Ис дын ӕууӕндыны бар
Ис дын ӕууӕндыны бар
Ӕвӕццӕгӕн, аргъ кӕныс, цӕуыл дӕ фӕнды, ууыл дын ӕууӕндыны бар кӕй ис, уымӕн. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын алчидӕр афтӕ аргъ кӕны. Уыцы барӕй пайдагӕнгӕйӕ, зӕххыл ӕхсӕз миллиард цӕрӕджы ӕрхъуыды кодтой алыхуызон уырнындзинӕдтӕ ӕмӕ цӕстӕнгӕстӕ. Зӕххыл цыдӕриддӕр фӕлдыст ис, уыдон кӕрӕдзийӕ хуызӕй, формӕйӕ, скондӕй, адӕй, тӕфӕй ӕмӕ зӕлтӕй куыд хицӕн кӕнынц ӕмӕ цард цымыдисагдӕр, рӕсугъддӕр ӕмӕ хуыздӕр куыд кӕнынц, афтӕ йӕ, гӕнӕн ис, кӕной алыхуызон цӕстӕнгӕстӕ дӕр. Ӕмӕ гӕнӕн ис, уыдоны руаджы цард ӕцӕгӕйдӕр уа цымыдисагдӕр (Псалом 103:24).
ФӔЛӔ ам хъӕуы цӕмӕйдӕрты хи хизын. Иуӕй-иу цӕстӕнгӕстӕ иннӕтӕй ӕрмӕст хицӕн нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма сты тӕссаг дӕр. Цӕвиттон, XX ӕнусы райдианы иуӕй-иутӕ ӕууӕндыдысты, дзуттӕгтӕ ӕмӕ масонтӕ иумӕ кӕй фӕнд кодтой «чырыстон дуне фесафын ӕмӕ иумӕ ӕгас дунейыл дӕр хицауиуӕг кӕнын». Ахӕм цӕстӕнгас бындуриуӕг кодта, дзуттӕгты ныхмӕ чи дзырдта, ахӕм документыл, «Сионы зондджын лӕгты протоколтӕ», зӕгъгӕ. Документы дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, дам, уыдон фӕнд кӕнынц стыр хъалонтӕ сӕвӕрын, разӕнгард кӕнынц хӕцӕнгарз уадзынмӕ, егъау монополитӕ аразынмӕ, цӕмӕй «муртатты мулк цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕрбайсӕфа». Уым ма дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, дам сӕ фӕнды ахуырадон системӕйыл афтӕ къухдариуӕг кӕнын, цӕмӕй «муртаттӕй ӕнӕзонд, ӕгомыг фос саразой». Стӕй ма, дам, хъавынц зӕххы бынты ӕфсӕнвӕндӕгтӕ саразынмӕ, цӕмӕй афтӕмӕй бӕстӕты сӕйраг горӕттӕ баиу кӕной ӕмӕ сӕ ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уыдоны дзуттаг зондджын лӕгтӕ уайтагъд срӕмудзой.
Уыдӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдысты гӕды ныхӕстӕ, ӕмӕ сӕ ӕрхъуыды кодтой, цӕмӕй адӕмы дзуттӕгтыл сардыдтаиккой. Марк Джоунс, Бритайнаг музейы кусӕг, загъта: «Ацы ӕнӕсӕрфат гӕххӕтт ардӕм ӕрбахауд Уӕрӕсейӕ», цыран 1903 азы газеты уый фӕдыл рацыд статья. Лондоны, газет «Таймс»-ы уыцы документ фӕзынд 1920 азы 8 майы. Рацыд афӕдзӕй фылдӕр, ӕмӕ «Таймс»-ы мыхуыр ӕрцыдысты бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уыцы документ мӕнг кӕй уыд, уымӕн. Фӕлӕ уыцы документ йӕ куыст бакодта, стыр зиан ӕрхаста. «Ахӕм мӕнг ныхӕстӕ,— дзуры Джоунс,— тагъд парахат кӕнынц ӕмӕ зын бауромӕн сты». Иугӕр сыл адӕм баууӕндыдысты, уӕд сӕвзӕры фыдзӕрдӕдзинад, фӕзыны зианхӕссӕг ӕмӕ тӕссаг цӕстӕнгӕстӕ, ӕмӕ XX ӕнусы цаутӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй ма уый арӕх суанг кӕуинаг фӕстиуджытӕм дӕр ӕркӕны (Фӕсномыг ныхӕстӕ 6:16—19).
Цӕстӕнгас ӕмӕ рӕстдзинад
Раст зӕгъгӕйӕ, мӕнг цӕстӕнгӕстӕ фӕзынынц ӕнӕ мӕнг ныхӕстӕй дӕр. Иуӕй-иу хатт цыдӕртӕ раст нӕ фембарӕм. Зӕгъӕм, цас ӕмӕ цас адӕм Иереми 17:9).
амард цӕрынхъуагӕй, раст сӕм цы каст, уый кӕй арӕзтой, уый фыдӕй? Уымӕй уӕлдай ма арӕх адӕймаг цӕуылдӕр феууӕнды, йӕхи афтӕ кӕй фӕфӕнды, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Иу профессор дзуры, зӕгъгӕ ма ахуыргӕндтӕ дӕр «арӕх сӕ иртасӕн куыстытӕ афтӕ бауарзынц», ӕмӕ сӕхи цӕстӕнгӕстӕй дарддӕр ницыуал фембарынц. Афтӕмӕй сӕ цард ӕгасӕй дӕр снывонд кӕнынц, цӕмӕй уыцы мӕнг цӕстӕнгӕстӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарой, фӕлӕ дзӕгъӕлы (Хъуыддаг афтӕ рауад динимӕ дӕр, цыран ис тынг бирӕ ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ (1 Тимофеймӕ 4:1; 2 Тимофеймӕ 4:3, 4). Иу фидарӕй ӕууӕнды Хуыцауыл. Иннӕ та дзуры, уыцы адӕймагӕн ӕппындӕр кӕй нӕй бындур Хуыцауыл ӕууӕндынӕн. Иу дзуры, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд нӕ амӕлы, зӕгъгӕ. Иннӕйы та уырны, адӕймаг куы амӕлы, уӕд кӕй ницыуал фембары ӕмӕ дзы йӕ фӕстӕ цӕргӕйӕ кӕй ницыуал баззайы. Куыд зыны, афтӕмӕй гӕнӕн нӕй, цӕмӕй ахӕм ныхмӕвӕрд цӕстӕнгӕстӕ иууылдӕр раст уой. Уӕдӕ раст нӕ уаид сбӕлвырд кӕнын, цӕуыл ӕууӕндыс, уый раст кӕй у, ӕмӕ йыл, ӕрмӕстдӕр дӕу афтӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй кӕй не ’ууӕндыс? (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:5). Уый куыд ис саразӕн? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
[Ныв 3 фарсыл]
1921 аз, «Сионы зондджын лӕгты протоколты» мӕнгдзинад ӕргомгӕнӕг статья.