Разамонӕг совет юридикон оргӕнӕй цӕмӕй хицӕн кӕны
Разамонӕг совет юридикон оргӕнӕй цӕмӕй хицӕн кӕны
ХЪАХЪХЪӔНӔГ мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад (Пенсильвани) ӕрвылазон ӕмбырдтӕ уадзы 1885 азӕй фӕстӕмӕ, январӕй. XIX ӕнусы кӕронмӕ хӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбырдгонд куы цыдысты, уӕд уыцы корпорацийы директортӕ ӕмӕ разамонджытӕ уыдысты, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕй. Зӕгъӕн ис, уый алкӕддӕр уыд афтӕ.
Фӕлӕ уӕддӕр иухатт афтӕ нӕ уыд. 1940 азы Хейден Ковингтон — уӕд Ӕхсӕнады юрист ӕмӕ зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыцы «ӕндӕр фысты» минӕвар — ӕвзӕрст ӕрцыд Ӕхсӕнады директорӕй (Иоанны 10:16). 1942 азӕй 1945 азмӕ уый уыд Ӕхсӕнады вице-президент. 1945 азы ӕфсымӕр Ковингтон ныууагъта директоры бынат, уымӕн ӕмӕ уӕд хъуыды кодтой, Иегъовӕйы фӕндон кӕй уыд, цӕмӕй Пенсильванийы корпорацийы директортӕ ӕмӕ разамонджытӕ уыдаиккой сӕрст чырыстӕттӕ. Хейден Ковингтоны бӕсты директорты советы сӕргъы слӕууыд Лайман Суингл, Фредерик Френц та ӕвзӕрст ӕрцыд вице-президентӕй.
Цымӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цӕмӕ хъуыды кодтой, Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) директортӕ ӕмӕ разамонджытӕ кӕй хъуамӕ уыдаиккой сӕрст чырыстӕттӕ? Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Пенсильванийы корпорацийы директортӕ ӕмӕ разамонджыты совет ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет иу оргӕныл нымадтой, уым та ӕдзухдӕр иууылдӕр уыдысты сыгъдӕг удӕй сӕрст нӕлгоймӕгтӕ.
Ахсджиаг ӕрвылазон ӕмбырд
1944 азы 2 октябры Питтсбурджы цы ӕрвылазон ӕмбырд уыд, уым Пенсильванийы корпорацийы уӕнгтӕ сӕ уставмӕ бахастой ӕхсӕз ивындзинады. Уставмӕ гӕсгӕ хъӕлӕс кӕнынӕн акцитӕ ӕрвыст цыдысты, Ӕхсӕнады хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ чи лӕвӕрдта, уыдонмӕ, фӕлӕ ӕртыккаг ивындзинадмӕ гӕсгӕ уыцы уагӕвӕрд йӕ тыхы нал уыд. Уыцы ӕрвылазон ӕмбырды хыгъды дзырдӕуыд: «Ӕхсӕнады уӕнгтӕ хъуамӕ ма уой фондзсӕдӕйӕ фылдӕр... Алы ӕвзӕрст уӕнг дӕр хъуамӕ уа Ӕхсӕнады ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг кӕнӕ та Иегъовӕйы ӕвдисӕнты къорды [ӕмбырды] ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг чи нӕу, фӕлӕ зӕрдиагӕй чи архайы, ахӕм, ӕмӕ хъуамӕ ӕвдиса Хицауы зондахаст».
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕхсӕнады директорты ӕвзарынц Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, уыимӕ, Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца цас лӕвар кӕнынц, уый ахсджиаг нал у. Уый разы у, Исайы 60:17-ӕм стихы цы дзырдӕуы, ома хорзырдӕм цадӕггай цы ивындзинӕдтӕ уыдзӕн, уыимӕ: «Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сыгъзӕрин, ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзист, суджы бӕсты — ӕрхуы, дурты бӕсты та — ӕфсӕйнаг; ӕмӕ дын фарн снысан кӕндзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад та — хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй». «Цӕстдарӕг» ӕмӕ «хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгыл» дзургӕйӕ ацы пехуымпарад амоны, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕткӕвӕрды хуыздӕрырдӕм ивд цы цӕуы, уымӕ.
Ацы ахсджиаг къахдзӕф организацийы теократон сконд сфидар кӕныны хъуыддаджы арӕзт ӕрцыд, Данелы 8:14-ӕм стихы цы «2300 изӕр ӕмӕ райсомы» кой цӕуы, уыдоны кӕрон. Уыцы рӕстӕджы «сыгъдӕг бынат ӕрцыд, цы уавӕры хъуамӕ уыдаид, уымӕ» (НД).
Фӕлӕ 1944 азы цы ахсджиаг ӕрвылазон ӕмбырд уыд, уый фӕстӕ ма уӕддӕр ӕнӕ дзуаппӕй баззад вазыгджын фарста. Уыцы рӕстӕджы Разамонӕг совет ӕмӕ, авд уӕнджы кӕм уыд, уыцы Пенсильванийы корпорацийы директорты совет иу оргӕныл кӕй нымадтой, уымӕ гӕсгӕ цымӕ уый ууыл
дзурӕг уыд, ӕмӕ Разамонӕг советы авд сӕрст чырыстонӕй фылдӕр нӕ уыдзӕн? Уымӕй уӕлдай ма директортӕ корпорацийы уӕнгтӕй ӕвзӕрст кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ афтӕ нӕ уад, ӕмӕ Разамонӕг советы уӕнгты дӕр алы ӕрвылазон ӕмбырды уыдон ӕвзӕрстой? Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) директортӕ ӕмӕ разамонджытӕ ӕмӕ Разамонӕг советы уӕнгтӕ уыцы иу адӕймӕгтӕ уыдысты ӕви ӕндӕртӕ?Ноджыдӕр ма иу зӕрдыллӕууӕн ӕмбырд
Ацы фарстытӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыд 1971 азы 1 октябры, ӕрвылазон ӕмбырды. Докладгӕнджытӕй иу бахахх кодта, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» разамонӕг совет Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнадӕй (Пенсильвани) цалдӕр сӕдӕ азы раздӕр кӕй фӕзынд, уый (Матфейы 24:45—47). Разамонӕг совет арӕзт ӕрцыд н. э. 33 азы, Фӕндзайӕм бон, ома Пенсильванийы корпорацийӕ 18 ӕнусы раздӕр. Разамонӕг советы фыццаг уыд 7 нӕ, фӕлӕ 12 апостолы. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы нымӕц фӕстӕдӕр фӕфылдӕр, уымӕн ӕмӕ къухдариуӕг кодтой «Иерусалимы Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр [нӕлгоймӕгтӕ]» (Куыстытӕ 15:2, НФ).
1971 азы та ногӕй уыцы докладгӕнӕг бамбарын кодта, Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уӕнгтӕн сӕ бон кӕй нӕу сӕрст чырыстӕтты Разамонӕг советмӕ ӕвзарын. Цӕуылнӕ? «Уымӕн ӕмӕ,— загъта уый,— „цагъары“ къорды разамонӕг совет нӕ цӕуы нысангонд адӕймагӕй. Уый снысан кӕны... Йесо Чырысти, ӕцӕг чырыстӕтты ӕмбырды Сӕр ӕмӕ „ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары“ Хицау». Уӕдӕ бӕрӕг у, иу юридикон оргӕнӕн дӕр кӕй нӕй бар Разамонӕг советы уӕнгты ӕвзарынӕн.
Дарддӕр докладгӕнӕг загъта тынг ахсджиаг ныхӕстӕ: «Разамонӕг советӕн нӕй, Ӕхсӕнады директорты советӕн цы бӕрнон уӕнгтӕ ис, ахӕмтӕ — президент, вице-президент, секретарь-хӕзнадар ӕмӕ йе ʹххуысгӕнӕг. Разамонӕг советӕн ӕрмӕстдӕр ис сӕрдар». Бирӕ азты дӕргъы Пенсильванийы корпорацийы президент уыд Разамонӕг советы сӕйраг уӕнг дӕр. Фӕлӕ дарддӕр афтӕ хъуамӕ мауал уыдаид. Кӕд Разамонӕг советы уӕнгтӕ сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ сӕ курдиӕттӕм гӕсгӕ ӕмхуызон не сты, уӕддӕр сыл ис ӕмхуызон бӕрн. Докладгӕнӕг ма загъта: «Гӕнӕн ис, ӕмӕ Разамонӕг советы кӕцыфӕнды уӕнг дӕр уа йӕ сӕрдар, фӕлӕ уыимӕ... ма уа Ӕхсӕнады президент... Разамонӕг советы уӕнгтӕ сӕрдарӕй нысангонд цӕуынц радгай».
Уыцы зӕрдыллӕууӕн ӕрвылазон ӕмбырды 1971 азы ирдӕй сбӕлвырд, Разамонӕг советы сыгъдӕг удӕй сӕрст уӕнгтӕ ӕмӕ Пенсильванийы корпорацийы директорты ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый. Фӕлӕ уӕддӕр Разамонӕг советы уӕнгтӕ дарддӕр дӕр лӕггад кодтой Ӕхсӕнады директортӕ ӕмӕ разамонджытӕй. Абон та фӕзынд фарст: Библийы искуы дзырдӕуы, Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) директортӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ уой Разамонӕг советы уӕнгтӕ?
Нӕ, никуы. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд юридикон оргӕнӕй ӕрмӕст Пенсильванийы корпорацийӕ нӕ пайда кӕнынц. Ис ма дзы ӕндӕртӕ дӕр. Уыдонӕй иу у Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад (Нью-Йорк). Уый нын рогдӕр кӕны нӕ куыст Иугонд Штатты. Кӕд уыцы корпорацийы директортӕ ӕмӕ разамонджытӕн сӕ фылдӕр «ӕндӕр фыстӕй» сты, уӕддӕр бӕлвырд ис зӕгъӕн, Иегъовӕ йын кӕй арфӕ кӕны, уый. Великобританийы ис Ӕппӕтдунеон Библииртасджыты Ассоциаци. Паддзахады хъуыддагӕн ма иннӕ бӕстӕты ӕххуыс кӕнынц ӕндӕр юридикон оргӕнтӕ дӕр. Уыдон ӕмгуыст кӕнынц ӕмӕ сӕ алкӕмӕндӕр ис йӕхи бынат хорз уацхъуыд ӕгас зӕххыл хъусын кӕныны хъуыддаджы. Кӕмфӕнды ма уой кӕнӕ сӕ директортӕ ӕмӕ разамонджытӕй чифӕнды дӕр ма лӕггад кӕна,— уыцы оргӕнтӕн лӕвӕрд цӕуы теократон разамынд ӕмӕ сӕ пайда кӕны Разамонӕг совет. Иудзырдӕй, алкӕмӕн дӕр дзы ис Паддзахады хъуыддагимӕ баст хӕстӕ.
Юридикон оргӕнтӕ нын хӕссынц стыр пайда. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауы Ныхас куыд домы, афтӕмӕй бынӕттон ӕмӕ паддзахадон закъӕттӕм гӕсгӕ архайынӕн Иереми 32:11; Ромӕгтӕм 13:1). Юридикон оргӕнты ӕххуысӕй нын ӕнцондӕр у Библитӕ, чингуытӕ, журналтӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр литературӕ мыхуыр кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Паддзахады тыххӕй уацхъуыд парахат кӕнын. Уыцы оргӕнтӕ ма скъуыддзаг кӕнынц юридикон фарстатӕ, кӕцытӕ сты баст, нӕ Ӕхсӕнадмӕ цы исбон ис, уыимӕ, зиан чи баййафы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынимӕ, конгрестӕ уадзынӕн агъуыстыты арендимӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Мах бузныг стӕм уыцы юридикон оргӕнты куыстӕй.
(Ӕргом здӕхт цӕуы Иегъовӕйы номмӕ
1944 азы Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) уставы 2-аг статьяйы хаст ӕрцыдысты, ацы корпорацийы нысӕнттӕ чи бахахх кодта, ахӕм ивындзинӕдтӕ. Уставмӕ гӕсгӕ Ӕхсӕнадӕн цы нысӕнттӕ ис, уыдонӕй сӕйраг у: «Ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъусын кӕнын евангели Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, цыран Йесо Чырысти у паддзах, ӕмӕ афтӕмӕй Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ИЕГЪОВӔЙЫ ном, йӕ ныхас ӕмӕ йӕ кады тыххӕй ӕвдисӕн дӕттын».
1926 азӕй фӕстӕмӕ «ӕууӕнкджын... цагъар» йе ’ргом уӕлдай тынгдӕр раздӕхта Иегъовӕйы номмӕ. Уӕлдай ахсджиаг аз уыд 1931 аз, Библииртасджытӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном цы аз райстой, уый (Исай 43:10—12). Ӕхсӕнады публикацитӕй Хуыцауы номыл уӕлдай лӕмбынӕгдӕр дзырд кӕм цыд, уыдонӕй цалдӕр сты: «Иегъовӕ» (1934), «Сыгъдӕг уӕд дӕ ном» (1961) ӕмӕ «„Адӕмтӕ базондзысты, Ӕз кӕй дӕн Иегъовӕ“. Куыд?» (1971) — иууылдӕр англисаг ӕвзагыл.
Сӕрмагондӕй хъӕуы зӕгъын, 1960 азы англисаг ӕвзагыл ӕнӕхъӕнӕй мыхуыры чи рацыд, уыцы «Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац»-ы тыххӕй. Иегъовӕйы ном дзы ис, Дзуттаг Фыстыты тетраграмматон кӕм ӕмбӕлы, уым алы ран дӕр. Уымӕй уӕлдай ма ацы тӕлмацы Хуыцауы ном ӕмбӕлы Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр 237 хатты; ӕвӕрд ӕрцыд, тексты лӕмбынӕг иртасӕн куыстытӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй кӕм хъуамӕ лӕууыдаид, уыцы рӕтты. Куыд бузныг стӕм мах, Иегъовӕ «цагъар» ӕмӕ йӕ Разамонӕг советӕн кӕй дӕтты фадат мыхуыры мадзӕлттӕ ӕмӕ юридикон оргӕнтӕй пайда кӕнынӕн, цӕмӕй йӕ ном ӕгас зӕххыл хъуыстгонд ӕрцӕуа!
Хуыцауы Ныхас парахат кӕнынӕн ӕххуысы мадзӕлттӕ
Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр хъусын кодтой ӕмӕ хъусын кӕнынц йӕ номы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ Ныхасӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый ӕвдисынц, милуангай библион публикацитӕ ӕмӕ ма Библитӕ дӕр кӕй мыхуыр кӕнынц ӕмӕ кӕй парахат кӕнынц, уымӕй. 1900 азты райдианы Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнадӕн лӕвӕрд ӕрцыд бартӕ «The Emphatic Diaglott», Бенджамин Уилсоны Чырыстон Грекъаг Фыстыты грекъаг-англисаг дӕлрӕнхъон дзырдӕй-дзырдмӕ тӕлмац рауадзынӕн. Библииртасджытӕ сӕхӕдӕг мыхуыры рауагътой «Паддзах Яковы Библи» 500-фарсон уӕлӕмхасӕнимӕ. 1942 азы Ӕхсӕнад рауагъта «Паддзах Яковы Библи» астӕуӕй амынд фиппаинӕгтимӕ. 1944 азы та райдыдта мыхуыр кӕнын «American Standard Version»-ы тӕлмац, 1901 азы уагъд, цыран пайдагонд цӕуы Хуыцауы ном. Иегъовӕйы ном ма ис Стивен Баингтоны тӕлмацы «Библи нырыккон англисаг ӕвзагыл», кӕцы Ӕхсӕнад рауагъта 1972 азы.
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы юридикон оргӕнтӕй пайда кӕнынц, уыдон ӕххуыс кӕнынц уыцы Библийы тӕлмацтӕ иууылдӕр мыхуыр кӕнынӕн ӕмӕ парахат кӕнынӕн. Фӕлӕ уӕлдай цымыдисаг у, Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад куыд ӕмархайд кӕны, «Ног Дунейы тӕлмацы» Комитеты чи ис, Иегъовӕйы уыцы сӕрст Ӕвдисӕнтимӕ. Тынг ӕхсызгон нын у, ныридӕгӕн ацы тӕлмац, ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай, кӕй рацыд 38 ӕвзагыл, 106 400 000 экземпляры. Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад ӕцӕгдӕр у библион ӕхсӕнад!
«Ӕууӕнкджын... цагъарӕн» йӕ бӕрны ис йӕ Хицауы «мулк» иууылдӕр. Уымӕ хауынц сӕйраг хайад штат Нью-Йорчы (АИШ) ӕмӕ ныртӕккӕ ӕппӕт дунейы цы 110 филиалы архайынц, уыдон. Цагъары къорды уӕнгтӕ зонынц, кӕй сӕ бахъӕудзӕн хыгъд дӕттын, цы сын уыд баргонд, уымӕй куыд пайда кодтой, уый тыххӕй (Матфейы 25:14—30). Фӕлӕ уый «цагъары» нӕ уромы фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕн «ӕндӕр фыстӕй» юридикон ӕмӕ разамынды фарстатӕ бар кӕнынӕй. Уый ма хорз дӕр у, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Разамонӕг советы уӕнгтӕн сӕ бон у «куывдӕн ӕмӕ ныхасы куыстӕн» фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын (Куыстытӕ 6:4).
Цалынмӕ ацы дунейы уавӕртӕ фадат дӕттой, уӕдмӕ Разамонӕг совет — «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» минӕвар — пайда кӕндзӕн юридикон оргӕнтӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, фӕлӕ нӕ куыст ӕнӕхъӕнӕй уыдоныл баст нӕу. Хицауад искӕцы юридикон оргӕн куы сӕхгӕна, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг не ’рлӕудзӕн. Ныртӕккӕ нын кӕд бирӕ бӕстӕты сӕрибарӕй архайыны бар нӕй ӕмӕ ницавӕр юридикон оргӕнтӕ кусынц, уӕддӕр Паддзахады тыххӕй уацхъуыд хъуыстгонд цӕуы, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕгонд цӕуынц ӕмӕ теократи парахат кӕны. Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ садзынц ӕмӕ дон кӕнынц, Хуыцау та «рӕзын кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7).
Мах фидарӕй уырны, Иегъовӕ фидӕны дӕр йӕ адӕмы уырнындзинад кӕй фидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ цӕрынӕн цы хъӕуа, уый нын кӕй дӕтдзӕн, уый. Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ нын дарддӕр дӕр уӕларвӕй дӕтдзысты, Паддзахады тыххӕй уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн нӕ цы разамынд ӕмӕ ӕххуыс хъӕуы, уый. Куыд Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, афтӕ нын цы ӕнтысы, уый кӕнӕм «ӕфсӕдтӕ ӕмӕ тыхы руаджы нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг уды руаджы» (Захари 4:6). Уымӕ гӕсгӕ мах кувӕм Иегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ зонӕм: цы тых нын радта, уый руаджы нӕ бон суыдзӕн, ацы кӕроны рӕстӕджы нын цы хъуыддаг бабар кодта, уый бакӕнын!