Иегъовӕ у нӕ ныфс
Иегъовӕ у нӕ ныфс
«Уымӕн ӕмӕ Ды загътай: „Хицау [«Иегъовӕ», НД] — мӕ ныфс“... Фыддзинад дыл не ’рцӕудзӕн» (ПСАЛОМ 90:9, 10).
1. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕ у нӕ ныфс?
ИЕГЪОВӔ йӕ адӕмӕн ӕцӕгдӕр у сӕ ныфс. Нӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр куы дарӕм, уӕд «алырдыгӕй дӕр ӕлхъывд куы уӕм, уӕддӕр уынгӕг нӕ уыдзыстӕм; ныфссаст куы уӕм, уӕддӕр нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн; ӕфхӕрд куы уӕм, уӕддӕр уагъд нӕ уыдзыстӕм; куы нӕ аппарой, уӕддӕр нӕ фесӕфдзыстӕм». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын Иегъовӕ дӕтты «нӕхимӕ цы хъару ис, уымӕй фылдӕр хъару» (НД) (2 Коринфӕгтӕм 4:7—9). О, нӕ уӕларвон Фыд нын йӕхӕдӕг ӕххуыс кӕны йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иттӕг хорз ӕмбарӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Уымӕн ӕмӕ Ды загътай: „Хицау [«Иегъовӕ», НД] — мӕ ныфс“; Ӕппӕтбӕрзонды равзӕрстай ды дӕхицӕн ӕрлидзӕндонӕн. Фыддзинад дыл не ’рцӕудзӕн» (Псалом 90:9, 10).
2. Цы зӕгъӕн ис 90-ӕм псалмы тыххӕй ӕмӕ дзы цавӕр зӕрдӕвӕрд ис?
2 90-ӕм псалом Моисейы фыст у. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ 89-ӕм псалмы райдианы ӕмбӕлы йӕ ном, 90-ӕм та райдыдта, чи йӕ ныффыста, уый кой дзы ӕппындӕр нӕй, афтӕмӕй. Ацы псалом, ӕвӕццӕгӕн, зарыдысты антифонӕй: ома-иу зарын райдыдта амонӕг (90:1, 2), стӕй-иу ын зарджыты къорд базарыд (90:3—8); гӕнӕн ис, уый фӕстӕ та ногӕй зарыд иу адӕймаг (90:9а) ӕмӕ та-иу ын иннӕтӕ базарыдысты (90:9ӕ—13); зарӕджы фӕстаг ныхӕстӕ зарыд амонӕг (90:14—16). Куыдфӕнды ма уыдаид, 90-ӕм псалом сӕрст чырыстӕттӕн дӕтты, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕй ницӕмӕй у, ахӕм зӕрдӕвӕрд, ӕмӕ уыцы ныфс дӕтты сӕ зӕххон цӕдисӕмбӕлттӕн дӕр *. Уӕдӕ ӕркӕсӕм ацы псалммӕ Иегъовӕйы ӕппӕт лӕггадгӕнджыты цӕстӕй.
Ӕдасдзинад Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынаты
3. а) Цы у «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынат»? ӕ) «Ӕппӕтхъомысджыны аууоны» цӕргӕйӕ нӕхи куыд хатӕм?
3 «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынаты чи цӕры, уый ссардзӕн ӕнцой Ӕппӕтхъомысджыны аууоны. Ӕз зӕгъдзынӕн Иегъовӕйӕн: „Ды дӕ мӕ ныфс ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг, мӕ Хуыцау, ӕз ныфсджын кӕмӕй уыдзынӕн“» (Псалом 90:1, 2, НД). «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынат» у, ахӕсгӕ нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм бынат, уым хъахъхъӕд стӕм не ’ппӕт дӕр, уӕлдайдӕр та, Хӕйрӕг милмӕ кӕй сӕвӕрдта, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ (Раргомад 12:15—17). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ мах стӕм Хуыцаумӕ уазӕгуаты, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ уый хъахъхъӕны; афтӕ куы нӕ уаид, уӕд нӕ Сайтан иу дӕр нӕ ныууадзид. «Ӕппӕтхъомысджыны аууоны» цӕргӕйӕ, мах хатӕм, Хуыцау нӕм аууон куыд дары, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй куыд хъахъхъӕны, уый (Псалом 14:1, 2; 120:5). Не Скӕнӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйӕ хуыздӕр ныфс ӕмӕ фидардӕр мӕсыг нӕй (Ӕмбисӕндтӕ 18:10).
4. Цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны «цуанон», Сайтан, ӕмӕ дзы мах куыд ирвӕзӕм?
4 «Уый [Иегъовӕ] дӕ фервӕзын кӕндзӕн мӕргъты цуаноны къӕппӕгӕй ӕмӕ сафӕг низӕй»,— дзуры дарддӕр псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 90:3, МГТ). Рагзаманты-иу Израилы мӕргъты арӕх ахстой хызӕй кӕнӕ къӕппӕгӕй. «Мӕргъты цуанон» Сайтаны къӕппӕджытӕй дыууӕ сты йӕ сафӕг организаци ӕмӕ йӕ «хин митӕ» (Ефесӕгтӕм 6:11). Нӕ фӕндагыл нын сусӕгӕй ӕвӕрынц къӕппӕджытӕ, цӕмӕй нӕ фыдбылызы баппарой ӕмӕ нӕ уымӕ ӕркӕной, Хуыцауы цӕсты куыд амӕлӕм (Псалом 141:3). Фӕлӕ раст цы нӕу, уымӕ цыфӕндыйӕ дӕр хӕстӕг кӕй нӕ цӕуӕм, уый фӕрцы «нӕ уд фервӕзы, цъиу ахсджыты хызӕй» куыд аирвӕза, афтӕ (Псалом 123:7, 8). Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, мах уыцы хинӕйдзаг «цуанонӕй» чи ирвӕзын кӕны! (Матфейы 6:13).
5, 6. Цавӕр «низ» «сафы» адӕмы, фӕлӕ Иегъовӕйы адӕм цӕмӕ гӕсгӕ нӕ кӕнынц йӕ амӕттаг?
5 Псаломзарӕггӕнӕг кӕны «сафӕг низы» кой дӕр. Хӕцгӕ низ, рын куыд сысты ӕмӕ адӕмы куыд ныццӕгъды, афтӕ цавӕрдӕр низ «сафы» дунейы адӕмы ӕмӕ Иегъовӕйы хицаудзинады фарс чи лӕууы, уыдоны. Историк Арнольд Тойнби уый фӕдыл афтӕ загъта: «Дыккаг дунеон хӕсты фӕудимӕ, национализм афтӕ тынг стыхджын, ӕмӕ дыууӕ хатты фӕфылдӕр хӕдбар паддзахӕдты нымӕц... Ныртӕккӕ ӕгас дунейы адӕмӕн дӕр сӕ хъуыдыйы хӕдбарӕй цӕрын йеддӕмӕ ницы ис».
6 Ӕнусты дӕргъы иуӕй-иу хицӕуттӕ адӕмты кӕрӕдзиуыл ардыдтой. Уыдон ма домдтой, цӕмӕй адӕм табу кодтаиккой кӕнӕ комкоммӕ сӕхицӕн кӕнӕ та алыхуызон цыртытӕн ӕмӕ нысӕнттӕн. Фӕлӕ Иегъовӕ уый бар никуы радта, цӕмӕй йӕ иузӕрдион адӕм уыцы «низы» амӕттаг фӕуой (Данелы 3:1, 2, 20—27; 6:7—10, 16—22). Мах, ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрад, ӕнувыд стӕм Иегъовӕйыл, Библи куыд домы, афтӕ мах нӕ архайӕм ацы дунейы политикон хъуыддӕгты ӕмӕ ӕмбарӕм, «алы адӕмы ӕхсӕн [дӕр], Уымӕй [Хуыцауӕй] чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, [уый] ӕхсызгон у Уымӕн» (Куыстытӕ 10:34, 35; Рацыд 20:4—6; Иоанны 13:34, 35; 17:16; 1 Петры 5:8, 9). Кӕд нӕ, чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕфхӕрынц, ӕмӕ уыцы хуызы «сафӕг низӕй» тыхсӕм, уӕддӕр стӕм зӕрдӕрухс ӕмӕ «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынаты» нӕ уырнындзинадӕн тас ницӕмӕй у.
7. Иегъовӕ нӕ «Йӕ систӕй» куыд хъахъхъӕны?
7 Иегъовӕ нӕ ныфс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ тынг фидар кӕнынц ацы ныхӕстӕ: «Йӕ систӕй ӕраууон кӕндзӕн дӕу, ӕмӕ Йӕ базырты бын уыдзынӕ ӕдас; уарт ӕмӕ быру — Йӕ ӕцӕгад [«ра́стдзинад», НД]» (Псалом 90:4). Хуыцау нӕ хъахъхъӕны, мадӕл маргъ йӕ цъиуты сӕрмӕ куыд фӕратӕх-батӕх кӕны ӕмӕ сӕ куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ (Исай 31:5). «Йӕ систӕй ныл ӕраууон кӕны». Маргъӕн йӕ «систӕ» сты йӕ «базыртӕ». Уыдонӕй бамбӕхсы йӕ цъиуты, тугдзых сырдтӕй сын тӕссаг куы вӕййы, уӕд. Маргъы цъиутау махӕн дӕр Иегъовӕйы базырты бын тӕссаг ницӕмӕй у, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕцӕг чырыстон организаци у нӕ ныфсы мӕсыг (Руф 2:12; Псалом 5:2, 12).
8. Иегъовӕйы «ра́стдзинад» куыд у стыр уарт ӕмӕ быру?
8 Мах фидарӕй ӕууӕндӕм Иегъовӕйы «ра́стдзинадыл», кӕнӕ йӕ иузӕрдиондзинадыл. Уый у, рагзаманты хӕсты кӕмӕй пайда кодтой, ахӕм уарты хуызӕн. Уарт-иу арӕх уыди дуары фӕтӕнӕн ӕмӕ-иу адӕймаджы буар ӕхгӕдта ӕнӕхъӕнӕй дӕр (Псалом 5:13). Иегъовӕ нӕ афтӕ кӕй хъахъхъӕны, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм (Уӕвынад 15:1; Псалом 83:12). Нӕ уырнындзинад нӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ нын Хуыцауы ра́стдзинад дӕр у, Сайтаны судзгӕ фаттӕ чи уромы ӕмӕ знаджы цӕфтӕн ныхкъуырд чи дӕтты, ахӕм хъахъхъӕнӕн стыр уарт (Ефесӕгтӕм 6:16). Уый нын у быру дӕр, нӕхи ӕдас кӕй фӕстӕ хатӕм, ахӕм егъау хъахъхъӕнӕн сыджытбыру.
«Нӕ фӕтӕрсдзыстӕм»
9. Ӕхсӕвыгон тӕссаг рӕстӕг цӕмӕн у, фӕлӕ мах цӕуылнӕ тӕрсӕм?
9 Хуыцау куыд хъахъхъӕны, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг дзуры: «Нӕ фӕтӕрсдзынӕ ӕхсӕвы тасӕй, боныгон тӕхгӕ фатӕй, ӕмӕ низӕй, талынджы чи цӕуы, ӕмӕ стыр низӕй чи сафы ӕмбисбон» (Псалом 90:5, 6, МГТ). Бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕхсӕвыгон кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕв адӕмы ӕфтауы тасы. Адӕм Хуыцауы кӕй нӕ зонынц, уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ ӕгас дуне дӕр ис талынджы. Уыцы тары не знӕгтӕ арӕх бынтыбырӕгау архайынц нӕ ныхмӕ, цӕмӕй нын Хуыцау цы аразы, уымӕн мауал аргъ кӕнӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ныууадзӕм. Фӕлӕ «мах нӕ тӕрсӕм ӕхсӕвы тасӕй», уымӕн ӕмӕ нӕ Иегъовӕ хъахъхъӕны (Псалом 63:2, 3; 120:4; Исай 60:2).
10. а) Цы у «боныгон тӕхгӕ фат», ӕмӕ йӕм мах цы цӕстӕй кӕсӕм? ӕ) «Талынджы чи цӕуы, уыцы низ» цы у, ӕмӕ дзы мах цӕуылнӕ тӕрсӕм?
10 «Боныгон тӕхгӕ фат», ӕвӕццӕгӕн, амоны ныхасӕй ӕфхӕрдмӕ (Псалом 63:4—6; 93:20). Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр адӕмӕн рӕстдзинад кӕй дзурӕм, уымӕ гӕсгӕ кӕд афтӕ ӕргом цӕуынц нӕ ныхмӕ, уӕддӕр сӕ бон нӕу, ӕмӕ нын нӕ хъуыддаг бакъуылымпы кӕной. Мах нӕ тӕрсӕм, «талынджы чи цӕуы, уыцы низӕй» дӕр. Уыцы ахӕсгӕ «низ» фӕзынд, Сайтаны къухы чи ис, уыцы талынг дунейы, цыран ӕгъдау дӕр ӕгъдауы хуызӕн нал у, ӕмӕ дин дӕр дины хуызӕн нал у (1 Иоанны 5:19). Уыцы низы фыдӕй, Иегъовӕ нымады кӕмӕ нӕй, йӕ фӕндӕттӕ дӕр ӕмӕ йын йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ дӕр чи ницӕмӕ дары, ӕмӕ афтӕмӕй талынджы чи цӕры, уыцы адӕм зондӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр сты мӕлӕтдзаг (1 Тимофеймӕ 6:4). Кӕд мах дӕр ацы талынг дунейы цӕрӕм, уӕддӕр нӕ тӕрсӕм, уымӕн ӕмӕ нӕм Иегъовӕйы рухс кӕлы парахатӕй (Псалом 42:3).
11. «Ӕмбисбон сафӕг низӕй» чи фӕрынчын вӕййы, уыдоныл цы ’рцӕуы?
11 Нӕ тӕрсӕм, «ӕмбисбон чи сафы», уыцы «стыр низӕй» дӕр. «Ӕмбисбон», гӕнӕн ис, ӕмӕ хауа, дуне йӕхи тынг ахуыргонд ӕмӕ зондджын кӕй хоны, уымӕ. Ацы дунейау цардмӕ 1 Тимофеймӕ 6:20, 21). Фӕлӕ Паддзахады хабар дарддӕр дӕр уӕндонӕй хъусын кӕнгӕйӕ, мах не знӕгтӕй иуӕй дӕр нӕ тӕрсӕм, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ у нӕ Хъахъхъӕнӕг (Псалом 63:2; Ӕмбисӕндтӕ 3:25, 26).
мулк ӕмӕ ӕхцайы цӕстӕй чи акӕсы, уыдонӕн фӕцуды сӕ уырнындзинад ӕмӕ фӕиппӕрд вӕййынц Хуыцауӕй (12. Кӕй фарсмӕ «хауынц» мингӕйтӕ ӕмӕ цы хуызы?
12 Псаломзарӕггӕнӕг дарддӕр дзуры: «Хаудзысты дӕ цуры мингӕйттӕ ӕмӕ дӕс мины дӕ рахиз къухы цур; фӕлӕ дӕумӕ не ’рбахӕстӕг уыдзӕн. Ӕрмӕст кӕсдзынӕ дӕ цӕстытӕй ӕмӕ уындзынӕ ӕнӕрӕстытӕн сӕ мызд» (Псалом 90:7, 8). Сӕ ныфс Иегъовӕйыл кӕй нал дарынц, уый аххосӕй бирӕтӕн мӕлы сӕ уырнындзинад ӕмӕ «хауынц нӕ цуры». О, «мингӕйттӕ» ӕрхаудысты, монон израилӕгтӕй ма ныртӕккӕ зӕххыл чи ис, уыдоны «рахиз къухы цур» (Галатӕгтӕм 6:16). Фӕлӕ махӕн, сӕрст чырыстӕттӕ стӕм ӕви се ’нувыд цӕдисӕмбӕлттӕ, Хуыцауы «ӕмбӕхсӕн бынаты» нын тӕссаг ницӕмӕй у. Мах ӕрмӕстдӕр «кӕсӕм нӕ цӕстытӕй ӕмӕ уынӕм ӕнӕрастытӕн сӕ мызд» — ӕхцайы тыххӕй, стӕй дины ӕмӕ царды ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр цы бӕллӕхты хауынц, уый (Галатӕгтӕм 6:7).
«Фыддзинад ныл не ’рцӕудзӕн»
13. Цавӕр бӕллӕхтӕй нын нӕу тӕссаг ӕмӕ цӕмӕн?
13 Кӕд ацы дуне ӕдасдзинады тыххӕй цы зӕрдӕтӕ ӕвӕры, уыдон митын мӕсгуытӕй Псалом 90:9, 10). О, Иегъовӕ у нӕ ныфс. Уыимӕ ма нын Ӕппӕтбӕрзонд Хуыцау у, ӕдасдзинад кӕм арӕм, ахӕм «ӕрлидзӕндон» дӕр. Дунескӕнӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм, нӕ Хъахъхъӕнӕгыл ӕй кӕй нымайӕм ӕмӕ уымӕ кӕй «ӕрлидзӕм», стӕй йын йӕ Паддзахады хорз уацхъуыд кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр (Матфейы 24:14). Уый тыххӕй ныл «не ’рцӕудзӕн фыддзинад», ома ацы псалмы цы бӕллӕхты кой цӕуы, уыдонӕй иу дӕр. Зӕххӕнкъуыст, тыхдымгӕ, донивылд, ӕххормаг заман, кӕнӕ хӕсты рӕстӕджы кӕд иннӕтимӕ иумӕ мах дӕр фӕхъизӕмар кӕнӕм, уӕддӕр ницавӕр бӕллӕхӕн нӕу йӕ бон фехалын нӕдӕр нӕ уырнындзинад ӕмӕ нын нӕдӕр Хуыцау цы ӕдасдзинад дӕтты, уый.
хъауджыдӕр не сты, уӕд мах та нӕ ныфс ӕвӕрӕм Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фидар дӕр уымӕн кӕнынц псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Уымӕн ӕмӕ Ды загътай: „Хицау [«Иегъовӕ», НД] — мӕ ныфс“; Ӕппӕтбӕрзонды равзӕрстай ды дӕхицӕн ӕрлидзӕндонӕн. Фыддзинад дыл не ’рцӕудзӕн, ӕмӕ хъӕдгом [«емынӕ», МГТ] не ’рбахӕстӕг уыдзӕн дӕ цӕрӕнмӕ» (14. Мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, мӕлӕтхӕссӕг емынӕтӕй хызт цӕмӕн стӕм?
14 Сӕрст чырыстӕттӕ ацы дунейы цӕрынц цатырты ӕцӕгӕлӕттау иппӕрдӕй (1 Петры 2:11). «Емынӕ не ’рбахӕстӕг уыдзӕн сӕ цӕрӕнмӕ». Уӕларвыл цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл, уӕддӕр мах не стӕм ацы дунейӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хызт стӕм ахӕм мӕлӕтхӕссӕг монон «емынӕйӕ»: ӕнӕгъдаудзинадӕй, зыд кӕнынӕй, мӕнг динӕй, стӕй «сырд» ӕмӕ йӕ «фӕлгонцӕн», ома Иугонд Нациты Организацийӕн табу кӕнынӕй (Раргомад 9:20, 21; 13:1—18; Иоанны 17:16).
15. Куыд нын ӕххуыс кӕнынц зӕдтӕ?
15 Хъахъхъӕд куыд цӕуӕм, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг дарддӕр дзуры: «[Иегъовӕ] Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕн дӕу тыххӕй — хъахъхъӕнын дӕу дӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл. Сӕ къухтыл ахӕсдзысты дӕу, цӕмӕй ма акъуырай дурыл дӕ къах» (Псалом 90:11, 12). Хуыцау зӕдтӕн радта тых, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕной (4 Паддзахӕдты 6:17; Псалом 33:8—10; 103:4; Матфейы 26:53; Лукайы 1:19). Зӕдтӕ нӕ «нӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл» дӕр хъахъхъӕнынц (Матфейы 18:10). Паддзахады тыххӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нын уыдон дӕттынц разамынд ӕмӕ ныл аудынц, цӕмӕй Хуыцауы фӕндагыл цӕугӕйӕ макуы фӕкӕлӕм (Раргомад 14:6, 7). Суанг нын нӕ разы «дуртӕ» куы сӕвӕрынц, ома нын сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар куы нал фӕдӕттынц, уӕд дӕр нӕ фӕцудӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау йӕ хорзӕхӕй цух нӕ уадзы.
16. «Ӕвзонг домбай» ӕмӕ «кобрӕ» куыд алыхуызӕтты лӕбурынц, ӕмӕ уыцы ӕфхӕрӕнтӕм махӕн цавӕр ахаст ис?
16 Псаломзарӕггӕнӕг дарддӕр кӕны йӕ ныхас: «Ды ныллӕудзынӕ ӕвзонг домбай ӕмӕ кобрӕйыл; барцджын ӕвзонг домбай ӕмӕ стыр калмы ныссӕнддзынӕ дӕ къӕхты бын» (Псалом 90:13, НД). Ӕвзонг домбай ӕргом, комкоммӕ куыд фӕлӕбуры, афтӕ не знӕгтӕ дӕр ӕргом цӕуынц нӕ ныхмӕ, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кӕныны оххыл уадзынц алыхуызон закъӕттӕ. Нӕ ныхмӕ архайынц сусӕгӕй дӕр, кобрӕ йӕ амӕттагыл йӕхи ӕнӕнхъӕлӕджы куыд ныццӕвы, раст афтӕ. Кӕд сауджынтӕ нӕ ныхмӕ алы хатт комкоммӕ нӕ рацӕуынц, уӕддӕр закъондӕттӕг хицӕутты, тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджыты ардауынц, ӕмӕ нӕм афтӕмӕй фӕсвӕдӕй лӕбурынц. Фӕлӕ Иегъовӕйы ӕххуысӕй, тӕрхондӕттӕм хъаст бахӕссӕм, ӕмӕ афтӕмӕй сабырӕй «Евангелийы сӕрыл тох кӕнӕм ӕмӕ йӕ [«закъонмӕ гӕсгӕ», НД] фидар кӕнӕм» (Филиппӕгтӕм 1:7, НФ; Псалом 93:14, 20—22).
17. «Барцджын ӕвзонг домбайы» нӕ къӕхты бын куыд ссӕндӕм?
17 Псаломзарӕггӕнӕг кӕны «барцджын ӕвзонг домбай ӕмӕ стыр калмы» ныссӕндыны кой. Барцджын ӕвзонг домбай у тынг знӕт сырд, стыр калм та — тынг дынджыр ӕмӕ даргъ хилӕг (Исай 31:4). Барцджын ӕвзонг домбай ӕргом куы фӕлӕбуры, уӕд цыфӕнды знӕт ма уа, уӕддӕр мах, домбайау знӕт адӕм кӕнӕ организацитӕ цы дзурынц, уый кӕй нӕ кӕнӕм, фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй хъусӕм, уымӕй йӕ нӕ къӕхты бын ссӕндӕм (Куыстытӕ 5:29). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тасӕфтауӕг «домбайӕн» ницы у йӕ бон нӕ уырнындзинадӕн ракӕнын.
18. «Стыр калм» нын нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны ӕмӕ нӕ аныхъуырынмӕ куы фӕцӕйхъава, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?
18 Г. Мчедловы тӕлмацы «стыр калм» тӕлмац у «залиаг калмӕй». Ӕмӕ нын уый та нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, «стыр залиаг калмы,— рагон калмы», йӕ ном Сайтан ӕмӕ Хӕйрӕг кӕмӕн у, уый (Раргомад 12:7—9, НФ; Уӕвынад 3:15). Уый у, йӕ амӕттаджы уӕнггай чи фӕкӕны ӕмӕ йӕ стӕй чи аныхъуыры, ахӕм ӕвирхъау хилӕджы хуызӕн (Иереми 51:34). Сайтан ууыл куы архайа, цӕмӕй ныл ӕртыхса, ацы дунейы ӕндӕвдады руаджы нӕ ныллӕмара ӕмӕ нӕ стӕй аныхъуыра, уӕд-иу уыцы «стыр калмӕй» нӕхи ратонӕм ӕмӕ-иу ӕй нӕ къӕхты бын ныссӕндӕм (1 Петры 5:8). Афтӕ хъуамӕ аразой, сӕрстытӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон, кӕд сӕ фӕнды, цӕмӕй сыл Ромӕгтӕм 16:20-ӕм стих сӕххӕст уа, уӕд.
Иегъовӕ — нӕ Ирвӕзынгӕнӕг
19. Иегъовӕ нӕ ныфс цӕмӕн у?
19 Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг Иегъовӕйы номӕй дзуры: «Уый мӕн бауарзта ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фервӕзын кӕндзынӕн; бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, цӕмӕйдӕриддӕр уый Мӕ ном базыдта» (Псалом 90:14, МГТ). Ацы дзырд «бахъахъхъӕндзынӕн ӕй», зӕгъгӕ, комкоммӕ нысан кӕны «Ӕз ын бынат скӕндзынӕн бӕрзӕндыл», куыд ничи йӕм баххӕсса, афтӕ. Иегъовӕ махӕн, йӕ лӕггадгӕнджытӕн, нӕ ныфс тынгдӕр уымӕн у, ӕмӕ «йӕ бауарзтам» (Маркы 12:29, 30; 1 Иоанны 4:19). Уый тыххӕй нӕ Хуыцау «ирвӕзын кӕны» не знӕгтӕй. Мах никуы ничи фесафдзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауы ном кӕй зонӕм ӕмӕ йӕм фидар уырнындзинадимӕ кӕй кувӕм, уый тыххӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 10:11—13). Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды «ӕнусӕй-ӕнустӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй цӕуын» (Михей 4:5; Исай 43:10—12).
20. 90-ӕм псалмы кӕрон куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕгӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?
20 90-ӕм псалмы кӕрон куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы тыххӕй дзуры: «Сдзурдзӕн Мӕнмӕ, ӕмӕ йӕ фехъусдзынӕн; йемӕ Ӕз хъыгдзинады; фервӕзын ӕй кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн; бирӕ цӕрӕнбонтӕй йӕ бафсаддзынӕн, ӕмӕ йын Мӕ ирвӕзындзинад раргом кӕндзынӕн» (Псалом 90:15, 16). Хуыцаумӕ, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ раст цы у, уый тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нӕ хъусы (1 Иоанны 5:13—15). Ныридӕгӕн дӕр мах бафӕрӕзтам, Сайтан нын йӕ фырмӕстӕй кӕй ӕвзарын кӕны, бирӕ ахӕм хъыгдзинӕдтӕн. Фӕлӕ Иегъовӕ афтӕ кӕй дзуры, «йемӕ Ӕз хъыгдзинады», зӕгъгӕ, уый нӕ цӕттӕ кӕны фидӕны фӕлварӕнтӕм ӕмӕ ма нын уыимӕ дӕтты фидар ныфс дӕр, ацы дуне куы фесафа, уӕд нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн.
21. Сӕрст чырыстӕттӕ ныридӕгӕн дӕр куыд скадджын сты?
21 Сӕрстытӕй ма не ’хсӕн чи ис, уыдонӕн кӕд Сайтан сӕ ныхмӕ карзӕй цӕуы, уӕддӕр сӕ йӕ рӕстӕджы — зӕххыл сӕ «бирӕ цӕрӕнбонты» фӕстӕ — Иегъовӕ иуыл иумӕ скадджын кӕндзӕн уӕларвыл. Фӕлӕ сӕ Иегъовӕ абон дӕр диссаджы хуызы ирвӕзын кӕны ӕмӕ сын уый ныридӕгӕн дӕр хӕссы монон кад. Цӕй стыр кад сын у, ацы фӕстаг бонты зӕххыл, куыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, афтӕ сӕхимӕ разамынд кӕй исынц, уый та! (Исай 43:10—12). Иегъовӕ йӕ адӕмы ӕппӕт фыддзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн, йе стыр хӕст Армагеддоны, цыран уый скадджын кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг ном ӕмӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, хицауиуӕг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис, уый (Псалом 82:19, МГТ; Иезекил 38:23; Раргомад 16:14, 16).
22. Кӕмӕн раргом кӕндзӕн Иегъовӕ йӕ ирвӕзындзинад?
22 Сӕрст чырыстӕттӕй стӕм ӕви се ’нувыд цӕдисӕмбӕлттӕй, не ’ппӕтӕн дӕр нӕ каст у Хуыцауы ирвӕзындзинадмӕ. «Иегъовӕйы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг бон» фервӕздзысты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ (Иоил 2:30—32). «Тынг бирӕ адӕмы» нымӕцмӕ нӕ чи хауы, уыдон сӕрыгасӕй бацӕудзысты Хуыцауы ног дунемӕ ӕмӕ йыл фӕстаг фӕлварӕны йӕ зӕрдӕ чи нӕ сива, уыдон «бафсӕддзысты бирӕ цӕрӕнбонтӕй» — ӕнӕкӕрон цардӕй. Хуыцау райгас кӕндзӕн чи амард, уыдон дӕр (Раргомад 7:9; 20:7—15). Иегъовӕйы цинӕн кӕрон нал уыдзӕн, Йесо Чырыстийы уылты нын «Йӕ ирвӕзындзинад [куы] раргом кӕна», уӕд (Псалом 3:9). Иугӕр нӕм ахӕм диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕд Хуыцауӕй ӕххуыс курӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ кадӕн хынцӕм нӕ бонтӕ. Цӕй ӕмӕ нӕ ныхасӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уӕд, нӕ ныфс Иегъовӕ кӕй у, уый.
[Фиппаинаг]
^ 2 абз. Чырыстон Грекъаг Фыстыты 90-ӕм псалмыл мессианон пехуымпарады цӕстӕй кӕсгӕйӕ нӕ цӕуы дзырд. Фӕлӕ, Иегъовӕ адӕймаг Йесо Чырыстийӕн куыд уыди йӕ ныфс ӕмӕ йӕ фидар мӕсыг, афтӕ ацы «кӕроны рӕстӕджы» сӕ ныфсы мӕсыг у Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта, сӕ уыцы цӕдисӕмбӕлттӕн дӕр (Данелы 12:4, НД).
Цавӕр дзуапп радтис?
• Цы у «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынат»?
• Цӕуылнӕ тӕрсӕм?
• Цавӕр «фыддзинӕдтӕ нӕ цӕуы» махыл?
• Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕ у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 15 фарсыл]
Иегъовӕйы ра́стдзинад нын стыр уарт куыд у, уый зоныс?
[Нывтӕ 16 фарсыл]
Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны хъусын кӕнынӕн, кӕд сӕ ныхмӕ ӕргом цӕуынц ӕмӕ сыл ӕнӕнхъӕлӕджы сӕхи ныццӕвынц, уӕддӕр.
[Барлӕвӕрдӕй]
Кобрӕ: A. N. Jagannatha Rao, Trustee, Madras Snake Park Trust