Алцӕмӕй дӕр цӕттӕ стӕм Хуыцауы Ныхас амонынмӕ
Алцӕмӕй дӕр цӕттӕ стӕм Хуыцауы Ныхас амонынмӕ
«Хуыцау... нӕ бацӕттӕ кодта, цӕмӕй уӕм... лӕггадгӕнджытӕ» (2 КОРИНФӔГТӔМ 3:5, 6, НД).
1, 2. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хъусын кӕныныл чи фӕархайы, фӕлӕ сӕ хъуыддаг бирӕ цӕуылнӕ ахӕссы?
ӔППЫНДӔР цы куыст нӕ зоныс, уый дын куы бахӕс кӕниккой, уӕд дӕм куыд фӕкӕсид? Зӕгъӕм, куыстӕн дӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдон сты дӕ разы, фӕлӕ йӕ куыд саразай, уымӕн ницы зоныс. Стырдӕр бӕллӕх та уый у, ӕмӕ дын йӕ бакӕнынӕн бирӕ рӕстӕг нӕй. Адӕмӕн та сӕ каст дӕумӕ у. Куыд зын дын уыдзӕн уый!
2 Ахӕм хабар ӕрымысгӕ нӕу, афтӕ арӕх рауайы царды мидӕг дӕр. Цӕвиттон, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ чырыстон дины аргъуантӕй иу йӕ адӕмы арвиты хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахӕссы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ аргъуантӕ сӕ адӕмы уыцы куыстмӕ нӕ цӕттӕ кӕнынц. Ӕгӕр-мӕгуыр сауджынтӕ сӕхӕдӕг дӕр нӕ зонынц, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый, кӕд дины скъолатӕ ӕмӕ семинартӕ каст фӕвӕййынц, уӕддӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
3. 2 Коринфӕгтӕм 3:5, 6-ӕм стихты цавӕр дзырд ӕмбӕлы ӕртӕ хатты ӕмӕ цы амоны?
3 Адӕймаг ӕцӕг чырыстон хъусынгӕнӕг цӕй фӕрцы свӕййы, уый нын ӕмбарын кӕны Хуыцауы Ныхас. Хуыцауы разамындӕй апостол Павел ныффыста: «Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ нӕхӕдӕг стӕм цӕттӕ ӕмӕ махӕй кӕнгӕ у цыдӕр, фӕлӕ мах Хуыцауы фӕрцы стӕм цӕттӕ, уый нӕ бацӕттӕ кодта, цӕмӕй уӕм... лӕггадгӕнджытӕ» (2 Коринфӕгтӕм 3:5, 6, НД). Ам ӕртӕ хатты ӕмбӕлы дзырд «цӕттӕ». Цы амоны ацы дзырд? Иу библион дзырдуат ӕй ӕмбарын кӕны: «Дзырд цавӕрдӕр дзаумайыл куы фӕцӕуы, уӕд [ацы грекъаг дзырд] нысан кӕны „фаг, хорз“... адӕймӕгтыл куы фӕцӕуы дзырд, уӕд та — „хъуыддагзонӕг“, „бӕзгӕ“» («Vine’s Expository Dictionary of Biblical Words»). Адӕймаг цыдӕр куыстмӕ «цӕттӕ» куы уа, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы куыстӕн бӕззы, хорз ӕй зоны. Уӕдӕ хорз хабары ӕцӕг хъусынгӕнджытӕ дӕр цӕттӕ сты алцӕмӕйдӕр. Уыдон хорз зонынц сӕ куыст, бӕззынц ын ӕмӕ йын аккаг сты.
4. а) Хъусын кӕнынмӕ Хуыцау ӕрмӕст ӕвзӕрстыты кӕй нӕ цӕттӕ кӕны, уый Павелы цард куыд ӕвдисы? ӕ) Цавӕр ӕртӕ мадзалӕй нӕ цӕттӕ кӕны Иегъовӕ?
4 Фӕлӕ афтӕ хорз цӕттӕ цӕй фӕрцы сты? Се ’рдзон курдиат кӕнӕ се стыр зонды фӕрцы? Ӕви зындгонд скъолатӕ ӕмӕ семинартӕ каст кӕй фесты, уый фӕрцы? Ӕппӕт уыдӕттӕй цух нӕ уыд апостол Павел (Куыстытӕ 22:3; Филиппӕгтӕм 3:4, 5). Фӕлӕ уый сӕрныллӕгӕй загъта, хъусын кӕнынмӕ йе стыр ахуыры фӕрцы кӕй нӕ уыди цӕттӕ, фӕлӕ Иегъовӕ Хуыцауы фӕрцы. Цымӕ Хуыцау ӕрмӕст ӕвзӕрстыты цӕттӕ кӕны? Павел Коринфы ӕмбырдмӕ фыста, «мах стӕм цӕттӕ», зӕгъгӕ. Уӕдӕ Иегъовӕ цӕттӕ кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр, цӕмӕй сӕ бон уа, цы куыст сын бахӕс кодта, уый кӕнын. Куыд цӕттӕ кӕны абон ӕцӕг чырыстӕтты? Уый тыххӕй пайда кӕны ӕртӕ мадзалӕй: 1) йӕ Ныхасӕй, 2) йӕ сыгъдӕг удӕй ӕмӕ 3) йӕ зӕххон организацийӕ. Ӕркӕсӕм дзы алкӕцымӕ дӕр.
Иегъовӕйы Ныхас
5, 6. Сыгъдӕг Фыстад ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кӕны?
5 Хуыцау нӕ фыццаджыдӕр цӕттӕ кӕны йӕ Ныхасы руаджы. Куыд? «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн, амонынӕн рӕстдзинады, уадз уӕд ӕххӕст [«аккаг», НФ] Хуыцауы адӕймаг, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ»,— фыста Павел (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уӕдӕ нын Сыгъдӕг Фыстад ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алцӕмӕйдӕр уӕм «аккаг», цӕттӕ «хорз хъуыддагмӕ» — адӕмӕн Хуыцауы Ныхас амонынмӕ. Фӕлӕ уӕд цы зӕгъӕн ис аргъуантӕм цӕуӕг адӕмӕй та? Исты уыдонмӕ нӕй Библи? Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ иу чиныг иутӕн ӕххуыс кӕна хъусын кӕнынӕн, иннӕтӕн та нӕ? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ адӕймаг Библимӕ цы цӕстӕй кӕсы.
6 Хъыгагӕн, аргъуантӕм чи цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ, Библийы цы фыст ис, уый «Хуыцауы дзырдыл» нӕ нымайынц (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Ацы хъуыддаджы чырыстон динтӕн сӕ бон ницӕмӕй у раппӕлын. Сауджынтӕ цалдӕргай азтӕ дины скъолаты куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд Хуыцауы Ныхас амонынмӕ цӕттӕ вӕййынц? Зын зӕгъӕн у. Уый нӕ, фӕлӕ ма сӕ иуӕй-иутӕ семинариты ахуыр кӕнын куы райдайынц, уӕд Библийыл феууӕндынц, каст сӕ куы фӕуынц, уӕд та сӕ бынтондӕр ницыуал фӕуырны! Ӕмӕ Хуыцауы Ныхасыл кӕй нал ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмӕн дӕр нӕ хъусын кӕнынц. Уый бӕсты уыдон сӕхи тъыссынц политикӕйы, архайынц ацы дуне чырыстон уагӕвӕрдты руаджы фӕхуыздӕр кӕныныл ӕмӕ адӕмӕн амонынц алыхуызон философитӕ (2 Тимофеймӕ 4:3). Уыдонӕй хъауджыдӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ та фӕзмынц Йесо Чырыстийы.
7, 8. Дины разамонджытӕй хъауджыдӕр Йесойӕн Хуыцауы Ныхасмӕ цавӕр ахаст уыди?
7 Йесо йӕ рӕстӕджы дины разамонджыты зондыл никуы цыди. Цалдӕр адӕймагимӕ ныхас кодтаид, зӕгъӕм, йӕ апостолтимӕ, ӕви бирӕ адӕмы ахуыр кодтаид, ӕдзухдӕр сын амыдта Сыгъдӕг Фыстытӕм (Матфейы 13:10—17; 15:1—11). Ӕмӕ уымӕй хицӕн кодта дины разамонджытӕй. Уыдон хуымӕтӕг адӕмӕн Хуыцауы арф хъуыдытӕ бамбарынӕн фадат нӕ лӕвӕрдтой. Уӕды дуджы ахуыргӕнджытӕй бирӕтӕ ахӕм зондыл лӕуд уыдысты, зӕгъгӕ, Библийы иуӕй-иу скъуыддзӕгты ахӕм арф хъуыды ис, ӕмӕ сыл ныхасгӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр иууыл ӕввахсдӕр ахуыргӕнинагимӕ, ӕмӕ уыимӕ дӕр ныллӕг хъӕлӕсӕй, сӕ сӕртӕ ӕмбӕрзт куыд уой, афтӕмӕй. Уыцы дины разамонджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ Библийӕ бӕрӕг бынӕттыл дзурын не ’мбӕлди, раст Хуыцауы номӕй куыд хъуыды кодтой, афтӕ!
8 Фӕлӕ Чырысти ахӕм нӕ уыди. Уый зыдта, «Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырд» ӕрмӕст ӕвзӕрстытӕ нӕ, фӕлӕ алчидӕр кӕй хъуамӕ ӕмбара. Йесойӕн йӕ хъуыдыйы дӕр никуы уыди ӕмбарындзинады дӕгъӕл ӕрмӕстдӕр ахуыргонд дины разамонджытӕн радтын. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз уын талынджы цы зӕгъын, уый дзурут рухсы цур; ӕмӕ уын уӕ хъусы цы загъдӕуа, уый дзурут уӕлхӕдзӕртты» (Матфейы 4:4; 10:27, НФ). Йесойы тынг фӕндыд, Хуыцауы тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм куы базыдтаид, уый.
9. Ӕцӕг чырыстӕттӕ Библийӕ куыд пайда кӕнынц?
9 Адӕмӕн сӕйраджыдӕр хъуамӕ амонӕм, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый. Зӕгъӕм, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залы ныхасы рацӕугӕйӕ, Библийӕ стихтӕ ӕрмӕст бакӕсын фаг нӕ вӕййы. Фӕхъӕуы ма сӕ райхалын, цӕвиттон ӕрхӕссын, ӕмӕ цӕуыл дзурыс, уымӕ куыд хауынц, уый бамбарын кӕнын дӕр. Ууыл хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Библийы ныхӕстӕ баззайой, чи нӕм хъусы, уыдоны зӕрдӕты (Нееми 8:8, 12). Уынаффӕ радтын кӕнӕ искӕмӕн бауайдзӕф кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр пайда кӕнын хъӕуы Библийӕ. Кӕд Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алы ӕвзӕгтыл дзурынц, кӕд хицӕн кӕнынц сӕ хъомылад, сӕ ахуыр ӕмӕ сӕ уавӕртӕй, уӕддӕр сӕ алчидӕр стыр аргъ кӕны чингуыты Чиныгӕн — Библийӕн.
10. Библийы цы фыст ис, уый нӕ цардыл куыд ӕндавы?
10 Библимӕ ахӕм цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд ын ис стыр тых (Дзуттытӕм 4:12, НФ). Библи ахуыргӕнгӕйӕ адӕмы бафӕнды сӕ цард аивын, ӕмӕ ныууадзынц сӕ ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ: хӕтындзинад, гуымиры сурӕттӕн ӕмӕ дзуӕрттӕн кувын, фыднуӕзт кӕнын ӕмӕ давын. Уый руаджы бирӕтӕн сӕ бон сси «зӕронд адӕймаджы» митӕ ныууадзын ӕмӕ «ног адӕймаджы сфӕлындын» (Ефесӕгтӕм 4:20—24). Уӕдӕ алкӕддӕр Библи адӕймаджы зонд ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй уӕлдӕр куы ӕвӕрӕм ӕмӕ нӕ цард уымӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд алцӕмӕйдӕр цӕттӕ уыдзыстӕм, цӕмӕй йӕ адӕмӕн амонӕм.
Иегъовӕйы сыгъдӕг уд
11. Иегъовӕйы сыгъдӕг уд «ӕххуысгӕнӕг» схонӕн цӕмӕн ис?
11 Иегъовӕ нӕ цы мадзӕлттӕй цӕттӕ кӕны, уыдонӕй дыккаг та у йӕ сыгъдӕг уд, кӕнӕ йӕ архайгӕ тых. Иегъовӕйы сыгъдӕг удӕй стырдӕр тых нӕй дун-дунейы, ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ макуы рох кӕна. Иегъовӕ йӕ уарзон Фыртӕн бахӕс кодта, цӕмӕй уыцы стыр тыхӕй ӕххуыс кӕна ӕцӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕндӕр. Йесо сыгъдӕг уд «ӕххуысгӕнӕг» дӕр уымӕн схуыдта (Иоанны 16:7, НД ). Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, зӕгъгӕ, курут Иегъовӕйӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ уын ӕй рӕдауӕй дӕтдзӕн (Лукайы 11:10—13; Иаковы 1:17).
12, 13. а) Хъусын кӕнынмӕ куы фӕцӕуӕм, уӕд нӕ Иегъовӕйӕ сыгъдӕг уд курын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Фарисейтӕм сыгъдӕг уд кӕй нӕ хӕццӕ кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди?
12 Иегъовӕйӕ нӕ сыгъдӕг уд курын хъӕуы алы бон дӕр, уӕлдай дӕр та уацамынды. Куыд нын ӕххуыс кӕны Хуыцауы архайгӕ тых? Уый нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ афтӕ агайы, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны нӕ удыхъӕд хуыздӕр кӕнынӕн, Хуыцауимӕ нӕ ахастытӕ фидар кӕнынӕн ӕмӕ «ног адӕймаджы» сфӕлындынӕн (Колоссӕгтӕм 3:9, 10, НФ). Сыгъдӕг уды фӕрцы нӕ бон у кусын, Чырыстимӕ цы хорз миниуджытӕ уыди, уыдоныл дӕр. Бирӕтӕ нӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ зонынц, Галатӕгтӕм 5:22, 23-ӕм стихты цы фыст ис, уый. Уым дзырдӕуы Хуыцауы уды дыргъыл. Фыццаг бынаты дзы лӕууы уарзондзинад. Ацы миниуӕг тынг ӕхсызгонӕй хъӕуы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр. Цӕмӕн?
13 Уарзондзинадӕн йӕ бон бирӕ у. Ӕцӕг чырыстӕттӕ Иегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, уый тыххӕй сӕ фӕнды хорз хабар хъусын кӕнын (Маркы 12:28—31). Ӕнӕ уарзондзинадӕй нӕ бон нӕ уаид Хуыцауы Ныхас иннӕтӕн амонын. Уымӕй хицӕн кодта Йесо фарисейтӕй. Матфейы 9:36-ӕм стихы (НФ) Йесойы тыххӕй дзырдӕуы: «Куы федта адӕмы ӕмбырдтӕ, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, уыдон, ӕнӕфыййау фыстау, фӕллад ӕмӕ хӕлиу, кӕй уыдысты, уый тыххӕй». Цы цӕстӕй кастысты хуымӕтӕг адӕммӕ фарисейтӕ та? «Ацы адӕм закъонӕн ницы зонынц ӕмӕ ӕлгъыст сты»,— уыд сӕ ныхас (Иоанны 7:49, «Мах дуг» №5, 1992). Фарисейтӕ адӕмы нӕ уарзтой, ӕлгъ сыл кодтой. Уӕдӕ бӕрӕг нӕу, Иегъовӕйы сыгъдӕг уд сӕм кӕй нӕ хӕццӕ кодта, уый?
14. Йесо адӕмы куыд уарзта, уый нӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?
14 Йесо ӕмбӕрста адӕмы рис. Зыдта, уыдон ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст, ӕнӕфыййау фыстау дзӕгъӕл кӕй сты, уый. Иоанны 2:25-ӕм стихы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Йесо «зыдта, цы ис адӕймаджы мидӕг». Иегъовӕ адӕмы куы фӕлдыста, уӕд Йесо йӕ «дӕсны кусӕг» кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ хорз ӕмбӕрста адӕймаджы удыхъӕд (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31). Адӕмы афтӕ тыхджын дӕр уымӕн уарзта. Цӕй уӕдӕ мах дӕр ахӕм уарзондзинад разӕнгард кӕнӕд адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынмӕ! Кӕд ӕй хатӕм, ӕмӕ нӕм ахӕм уарзондзинад нӕй, уӕд Иегъовӕйӕ сыгъдӕг уд курӕм ӕмӕ уый фӕстӕ архайӕм, цӕй тыххӕй куывтам, уымӕ гӕсгӕ. Иегъовӕ нын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн. Уый нын ратдзӕн йе стыр тыхӕй, цӕмӕй тынгдӕр фӕзмӕм, хорз хабар хъусын кӕнынмӕ иууыл дӕсныдӕр чи уыди, уыцы Чырыстийы.
15. Исайы 61:1—3-ӕм стихты ныхӕстӕ Йесомӕ куыд хаудысты ӕмӕ уыцыиу рӕстӕг чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты хъӕнтӕ куыд ӕргом кодтой?
15 Йесойӕн хъусын кӕныны бар чи радта? «Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] Уд Мӕныл»,— загъта йӕхӕдӕг (Лукайы 4:17—21). О, Иегъовӕ йӕ снысан кодта йӕ сыгъдӕг удӕй. Ӕндӕр ӕй ницавӕр ӕвдисӕндартӕ ӕмӕ гӕххӕттытӕ хъуыди. Ӕмӕ йӕ рӕстӕджы дины разамонджытӕ сыгъдӕг удӕй ӕвӕрд нӕ уыдысты? Нӕ. Йесо Исайы 61:1—3-ӕм стихтӕй хъӕрӕй цы пехуымпарад бакаст ӕмӕ йӕхимӕ кӕй ахаста, уый сӕххӕст кӕнынмӕ дӕр куы нӕ уыдысты цӕттӕ. Бакӕс сӕ ды дӕр, ӕмӕ дӕхӕдӕг бамбардзынӕ, цӕстмӕхъус чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕм сӕ кӕй ницы хуызы ис ахӕссӕн, уый. Уыдон мӕгуыртӕн хорзӕй цы фехъусын кодтаиккой, ахӕмӕй ницы зыдтой. Ӕниу, куыд хъуамӕ хъусын кодтаиккой уацайрӕгтӕн, ссӕрибар уыдзыстут, зӕгъгӕ, ахст адӕмӕн та, уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ уырнындзинады хъуыддаджы сӕхӕдӕг куырмытау ницы ӕмбӕрстой ӕмӕ адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты уацары уыдысты! Цы ис зӕгъӕн махӕй та, цӕттӕ стӕм адӕмы ахуыр кӕнынмӕ?
16. Иегъовӕйы адӕм кӕцӕй зонынц, Иегъовӕ сӕ йӕхӕдӕг кӕй цӕттӕ кӕны йӕ Ныхас адӕмӕн амонынмӕ?
16 Раст у, мах дины семинаритӕ каст нӕ фестӕм. Уырдыгӕй нӕ не снысан кодтой Хуыцауы Ныхас амонджытӕй. Ӕмӕ уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, уыцы хъуыддагӕн аккаг не стӕм, зӕгъгӕ? Ницы хуызы! Иегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг равзӕрста йӕхицӕн Ӕвдисӕнтӕй (Исай 43:10—12). Уымӕ гӕсгӕ дзы сыгъдӕг уд куы курӕм ӕмӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд алцӕмӕйдӕр уыдзыстӕм цӕттӕ. Мах, ӕнӕххӕст адӕм, не Стыр Ахуыргӕнӕг Йесойы хуызӕн арӕхстджын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никуы уыдзыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр тынг бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, йӕ сыгъдӕг уды руаджы нӕ йӕ Ныхас амонынмӕ кӕй цӕттӕ кӕны, уый тыххӕй.
Иегъовӕйы организаци
17—19. Иегъовӕйы организаци нӕ цавӕр фондз ӕрвылк ъуырион фембӕлды фӕрцы цӕттӕ кӕны уацамындмӕ?
17 Хуыцау нӕ йӕ Ныхас адӕмӕн амонынмӕ цӕй руаджы цӕттӕ кӕны, уыдонӕй ӕртыккаг та у йӕ зӕххон организаци. Куыд нӕ цӕттӕ кӕны уый руаджы та? Ахъуыды ма кӕн, куыд хорз нӕ ахуыр кӕны! Къуырийы мидӕг нын вӕййы фондз чырыстон фембӕлды (Дзуттытӕм 10:24, 25). Чиныгахуыркӕнынады вӕййӕм гыццыл къордӕй ӕмӕ, Иегъовӕйы организаци цы чингуытӕ уадзы, уыдоны ӕххуысӕй иртасӕм Библийы арф хъуыдытӕ. Лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм, уӕд базонӕм бирӕ ног цыдӕртӕ, нӕ дзуаппытӕй та фидар кӕнӕм нӕ кӕрӕдзийы. Афтӕ ма нӕ хицӕнӕй алкӕуылдӕр ауды чиныгахуыркӕнынады разамонӕг ӕмӕ кӕм хъӕуы, уым нын уынаффӕ радты. Хӕрзгъӕд монон хӕринаг ма исӕм ӕмбырды иумӕйаг фембӕлды раныхас ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыркӕнынадӕй дӕр.
1 Петры 3:15). Афтӕ дын никуы уыди, ӕмӕ хӕрз хуымӕтӕг фарстайыл куы цӕттӕ кодтай хӕслӕвӕрд, уӕд цыдӕр ног хъуыды базыдтай? Арӕх вӕййы афтӕ. Цавӕрдӕр фарст искӕмӕн куы фӕамонӕм, уӕд ӕй нӕхӕдӕг дӕр хуыздӕр бамбарӕм. Хӕслӕвӕрд махӕн куы нӕ уа, уӕддӕр нӕ бон у, иннӕтӕн Библи куыд амонын хъӕуы, уыцы дӕсниад фӕхуыздӕр кӕнын. Теократон скъолайы хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн вӕййы, уыдонӕй алкӕмӕдӕр ис цыдӕр хорз миниуджытӕ, ӕмӕ нӕ бон у уыцы миниуджытыл ахуыр кӕнын.
18 Хуыцауы Ныхас амонынмӕ нӕ цӕттӕ кӕны Теократон лӕггаддзинады скъола. Хӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ мах ахуыр кӕнӕм адӕмӕн алыхуызон фарстатӕ Хуыцауы Ныхасӕй ӕмбарын кӕнын (19 Уӕдӕ Лӕггаддзинады фембӕлд дӕр уый тыххӕй у, цӕмӕй ахуыр кӕнӕм Хуыцауы Ныхас хуыздӕр амонын. Алы къуыри дӕр мах фӕхъусӕм хъӕугӕ раныхӕстӕм; цавӕрдӕр фарст равзарӕм иумӕ; фенӕм равдыстытӕ, куыд ис хуыздӕр хъусын кӕнӕн, уый фӕдыл, зӕгъӕм: нӕ ныхас куыд райдайӕм? Уацамынды нӕм цыдӕр зын куы кӕса, уӕд цы кӕнгӕ у? Цавӕр фадӕттӕ ма ис хъусын кӕнынӕн? Адӕммӕ дыккаг хатт бацӕугӕйӕ кӕнӕ искӕимӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ цӕй фӕрцы уыдзыстӕм арӕхстджындӕр? (1 Коринфӕгтӕм 9:19—22). Ахӕм фарстатыл бӕстон дзырд фӕцӕуы Лӕггаддзинады фембӕлды. Темӕтӕй бирӕтӕ арӕзт сты, «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинады» цы статьятӕ вӕййы, уыдоны бындурыл, ӕмӕ нын уый дӕр у стыр ӕххуыс нӕ ахсджиаг куысты.
20. Цӕмӕй фембӕлдтӕ ӕмӕ конгрестӕ цы пайда хӕссынц, уымӕй мацы ауадзӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?
20 Фембӕлдтӕм кӕй цӕттӕ кӕнӕм, кӕй сӕ нӕ цух кӕнӕм ӕмӕ дзы цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый фӕрцы кӕнӕм арӕхстджындӕр. Фӕлӕ ма нын ис стырдӕр фембӕлдтӕ — конгрестӕ дӕр, ӕмӕ нӕ уыдон дӕр цӕттӕ кӕнынц Хуыцауы Ныхас амонынмӕ. Мах ӕнӕрхъӕцӕй фенхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы фембӕлдтӕм, цӕмӕй та лӕмбынӕг байхъусӕм ӕмӕ цы базонӕм, уымӕй нӕ куысты спайда кӕнӕм (Лукайы 8:18).
21. Нӕ ӕнтыстдзинад цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ кӕмӕй хъуамӕ уӕм бузныг?
21 Иегъовӕ нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый ныл зыны? Уымӕн цард у ӕвдисӕн. Алы аз дӕр цалдӕр сӕдӕ мин адӕймагӕн баххуыс кӕнӕм Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ базонынӕн ӕмӕ сӕ цард Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ аразынӕн. Нӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, фӕлӕ нӕ иуӕн дӕр йӕ бон нӕу зӕгъын, уый мӕ фӕрцы у, зӕгъгӕ. Ацы хъуыддагмӕ нын хъуамӕ уа Йесойау раст ахаст. Уый загъта: «Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕн рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕрбакӕна, уӕд». Апостолтау махӕн дӕр нӕ фылдӕр сты, стыр ахуырдзинад кӕмӕ нӕй, ахӕм хуымӕтӕг адӕм (Иоанны 6:44; Куыстытӕ 4:13). Нӕ ӕнтыстдзинад Иегъовӕйӕ кӕнгӕ у, уый кӕны сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ӕцӕгадмӕ. «Ӕз ныссагътон, Аполлос дон кодта, фӕлӕ сырӕзын кодта Хуыцау»,— фыста Павел (1 Коринфӕгтӕм 3:6).
22. Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцауы Ныхас адӕмӕн амоныны аккаг не стӕм?
22 О, Иегъовӕ Хуыцау нын йӕхӕдӕг ӕххуыс кӕны йӕ Ныхас адӕмӕн амонынӕн. Чи зоны нӕм хаттӕй-хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн аккаг не стӕм. Фӕлӕ кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм уый, ӕмӕ адӕмы Иегъовӕ кӕны йӕхимӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ. Иегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг цӕттӕ кӕны йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ зӕххон организацийы руаджы, цӕмӕй, ӕрӕджы чи райдыдта йемӕ зонгӕ кӕнын, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ нӕ Иегъовӕ йӕ Ныхас адӕмӕн амонынмӕ цы мадзӕлтты руаджы цӕттӕ кӕны, уыдонмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм ӕмӕ сӕ пайда кӕнӕм!
Цавӕр дзуапп радтис?
• Библи нӕ хъусын кӕнынмӕ куыд цӕттӕ кӕны?
• Иегъовӕ нӕ йӕ сыгъдӕг уды руаджы куыд цӕттӕ кӕны?
• Хорз хабар хъусын кӕнынмӕ нӕ Иегъовӕйы зӕххон организаци куыд цӕттӕ кӕны?
• Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ нӕ бон цӕуыл у фидарӕй ӕууӕндын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 19 фарсыл]
Йесо адӕмӕн Хуыцауы Ныхас кӕй амыдта, уымӕй ӕвдыста, кӕй сӕ уарзта, уый.