Ӕцӕг чырыстон дин уӕлахиз кӕны!
Ӕцӕг чырыстон дин уӕлахиз кӕны!
«Тыхджын рӕзыд ӕмӕ уӕлахиз кодта Хицауы дзырд» (КУЫСТЫТӔ 19:20, НФ).
1. Фыццаг ӕнусы чырыстон дин куыд рӕзти, уый тыххӕй дӕхи ныхӕстӕй радзур.
СЫГЪДӔГ уды ӕххуысӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауы дзырд афтӕ зӕрдиагӕй хъусын кодтой, ӕмӕ сӕ бауромын никӕй бон уыди. Иу историк фыссы: «Хӕрз цыбыр рӕстӕгмӕ чырыстон дин апарахат ӕгас Ромаг дунейыл. Куыд зыны, афтӕмӕй 100-ӕм азмӕ Зӕххастӕу денджызы былтыл алы зылды дӕр уыди чырыстӕтты къорд».
2. Сайтан хорз уацхъуыд бакъуылымпы кӕныныл куыд архайдта ӕмӕ уый тыххӕй развӕлгъау куыд уыд загъд?
2 Сайтан Хӕйрӕг фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Ныр та аздӕхджыты уылты архайдта хорз уацхъуыд бакъуылымпы кӕныныл. Аздӕхджыты ӕндӕвдад тынг тыхджын кӕй уыдзӕни, уый тыххӕй дзырдта Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы мӕнӕу ӕмӕ мӕгъӕлдаты тыххӕй (Матфейы 13:24—30, 36—43). Апостол Петр дӕр фӕдзӕхста, ӕмбырды мидӕг мӕнг ахуыргӕнджытӕ кӕй фӕзындзӕни ӕмӕ зианхӕссӕг ахуырӕдтӕ кӕй таудзысты, уымӕй (2 Петры 2:1—3). Афтӕ апостол Павел дӕр фӕдзӕхста, аздӕхынад куы фӕзына, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ кӕй ӕрцӕудзӕн Иегъовӕйы бон (2 Фессалоникӕгтӕм 2:1—3).
3. Апостолты мӕлӕты фӕстӕ цы ӕрцыд?
3 Апостолты мӕлӕты фӕстӕ хорз уацхъуыд ныммынӕг кодтой муртаттаг уырнындзинӕдтӕ ӕмӕ философитӕ. Загъд куыддӕриддӕр уыди, афтӕ ӕрцыд: мӕнг ахуыргӕнджытӕ ӕцӕгады сыгъдӕг уацхъуыд сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ йӕ ӕнӕраст ахуырӕдтимӕ сӕмхӕццӕ кодтой. Ӕцӕг чырыстон дины бынат цадӕггай ахсын райдыдта мӕнг дин — афтӕ хуыйнӕг чырыстон дуне. Фӕзынди дины кусджытӕ ӕмӕ уыдон ӕппӕт дӕр арӕзтой, цӕмӕй Библи хуымӕтӕг адӕмы къухмӕ ма ӕфтыдаид. Уыйадыл сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдоны нымӕц кӕд фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, уӕддӕр сӕ кувынад раст нӕ уыд. Чырыстон дунейы арӕнтӕ кодтой уӕрӕхӕй-уӕрӕхдӕр, Ныгуылӕны та йын уыди иууыл тыхджындӕр ӕндӕвдад ӕмӕ ахадындзинад, фӕлӕ цух уыд куыд Хуыцауы арфӕдзинадӕй, афтӕ йӕ сыгъдӕг удӕй дӕр.
4. Сайтанӕн йӕ бон цӕуылнӕ сси Хуыцауы хъуыддаг бакъуылымпы кӕнын?
4 Фӕлӕ уӕддӕр Сайтанӕн йӕ бон не сси Иегъовӕйы хъуыддаг бакъуылымпы кӕнын. Суанг аздӕхынады талынг заманы дӕр ӕцӕг чырыстон дин бынтон нӕ амард. Библийӕ ног къухфыстытӕ чи кодта, уыдон уыцы хъуыддаг
арӕзтой ӕнӕзӕрдӕхудтӕй. Уымӕ гӕсгӕ кӕд дины кусджытӕй бирӕтӕ Библийы ахуырӕдтӕ сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ӕмбарын кодтой адӕмӕн, уӕддӕр йӕ мидис баззад, иууыл фыццаг куыд уыд, афтӕ, ӕнӕфӕивгӕйӕ. Уыцы ӕнусты, ахӕм иртасджытӕ, куыд Иероним ӕмӕ Тиндаль, Хуыцауы Ныхас тӕлмац кодтой ӕмӕ йӕ адӕмыл парахат кодтой. Милуантӕ кастысты Библи ӕмӕ хӕст уыдысты чырыстон диныл, кӕд дзы алцы бынтон раст нӕ уыд, уӕддӕр.5. Пехуымпар Данел «раст зонындзинӕдты» тыххӕй развӕлгъау цы загъта?
5 Фӕстагмӕ та ӕрцыд, Данелы чиныджы куыд уыд загъд, афтӕ — «раст зонындзинӕдтӕ систы парахат». Уыцы хабар ӕрцыд «кӕроны рӕстӕджы», ома мах дуджы (Данелы 12:4, НД). Ӕгас дунейы дӕр ӕцӕгад чи уарзы, уыдонӕн сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕны ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ исынӕн. Суанг зыгъуыммӕ ахуырӕдтӕ куы парахат кодтой, уыцы ӕнусты фӕстӕ дӕр уӕлахиз кӕны Хуыцауы дзырд! Абон хорз уацхъуыд хъуыстгонд цӕуы алкуыдӕр, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр ис фадат, диссаджы ног дунейы цӕрыны ныфс сын кӕй ис, уый базонынӕн (Псалом 36:11). Уӕдӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, Хуыцауы дзырд нӕ рӕстӕджы куыд рӕзыд, уымӕ.
Дзырды рӕзт нӕ рӕстӕджы
6. Библииртасджытӕ 1914 азмӕ цавӕр ӕцӕгдзинӕдтӕ бамбӕрстой?
6 XIX ӕнусы кӕрон Библийы ӕцӕгад парахат кӕнын райдыдтой Библииртасджыты гыццыл къорд, абон зындгонд сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй. 1914 азы Библийы руаджы «райгас сты». Уыдон бамбӕрстой, Хуыцауы фӕндоны тыххӕй диссаджы ӕцӕгдзинӕдтӕ. Тынг сыл бандӕвта, Иегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй ӕрӕрвыста ӕмӕ афтӕмӕй ӕнусон цардмӕ фӕндаг кӕй бакодта, уымӕй цы стыр уарзондзинад равдыста, уый. Афтӕ ма базыдтой ӕмӕ бауарзтой Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджытӕ. Фӕстӕдӕр та бамбӕрстой, «муртатты рӕстӕджытӕ» кӕй фесты ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕд ӕрхӕсдзӕн, уыцы рӕстӕг тынг хӕстӕг кӕй у, уый (Лукайы 21:24). Цы ма уа уымӕй ӕхсызгондӕр хабар! Кӕмфӕнды ма уыдаиккой, кӕуылфӕнды ма ӕмбӕлдаиккой, алкӕмӕндӕр дзырдтой уыцы диссаджы ӕцӕгдзинӕдтӕ. Уымӕн ӕмӕ дзырд цыди адӕмы цардыл!
7. Библийы ӕцӕгад нӕ рӕстӕджы куыд уӕлахиз кӕны?
7 Кӕд сӕрст чырыстӕттӕ армыдзаг йедтӕмӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр сын Иегъовӕ арфӕ кодта. Ӕмӕ абон, ӕцӕг чырыстон диныл хӕст чи у, уыдон сты ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр. Хуыцауы дзырд анхъӕвзта алырдӕмты, абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 235 бӕстӕйы. Уымӕй дарддӕр Библийы ӕцӕгад афтӕ тыхджын у, ӕмӕ йӕ ницавӕр ӕндӕвдадӕн у йӕ бон бауромын, нӕдӕр динон ӕмӕ нӕдӕр ӕндӕр искӕцы. Хорз уацхъуыд ӕгас дунейыл хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый у ирд бӕлвырдгӕнӕн, Йесо, уӕларвон Паддзахады Паддзах, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уымӕн (8. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты рӕзты тыххӕй иуӕй-иутӕ цы дзурынц?
8 Фыццаг ӕнусы чырыстон дины рӕзт уӕды дуджы историктӕ ӕнӕбафиппайгӕ куыннӕ фесты, афтӕ абон дӕр диниртасджытӕй бирӕтӕ дзурынц, Иегъовӕйы адӕм куыд тынг рӕзынц, уый тыххӕй. Америкӕйы Иугонд Штатты дыууӕ иртасӕджы сӕ чиныджы ныффыстой: «Ивгъуыд 75 азы дӕргъы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц ӕдзухдӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кодта... ӕмӕ ныртӕккӕ сты ӕгас дунейы дӕр». Скӕсӕн Африкӕйы иу журналы Ӕвдисӕнты тыххӕй дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, уыдон сты «дунейы иууыл тагъддӕр чи рӕзы ӕмӕ нымаддӕр чи у, уыцы динтӕй сӕ иу, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕты дӕр зындгонд сты, Библийы ахуырӕдтыл фидар кӕй хӕцынц, уымӕй». Европӕйы иу католикон журнал та банысан кодта, «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц ӕппынӕдзух дӕр кӕй фылдӕр кӕны, уый». Фӕлӕ цымӕ цӕй фӕрцы фылдӕр кӕнынц?
Сыгъдӕг уды архайд абон
9. а) Абон Хуыцауы дзырд сӕйраджыдӕр цӕмӕн уӕлахиз кӕны? ӕ) Иегъовӕ адӕмы йӕхимӕ куыд ӕввахс кӕны?
9 Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр Хуыцауы дзырд сӕйраджыдӕр уӕлахиз кӕны Иегъовӕйы сыгъдӕг уды хъомысджын архайды руаджы. Йесо загъта: «Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕн рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕрбакӕна, уӕд» (Иоанны 6:44). Ацы ныхӕстӕй ахӕм хатдзӕг скӕнӕн ис, ӕмӕ раст ахаст цы адӕмӕн ис, уыдоны Хуыцау йӕхимӕ хӕстӕг кӕны, йӕ уарзондзинадӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ кӕй бацагайы, уый руаджы. Йӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы Иегъовӕ йӕхимӕ ӕввахс кӕны «ӕппӕт адӕмтӕй хӕзнаты» — зӕххыл цы сабыр, фысы хуызӕн адӕм ис, уыдон (Аггей 2:6, 7).
10. Хуыцауы ныхас цавӕр адӕймӕгтӕ исынц?
Раргомад 5:9; 7:9, 10). Се ’хсӕн ис хъӕздгуытӕ дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕ дӕр, стыр ахуыргондтӕ дӕр ӕмӕ бынтондӕр ахуырдзинад кӕмӕ нӕй, ахӕмтӕ дӕр. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы дзырд райстой хӕст кӕнӕ карз ӕфхӕрды рӕстӕджы, иннӕтӕ та — сабыр ӕмӕ фӕрнджын рӕстӕджы. Цавӕрфӕнды хицауад сыл ма къухдариуӕг кӕна, цавӕрфӕнды ӕгъдӕуттыл ма уой хӕст, концлагерты уой ӕви райдзаст галуанты, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ сӕ зӕрдӕмӕ исынц хорз уацхъуыд.
10 Сыгъдӕг уд ӕрмӕст Хуыцауы адӕмы нӕ разӕнгард кӕны Хуыцауы дзырд ӕгас зӕххы къорийыл парахат кӕнынмӕ. Уый ма алыхуызон адӕмы дӕр разӕнгард кӕны хорз уацхъуыд исынмӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцауы дзырд исынц адӕм «алы фӕлтӕртӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ мыггӕгтӕй» (11. Хуыцауы адӕмы царды сыгъдӕг удӕн цавӕр ахадындзинад ис ӕмӕ цавӕр стыр хицӕндзинад зыны ирдӕй?
11 Кӕд Хуыцауы адӕм тынг алыхуызӕттӕ сты, уӕддӕр се ’хсӕн ис иудзинад (Псалом 132:1—3). Ӕмӕ уый та дзурӕг у, уыцы адӕмы царды Хуыцауы сыгъдӕг удӕн стыр ахадындзинад кӕй ис, ууыл. Йӕ сыгъдӕг уд йӕ лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕны хорздзинадмӕ, уый сын дӕтты тых уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад ӕмӕ ӕндӕр хорз миниуджытӕ ӕвдисынӕн (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Абон ирдӕй уынӕм, кӕддӕр пехуымпар Малахи цӕй тыххӕй дзырдта, уый: «Сымах... фендзыстут, рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджыты ’хсӕн, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн цы стыр хицӕндзинад ис, уый» (Малахи 3:18).
Хуыцауы дзырд уӕлахиз кӕны зынгзӕрдӕ кусджыты мидӕг
12. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ сӕ архайдмӕ адӕмӕн цавӕр ахаст вӕййы?
12 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не сты, ӕрмӕстдӕр аргъуанмӕ чи ӕрбацӕуы ӕмӕ чи ацӕуы, ахӕмтӕ. Уыдон зӕрдиагӕй хайад исынц хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау уыдон дӕр ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕндон, Иегъовӕйы Паддзахад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй адӕмӕн кӕй дзурынц, уымӕй. Уыдон сты Хуыцауы ӕмкусджытӕ, уымӕн ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг уд куыд амоны, афтӕ ӕмбырд кӕнынц иннӕты, цӕмӕй уыдон дӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕной. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисынц, ӕнӕуырнӕг адӕммӕ Иегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у ӕмӕ сӕ куыд уарзы, уыдон дӕр сӕ афтӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кӕнынц, уый. Стӕй сӕм кӕд бирӕтӕ бынтондӕр нӕ хъусынц, худынц сыл ӕмӕ сӕ ӕфхӕргӕ дӕр кӕнынц, уӕддӕр дарддӕр кӕнынц уыцы хъуыддаг. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты развӕлгъау бафӕдзӕхста, хорз уацхъуыдмӕ адӕмӕн сӕ ахаст алыхуызон кӕй уыдзӕни, уымӕй. «Цагъар йӕ хицауӕй стырдӕр нӕу. Кӕд Мӕн сырдтой, уӕд сымах дӕр сурдзысты; кӕд Мӕ дзырд сӕххӕст кодтой, уӕд сымах дзырд дӕр ӕххӕст кӕндзысты»,— загъта уый (Иоанны 15:20, «Мах дуг» № 5, 1992 аз).
13. Чырыстон дунейӕ хъауджыдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
13 Уӕдӕ ирдӕй уынӕм, фыццаг ӕнусы ӕцӕг чырысттӕ куыд кодтой, абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр афтӕ кӕй кӕнынц, уый. Раст ма афтӕ ирдӕй зыны, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон чырыстон дунейӕ куыд тынг хицӕн кӕнынц, уый дӕр. Иу диниртасӕг, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ куыд зӕрдиагӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй куы ныффыста, уый фӕстӕ сагъӕсгӕнгӕ загъта: «Цалынмӕ абоны аргъуантӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕнынмӕ сӕ ахаст нӕ фӕивой, уыцы хъуыддаг алы аргъуыдрайсӕг 1 Тимофеймӕ 2:3, 4).
чырыстон дӕр йӕ хӕсыл куыд нымайа, афтӕ, ӕмӕ уымӕй нӕ хицӕн кӕной ӕнӕуырнӕг адӕмӕй, уӕдмӕ зын зӕгъӕн у, ӕмӕ нӕ къухы фылдӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ бафта». Чырыстон дунейӕн цы миниуджытӕ нӕ фаг кӕны, уыдон иууылдӕр сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм! Сӕ цардӕгас, ӕцӕг, Библийыл бындуриуӕггӕнӕг уырнындзинад сӕ разӕнгард кӕны, чи сӕм хъусы, уыдонӕй алкӕимӕдӕр ӕцӕгады тыххӕй дзурынмӕ (14. Йесойӕн йӕ лӕггаддзинадмӕ цавӕр ахаст уыди ӕмӕ абон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та цавӕр ахаст ӕвдисынц?
14 Йесойӕн уӕлӕнгай ахаст никуы уыд йӕ лӕггаддзинадмӕ, уый уыд йе стырдӕр мӕт. «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон»,— загъта уый Пилатӕн (Иоанны 18:37). Ахӕм ахаст ис Хуыцауы адӕмӕн дӕр сӕ лӕггаддзинадмӕ. Библийы ӕцӕгад ӕдзухдӕр ис сӕ зӕрдӕты ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй йӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕной. Хаттӕй-хатт та уый тыххӕй равдисынц стыр ӕрхъуыдыдзинад дӕр.
15. Хорз уацхъуыд хъусын кӕнгӕйӕ иуӕй-иутӕ ӕрхъуыдыдзинад куыд равдыстой?
15 Хуссар Америкӕйы иу бӕстӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн ӕцӕгад фехъусын кӕнынмӕ дӕлӕмӕ цыдысты Амазонкӕйы фӕрсагдоныл. Фӕлӕ 1995 азы уыцы бӕстӕйы мидхӕст куы райдыдта, уӕд цӕугӕдоныл адӕмӕн цӕуыны бар нал лӕвӕрдтой. Ӕцӕгад базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмы фидар кӕнынӕн ӕфсымӕртӕ сфӕнд кодтой, цӕмӕй сын Библийы бындурыл уагъд журналтӕ дон-дон «ӕрвитой». Ныффыстой фыстӕджытӕ, семӕ сын нывӕрдтой журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!», уый фӕстӕ сӕ пластмассӕй арӕзт мигӕнӕнты нывӕрдтой ӕмӕ сӕ доны баппӕрстой. Афтӕ ӕххуыс кодтой уыцы адӕмӕн цыппар аз ӕмӕ ӕрдӕджы дӕргъы, цалынмӕ ногӕй доныл цӕуыны бар нӕ радтой, уӕдмӕ. Уыцы доны былтыл цӕрӕг адӕм тынг бузныг уыдысты Ӕвдисӕнтӕй уыцы литературӕйы тыххӕй. Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, иу ахӕм сылгоймаг та Ӕвдисӕнтыл ныттыхсти ӕмӕ сын цӕссыгкалгӕйӕ загъта: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ уӕ никуыуал фендзынӕн. Фӕлӕ пластмасс мигӕнӕнты мидӕг литературӕ исын куы райдыдтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, кӕй мӕ нӕ ферох кодтат!» Уыцы цӕугӕдоны былыл чи цард, уыдонӕй бирӕтӕ та загътой, журналтӕ-иу цалдӕргай хӕттыты кӕй кастысты. Уым цӕрӕнбынӕттӕй бирӕты уыди «посты хайад» — доныл-иу дӕлӕмӕ цы
ленк кодта, уыдон-иу цасдӕр рӕстӕг кӕм ӕрлӕууыдысты, ахӕм гыццыл хуыдым. Гъе ӕмӕ иу цымыдисгӕнӕг адӕм дӕр абӕрӕг-абӕрӕг кодтой уыцы хуыдым, «пост» нӕма ӕрцыд, зӕгъгӕ.16. Хаттӕй-хатт нын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фадат куыд фӕзыны?
16 Хорз уацхъуыд хъуыстгонд цӕуы Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ хъомысджын зӕдты разамынд ӕмӕ ӕххуысы руаджы (Раргомад 14:6). Ӕмӕ уый нӕхӕдӕг дӕр фӕхатӕм, ӕнӕнхъӕлӕджы нын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фадат куы фӕзыны, уӕд. Кенийы, горӕт Найробийы дыууӕ чырыстон хойы иу хӕдзары уацамынд куы фесты, уӕд сӕм иу ӕрыгон сылгоймаг тыхстхуызӕй бацыд ӕмӕ сын цингӕнгӕйӕ загъта: «Ӕз куывтон, цӕмӕй сымахӕй искӕуыл фембӕлон». Уырдыгӕй Ӕвдисӕнты комкоммӕ йӕ хӕдзармӕ акодта, цӕмӕй семӕ аныхас кодтаид ӕмӕ раст уыцы бон йемӕ ахуыр кӕнын райдыдтой Библи. Цымӕ уыцы сылгоймаг уыцы тагъдӕй хотӕм цӕмӕн бацыд? Дыууӕ къуырийы размӕ йӕ гыццыл чызг кӕй амард, уымӕ гӕсгӕ иу лӕппуйы къухы трактат «Нӕ зынаргъ амӕлджытӕн цы ныфс ис», зӕгъгӕ, куы федта, уӕд ӕй тынг фӕндыд йӕ бакӕсын ӕмӕ йын ӕй куырдта. Уый йын трактат нӕ радта, фӕлӕ йын бацамыдта, чи йын ӕй радта, уыцы Ӕвдисӕнтӕм. Цыбыр рӕстӕгмӕ уыцы сылгоймаг сарӕзта хорз къахдзӕфтӕ ӕмӕ йын ныр ӕнцондӕр уыд, йӕ зынаргъ хъӕбулы мӕлӕтӕн быхсын.
Хуыцауы уарзондзинад уӕлахиз кӕны
17—19. Иегъовӕ ахӕстаргъ кӕй бафыста, уымӕй цавӕр уарзондзинад равдыста?
17 Хуыцауы дзырд ӕгас зӕххыл кӕй апарахат, уый ӕнгом баст у Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондимӕ. Куыд ахӕстаргъ, афтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр дзурӕг у, Иегъовӕ ӕппӕт адӕмы дӕр кӕй уарзы, ууыл. Хуыцауы удцырынӕй апостол Иоанн ныффыста: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне [ӕппӕт адӕмы дӕр], ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард» (Иоанны 3:16).
18 Ахъуыды ма кӕн, Иегъовӕ ахӕстаргъ кӕй бафыста, уымӕй цы уарзондзинад равдыста, ууыл. Мин-мин азты дӕргъы йӕ зынаргъ, йӕ иунӕггуырд Фырт, «Хуыцауы сфӕлдыстыты райдайӕн», ӕдзухдӕр уыд йемӕ ӕмӕ сын уыд тынг ӕнгом ахастытӕ (Раргомад 3:14). Йесо тынг уарзы йӕ Фыды, Иегъовӕ та йӕ Фырты бауарзта «дунейӕн бындур ӕрӕвӕрыны размӕ» (Иоанны 14:31; 17:24). Фӕлӕ адӕмӕн ӕнусон цард радтыны сӕраппонд Иегъовӕ йӕ уарзон Фырты радта мӕлӕтмӕ. Цӕй ӕнӕкӕрон уарзондзинад равдыста, ӕвӕдза, уымӕй ӕппӕт адӕммӕ дӕр!
19 «Хуыцау нӕ рарвыста Йӕ Фырты дунемӕ тӕрхон кӕнынмӕ, фӕлӕ цӕмӕй дуне Уый фӕрцы фервӕза»,— дзырдӕуы Иоанны 3:17-ӕм стихы. Уый нысан кӕны, Иегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй ӕрӕрвыста адӕмӕн тӕрхон скӕнынмӕ кӕнӕ сӕ бафхӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сӕ цӕмӕй уарзондзинадӕй фервӕзын кодтаид. Ацы хъуыды ирдӕй зыны Петры ныхӕстӕй: «[Иегъовӕйы] нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9).
20. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ирвӕзындзинад баст у хорз уацхъуыд хъусын кӕнынимӕ?
20 Цӕмӕй ирвӕзындзинадӕн юридикон бындур уыдаид, уый тыххӕй Иегъовӕйы кӕд тынг стыр аргъ хъуыд бафидын, уӕддӕр ӕй бафыста, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы фервӕзын кӕнын. Апостол Павел фыста: «„Алкӕцы, чи ӕрсида Хицауы номмӕ, фервӕздзӕн“. Фӕлӕ куыд фӕсидой Уымӕ, Кӕцыйыл нӕ баууӕндыдысты? Куыд ӕууӕндгӕ у Ууыл, Кӕцыйы тыххӕй нӕ фехъуыстой? Куыд фехъусгӕ у ӕнӕ хъусынгӕнӕгӕй?» (Ромӕгтӕм 10:13, 14).
21. Хъусын кӕныны фадат нын кӕй ис, уымӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?
21 Цӕй стыр кад у махӕн уыцы ӕппӕтдунеон 2 Петры 3:13).
хъусын кӕныны ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаджы хайад исын! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнцон куыст нӕу, фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, куыд ӕхсызгон вӕййы, Иегъовӕ куы фӕуыны, йӕ адӕм ӕцӕгадыл ӕнувыд кӕй сты ӕмӕ хорз уацхъуыд иннӕтӕн кӕй хъусын кӕнынц, уый! Уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр ӕххуысӕн курӕм Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕмӕ нӕ зӕрдӕты хӕссӕм, уыцы хъуыддаджы хайад исынмӕ нӕ цы уарзондзинад разӕнгард кӕны, уый. Уымӕй дарддӕр ма нӕ зӕрдыл дарӕм, хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаг ӕгас дунейыл дӕр йӕ кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕны, ӕмӕ уый Иегъовӕ Хуыцауӕн кӕй дӕтты ӕппӕт бартӕ дӕр, цӕмӕй тагъд рӕстӕджы сӕххӕст кӕна йӕ зӕрдӕвӕрд — рӕстдзинад кӕм цӕры, уыцы диссаджы «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» ӕрӕвӕра (Хъуыды ма кӕныс?
• Аздӕхынадӕн йӕ бон цӕуылнӕ сси хорз уацхъуыд чи хъусын кодта, уыдоны бауромын?
• Хуыцауы дзырд нӕ рӕстӕджы куыд фӕуӕлахиз?
• Хуыцауы сыгъдӕг уд абон куыд архайы?
• Ахӕстаргъ ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаг кӕрӕдзиуыл куыд баст сты?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Таблицӕ/Ныв 24 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
Паддзахады хъусынгӕнджыты нымӕцы рӕзт XX ӕнусы.
Хъусынгӕнджыты нымӕц рӕстӕмбис нымадӕй (милуантӕй)
6,0
5,5
5,0
4,5
4,0
3,5
3,0
2,5
2,0
1,5
1,0
0,5
1900 1910 1920 1930 1940 1950 1960 1970 1980 1990 2000
[Ныв 25 фарсыл]
Ӕгас дунейы дӕр адӕм сӕ зӕрдӕмӕ исынц хорз уацхъуыд.
[Ныв 26 фарсыл]
Куыд Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд, афтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр дзурӕг у Хуыцауы уарзондзинадыл.
[Нывтӕ 27 фарсыл]
ИЕРОНИМ
ТИНДАЛЬ
ГУТТЕНБЕРГ
ГУС
[Барлӕвӕрдӕй]
Gutenberg and Hus: From the book The Story of Liberty, 1878.
[Ныв 27 фарсыл]
1920-ӕм азтӕ. Библииртасджытӕ хъусын кӕнынц хорз уацхъуыд.