахаст кӕй дардта, уый тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд куысты бӕрзонддӕр бынатӕй.
[Фиппаинаг]
^ 30 абз. Нӕмттӕ сты ивд.
[Ныв 7 фарсыл]
«Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын Чи амоны» ИСАЙ 48:17