Цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл цӕмӕн ӕууӕндыс?
Цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл цӕмӕн ӕууӕндыс?
Иу дзырдуат дзырд «ӕууӕндын» ӕмбарын кӕны цыдӕр «растыл, ӕцӕгыл нымайын». Адӕймаджы барты ӕппӕтиумӕйаг декларацимӕ гӕсгӕ алы адӕймагӕн дӕр ис «хъуыды кӕныны, намыс ӕмӕ дины сӕрибардзинад». Уый адӕймагӕн бар дӕтты, куы йӕ бафӕнда, уӕд «йӕ дин кӕнӕ йӕ цӕстӕнгӕстӕ фӕивынӕн».
ФӔЛӔ цӕмӕ хъуамӕ бафӕнда искӕй йӕ дин кӕнӕ йӕ цӕстӕнгӕстӕ фӕивын? «Мӕнӕн ис мӕхи цӕстӕнгӕстӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц»,— фӕзӕгъынц адӕмӕн сӕ фылдӕр. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ исчи раст куы нӕ хъуыды кӕна, уӕддӕр уый стыр зиан никӕмӕн ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, зӕхх тъӕпӕн у, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый зиан нӕдӕр йӕхицӕн ӕрхӕсдзӕн, нӕдӕр иннӕтӕн. Кӕмӕндӕр йӕ бон у зӕгъын: «Алкӕмӕндӕр йӕ бар йӕхи у, куыд ӕй фӕнды, афтӕ хъуыды кӕнӕд». Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын алкӕд раст уыдзӕн? Цӕвиттон, дохтыр уыцы ныхӕстӕ зӕгъид, йе ’мкусджытӕй исчи куы хъуыды кӕнид, зӕгъгӕ, моргы мӕрдтӕм куы базила, уӕд йӕ бон у, йӕ къухтӕ нӕ ныхсгӕйӕ, рынчындоны рынчынты басгарын?
Историйӕ бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй мӕнг уырнындзинӕдтӕ адӕмӕн ӕрхастой бирӕ зиантӕ. Дӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕн, астӕуккаг ӕнусты афтӕ хуыйнӕг Дзуархӕссӕг стӕрты рӕстӕджы дины разамонджытӕ «чырыстон дины зӕрдиаг минӕвӕртты ӕгъатыр митӕм куы амидин кодтой», уӕд цы ӕбуалгъы хъуыддӕгтӕ ӕрцыд арӕзт, уыдон. Гъе та ахъуыды кӕн, ӕрӕджы иу мидхӕсты хайад чи иста, уыцы «чырыстон» фыдгӕнджытыл — «астӕуккаг ӕнусты ӕфсӕддонтӕ сӕ цирхъыты фистонтыл сыгъдӕджыты нӕмттӕ куыд фыстой, афтӕ уыдон та сӕ хӕцӕнгӕрзтыл бандӕгътой Мадымайрӕмы нывтӕ». Уыцы фанатиктӕ ӕнхъӕлдтой, раст кӕй уыдысты. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй ацы хӕст дӕр ӕмӕ иннӕ динон хӕстытӕ дӕр уыдысты стыр фыддзинад.
Цымӕ цӕмӕн ис абон уыйбӕрц быцӕутӕ ӕмӕ змӕстытӕ? Библи дзуапп дӕтты, зӕгъгӕ, Сайтан Хӕйрӕг «ӕппӕт дунейы сайы» (Раргомад 12:9; 2 Коринфӕгтӕм 4:4; 11:3). Апостол Павел фӕдзӕхста, бирӕ дингӕнӕг адӕм хъыгагӕн кӕй «фесӕфдзысты», уымӕн ӕмӕ сӕ Сайтан, «нысӕнттӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгтӕ» ӕвдисӕг, асайдзӕн. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ ахӕм адӕм «нӕ райсдзысты ӕцӕгады уарзондзинад, сӕ ирвӕзындзинадӕн» ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «ӕууӕнддзысты мӕнгдзинадыл» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:9—12). Куыд у дӕ бон дӕхи бахъахъхъӕнын, цӕмӕй ма фӕсайды уай? Ӕцӕгӕй та, цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл цӕмӕ ӕууӕндыс?
Афтӕ дӕ схъомыл кодтой?
Чи зоны дӕ дӕ бинонтӕ схъомыл кодтой, цы диныл хӕст сты, уымӕ гӕсгӕ. Уый арӕх ӕрхӕссы хорз дыргътӕ. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной (Дыккаг закъон 6:4—9; 11:18—21). Зӕгъӕм, ӕрыгон лӕппу Тимофейӕн тынг баххуыс кодта, йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымады амындтӕм кӕй хъуыста, уый (2 Тимофеймӕ 1:5; 3:14, 15). Фыстады дзырдӕуы, кӕй хъуамӕ аргъ кӕнӕм нӕ ныййарджыты цӕстӕнгӕстӕ ӕмӕ уырнындзинӕдтӕн (Фӕсномыг ныхӕстӕ 1:8; Ефесӕгтӕм 6:1). Фӕлӕ цымӕ Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕймаг истӕуыл ӕууӕнда, йӕ ныййарджытӕ йыл кӕй ӕууӕндынц, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй? Нӕ фыдӕлтӕ цӕуыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ цы арӕзтой, ууыл куырмӕджы ӕууӕндын, гӕнӕн ис, уа тӕссаг (Псалом 77:8; Амос 2:4).
Йесо Чырыстийыл цы самариаг сылгоймаг сӕмбӕлд, уый схъомыл йӕ адӕмы динмӕ гӕсгӕ (Иоанны 4:20). Йесо аргъ кодта йӕ сӕрибардзинадӕн, йӕ бон кӕй уыд, цӕуыл ӕй фӕндыд, ууыл ӕууӕндын, фӕлӕ йын уӕддӕр загъта: «Сымах нӕ зонут, цӕмӕ кувут уый». Ӕцӕгӕй, йӕ дины ахуырӕдтӕй бирӕтӕ раст нӕ уыдысты, ӕмӕ йын Йесо загъта, кӕй сӕ хъуамӕ ныууагътаид, кӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куывтаид, уӕд — «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй». Уыцы сылгоймаг ӕмӕ ма уыйау йӕ диныл фидар чи хӕцыд, уыдон сӕ ахуырӕдтыл нӕ ныххӕцыдысты, фӕлӕ Йесо Чырыстийы уылты чи раргом, уыцы уырнындзинадӕн «коммӕгӕс систы» (Иоанны 4:21—24, 39—41; Куыстытӕ 6:7, НФ).
Афтӕ дӕ сахуыр кодтой?
Зонады иуӕй-иу фадгуыты цы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕн ӕмбӕлы стыр аргъ кӕнын. Фӕлӕ историйы ис дуне дӕнцӕгтӕ, зындгонд ахуыргӕнджытӕ-иу ӕппындӕр раст кӕй нӕ уыдысты, уымӕн. Зӕгъӕм, грекъаг философ Аристотель зонадон фарстаты фӕдыл цы дыууӕ чиныджы ныффыста, уыдоны тыххӕй историк Бертран Рассел загъта, зӕгъгӕ, «уыцы дыууӕ чиныджы, ныры зонады цӕстӕнгасӕй раст чи разына, иу ахӕм хъуыдыйад дӕр зын ссарӕн у». Суанг ма абоны ахуыргӕндтӕ дӕр арӕх ахӕм рӕдыд хатдзӕгтӕ скӕнынц, ӕмӕ сын зӕгъӕн дӕр нӕй. «Уӕлдӕфӕй уӕззаудӕр тӕхӕн аппараттӕ никуы уыдзӕн»,— фидарӕй загъта англисаг ахуыргонд лорд Кельвин 1895 азы. Уымӕ гӕсгӕ зондджын адӕймаг истӕуыл ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ не ’ууӕнддзӕн, дзырддзӕугӕ ахуыргӕнджытӕй йӕ чидӕртӕ растыл кӕй нымайынц, ӕрмӕст уый тыххӕй (Псалом 145:3).
Афтӕ ма нӕ хи хизын хъӕуы, дзырд дины ахуырӕдтыл куы цӕуа, уӕд дӕр. Апостол Павелы йӕ дины ахуыргӕнджытӕ хорз сахуыр кодтой, ӕмӕ уый тынг «ӕнувыд уыд йӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттыл». Фӕлӕ йӕ фыдӕлты уырнындзинӕдтыл афтӕ ӕнувыд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын фӕзынд зындзинӕдтӕ. Павел уый фӕстиуӕгӕн «Хуыцауы аргъуаны... карз сырдта, ӕмӕ йӕ ӕдзӕллагмӕ ӕртардта» (Галатӕгтӕм 1:13, НФ, 14; Иоанны 16:2, 3). Уымӕй фыддӕр та ма уый уыд, ӕмӕ Павел бирӕ рӕстӕджы дӕргъы «цыргъаджы ныхмӕ бырста» ӕмӕ йӕ Йесо Чырыстийыл баууӕндынмӕ чи ӕркодтаид, уыцы ӕндӕвдады ныхмӕ цыди. Ӕмӕ цӕмӕй Павел йӕ дин ныууагътаид, уый тыххӕй йыл Йесо йӕхӕдӕг бандӕвта диссаджы хуызы (Куыстытӕ 9:1—6; 26:14).
Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ дыл бандӕвтой?
Чи зоны дын дӕ цӕстӕнгӕстыл тынг бандӕвтой дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ. Адӕмӕй сӕ фылдӕрӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, уыцы фӕрӕзтӕн сӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурыны бар кӕй ис, уый, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон у, чи сын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм зонындзинӕдтӕ исын. Фӕлӕ ис, дзыллон информацийы фӕрӕзтыл ӕндавын кӕй бон у ӕмӕ сыл арӕх ӕндавгӕ дӕр чи фӕкӕны, ахӕм хъомысджын тыхтӕ. Цы информаци дзы вӕййы, уый арӕх раст нӕ вӕййы, ӕмӕ йӕ адӕймаг хатгӕ дӕр нӕ фӕкӕны, йӕ зондахаст ын куыд фӕивы, уый.
Исай 5:20; 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10).
Уымӕй уӕлдай ма, цӕмӕй дзыллон информацийы фӕрӕзтӕн фылдӕр хъусджытӕ ӕмӕ кӕсджытӕ уа, уый тыххӕй уыдоны арӕх дзырдӕуы цавӕрдӕр диссӕгтыл ӕмӕ ӕнахуыр хабӕрттыл. Ӕрмӕстдӕр цалдӕр азы размӕ ӕргом цӕуыл нӕ уыд дзурӕн кӕнӕ фыссӕн, уыдӕттӕ абон диссаг никӕмӕуал кӕсынц. Ӕнусты дӕргъы цы уагахасты ӕгъдӕуттӕ ныффидар сты, уыдоны ныхмӕ ныр цӕуынц ӕмӕ сӕ сабыргай иуварс кӕнынц. Адӕмы зондахаст цадӕггай зыгъуыммӕ кӕны. Уыдон райдыдтой «хорз ӕвзӕр хонын, ӕвзӕр та — хорз» (Цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн ссар фидар бындур
Адӕмы цӕстӕнгӕстыл ӕмӕ философитыл цард аразын у, змисыл хӕдзар куыд аразай, уыйау (Матфейы 7:26; 1 Коринфӕгтӕм 1:19, 20). Кӕд афтӕ у, уӕд куыд у дӕ бон, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн фидар бындур ссарын? Иугӕр дын Хуыцау радта зонд, цӕмӕй дӕ бон уа дӕ алыварс дунеимӕ зонгӕ кӕнын ӕмӕ монон хъуыддӕгты фӕдыл фарстытӕ дӕттын, уӕд раст нӕ уаид ахӕм хатдзӕг скӕнын, ӕмӕ ма дын кӕй ратдзӕн фадат, цӕмӕй дӕ фарстытӕн раст дзуаппытӕ дӕр ссарай? (1 Иоанны 5:20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о! Фӕлӕ куыд у дӕ бон, дины фарстаты раст ӕмӕ ӕцӕг цы у, уый сбӕлвырд кӕнын? Фидарӕй зӕгъӕн ис, уымӕн нын ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхас, Библи, кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый (Иоанны 17:17; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
«Фӕлӕуу ма, фӕлӕуу,— зӕгъдзӕн исчи,— ӕмӕ Библи кӕмӕ уыд, уыдоны тыххӕй зӕххыл нӕй уыйбӕрц быцӕутӕ ӕмӕ змӕстытӕ?» Раст у, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Библимӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уыцы дины разамонджыты руаджы фӕзынд бирӕ алыхуызон ныхмӕвӕрд цӕстӕнгӕстӕ. Афтӕ уымӕн рауад, ӕмӕ ӕцӕгӕй уыдонӕн сӕ уырнындзинӕдтӕ Библийыл нӕ бындуриуӕг кодтой. Апостол Петр сӕ схуыдта «сӕфты мӕнг ахуырӕдтӕн» бындурӕвӕрӕг «мӕнг пехуымпартӕ» ӕмӕ «мӕнг ахуыргӕнджытӕ». Ӕмӕ Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ архайды тыххӕй «ӕцӕгады фӕндаг уыдзӕн фауд» (2 Петры 2:1, 2). Фӕлӕ Петр куыд фыссы, афтӕмӕй махмӕ ис «иуыл ӕцӕг пехуымпарады дзырд; ӕмӕ сымах хорз кӕнут, уӕхи уымӕ кӕй здахут, талынг раны чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ» (2 Петры 1:19, НФ; Псалом 118:105).
Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй сбӕлвырд кӕнӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый Библийы ахуырӕдтӕй хицӕн кӕны ӕви нӕ (1 Иоанны 4:1). Ацы журналы милуангай кӕсджытӕ бӕлвырд зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, афтӕ кӕй бакодтой, уый руаджы сӕ царды нысан ӕмӕ ӕнцой ссардтой. Уӕдӕ ды дӕр архай Верийы ӕмбаргӕ цӕрджыты хуызӕн ӕмӕ цалынмӕ истӕуыл баууӕндай, уӕдмӕ уал «алыбон дӕр ӕвзар Фыстытӕ» (Куыстытӕ 17:11). Уымӕн дын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕуыл ӕууӕндай, уый дӕхи хъуыддаг у. Фӕлӕ зондджын ми уыдзӕн сбӕлвырд кӕнын, цӕуыл ӕууӕндыс, уый адӕймаджы зонд ӕмӕ фӕндӕттыл кӕй нӕ бындуриуӕг кӕны, фӕлӕ Хуыцау кӕй раргом кодта, уыцы ӕцӕгады Дзырдыл (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13; 5:21).
[Нывтӕ 6 фарсыл]
Цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн фидар бындур ӕрмӕстдӕр Библийы ис ссарӕн.