Ахуыр цӕуыл дӕ, уый дын пайда хӕссӕд
Ахуыр цӕуыл дӕ, уый дын пайда хӕссӕд
ИУ ЛӔГ 12 азы фӕцарди Афинӕты, горӕтгӕрон. Алыбон дӕр куыстӕй хӕдзармӕ цыди уыцы иу фӕндагыл. Стӕй ӕрцарди горӕты иннӕ кӕрон. Иу бон куысты фӕстӕ ацыди хӕдзармӕ. Раздӕр кӕм царди, уырдӕм куы бахӕццӕ, ӕрмӕстдӕр уӕд бамбӕрста, раст фӕндагыл кӕй нӕ рацыд, уый. Уыцы фӕндагыл цӕуын ахуыр кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ ӕрбацыди йӕ раздӕры хӕдзармӕ!
Диссаг нӕу, адӕймаг истӕуыл ахуыр куы вӕййы, уӕд дзы кӕй фӕзӕгъынц, уый йӕ туджы ис, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый тынг фӕзыны йӕ цардыл. Ацы ран, адӕймаг ахуыр цӕуыл уа, уый абарӕн ис артимӕ. Арт, гӕнӕн ис, уа ӕхсызгон, талынджы куы рухс кӕна, уӕд, стӕй ма нӕ бон у артмӕ нӕхи батавын ӕмӕ йыл хӕринаг схъарм кӕнын. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, арт уа, адӕмы ӕмӕ сын сӕ мулк бынысӕфт чи фӕкӕна, ахӕм ӕгъатыр знаг дӕр. Афтӕ ис зӕгъӕн, адӕймаг истӕуыл куы сахуыр уа, уӕд дӕр. Хорз хъуыддӕгтыл ахуыр куы уӕм, уӕд нын уый тынг ӕххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл куы фӕцахуыр уӕм, уӕд нӕ уый, гӕнӕн ис, сафгӕ дӕр фӕкӕна.
Райдианы цы лӕджы кой кодтам, уый йӕ ахуыры тыххӕй фесӕфта ӕрмӕстдӕр йӕ рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ фӕндӕгтыл уыд бирӕ машинӕтӕ ӕмӕ йӕ бахъуыд бирӕ лӕууын. Ахсджиагдӕр хъуыддӕгты та, цӕуыл уӕм ахуыр, уый нын, гӕнӕн ис, кӕнӕ амонд ӕрхӕсса, кӕнӕ та нӕ исты фыдбылызы баппара. Ӕркӕсӕм цалдӕр дӕнцӕгмӕ, кӕцытӕ ист сты Библийӕ ӕмӕ ӕвдисынц, ахуыр цӕуыл стӕм, уый нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ йемӕ нӕ ахастытӕ фидардӕр кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны кӕнӕ куыд хъыгдары, уый.
Хорз хъуыддӕгтыл ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ахуыр чи уыд, уыдоны дӕнцӕгтӕ Библийӕ
Ной, Иов ӕмӕ Данелӕн уыди Хуыцауимӕ ӕнгом ахастытӕ. Библи сӕ ӕппӕлы «сӕ рӕстдзинады тыххӕй» (Иезекиль 14:14). Банысан кӕнын хъӕуы, ӕмӕ уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы цард кӕй ӕвдисы, хорз хъуыддӕгтыл ахуыр кӕй уыдысты, уый.
Нойӕн загъдӕуыд, цӕмӕй сарӕзтаид ковчег, йӕ дӕргъ футболы фӕзы дӕргъӕй стырдӕр кӕмӕн уыдаид ӕмӕ фондзуӕладзыгон агъуыстӕй бӕрзонддӕр чи уыдаид, ахӕм нау. Ахӕм стыр арӕзтад рагзаманты науаразджытӕй кӕйфӕнды дӕр ныфссаст фӕкодтаид. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, ӕдӕппӕтӕй астӕй, сарӕзтой ковчег ӕнӕ абоны кусӕнгӕрзтӕй. Уымӕй уӕлдай ма Ной йе ’мдуггӕгтӕн дӕр хъусын кодта. Фидарӕй ма зӕгъӕн ис, йӕ бинонты уырнындзинадыл ӕмӕ домӕнтыл дӕр кӕй тыхст, уый (2 Петры 2:5). Цӕмӕй Нойӕн ӕппӕт уыдӕттӕ бантыстаид, уый тыххӕй хъуамӕ кусын ахуыр уыдаид. Уымӕй уӕлдай ма Нойы тыххӕй Библийы дзырдӕуы, уый кӕй «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ... Ной алцыдӕр сарӕзта, Иегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ» (Уӕвынад 6:9, 22; 7:5). Библи йӕ «ӕнаипп» кӕй хоны, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Доны хъаймӕты фӕстӕ, стӕй Вавилоны Иегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уый фӕстӕ дӕр цыди Хуыцауимӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, Ной суанг йӕ мӕлӕты онг цыди Хуыцауимӕ, мӕлгӕ та акодта 950-аздзыдӕй (Уӕвынад 9:29).
Иов хорз хъуыддӕгтыл ахуыр кӕй уыди, уый руаджы сси «ӕнаипп ӕмӕ раст» адӕймаг (Иов 1:1, 8; 2:3). Уый йе ’гъдаумӕ гӕсгӕ, кӕнӕ йӕ ахуырмӕ гӕсгӕ, куыд бинонты сауджын, афтӕ хаста нывӕндтӕ йӕ цоты тыххӕй сӕ алы куывды фӕстӕ дӕр, зӕгъгӕ сӕ уӕд та ма исчи «„фӕрӕдыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы бафаудта“. Афтӕ кодта Иов алыхатт дӕр» (Иов 1:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иовы бинонты ’хсӕн сӕйраг бынат ахстой, Иегъовӕйы кувынадимӕ цы ӕгъдӕуттӕ уыдысты баст, уыдон.
Данел бирӕ фӕцарди, ӕмӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонты Иегъовӕйӕн «зӕрдиагӕй» лӕггад кодта (Данелы 6:16, 20, НД [6:17, 21]). Данел, йӕ уырнындзинадӕн ахъаз цы уыд, ахӕмӕй цӕуыл уыди ахуыр? Фыццаджыдӕр, уый ӕдзухдӕр куывта Иегъовӕмӕ. Кӕд уыцы хъуыддаджы ныхмӕ паддзахӕй бардзырд рацыд, уӕддӕр «[Данел] бон ӕртӕ хатты зоныгыл лӕугӕйӕ йӕ Хуыцауӕн куывта ӕмӕ Йӕ стыдта, раст уый агъоммӕ-иу [«ӕдзухдӕр», НД] куыд кодта, афтӕ» (Данелы 6:11). Уый ахуыр уыди Хуыцаумӕ кувыныл, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд уыцы ахуыр ныууадзын, йӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр. Фидарӕй зӕгъӕн ис, уыцы ахуыр Данелӕн кӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй цӕргӕ-цӕрӕнбонты Хуыцауыл иузӕрдион уыдаид. Ӕвӕццӕгӕн ма Данел ноджыдӕр ахуыр уыди Хуыцауы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ иртасын ӕмӕ сыл арф хъуыды кӕнын дӕр (Иереми 25:11, 12; Данелы 9:2). Хорзыл ахуыр кӕй уыди, уый руаджы бафӕрӕзта кӕронмӕ дӕр ӕмӕ цард райсыны дугъы дӕр иузӕрдионӕй кӕронмӕ азгъордта.
Уыдонӕй хъауджыдӕр Динӕ йӕ ӕвзӕр ахуыры тыххӕй бахауди стыр бӕллӕхы. Уый «фӕцахуыр уыцы бӕстӕйы чызджытӕм», уыдон та нӕ куывтой Иегъовӕйӕн (Уӕвынад 34:1). Кӕд афтӕ зынди, цыма уым ӕвзӕрӕй ницы уыди, уӕддӕр ӕркодта бӕллӕхмӕ. Фыццаг, Сихем, «йӕ фыды хӕдзары ӕппӕты кадджындӕр чи уыди», уыцы лӕппу йын тыхми бакодта. Стӕй та чызджы дыууӕ ӕфсымӕры сӕ маст райстой, ӕнӕхъӕн сахары цӕрӕг нӕлгоймӕгты кӕй ныццагътой, уымӕй. Цы ӕвирхъау фӕстиуджытӕм ӕркодта уыцы ахуыр! (Уӕвынад 34:19, 25—29).
Цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй нын, ахуыр цӕуыл стӕм, уый зиан ма ӕрхӕсса, фӕлӕ пайда?
Ахуыр цӕуыл дӕ, уымӕй царды пайда кӕн
«Адӕймаг ахуыр цӕуыл уа, уымӕй йын никуыдӕм ис алидзӕн»,— ныффыста иу философ. Фӕлӕ уый ӕнӕмӕнг хъуамӕ афтӕ ма уа. Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй нӕ бон у ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕмӕ хорзыл ахуыр кӕнын.
Адӕймаг хорз хъуыддӕгтыл ахуыр куы уа, уӕд ын уый ӕххуыс кӕндзӕн чырыстон царды фӕндагыл цӕуынӕн ӕмӕ йын ууыл ӕнцондӕр цӕуӕн уыдзӕн. Грецийӕ иу чырыстон, Алекс, дзуры: «Мӕ хъуыддӕгтӕ графикмӕ гӕсгӕ кӕй аразын, уый руаджы мӕ зынаргъ рӕстӕг нӕ сӕфы». Теофилус, чырыстон хистӕр нӕлгоймаг, сахуыр алцыдӕр рагацау пълан кӕнын, ӕмӕ йын уый руаджы бирӕ ӕнтысы. Уый дзуры: «Алцыдӕр рагацау пълан кӕнын ахуыр куы нӕ уаин, уӕд мын мӕ чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын не ’нтысид».
Мах, чырыстӕттӕ, разӕнгард стӕм «уыцы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цӕрынмӕ» (Филиппӕгтӕм 3:16). Ам уагӕвӕрд нысан кӕны «цыдӕр ахуырмӕ гӕсгӕ аразын». Хорз хъуыддӕгтыл ахуыр куы уӕм, уӕд нын уый уыдзӕн стыр ӕххуыс, уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ бахъӕудзӕн рӕстӕг хардз кӕнын, цӕмӕй нӕ алы къахдзӕфыл дӕр хъуыды кӕнӕм — ныридӕгӕн цӕуылдӕр сахуыр стӕм ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ кӕнӕм. Истӕуыл куы сахуыр уай, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ кӕндзынӕ ӕнӕ ахъуыдыгӕнгӕйӕ. Зӕгъӕм, шофыр машинӕ хорз куы скъӕра, уӕд фӕндагыл тӕссаг уавӕры бахаугӕйӕ тагъд сарӕхсдзӕн, цы бакӕнын хъӕуа, уымӕ. Афтӕ мах дӕр, хорзыл ахуыр куы уӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ нӕ бон уа цыбыр рӕстӕгмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын.
Англисаг фыссӕг Джереми Тейлор загъта: «Ахуыр у архайды фӕстиуӕг». Хорзыл ахуыр куы уӕм, уӕд нын зын нӕ уыдзӕн хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын. Зӕгъӕм, мах, чырыстон лӕггадгӕнджытӕ, ахуыр куы уӕм хъусын кӕныны хъуыддаджы иудадзыг хайад исын, уӕд нын хъусын кӕнынмӕ цӕуын уыдзӕн ӕнцондӕр ӕмӕ нын уый циндзинад хӕсдзӕн. Апостолты тыххӕй кӕсӕм, зӕгъгӕ, «алыбон кувӕндоны ӕмӕ хӕдзӕртты ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Куыстытӕ 5:42; 17:2). Фӕлӕ уацамынды рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы исӕм хайад, уӕд та тынгдӕр тыхсдзыстӕм, хъӕудзӕн нӕ фылдӕр рӕстӕг, цӕмӕй ацы ахсджиаг чырыстон хъуыддагыл фӕцахуыр уӕм ӕмӕ йӕ ныфсджынӕй ӕххӕст кӕнӕм.
Афтӕ ис зӕгъӕн нӕ иннӕ чырыстон хъуыддӕгтӕй дӕр. Хуыцауы Ныхас кӕсын ахуыр куы уӕм, уӕд ӕй ӕдзухдӕр, «ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсдзыстӕм» (Йесо Навин 1:8; Псалом 1:2). Иу чырыстон ӕфсымӕр цалынмӕ не схуыссы, уӕдмӕ 20—30 минуты бӕрц фӕкӕсы Библи. Тынг фӕллад куы вӕййы ӕмӕ Библи нӕ бакӕсгӕйӕ куы схуыссы, уӕддӕр ӕй хуыссӕг нӕ фӕахсы. Фӕстӕмӕ сысты ӕмӕ Библи бакӕсы. Афтӕ кӕй сахуыр, уый ма йын ноджыдӕр ӕххуыс кӕны ныр цалдӕр азы дӕргъы Библи афӕдз иу хатт кӕсынӕн.
Нӕ Дӕнцӕг, Йесо Чырысти, ахуыр уыди, Библийыл кӕм ныхас кодтой, уыцы фембӕлдтӕм цӕуын. «Бацыд Йӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сабатбон ӕмбырдгӕнӕнмӕ, ӕмӕ сыстад кӕсынмӕ» (Лукайы 4:16). Хистӕр нӕлгоймаг Джойӕн ис стыр бинонтӕ ӕмӕ йӕ хъӕуы бирӕ кусын. Фембӕлдтӕм цӕуын ахуыр кӕй у, уый йын ӕххуыс кӕны ӕхсызгонӕй иудадзыг алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуынӕн. Уый дзуры: «Уыцы ахуыр мын ӕххуыс кӕны фидар лӕууынӕн, дӕтты мын, уӕззау хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ мӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн чи хъӕуы, ахӕм монон тых» (Дзуттытӕм 10:24, 25).
Чырыстон ахӕм хорз хъуыддӕгтыл ахуыр куы нӕ уа, уӕд ын зын уыдзӕн чырыстон дугъы цард райсыны тыххӕй уайын. Иегъовӕйы адӕм фӕдылзылд цы бӕстӕйы ӕвзӕрстой, уырдыгӕй ахӕм фыстӕг ӕрбацыд: «Чырыстон хъуыддӕгтӕ кӕнын ахуыр чи у ӕмӕ ӕцӕгадӕн тынг чи аргъ кӕны, уыдонӕн зын нӕу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын, фӕлӕ „хорз афон“ фембӕлдтӕм чи нӕ цӕуы, уацамынды иудадзыг хайад чи нӕ исы ӕмӕ гыццыл хъуыддӕгты иузӕрдион чи нӕ вӕййы, уыдон арӕх „артын“ фӕлварӕны нӕ бафӕразынц» (2 Тимофеймӕ 4:2, НД).
Дӕхи хиз ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ ахуыр кӕн хорзыл
Чидӕр загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг хъуамӕ ахуыр кӕна, ӕхсызгонӕй цы ӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Ӕвзӕр ахуыр у ӕгъатыр ӕлдары хуызӕн. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр ныууадзӕн ис.
Стеллӕ иу рӕстӕг фӕцахуыр телевизормӕ кӕсыныл. Уый дзуры: «Ӕвзӕрӕй цӕуыл фӕцахуыр дӕн, уыдонӕй иуы дӕр фыццаг ӕвзӕрӕй ницы уыд». Афтӕ уыд, телевизормӕ кӕсыныл куы фӕцахуыр, уӕд дӕр. Йӕхицӕн-иу дзырдта, телевизормӕ кӕй бакӕсдзӕн ӕрмӕстдӕр иу гыццыл «хи аирхӕфсынӕн» кӕнӕ «баулӕфынӕн». Фӕлӕ афтӕ фӕцахуыр, ӕмӕ-иу телевизоры раз фӕбадти сахатгай. «Уыцы ӕвзӕр ахуыры аххосӕй мӕ уырнындзинад лӕмӕгъдӕр кодта»,— дзуры Стеллӕ. Ӕппӕт тыхтӕй бацархайдта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг телевизормӕ райдыдта къаддӕр кӕсын ӕмӕ ӕвзарын, цы ралӕвӕрдтӕм кастаид, уыдон. «Ӕдзухдӕр архайын, цӕмӕй мӕ ма рох кӕна, уыцы ӕвзӕр ахуыр мӕ цӕмӕн бафӕндыд ныууадзын, уый,— дзуры Стеллӕ,— ӕмӕ мӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл дарын, кӕй мын баххуыс кӕндзӕн дарддӕр дӕр уыцы ахуыримӕ тох кӕнынӕн».
Иу чырыстон, Хараламбос, дзуры, йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕй цы ӕвзӕр ахуыр хъыгдардта, ууыл — алцыдӕр фӕстӕмӕ-фӕстӕмӕ кодта. «Куы бамбӕрстон мӕ ӕвзӕр ӕгъдау — алцыдӕр фӕстӕмӕ-фӕстӕмӕ кӕнын, уӕд райдыдтон архайын, цӕмӕй мӕ цард фӕивтаин. Исты-иу куы сфӕнд кодтон, уӕд-иу комкоммӕ банысан кодтон, кӕд ӕмӕ йӕ куыд райдайдзынӕн кӕнын, уый. Мӕ хуыздӕр хос уыди, цы-иу сфӕнд кодтон, уый-иу ӕдзухдӕр кӕй арӕзтон, ӕмӕ абоны онг дӕр уыцы ахуыр нӕ фесӕфтон». Ӕцӕгӕйдӕр, ӕвзӕр ахуыр ныууадзынӕн иууыл хуыздӕр хос у хорзыл ахуыр.
Не ’мбӕлттӕ дӕр нӕ, гӕнӕн ис, разӕнгард кӕной кӕнӕ хорз хъуыддӕгтыл фӕцахуыр уӕвынмӕ, кӕнӕ та ӕвзӕр хъуыддӕгтыл. Ӕмӕ адӕймаг хорзыл куыд фӕцахуыр вӕййы, ӕвзӕрыл дӕр афтӕ фӕцахуыр вӕййы. «Ӕвзӕр ӕмбаладтӕ [куыд] халынц хорз ӕгъдӕуттӕ», афтӕ нӕ хорз ӕмбӕлттӕ дӕр, гӕнӕн ис, разӕнгард кӕной, цы хорз хъуыддӕгтыл сты ахуыр, уыдон фӕзмынмӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ ахуыр цӕуыл стӕм, уый нын, гӕнӕн ис, нӕ ахастытӕ Хуыцауимӕ кӕнӕ фӕфидардӕр кӕна, кӕнӕ та сӕ фӕлӕмӕгъдӕр кӕна. Стеллӕ дзуры: «Хорзыл ахуыр куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕвзӕрыл куы уӕм ахуыр, уӕд нӕ уый та хъыгдардзӕн».
Уӕдӕ хорзыл ахуыр кӕн ӕмӕ дзы царды пайда кӕн. Уый дын дӕ царды ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын пайда хӕсдзӕн.
[Ныв 29 фарсыл]
Адӕймаг ахуыр цӕуыл уа, уый йын артау кӕнӕ ӕххуыс кӕндзӕн, кӕнӕ йын зиан хӕсдзӕн.