Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сахуыр ут мӕнӕй»

«Сахуыр ут мӕнӕй»

«Сахуыр ут мӕнӕй»

«Сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл, ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй: цӕмӕйдӕриддӕр Ӕз сабыр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕн дӕн; ӕмӕ ссардзыстут уӕ удтӕн ӕнцойад» (МАТФЕЙЫ 11:29, НФ).

1. Йесойӕ ахуыр кӕнын адӕймагӕн ӕхсызгон цӕмӕй у ӕмӕ йын амонд куыд хӕссы?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ хъуыды куыд кодта ӕмӕ иннӕты цӕуыл ахуыр кодта, афтӕ арӕзта йӕхӕдӕг дӕр. Уый зӕххыл бирӕ рӕстӕг нӕ фӕци, фӕлӕ уыцы цыбыр рӕстӕджы лӕуд уыди тынг ахсджиаг, зӕрдӕ кӕмӕй ради, ахӕм хъуыддаджы, ӕмӕ уый фӕрцы уыди амондджын. Йесойӕн уыдис ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сын амыдта, Хуыцауӕн куыд кувын хъӕуы, адӕмы куыд уарзын хъӕуы ӕмӕ дунейы ныхмӕ фидар лӕууӕн куыд ис, уый (Иоанны 16:33). Сӕ зӕрдӕты сын бауагъта ныфс ӕмӕ сын «равдыста цард ӕмӕ ӕнӕмбийындзинад хорз уацхъуыды сӕрты» (2 Тимофеймӕ 1:10). Кӕд ды дӕр дӕхи йӕ ахуыргӕнинагыл нымайыс, уӕд дӕумӕ гӕсгӕ ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны? Уый фӕдыл Йесо йӕхӕдӕг цы загъта, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд базондзыстӕм, нӕ цард фӕхуыздӕр кӕнӕн куыд ис, уый. Уый тыххӕй мах хъӕуы, цардмӕ уый цы цӕстӕй касти, ахӕм цӕстӕй кӕсын ӕмӕ цы сӕйраг амындтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын (Матфейы 10:24, 25; Лукайы 14:26, 27; Иоанны 8:31, 32; 13:35; 15:8).

2, 3. а) Кӕмӕй ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Йесойы ахуыргӕнинаг у? ӕ) Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕхимӕ ахӕм фарст радтын, цымӕ ӕз та кӕй ахуыргӕнинаг дӕн?

2 Чырыстон Грекъаг Фыстыты дзырд «ахуыргӕнинаг» амоны, кӕйдӕр зондыл чи цӕуы, кӕнӕ кӕмӕйдӕр чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймагмӕ. Ацы дзырд равзӕрд, нӕ статьяйы сӕйраг стихы — Матфейы 11:29-ӕм стихы — цы мивдисӕг ӕмбӕлы, уымӕй. Уым дзырдӕуы: «Сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл, ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй: цӕмӕйдӕриддӕр Ӕз сабыр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕн дӕн; ӕмӕ ссардзыстут уӕ удтӕн ӕнцойад». О, ахуыргӕнинаг уый у, ӕмӕ ахуыр чи кӕны. Евангелиты дзырд «ахуыргӕнинаг» сӕйраджыдӕр хауы Йесойы ӕввахс фӕдылдзӕуджытӕм, куы хъусын кодта, уӕд ӕдзухдӕр йемӕ чи уыд ӕмӕ йын йӕ амындтӕм чи хъуыста, уыдонмӕ. Фӕлӕ уыди ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ Йесо цӕуыл ахуыр кодта, ууыл ӕнӕуи, хаттӕй-хатт сусӕгӕй дӕр, чи ӕууӕндыд (Лукайы 6:17; Иоанны 19:38). Евангелитӕ чи фыста, уыдон ма кӕнынц «[Аргъауӕг] Иоанны ӕмӕ фарисейты ахуыргӕнинӕгты» кой дӕр (Маркы 2:18). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста, «цӕмӕй сӕхи хъахъхъӕдтаиккой... фарисейты... ахуырадӕй», ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ алчидӕр ахъуыды кӕнӕд, цымӕ ӕз та кӕй ахуыргӕнинаг дӕн, зӕгъгӕ? (Матфейы 16:12).

3 Кӕд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм, уӕд иннӕтӕн хъуамӕ се ’онг рогдӕр кӕнӕм. Нӕ цуры уӕвгӕйӕ, уыдон хъуамӕ уыной, сабырдӕр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕндӕр кӕй систӕм, уый. Кӕд кӕм кусӕм, уым цыдӕр бынат ахсӕм, кӕд нын ис сывӕллӕттӕ, йе та чырыстон ӕмбырды цӕстдарджытӕ стӕм, уӕд нӕ бӕрны чи ис, уыдон хатынц, Йесо, йӕ бӕрны чи уыд, уыдоныл куыд аудыдта, мах дӕр сыл афтӕ кӕй аудӕм?

Цавӕр ахаст уыди Йесойӕн адӕммӕ

4, 5. а) Йесо тыхст адӕммӕ цы цӕстӕй касти, уый бамбарын зын цӕуылнӕ у? ӕ) Йесо фарисеймӕ сихор хӕрынмӕ куы бацыд, уӕд дзы цы хабар ӕрцыд?

4 Мах хъӕуы зонын, Йесо адӕммӕ, уӕлдайдӕр та стыр зындзинӕдтӕ кӕмӕн уыди, уыдонмӕ цы цӕстӕй каст, уый. Уый зын бамбарӕн нӕу. Библийы фыст ӕрцыд, Йесо ӕнӕнхъӕлӕджы адӕмыл куы ӕмбӕлд, бирӕ ахӕм цаутӕ. Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ уыдысты тынг ӕфхӕрд ӕмӕ зӕрдӕсаст. Ӕркӕсӕм, ахӕм тыхст адӕммӕ дины разамонджытӕ, уӕлдайдӕр та фарисейтӕ, цы цӕстӕй кастысты, уымӕ дӕр. Мах фендзыстӕм, Йесо ӕмӕ фарисейты ахаст, арв ӕмӕ зӕхх кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, афтӕ кӕй хицӕн кодта.

5 Н. э. 31 азы, Йесо Галилейы бӕсты уацамындон балцы куы уыд, уӕд «фарисейтӕй... чидӕр [Йесойы] хуыдта йӕхимӕ хӕрынмӕ» (НФ). Йесо ӕнӕрахъуыды-бахъуыдыйӕ сразы. Ӕмӕ «бацӕугӕйӕ фарисейы хӕдзармӕ, ӕрбадт. Ӕмӕ мӕнӕ, сылгоймаг уыцы сахарӕй, кӕцы уыд тӕригъӕдджын, базонгӕйӕ, Уый кӕй бады фарисейы хӕдзары, ӕрхаста алебастрӕй мигӕнӕн, хорз тӕфгӕнаг мироимӕ; ӕмӕ ӕрлӕууыд фӕстейы Йӕ къӕхты раз кӕугӕйӕ, йӕ цӕстысыгтӕй хуылыдз кодта Уый къӕхтӕ ӕмӕ сӕ сӕрфта йӕ дзыккутӕй, ӕмӕ Йӕ къӕхтӕн пъатӕ кодта, ӕмӕ сӕ сӕрста хорз тӕфгӕнаг миройӕ» (Лукайы 7:36—38).

6. «Тӕригъӕдджын» сылгоймагӕн йӕ бон куыд уыди фарисейы хӕдзармӕ бацӕуын?

6 Дӕ бон у уыцы ныв дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? Иу бӕрӕгуаты дзырдӕуы: «Уыцы сылгоймаг (37 ст.) спайда кодта, мӕгуыртӕн ахӕм бадтмӕ фынджы уӕлдӕйттӕй сӕхи афсадынмӕ бацӕуыны бар кӕй уыдис, уыцы ӕгъдауӕй». Ныр ӕмбарӕм, ӕнӕхуынд уазӕгӕн йӕ бон уырдӕм бацӕуын куыд уыд, уый. Ӕвӕццӕгӕн ма дзы уыдис, фынджы уӕлдӕйттӕй сӕмбырд кӕнынмӕ чи бацыд, ӕндӕр ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ ацы сылгоймаг куыддӕр ӕнахуыр дардта йӕхи. Уый фӕрсырдыгӕй нӕ каст, уазджытӕ хӕрд кӕд фӕуыдаиккой, уымӕ. Адӕмы ’хсӕн ын хорз ном нӕ уыд, «тӕригъӕдджынӕй» йӕ зыдтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта, «йӕ бирӕ тӕригъӕдтӕ» йын кӕй зыдта, уый (Лукайы 7:47).

7, 8. а) Лукайы 7:36—38-⁠ӕм стихты цы уавӕры кой цӕуы, ахӕм уавӕры бахаугӕйӕ, нӕхи куыд дардтаиккам? ӕ) Куыд дардта йӕхи Симон?

7 Зӕгъӕм, ды дӕр цӕрыс уӕды заманы ӕмӕ Йесойы бынаты дӕ. Цымӕ дӕхи куыд дарис? Уыцы сылгоймаг дӕумӕ куы бацӕуид, уӕд дӕм хъыг фӕкӕсид? Дӕхи куыд хатис? (Лукайы 7:45). Дӕхимидӕг хъуыды кӕнис, куыд мыл бандзӕвыд, йӕ ныфс куыд бахаста?

8 Йе та, зӕгъӕм, ды дӕ иннӕ хуынд уазджытӕй иу. Фарисей Симоны сӕры цы хъуыдытӕ зилдух кодтой, дӕумӕ дӕр, мыййаг, ахӕм хъуыдытӕй исты фӕзынид? «Фенгӕйӕ уый, чи Йӕ [Йесойы] ӕрбахуыдта уыцы фарисей йӕхимидӕг загъта: Уый пехуымпар куы уаид, уӕд зонид, чи ӕмӕ цавӕр сылгоймаг ныдзӕвы Уымӕ, уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕдджын» (Лукайы 7:39). Симонӕй хъауджыдӕр Йесомӕ та хъардта адӕймаджы рис. Уый ӕмбӕрста сылгоймаджы уавӕр, фӕхатыд, йӕхимидӕг куыд тыхст, уый. Тӕригъӕдджын цард кӕнын куыд ӕмӕ цӕмӕн райдыдта, уый тыххӕй ницы дзырдӕуы. Фӕлӕ кӕд ӕцӕгдӕр хъахбай сылгоймаг уыди, уӕд сахары нӕлгоймӕгты, дингӕнӕг иудейты, ай-гъай дӕр нӕ фӕндыд уымӕн баххуыс кӕнын.

9. Йесо цы сарӕзта ӕмӕ уый, чи зоны, цӕмӕн фӕци ахъаз?

9 Фӕлӕ Йесойы фӕндыд сылгоймагӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ йын загъта: «Хатыргонд сты дӕ тӕригъӕдтӕ». Стӕй ма йӕ ныхасмӕ ноджыдӕр бафтыдта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта; цу фарнимӕ» (Лукайы 7:48—50). Ууыл фӕци ацы радзырд. Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Йесо уыцы сылгоймагӕн уадиссагӕй ницы сарӕзта. Ӕцӕгӕй та йӕ Йесо арвыста йӕ хорзӕхимӕ. Дӕумӕ гӕсгӕ ма уый фӕстӕ уыцы сылгоймаг йе ’намонд цардмӕ аздӕхтаид? Уый тыххӕй нӕ бон бӕлвырд ницы у зӕгъын, фӕлӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, Лука дарддӕр цы зӕгъы, уымӕ. Йӕ радзырдмӕ гӕсгӕ, Йесо «зылди сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, амыдта ӕмӕ хорз уацхъуыд дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй». Лука ма ноджыдӕр дзуры, зӕгъгӕ, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уыди «иу къорд устытӕ дӕр» ӕмӕ сын уыдон «лӕггад кодтой... сӕ исӕй». Чи зоны, се ’хсӕн уыди, чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Йесойы хорздзинад чи нӕ ферох кодта, уыцы сылгоймаг дӕр; ныр уый цард, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цыд, афтӕ, йӕ цӕсгом уыд сыгъдӕг, йӕ цардӕн уыд нысан ӕмӕ ныр ноджы тынгдӕр уарзта Хуыцауы (Лукайы 8:1—3, НФ).

Цӕмӕй хицӕн кодта Йесо фарисейтӕй

10. Йесо Симоны хӕдзары куы уыд, уӕд цы хабар ӕрцыд, уымӕ ӕркӕсын нын ахъаз цӕмӕн уыдзӕн?

10 Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны ацы ирд цау? Нӕ нын агайы нӕ зӕрдӕ? Ды дӕр Симоны хӕдзары куы уыдаис, уӕд куыд хатыдаис дӕхи? Йесойӕн цавӕр ахаст уыди, ахӕм ахаст дын уыдаид, ӕви хӕдзары хицау фарисейау стыхстаис? Йесо Хуыцауы Фырт уыди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уый куыд иста адӕмы рис йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ куыд архайдта, бынтон афтӕ махӕн нӕ бон нӕу. Фӕлӕ фарисей Симоны хуызӕн уӕм, уый дӕр нӕ нӕ фӕнды. Кӕй бафӕнддзӕн йӕхицӕй раппӕлын, ӕз фарисей дӕн, зӕгъгӕ?

11. Цӕуылнӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй фарисейты хуызӕн уӕм?

11 Библи дӕр ӕмӕ ӕнӕуи ӕрмӕджытӕ дӕр куыд бӕлвырд кӕнынц, афтӕмӕй фидарӕй зӕгъӕн ис, фарисейтӕ сӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты кӕй хастой, цыма ӕхсӕнад ӕмӕ ӕгас нацийы фарн дӕр уыдонӕй кӕнгӕ уыд, уыйау. Уыдон разы нӕ уыдысты, Хуыцауы Закъоны зынӕмбарӕнӕй кӕй ницы уыди, ууыл. Закъоны сӕм афтӕ цы каст, ӕмӕ йӕ хуыздӕр бамбарын кӕнын хъӕуы, уымӕ-иу сӕхицӕй бафтыдтой бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ ма адӕймагӕн, йӕ намыс ын куыд дзуры, афтӕ исты сарӕзтаид, уый фадат ын нал уыди. Уыцы дины разамонджытӕ архайдтой цыфӕнды хъуыддаг, суанг хӕрз гыццыл хъуыддӕгты фӕдыл дӕр, уагӕвӕрдтӕ ӕрӕмысыныл *.

12. Фарисейтӕ сӕхи тыххӕй цы хъуыды кодтой?

12 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд фыста, афтӕмӕй фарисейтӕ сӕхи нымадтой тынг хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕн, ӕнӕхӕрам адӕймӕгтыл, афтӕ сӕм каст, цыма иттӕг хорз ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕс. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ ӕцӕгдӕр уыдысты ахӕмтӕ. Зӕгъӕм, Никодим, чи зоны йӕ хъуыды кӕныс (Иоанны 3:1, 2; 7:50, 51). Куыд фӕстагмӕ дзы чидӕртӕ слӕууыд чырыстон фӕндагыл (Куыстытӕ 15:5). Чырыстон апостол Павел фыста иуӕй-иу иудейты тыххӕй, уыдонмӕ хаудтой фарисейтӕ дӕр: «Сӕхи тыхджын... хъарынц Хуыцауы ’рдӕм, фӕлӕ хъуыддаг нӕ равзаргӕйӕ» (Ромӕгтӕм 10:2, НФ). Фӕлӕ Евангелиты ӕвдыст сты, хуымӕтӕг адӕмы цур цыхуызӕн уыдысты, ахӕмтӕй: сӕрбӕрзонд, ӕнӕрвӕссон, сӕхицӕй растдӕр никӕй ӕнхъӕлдтой, алкӕуыл ӕвӕрдтой фаутӕ, алкӕуыл кодтой тӕрхон ӕмӕ иннӕтыл ӕппынӕдзухдӕр хӕцыдысты дӕлӕмӕ.

Цы хъуыды кодта Йесо

13. Йесо фарисейты тыххӕй цы загъта?

13 Йесо хурмӕ хаста чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты цӕстмӕхъус митӕ. «Бӕттынц уӕззау ӕмӕ зынхӕссӕн уӕргътӕ ӕмӕ сӕ ӕвӕрынц адӕмы уӕхсчытыл, сӕхи та сӕ ӕнгуылдзӕй дӕр фезмӕлын кӕнын нӕ фӕнды». О, адӕмыл цы уаргъ сӕвӕрдтой, уый уыди уӕззау, сӕ ӕфсондз та дӕрзӕг. Йесо чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты схуыдта «ӕнӕзӕндтӕ». Ӕнӕзонд та адӕмӕн ӕвзӕр йеддӕмӕ хорзӕй ницы хӕссы. Йесо ма чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты схуыдта «куырм разамонджытӕ» дӕр ӕмӕ загъта, уыдон кӕй «ферох кодтой Закъоны ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ: рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад» (НД). Кӕй фӕнды, ӕмӕ йӕ Йесо фарисейыл нымайа? (Матфейы 23:1—4, 16, 17, 23).

14, 15. а) Йесо Матфей Левимӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй фарисейты тыххӕй цы ис базонӕн? ӕ) Цӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы цауӕй?

14 Евангелитӕ чи кӕса, уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн, фарисейтӕн сӕ фылдӕрӕн искӕй ӕфхӕрын, фау хӕссын сӕ туджы кӕй уыди, уый. Йесо хъалонисӕг Матфей Левимӕ куы ӕрсидт, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинаг суыдаид, уӕд уый Йесойӕн скодта стыр куывд. Евангелийы дзырдӕуы: «Чиныджы дӕснытӕ та ӕмӕ фарисейтӕ уайдзӕфтӕ кодтой, ӕмӕ дзырдтой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: сымах хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут? Фӕлӕ сын Йесо загъта дзуапп: [...] Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстыты фӕсмон кӕнынмӕ сидыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Лукайы 5:27—32, НФ).

15 Леви ма Йесойы ныхӕстӕй бамбӕрста ноджыдӕр иу цыдӕр, зӕгъгӕ, «ацӕут, раздӕр сахуыр ут, цы амоны: „нывонд нӕ, фӕлӕ Мӕ хорзӕх хъӕуы“» (Матфейы 9:13). Кӕд фарисейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дзуттаг пехуымпарты фыстытыл ӕууӕндӕм, уӕддӕр Осийы 6:6-ӕм стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ архайдтой. Раст кӕй нӕ кӕнынц, уый-иу кӕд ӕмбӕрстой, уӕддӕр сын сӕйрагдӕр уыди, сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл фидар кӕй хӕцыдысты, уый. Уӕдӕ нӕ алчидӕр йӕхимӕ радтӕд фарст: цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ, зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕхимӕ куыд кӕсы раст, йе та адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд хъуыды кӕнынц, уый ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр кӕмӕн у, ахӕм адӕймагӕй мӕ зонынц ӕви фыццаджыдӕр тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймагӕй?

16. Фарисейтӕ сӕхи куыд дардтой ӕмӕ цӕмӕй уыдон хуызӕн ма уӕм, уый тыххӕй нӕ нӕхи цӕмӕй хизын хъӕуы?

16 Ай дӕр нӕ бӕззы, уый дӕр нӕ бӕззы, уый дӕр нӕу раст. Ахӕм уыд фарисейты зондахаст. Уыдон алцӕй мидӕг дӕр уыдтой хъӕндзинад, ӕцӕгӕй уыдаид ӕви нӕ, уӕддӕр. Адӕм сӕм ӕдзух ӕнхъӕлмӕ кастысты, мӕнӕ та нын нӕ рӕдыдтытӕ нӕ цӕстмӕ бадардзысты, зӕгъгӕ. Фарисейтӕ сӕхицӕй буц уыдысты, алы гыццыл кӕрдӕджы халӕй дӕр, зӕгъӕм: битъынайӕ, хъонтхорайӕ ӕмӕ зирӕйӕ дӕсӕм хай кӕй лӕвӕрдтой, уымӕй. Сӕ дарӕсӕй дӕр сӕ уый зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, Хуыцау мах хуызӕн никӕй уырны; адӕмы та хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уагътой. Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕнын, уӕд нӕхи хъуамӕ хизӕм иннӕтӕм хъӕндзинӕдтӕ агурынӕй ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕм амонынӕй.

Йесо зын хъуыддӕгтӕ куыд лыг кодта?

17—19. а) Бамбарын кӕн, Йесо зын хъуыддаг куыд алыг кодта, уый. ӕ) Уавӕр афтӕ мӕстаг ӕмӕ хъыгаг цӕмӕн уыди? б) Сылгоймаг Йесойыл куы андзӕвыд, уӕд ды дӕр уым куы уыдаис, уӕд дӕхи куыд дардтаис?

17 Йесо зын хъуыддӕгтӕ куыд лыг кодта, уымӕй тынг хицӕн кодта фарисейтӕй. Ӕркӕсӕм, иухатт тынг уӕззау уавӕры Йесо цы сарӕзта, уымӕ. Дзырд цӕуы, 12 азы дӕргъы туг кӕмӕй цыди, уыцы сылгоймагыл. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Лукайы 8:42—48-ӕм стихты.

18 Маркы Евангелийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, сылгоймаг Йесомӕ бацыди «тӕрсгӕ-ризгӕйӕ» (Маркы 5:33, НФ). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцауы Закъоны сӕрты кӕй ахызти, уый. Левиты 15:25—28-ӕм стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ сылгоймагӕй йӕ афонӕй уӕлдай ӕндӕр рӕстӕг туг куы цыдаид, уӕд цалынмӕ туг йӕ цӕуынӕй нӕ банцадаид, уӕдмӕ ӕмӕ ма уый фӕстӕ ноджыдӕр иу къуыри нымад уыди чъизийыл. Цы дзаумамӕ-иу бавнӕлдта ӕмӕ-иу цы адӕймагыл андзӕвыд, уый дӕр-иу нымад уыди чъизийыл. Цӕмӕй Йесойы цурмӕ бафтыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди адӕмы ’хсӕнты бахъуызын. Уыцы цауӕй ныр 2 000 азы бӕрц рацыд ӕмӕ йыл мах абон куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд хорз ӕмбарӕм, куыд зын ын уыди, уый.

19 Фӕлӕ ды дӕр уыцы ран куы уыдаис, уӕд дын цавӕр ахаст уыдаид уыцы цаумӕ? Цы загътаис? Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо уыцы сылгоймагмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыди ӕмӕ фӕлмӕнӕй кӕй ныхас кодта йемӕ. Цы зындзинӕдтӕ йын, гӕнӕн ис, ӕмӕ скодтаид, уый йын йӕ цӕстмӕ дӕр кӕй нӕ бадардта, уымӕ (Маркы 5:34).

20. Левиты 15:25—28-⁠ӕм стихты цы закъон фыст ис, уый абон йӕ тыхы куы уаид, уӕд нын ӕнцон цы нӕ уаид?

20 Истӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы цауӕй? Зӕгъӕм, ды дӕ чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг. Ӕмӕ, зӕгъӕм, Левиты 15:25—28-ӕм стихты цы закъон фыст ис, уый ӕххӕст кӕнын хъӕуы абоны чырыстӕттӕн ӕмӕ ӕмбырды иу сылгоймаг, йӕ сӕрӕн ӕндӕр кӕй ницыуал зыдта, уымӕ гӕсгӕ ахызт уыцы закъоны сӕрты. Цы бакӕнис ахӕм уавӕры? Дӕ уайдзӕфтӕй йӕ адӕмы цӕсты бафтауис? «Нӕ,— зӕгъдзынӕ ды,— ӕз афтӕ никуы бакӕнин! Йесойау ӕз дӕр ӕппӕтдӕр саразин, цӕмӕй уон хӕларзӕрдӕ, зӕрдиагӕй йыл аудон ӕмӕ йӕ бамбарон». Иттӕг хорз! Фӕлӕ хъуыддаг дӕр уый мидӕг ис, ӕмӕ Йесойы фӕзмын ӕнцон кӕй нӕу.

21. Йесо адӕмӕн Закъоны тыххӕй цы амыдта?

21 Йесойы фарсмӕ адӕм сӕхи хатыдысты уӕнгрог, зӕрдӕхъӕлдзӕг ӕмӕ ныфсджындӕр. Хуыцауы Закъон бӕлвырд хъуыддагмӕ кӕм хауд, уым ӕй ӕмбарын хъуыди, фыст куыддӕриддӕр уыди, афтӕ. Куыд сӕ кӕнын хъуыди, уый комкоммӕ кӕм нӕ дзырдта, уым та алкӕйдӕр фылдӕр архайын хъуыди йӕ намысмӕ гӕсгӕ ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон равдисын уыди, Хуыцауы кӕй уарзтой, уый. Иудзырдӕй, Закъон адӕмӕн сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ нӕ баста (Маркы 2:27, 28). Хуыцау уарзта йӕ адӕмы, ӕдзухдӕр архайдта, куыд хуыздӕр сын уыдаид, ууыл, куы-иу фӕкалдысты, уӕд та-иу сӕм уыди фӕлмӕнзӕрдӕ. Раст ахӕм уыди Йесо дӕр (Иоанны 14:9).

Йесойы амындты ахадындзинад

22. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уымӕ кӕй кастысты, уый сӕ зондахастыл куыд фӕзынд?

22 Йесойы ныхӕстӕм чи хъуыста ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг чи сси, уыдон сӕхиуыл бавзӕрстой, йӕ ныхӕстӕ, «Мӕ ӕфсондз у хорз, ӕмӕ Мӕ уаргъ у рог», зӕгъгӕ, раст кӕй сты, уый (Матфейы 11:30). Уыдонӕн Йесоимӕ зын никуы уыди, никуы дзы стыхстысты, сывӕллӕттау сын зӕндтӕ никуы амыдта. Ныр уыдон сӕхи хатыдысты сӕрибардӕр ӕмӕ амондджындӕр, ныр Хуыцауыл дӕр ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл дӕр тынгдӕр дардтой сӕ зӕрдӕ (Матфейы 7:1—5; Лукайы 9:49, 50). Йесомӕ кӕсгӕйӕ уыдон бамбӕрстой, адӕмы Хуыцауы фӕндагыл чи кӕны, уый хъуамӕ уа сабыр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕн, ӕмӕ сын афтӕмӕй се ’онг хъуамӕ рогдӕр кӕна (1 Коринфӕгтӕм 16:17, 18; Филиппӕгтӕм 2:3).

23. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йемӕ кӕй уыдысты, уый сын ахъаз куыд фӕци ӕмӕ уый руаджы цы бамбӕрстой?

23 Уымӕй дарддӕр бирӕтӕ хорз бамбӕрстой, Чырыстиимӕ иудзинад бахъахъхъӕнын ӕмӕ уый зондахаст ӕвдисын куыд ахсджиаг у, уый. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта: «Мӕн Фыд куыд бауарзта, афтӕ Ӕз дӕр бауарзтон сымах; Мӕ уарзондзинады ут. Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы сӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзыстут Мӕ уарзондзинады, Ӕз куыд сӕххӕст кодтон Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Уый уарзондзинады мидӕг [куыд] Дӕн, афтӕ» (Иоанны 15:9, 10). Кӕд сӕ Хуыцауӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын фӕндыд, уӕд хъуамӕ цӕсгомджынӕй кодтаиккой, Йесо сын цы бацамыдта, уыдӕттӕ иууылдӕр. Уырдӕм хауд, Хуыцауы диссаджы хорз уацхъуыд адӕмӕн хъусын кӕнын ӕмӕ амоныны тыххӕй, стӕй сӕ сӕ бинонтимӕ ӕмӕ сӕ хӕлӕрттимӕ сӕхи куыд дарын хъуыди, уый тыххӕй сын цы амыдта, уый дӕр. Чырыстон ӕфсымӕрад кӕй рӕзти ӕмӕ ӕмбырдтӕ кӕй фылдӕр кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу уыдон хъуыди арӕх сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йесойы фӕндаг раст фӕндаг кӕй у, уый. Цӕуыл сӕ ахуыр кодта, уый уыд ӕцӕгад, йӕ цард та йын сӕхӕдӕг уыдтой, ӕмӕ уый уыд, алкӕйдӕр сӕ тырнын кӕмӕ хъуыди, ахӕм цард (Иоанны 14:6; Ефесӕгтӕм 4:20, 21).

24. Йесойы дӕнцӕг нӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?

24 Цӕмӕ ӕркастыстӕм, уыдӕттыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, фӕхуыздӕргӕнӕн цы ис, уый уыныс? Йесо хъуыды дӕр ӕмӕ амонгӕ дӕр куыд кодта, аразгӕ дӕр афтӕ кӕй кодта, ууыл разы дӕ? Кӕд о, уӕд архай! «Кӕд сымах ацы хъуыддӕгтӕ зонут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, уӕд тӕхудиаг стут»,— разӕнгард нӕ кӕны Йесо йӕхӕдӕг (Иоанны 13:17, «Мах дуг» №5, 1992).

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. «[Йесо ӕмӕ фарисейтӕ] кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кодтой, уый бӕрӕг уыди, Хуыцауы куыд алыхуызӕтты ӕмбӕрстой, ӕрмӕст уымӕй дӕр. Фарисейтӕн Хуыцау фыццаджыдӕр уыди, ӕрмӕстдӕр домгӕ чи кӕны, ахӕм Хуыцау; Йесойӕн та — фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фарисейтӕ афтӕ нӕ дзырдтой, ӕмӕ Хуыцаумӕ хорздзинад ӕмӕ уарзондзинад нӕй, фӕлӕ уыцы миниуджытӕ уыдон уыдтой, Торӕ [Закъон] сын кӕй радта ӕмӕ сын йе ’ххӕст кӕныны фадат кӕй уыдис, ӕрмӕстдӕр уый мидӕг... Фарисейты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаг фидар куы хӕцыдаид, закъон ӕмбарын кӕнынӕн цы амындтӕ ӕрымысыдысты, уыдоныл, уӕд ӕххӕст кодтаид Торӕ [...] Йесо Хуыцауы ӕмӕ хӕстӕджы уарзыны фӕдзӕхст (Матф. 22:34—40), закъон уыдон куыд ӕмбарын кодтой, уый ӕмвӕз кӕй скодта, сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ та сын ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл кӕй нӕ нымадта... уый тыххӕй сси фарисейтӕн се знаг» («The New International Dictionary of New Testament Theology»).

Цавӕр дзуапп радтис?

• Йесойы ахуыргӕнинаг уай, уый дӕуӕн цы нысан кӕны?

• Йесо адӕммӕ цы цӕстӕй каст?

• Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

• Цӕмӕй хицӕн кодта Йесо фарисейтӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 16, 17 фарсыл]

Йесо адӕммӕ цы цӕстӕй каст, уый куыд тынг хицӕн кодта фарисейты цӕстӕнгасӕй!