Рохгӕнаг хъусджытӕ макуы суӕм
Рохгӕнаг хъусджытӕ макуы суӕм
«Ут дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ, фӕлӕ ӕрмӕст хъусджытӕ нӕ, уӕхӕдӕг уӕхи сайджытӕ» (ИАКОВЫ 1:22).
1. Рагон Израилы адӕм сӕхи цӕстӕй цавӕр диссӕгтӕ федтой?
«ӔНӔФЕРОХГӔНГӔ ЦАУ». Ацы ныхӕстӕ иттӕг хорз ӕвдисынц, рагзаманты Иегъовӕ Египеты цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый. Дӕс ӕфхӕрдӕй алкӕцыдӕр уыди ӕвирхъау бӕллӕх. Уыцы бӕллӕхты фӕстӕ ӕрцыд ӕндӕр диссагӕн дзуринаг цау: Израилы адӕм ахызтысты, йӕ дӕттӕ дыууӕ дихы кӕмӕн фесты, уыцы Сырх денджызыл ӕмӕ цагъарадӕй ссӕрибар сты (Дыккаг закъон 34:10—12). Уыцы диссӕгтӕ ды дӕхи цӕстӕй куы федтаис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох кодтаис, Кӕй руаджы ӕрцыдысты, уый. Фӕлӕ уыцы диссӕгтӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдоны тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «[Израилӕгтӕ] ферох кодтой Хуыцауы, сӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, Египеты стыр диссаг саразӕджы, диссаг Хамы зӕххыл, тӕссаг Сырх денджызы былыл» (Псалом 105:21, 22).
2. Израилӕгтӕ Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕй бирӕ рӕстӕг кӕй нӕ уыдысты бузныг, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
2 Израилӕгтӕ Сырх денджызыл куы ахызтысты, уӕд «тӕрсын райдыдтой Иегъовӕйӕ ӕмӕ баууӕндыдысты Иегъовӕйыл» (Рацыд 14:31). Моисеимӕ иумӕ израилаг лӕгтӕ ныззарыдысты Иегъовӕйы уӕлахизы зарӕг, Мариам ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ та цагътой далафӕндыртыл ӕмӕ фырцинӕй кафыдысты (Рацыд 15:1, 20). Бӕгуыдӕр, Иегъовӕйы стыр хъуыддӕгтӕ йӕ адӕмыл тынг бандӕвтой, тынг дзы фӕбузныг сты. Фӕлӕ сын уыцы хорз зӕрдӕйы уаг бирӕ нӕ ахаста. Цасдӕры фӕстӕ дзы бирӕтӕ сӕхи афтӕ дарын райдыдтой, цыма рохнизӕй рынчын уыдысты. Уыдон райдыдтой Иегъовӕйыл хъуыр-хъуыр кӕнын ӕмӕ дзы хъаст кӕнын. Чидӕртӕта сӕ табу кӕнын райдыдтой гуымирытӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл бафтыдысты (Нымӕцтӕ 14:27; 25:1—9).
Рох кӕнын куыд райдайӕм?
3. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ цы ферох уа?
3 Израилӕгтӕ афтӕ ӕбузныг куыд разындысты, уый тынг зын бамбарӕн у. Фӕлӕ ахӕм хъуыддаг, гӕнӕн ис, ӕрцӕуа махыл дӕр. Раст у, абон Хуыцау ахӕм диссӕгтӕ не ’вдисы. Фӕлӕ Хуыцауы цы зонӕм, уымӕй мах дӕр нӕхиуыл бавзӕрстам, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цаутӕ. Чи нӕ нӕ хъуыды кӕны, Библийы ӕцӕгад йӕ зӕрдӕмӕ куы бахъардта, ӕмбарын ӕй куы райдыдта, уыцы бонтӕ, кӕнӕ, Иегъовӕмӕ куы куывтам ӕмӕ йын нывонддзырд куы радтам, уый фӕстӕ та ӕцӕг чырыстон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мах дӕр донаргъуыд куы райстам, уыцы амондджын уысмтӕ. Бирӕтӕ нӕ сӕхицӕй зонынц, Иегъовӕ нын царды алыхуызон хъуыддӕгты куыд ӕххуыс кӕны, уый (Псалом 117:15). Сӕйраджы дӕр та, Хуыцау йӕ Фырт Йесо Чырыстийы нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы нӕ алкӕмӕндӕр ис фервӕзыны ныфс (Иоанны 3:16). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдӕйы тӕригъӕдджын монцтӕ абухын куы райдайынц кӕнӕ нын царды цыдӕр зындзинӕдтӕ куы фӕзыны, уӕд ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй нӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уайтагъд ӕрбайрох уой Иегъовӕйы хорздзинӕдтӕ.
4, 5. а) Чырыстонӕн рохгӕнаг хъусӕг суӕвынӕй тӕссаг кӕй у, уымӕй Иаков куыд фӕдзӕхста? ӕ) Иаков адӕймаг ӕмӕ кӕсӕны тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уымӕй куыд у нӕ бон спайда кӕнын?
4 Йесойы ӕфсымӕр Иаков, мадӕй иу, фыдӕй хицӕн кӕимӕ уыдис, уый йӕ ӕрвысты йе ’мчырыстӕтты фӕдзӕхста, тӕссаг кӕй у, чырыстон рохгӕнаг хъусӕг куы суа, уымӕй. Уый фыста: «Ут дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ, фӕлӕ ӕрмӕст хъусджытӕ нӕ, уӕхӕдӕг уӕхи сайджытӕ. Уымӕн ӕмӕ дзырд чи хъусы, фӕлӕ йӕ ӕххӕст чи нӕ кӕны, уый у йӕ ӕрдзон цӕсгоммӕ кӕсӕнмӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн: уый бакаст Иаковы 1:22—24). Ацы ныхӕстӕй Иаковы цы зӕгъын фӕндыд?
йӕхимӕ, иуварс ацыд — ӕмӕ уыцы сахат ферох кодта, цы хуызӕн у, уый» (5 Райсомӕй куы сыстӕм, уӕд нӕ алчидӕр кӕсӕны йӕхимӕ бакӕсы, цӕмӕй фена, йӕхи бадзӕбӕхтӕ кӕнын ӕй кӕм хъӕуы, уый. Фӕлӕ исты куы фӕаразӕм ӕмӕ хъуыдыты куы аныгъуылӕм, уӕд кӕсӕны цы федтам, уый нӕ ӕрбайрох вӕййы. Афтӕ ӕрцӕуы Хуыцауимӕ нӕ ахастытыл дӕр. Хуыцауы Ныхасы айдӕны нӕхимӕ лӕмбынӕг куы фӕкӕсӕм, уӕд цыхуызӕн стӕм, уый нӕ бон абарын вӕййы, Иегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыимӕ. Иудзырдӕй, нӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕм айдӕны кӕсӕгау разынынц. Ӕмӕ нӕ уый разӕнгард кӕны нӕ удыхъӕд ивынмӕ. Фӕлӕ царды ӕрвылбоны хъуыддӕгты ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕй сагъӕстыл куы фӕвӕййӕм, уӕд нӕ нал февдӕлы, Хуыцауимӕ нӕ ахастытӕ цы уавӕры сты, ууыл хъуыды кӕнынмӕ (Матфейы 5:3, НД; Лукайы 21:34). Ӕмӕ нӕ афтӕмӕй ӕрбайрох вӕййы, Хуыцау нын йӕ уарзондзинадӕй цы бирӕ хорздзинӕдтӕ аразы, уый. Хъуыддаг уый онг куы ӕрцӕуы, уӕд та нӕ бон нал вӕййы нӕ тӕригъӕдджын монцты ныхмӕ лӕууын дӕр.
6. Цӕмӕй Иегъовӕйы ныхас ма рох кӕнӕм, уый тыххӕй нын Библийӕ цавӕр скъуыддзаг баххуыс кӕндзӕн?
6 Апостол Павел, сыгъдӕг удӕй цырынгонд уӕвгӕйӕ, Коринфӕгтӕм фыццаг ӕрвыст куы фыста, уӕд сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куыд рохгӕнаг уыдысты, уый. Иугӕр Павелы ныхӕстӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн ахъаз фесты, уӕд махӕн дӕр хъуамӕ баххуыс кӕной, цӕмӕй Иегъовӕйы ныхас ма рох кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, 1 Коринфӕгтӕм 10:1—12-ӕм стихты цы фыст ис, уымӕ.
Зӕххон цыбӕлтӕ иуварс кӕн
7. Израилӕгтӕ куыд базыдтой, Иегъовӕ сӕ кӕй уарзы, уый?
7 Павел израилӕгты тыххӕй цы загъта, уый чырыстӕттӕн у зондзонӕн. Зӕгъӕм, Павел фыста: «Нӕ мӕ фӕнды, ӕфсымӕртӕ, сымах нӕ зонынады ныууадзын нӕ фыдӕлтӕ иуылдӕр кӕй уыдысты ӕврагъы бын ӕмӕ иуылдӕр ацыдысты денджызы ӕхсӕнты; ӕмӕ иуылдӕр саргъуыдтой Моисейы мигъы ӕмӕ денджызы» (1 Коринфӕгтӕм 10:1—4). Моисейы заманы Израилы адӕм сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау йе стыр хъомыс куыд равдыста, уый, уыимӕ сӕ боныгон цӕй руаджы кодта ӕмӕ сын Сырх денджызыл ахизынӕн цӕй фӕрцы баххуыс кодта, уыцы цӕджындзы хуызӕн мигъы къуымбил дӕр (Рацыд 13:21; 14:21, 22). Йе уымӕй базыдтой израилӕгтӕ, Иегъовӕ сӕ кӕй уарзы, уый.
8. Израилӕгтӕ Хуыцауы кӕй ферох кодтой, уый тыххӕй сыл цы ӕрцыд?
8 «Фӕлӕ,— дзуры дарддӕр Павел,— сӕ фылдӕр Хуыцауы хорзӕх не ссардта; афтӕмӕй ӕдзӕрӕджы [ӕдзӕрӕг быдыры] бынысӕфтмӕ ӕрцыдысты» (1 Коринфӕгтӕм 10:5, НФ). Хъыгагӕн, Египетӕй чи ссӕрибар, уыцы израилӕгтӕн сӕ фылдӕр сӕхӕдӕг сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны фадатӕй. Хуыцауыл кӕй нал ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты, ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕмардысты (Дзуттытӕм 3:16—19). Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Павел дзуры: «Уыдон та уыдысты махӕн фӕлгонцтӕн, цӕмӕй мах ма уӕм фыддзинадмӕ здӕхт, уыдон куыд уыдысты» (1 Коринфӕгтӕм 10:6).
9. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн цы радта ӕмӕ израилӕгтӕн уымӕ цавӕр ахаст уыд?
9 Цӕмӕй израилӕгтӕн ӕдзӕрӕг быдыры Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ уыдаид, уымӕн сын алцыдӕр уыди. Уыдон Иегъовӕимӕ цӕдисы бацыдысты ӕмӕ систы йӕ адӕм. Лӕвӕрд сын ӕрцыд сауджынтӕ, кувынӕн хӕсгӕ цатыр, ӕмӕ Иегъовӕйӕн нывӕндтӕ куыд хӕссын хъуыд, ахӕм бӕрӕг фӕтк. Уыцы диссаджы монон лӕвӕрттыл цин кӕныны бӕсты уыдон нал ӕрвӕссыдысты Хуыцау сын цы хӕринаг лӕвӕрдта, ууыл (Нымӕцты 11:4—6).
10. Царды алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
10 Ӕдзӕрӕг быдырты рахау-бахаугӕнӕг израилӕгтӕй хъауджыдӕр Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны, зӕххыл ын абон цы адӕм ис, уыдонӕй. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр нӕ хъуамӕ алчидӕр Хуыцауы йӕ зӕрдыл дара. Уый фӕрцы ныл нӕ хиуарзон фӕндтӕ афтӕ никуы стых уыдзысты, ӕмӕ цы аразӕм, уый мауал ӕмбарӕм. Нӕ тыхтӕ ӕгасӕй дӕр хъуамӕ уымӕ радтӕм, «цӕмӕй... аиуварс кӕнгӕйӕ ӕнӕрӕстдзинад ӕмӕ дунейаг фӕндӕттӕ, ӕдӕгъдауӕй, раст ӕмӕ хорз намысы цӕрӕм ныры ӕнусы» (Титмӕ 2:12). Чырыстон ӕмбырдмӕ нӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ чи цӕуы, уыдон афтӕ макуы хъуыды кӕнӕнт, ӕмӕ царды цыдӕр хорздзинадӕй цух зайынц. Ахӕм хъуыдытӕ нӕм куыддӕр фӕзыной, афтӕ-иу ӕрхъуыды кӕнӕм Иегъовӕйы ӕмӕ нын сомбон цы диссаджы хорздзинӕдтӕ цӕттӕ кӕны, уыдон (Дзуттытӕм 12:2, 3).
Алцӕмӕйдӕр коммӕгӕс уӕм Иегъовӕйӕн
11, 12. Адӕймаг къухӕй конд гуымирытӕн куы нӕ кува, уӕддӕр куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ гуымирытӕн кувӕг суа?
11 Павел ма нӕ фӕдзӕхсы ӕндӕр хъуыддагӕй дӕр: «Ма ут афтӕ гуымирытӕн кувджытӕ дӕр, уыдонӕй иуты хуызӕн, кӕцыты тыххӕй фыст ис: „адӕм ӕрбадтысты хӕрынмӕ ӕмӕ нуазынмӕ ӕмӕ сыстадысты хъазынмӕ“» (1 Коринфӕгтӕм 10:7). Ацы стихты Павел дзуры израилӕгтӕ Аароны сыгъзӕрин род саразыныл куы сразы кодтой, уый тыххӕй (Рацыд 32:1—4). Абон нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гуымирыйӕн комкоммӕ ничи кувдзӕн, фӕлӕ нӕ уӕддӕр хызт ничи у, нӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл цӕугӕйӕ, Иегъовӕйӕ дарддӕрӕй-дарддӕр куы кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй гуымирытӕн кувджытӕ куы суӕм, уымӕй (Колоссӕгтӕм 3:5).
12 Иннӕ ран та Павел дзуры, Хуыцауы хъуыддӕгтӕй йӕхи удыл тынгдӕр чи тыхсти, уыдоны тыххӕй. «Чырыстийы дзуары [«хъизӕмӕртты цӕджындзы», НД] знӕгтау сӕхи чи дардта», уыдоны тыххӕй Павел фыста: «Сӕ кӕрон — бынысӕфт, сӕ Хуыцау — [сӕ] гуыбын» (Филиппӕгтӕм 3:18, 19, НФ). Уыцы адӕм къухӕй конд гуымирыйӕн нӕ куывтой. Сӕ хуыцау уыди мулк ӕмӕ хъӕздыгдзинад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕ фӕбӕллӕм, уыдон иууыл ӕвзӕр нӕ вӕййынц. Иегъовӕ нӕ ахӕм зӕрдӕимӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ цыдӕртӕ хъӕуы, фӕнды нӕ бирӕ цӕуылдӕрты цин кӕнын. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы цыбӕлтӕ Хуыцауимӕ ахастытӕй уӕлдӕр чи ӕвӕры, уыдон свӕййынц гуымирытӕн кувджытӕ (2 Тимофеймӕ 3:1—5).
13. Сыгъзӕрин роды хабар нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?
13 Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сарӕзтой сыгъзӕрин род, цӕмӕй йын табу кодтаиккой. Уыцы хабар нӕ, гумирытӕй нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм, канд ууыл нӕ ахуыр кӕны, фӕлӕ ма ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддагыл. Израилӕгтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой Иегъовӕйы фӕдзӕхст (Рацыд 20:4—6). О, фӕлӕ сӕ уый дӕр нӕ фӕндыд, цӕмӕй Иегъовӕ бынтондӕр мауал уыдаид сӕ Хуыцау. Уыдон къухӕй конд родӕн нывӕндтӕ цы бон хастой, уыцы бон схуыдтой «Иегъовӕйы бӕрӕгбон». Цӕмӕдӕр гӕсгӕ сӕхи сайдтой ахӕм хъуыдыйӕ, ома сын Хуыцау сӕ хивӕнд ми ницӕмӕ ӕрдардзӕн. Ӕцӕгӕй та уый Иегъовӕйӕн уыди карды рӕхуыстау ӕмӕ сӕм йӕ маст рафыхти (Рацыд 32:5, 7—10; Псалом 105:19, 20).
14, 15. а) Израилӕгтӕ рохгӕнаг хъусджытӕ кӕй систы, уымӕн сын ӕфсон ссарӕн цӕуылнӕ уыди? ӕ) Кӕд нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй рохгӕнаг хъусджытӕ суӕм, уӕд нын Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм цавӕр ахаст хъуамӕ уа?
14 Зын зӕгъӕн у, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй исчи сыста ӕмӕ мӕнг диныл ныххӕца. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ кӕд ӕмбырд нӕ ныууадзынц, Рацыд 20:18, 19, 22, 23). Ӕмӕ уӕддӕр сыгъзӕрин родӕн райдыдтой табу кӕнын.
уӕддӕр цыдӕр хъуыддӕгты нӕ хъусынц Иегъовӕйы ныхасмӕ. Израилӕгтӕ рохгӕнаг хъусджытӕ кӕй систы, уымӕн сын ницы ӕфсон ис ссарӕн. Уыдон сӕхи хъустӕй фехъуыстой Дӕс фӕдзӕхсты, стӕй Моисей куы фехъусын кодта Хуыцауы бардзырд, «мӕ разы ма аразут уӕхицӕн хуыцӕуттӕ ӕвзистӕй, ма аразут хуыцӕуттӕ сыгъзӕринӕй дӕр», зӕгъгӕ, уӕд дӕр уым уыдысты (15 Мах дӕр рохгӕнаг хъусджытӕ цӕмӕй суӕм, уымӕн нын ницы ӕфсон ис. Фыстады руаджы нын Хуыцау амоны, царды бирӕ фӕзилӕнты нӕхи куыд дарӕм, уый. Зӕгъӕм, Иегъовӕйы Ныхас комкоммӕ дзуры, адӕймаг хӕс куы райса ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ куы нӕ радта, уӕд уый кӕй у тӕригъӕд (Псалом 36:21). Сывӕллӕттӕн Хуыцау фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой, фыдӕлтӕй та домы, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕной «Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Ефесӕгтӕм 6:1—4). Ӕвзонг чырыстӕттӕн дзуры, цӕмӕй ус курой ӕмӕ мой кӕной «ӕрмӕст Хицауы мидӕг». Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон та фӕдзӕхст цӕуынц: «Уӕ къайад уӕд ӕууӕнкджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ӕнаипп; хӕтӕгтӕ ӕмӕ хъахбайтӕн та тӕрхон кӕны Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 7:39; Дзуттытӕм 13:4). Кӕд нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй рохгӕнаг хъусджытӕ суӕм, уӕд уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ма Хуыцауы иннӕ амындтӕм дӕр уазал цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм, фӕлӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм.
16. Израилӕгтӕ сыгъзӕрин родӕн кӕй табу кодтой, уый тыххӕй сыл цы ’рцыд?
16 Израилӕгтӕн сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ куы сфӕнд кодтой Иегъовӕйӕн табу кӕнын, уӕд сӕ бафхӕрдта. 3 000 адӕймаджы, ӕвӕццӕгӕн, сыгъзӕрин родӕн табу кӕныны фыццӕгтӕ чи уыдысты, уыдон цагъд ӕрцыдысты. Иннӕ ӕвзӕргӕнджыты дӕр Иегъовӕйы фыдӕх баййӕфта (Рацыд 32:28, 35). Цӕй диссаджы зондзонӕн у, ӕвӕдза, уый, Хуыцауы Ныхас чи кӕсы, фӕлӕ йӕхи, куыд ӕй фӕнды, афтӕ чи дары, уыдонӕн!
«Лидзут хӕтындзинадӕй»
17. 1 Коринфӕгтӕм 10:8-ӕм стихы цӕй кой цӕуы?
17 Нӕ буары цыбӕлты аххосӕй ма Хуыцауы куыд ис ферохгӕнӕн, уый тыххӕй Павел загъта: «Нӕ кӕндзыстӕм хӕтгӕ, уыдонӕй иутӕ куыд хаттысты, афтӕ, ӕмӕ иу бон уыдонӕй фӕмардис дыууын ӕртӕ мины» (1 Коринфӕгтӕм 10:8). Ам Павел ракодта, 40 азы ӕдзӕрӕг быдырты рахау-бахауы ӕмгъуыд йӕ кӕронмӕ куы ӕрхӕццӕ, уӕд израилӕгтыл Моавы быдырты цы хабар ӕрцыд, уый кой. Израилӕгтӕ Иегъовӕйы ӕххуысӕй Иорданы скӕсӕны ’рдыгӕй цы зӕххытӕ уыд, уыдон сӕхи куы бакодтой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, фӕлӕ дзы бирӕтӕй бынтондӕр ферох сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ. Зӕрдӕвӕрд зӕххы тӕккӕ къӕсӕрыл уыдон сӕ монцы фӕдыл ацыдысты, ӕнӕгъдаудзинадыл бафтыдысты ӕмӕ табу кӕнын райдыдтой мӕнг хуыцау Ваал-Фегорӕн. Уыйадыл 24 000 адӕймаджы бӕрц куынӕггонд ӕрцыдысты, уыдонӕй 1 000 уыдысты сӕ амидингӕнджытӕ (Нымӕцты 25:9).
18. Адӕймаджы ӕнӕгъдау мимӕ цавӕр уагахаст ӕркӕны?
18 Иегъовӕйы адӕм абон зындгонд сты сӕ хӕрзӕгъдау цардӕй. Фӕлӕ чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕнӕгъдаудзинад саразыны фӕлварӕны куы бахаудысты, уӕд сӕ Хуыцау дӕр ферох ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ дӕр. Уыдон систы рохгӕнаг хъусджытӕ. Зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ фӕлварӕн комкоммӕ хӕтындзинадӕй кӕй нӕ райдайы. Уый размӕ уал адӕймаг саразы ӕндӕр къахдзӕфтӕ, зӕгъӕм: порнографийыл кӕй фӕцахуыр, ӕнӕфсарм дзырдӕппарӕнтӕ кӕнӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ кӕнын кӕй райдайы, йе та хӕлд адӕймӕгтимӕ кӕй сиу вӕййы — уый. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ та чырыстоны ӕнцонӕй ӕркӕнынц ӕнӕгъдау мимӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:33; Иаковы 4:4).
19. «Хӕтындзинадӕй лидзынӕн» нын Библийӕ цавӕр уынаффӕ ӕххуыс кӕны?
19 Нӕ зӕрдӕйы чъизи монцтӕ куы стыхджын уой ӕмӕ нӕ сӕ фӕдыл куы сайой, уӕддӕр хъуамӕ Иегъовӕйы ма рох кӕнӕм. Хъуамӕ архайӕм, йӕ Ныхас нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ гӕсгӕ (Псалом 118:1, 2, НД). Чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ, нӕ фылдӕр азӕй-азмӕ кӕнынц хӕрзӕгъдау цард, фӕлӕ уӕддӕр цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразӕм, уый тыххӕй хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын (1 Коринфӕгтӕм 9:27). Павел Ромы чырыстӕттӕм фыста: «Се ’ппӕтӕн зындгонд фӕци уӕ уисӕн; ай тыххӕй цин кӕнын сымахыл. Фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй хорзырдӕм зӕндджын уат, фыдмийы ’рдӕм та ӕназымджын» (Ромӕгтӕм 16:19, НФ). 24 000 израиладжы сӕ тӕригъӕдты тыххӕй куыд ныццагъды сты, афтӕ абоны хӕтаг адӕм ӕмӕ иннӕ ӕвзӕргӕнджыты дӕр рӕхджы баййафдзӕн Иегъовӕйы фыдӕх (Ефесӕгтӕм 5:3—6). Уӕдӕ мах макуы суӕм рохгӕнаг хъусджытӕ, фӕлӕ дарддӕр дӕр «лидзӕм хӕтындзинадӕй» (1 Коринфӕгтӕм 6:18).
Иегъовӕ нын цы дӕтты, уымӕй алкӕддӕр бузныг уӕм
20. Израилӕгтӕ Иегъовӕйы куыд фӕлвӕрдтой ӕмӕ сыл уый тыххӕй цы ’рцыд?
20 Чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр ӕнӕфсарм, цъаммар хъуыддаг сӕ сӕрмӕ никуы бахӕссынц. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕйдӕр хъӕуы йӕхимӕ кӕсын, цӕмӕй хъуыр-хъуыргӕнаг ма суа ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕхудты ма бацӕуа. Павел нӕ фӕдзӕхсы: «Нӕ райдайдзыстӕм фӕлварын Чырыстийы [«Иегъовӕйы», НД], уыдонӕй иутӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ, ӕмӕ фӕмардысты кӕлмытӕй. Хъуыр-хъуыр ма кӕнут, уыдонӕй иутӕ куыд хъуыр-хъуыр кодтой афтӕ, ӕмӕ цӕгъдӕг амардта уыдоны» (1 Коринфӕгтӕм 10:9, 10). Израилӕгтӕн диссаджы хуызы цы маннӕ цыд лӕвӕрд, ууыл кӕй нал ӕрвӕссыдысты, уымӕй уыдон хъуыр-хъуыр кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл — растдӕр зӕгъгӕйӕ та Хуыцауӕн йӕхиуыл (Нымӕцты 16:41; 21:5). Цымӕ Иегъовӕйы раз, хӕтгӕ чи кодта, уыдонӕй уыцы хъуыр-хъуыргӕнджытыл къаддӕр азым уыди? Библийы кӕсӕм, хъуыр-хъуыргӕнджытӕй бирӕтӕ кӕлмыты хӕстӕй кӕй фӕмардысты (Нымӕцтӕ 21:6). Уый размӕ та 14 700 израиладжы фӕцагъдысты сӕ хъуыр-хъуыры тыххӕй (Нымӕцтӕ 16:49). Уӕдӕ нын Иегъовӕ цы дӕтты, ууыл былысчъилтӕ макуы кӕнӕм, ӕмӕ йын йӕ фӕразондзинад ма фӕлварӕм.
21. а) Хуыцауы удӕй цырынгонд уӕвгӕйӕ, Павел цавӕр зондамынд ныффыста? ӕ) Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй, Иаковы 1:25-ӕм стихы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы хъӕуы?
21 Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн рагзамантӕй цы дӕнцӕгтӕ ӕрхаста, уыдон фӕуд кӕны ахӕм зондамындӕй: «Адӕттӕ цыдысты уыдоныл, куыд фӕлгонцтӕ; фыст та ӕрцыдысты махӕн зонд амоныны тыххӕй, фӕстаг ӕнустӕм рахӕццӕ уӕвджытӕн. Уымӕ гӕсгӕ, чи хъуыды кӕны, уый кӕй лӕууы, хъахъхъӕн, цӕмӕй ма ахауай» (1 Коринфӕгтӕм 10:11, 12). Израилӕгтау мах дӕр Иегъовӕйӕ райстам стыр арфӕдзинӕдтӕ. Фӕлӕ уыдонӕй хъауджыдӕр мах макуы ферох кӕнӕм, Хуыцау нын цы хорздзинӕдтӕ аразы, уыдон. Уӕдӕ-иу нӕ царды сагъӕстӕ сӕ быны куы скӕной, уӕд-иу нын ӕнцойдзинад хӕссӕнт, йӕ Ныхасы нын цы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ дӕтты, уыдон. Цӕй ӕмӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, Иегъовӕимӕ нын ахӕм ӕнгом ахастытӕ кӕй ис, уымӕн, ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнӕм нӕ бӕрны нын цы хӕс бакодта, уый — Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын, уымӕн ӕмӕ нын Фыстад зӕрдӕ ӕвӕры: «Чи бамбара ӕххӕст закъон, сӕрибары закъон, ӕмӕ уый мидӕг уа, уый рохгӕнаг хъусӕг нӕу, фӕлӕ у хъуыддӕгтӕй ӕххӕстгӕнӕг, ахӕм тӕхудиаг у йӕ хъуыддӕгты» (Иаковы 1:25).
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Адӕймаг рохгӕнаг хъусӕг куыд свӕййы?
• Алы хъуыддаджы дӕр нӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын цӕмӕн хъӕуы?
• Куыд у нӕ бон «хӕтындзинадӕй лидзын»?
• Иегъовӕ нын цы дӕтты, уымӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 9 фарсыл]
Израилӕгтӕ ферох кодтой, Иегъовӕ сын цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон.
[Ныв 10 фарсыл]
Иегъовӕйы адӕм дарддӕр дӕр кӕндзысты хӕрзӕгъдау цард.