Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕразӕм «буары сындзӕн»

Фӕразӕм «буары сындзӕн»

Фӕразӕм «буары сындзӕн»

«Ӕгъгъӕд дын фӕуӕд Мӕ хорзӕх» (2 КОРИНФӔГТӔМ 12:9, НФ).

1, 2. а) Фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса? ӕ) Цыфӕнды фыдӕвзарӕны дӕр нӕ бон кӕй фӕрцы у фидар фӕлӕууын?

«ИУЫЛДӔР, кӕй фӕнды хорз намысимӕ цӕрын Йесо Чырыстийы мидӕг, уыдзысты сырд» (2 Тимофеймӕ 3:12). Афтӕ цӕмӕн хъуамӕ уа? Сайтан загъта, зӕгъгӕ, адӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц ӕрмӕстдӕр сӕхи пайдайӕн, ӕмӕ цӕмӕй йӕ дзырд сӕххӕст кӕна, ууыл йӕ уд скъуыны. Иухатт Йесо йӕ иузӕрдион апостолты бафӕдзӕхста: «Хӕйрӕг уӕ йӕхицӕн агуырдта, цӕмӕй уӕ мӕнӕуау алуара» (Лукайы 22:31, НД). Йесо зыдта, Хуыцау Сайтанӕн бар кӕй дӕтты, цӕмӕй нӕ фыдӕвзарӕнты ӕппара. Ӕцӕг уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕ дӕр комкоммӕ Сайтан кӕнӕ йӕ сау тыхтӕй цӕуынц (Екклесиаст 9:11). Фӕлӕ Сайтанӕн йӕ бар цӕуылдӕриддӕр цӕуы, ӕппӕт уыцы мадзӕлттӕй архайы мах басӕттыныл.

2 Библи нын дзуры, фӕлварӕнтӕ ӕнӕмӕнг кӕй уыдзысты. Уӕдӕ ныл цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ныл цыдӕр ӕнахуыр хабар сӕмбӕлд (1 Петры 4:12). «Ахӕм фыдӕбӕттӕ... ӕрцӕуынц [не] ’фсымӕртыл дӕр дунейы» (1 Петры 5:9). Абон Сайтан уӕлдай знӕтӕй архайы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй басӕттыныл дӕр. Уӕдӕ сындзау риссаг мӕстытӕй ӕмӕ зындзинӕдтӕй куыд тыхсӕм, уый куы фӕуыны, уӕд ын тынг ӕхсызгон вӕййы. Уый тыххӕй Хӕйрӕг йӕ дунейӕ афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй нын «нӕ буары сындзыты» рыст фӕтынгдӕр кӕна (2 Коринфӕгтӕм 12:7, НД). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у Сайтаны фыдаудӕнты ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Кӕд нын Иегъовӕ, цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй «дӕтты ӕххуыс», уӕд нӕ, сындзау чи рӕхойы, ахӕм бӕллӕхты дӕр иунӕгӕй нӕ ныууадздзӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:13, НФ).

«Сындзӕн» куыд ис фӕразӕн

3. Павел Иегъовӕйӕн куы лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ «йӕ буары сындзӕй» фервӕзын кӕна, уӕд ын цы загъта?

3 Апостол Павел Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ «йӕ буары сындзӕй» фервӕзын кӕна. «Куырдтон дзы ӕртӕ хатты Хицауӕй, цӕмӕй йӕ мӕнӕй сласа». Цавӕр дзуапп радта Иегъовӕ Павелӕн? «Ӕгъгъӕд дын фӕуӕд Мӕ хорзӕх; Мӕ тых иуыл тыхджын равдисы йӕхи ӕдыхы мидӕг» (2 Коринфӕгтӕм 12:8, 9, НФ). Ацы ныхӕстӕм иумӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, сындзау нӕ удхарӕй чи мары, уыцы зындзинӕдтӕн нӕ бон куыд у быхсын.

4. Павел Иегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын куыд уыди?

4 Кӕс ма: Хуыцау Павелӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕй хъуамӕ ма рох кӕна, Чырыстийы уылты йӕ цы стыр хорзӕхӕй схайджын кодта, уый. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Павел бирӕ хъуыддӕгты ӕрцыди арфӕгонд. Кӕд Йесойы фӕдылдзӕуджытыл марынӕй дӕр нӕ ауӕрста, уӕддӕр ӕй Иегъовӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ уый аккаг скодта, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинаг суа (Куыстытӕ 7:58; 8:3; 9:1—4). Уымӕй дарддӕр ма йын бахӕс кодта бирӕ стыр хъуыддӕгтӕ. Уӕдӕ уый мах дӕр цӕуылдӕр ахуыр кӕны. Цыфӕнды ӕвзӕр уавӕры ма уӕм, уӕддӕр нын Иегъовӕ цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдон бирӕ фылдӕр сты. Уӕдӕ нӕ зындзинӕдтӕн уый бар хъуамӕ макуы радтӕм, ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕ ферох кӕнӕм (Псалом 30:20).

5, 6. а) Иегъовӕ Павелӕн куыд равдыста, йӕ тых иууыл тынгдӕр «ӕдыхы мидӕг» кӕй разыны, уый? ӕ) Сайтан фӕлитой кӕй у, уый Павелы цард куыд ӕвдисы?

5 Иегъовӕйы хорзӕх ма нын «ӕгъгъӕд» у ӕндӕр хъуыддаджы дӕр. Хуыцауы тых у, нӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн нӕ цы хъӕуы, уымӕй бирӕ фылдӕр (Ефесӕгтӕм 3:20). Иегъовӕ Павелӕн равдыста, йӕ тых иууыл тынгдӕр «ӕдыхы мидӕг» кӕй разыны, уый. Куыд? Радта йын, йӕ зындзинад фӕразынӕн ӕй цас хъуыди, уыйбӕрц тых. Павел алы хъуыддаджы дӕр йӕ ныфс Иегъовӕйыл кӕй дардта ӕмӕ кӕй нӕ фӕцудыдта, уый фӕрцы иууылдӕр уыдтой, Хуыцауы тых уыцы ӕнӕбон ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕймаджы мидӕг кӕй уӕлахиз кӕны. Цымӕ, уый уынгӕйӕ, йӕхи куыд хатыд Хӕйрӕг, афтӕ чи загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ын ӕнцон куы уа, уӕд? Уыцы хахуыргӕнӕгӕн Павелы фидардзинад уыди ӕхсӕрфарсы дзӕхстау!

6 Кӕддӕр Павел уыди Сайтаны цӕдисӕмбал, уый ӕгъатырӕй ӕфхӕрдта ӕмӕ мардта чырыстӕтты. Уый уыд ӕнувыд фарисей, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфсӕст уыди царды дзӕбӕхдзинӕдтӕй, уымӕн ӕмӕ фарисейтӕ уыдысты уӕды дуджы уӕздӕттӕй. Ныр та уыцы Павел йӕхи нымадта «апостолтӕй сеппӕтӕй къаддӕрыл» ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кодта Иегъовӕ ӕмӕ Чырыстийӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:9). Павел ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кодта, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты разамонӕг совет ын цы дзырдта, уый. Ӕмӕ йӕ кӕд йӕ «буары сындз» удхарӕй мардта, уӕддӕр быхста ӕмӕ фидар лӕууыд; Сайтанӕн цин кӕныны фадат нӕ радта, царды зындзинӕдтӕй нӕ ӕрмынӕг йӕ зӕрдӕйы зынг. Павелӕн стыр тых лӕвӕрдта, уӕларвон Паддзахады Чырыстиимӕ кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы ныфс (2 Тимофеймӕ 2:12; 4:18). Уӕдӕ мах дӕр кӕддӕриддӕр арт уадзӕм нӕ удӕй! Цыфӕнды зындзинады дӕр нӕ Иегъовӕ иунӕгӕй кӕй нӕ уадзы, уымӕ гӕсгӕ нын ис диссаджы фадат, Сайтан фӕлитой кӕй у, уый ӕвдисынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Иегъовӕйы ӕххуыс нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы

7, 8. а) Иегъовӕ абон йӕ лӕггадгӕнджыты куыд фидар кӕны? ӕ) Цӕмӕй «нӕ буары сындзӕн» фӕразӕм, уый тыххӕй нӕ цӕмӕн хъӕуы Библи алы бон дӕр кӕсын ӕмӕ, цы кӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын?

7 Абон Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, йӕ Ныхас сын кӕй балӕвар кодта, чырыстон ӕфсымӕрады сӕ кӕй баиу кодта ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг уд кӕй дӕтты, уымӕй. Апостол Павелау махӕн дӕр нӕ бон у Иегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йыл «нӕ мӕт ӕвӕрын» (Псалом 54:23). Кӕд нӕ Хуыцау алы хатт нӕ зындзинӕдтӕй уыцы тӕккӕ нӕ фервӕзын кӕны, уӕддӕр нын дӕтты зонд, цӕмӕй нын цыфӕнды зын ма уа, уӕддӕр ма фӕцудӕм. Зындзинады фидар лӕууынӕн ма нын Иегъовӕ дӕтты «стыр хъару» дӕр (2 Коринфӕгтӕм 4:7).

8 Фӕлӕ цӕмӕй уыцы ӕххуыс райсӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? Мах хъӕуы Хуыцауы Ныхас зӕрдӕбынӕй иртасын, уымӕн ӕмӕ уым ссардзыстӕм йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ (Псалом 93:19). Библийы бирӕ рӕтты ис бакӕсӕн, Хуыцауӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕххуыс куыд куырдтой, уый тыххӕй; уыцы ныхӕстӕ зӕрдӕйы арф хъарынц. Арӕх-иу сӕ Иегъовӕ бафидар кодта ныфсы ныхасӕй, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ фыст уый тыххӕй ӕрцыдысты, цӕмӕй сыл мах дӕр хъуыды кӕнӕм. Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый дӕтдзӕн тых, ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбардзыстӕм, «уыцы стыр хъару махыл нымад [кӕй] нӕу, фӕлӕ Хуыцауыл». Цӕмӕй буарӕй ӕнӕниз ӕмӕ фидар уӕм, уый тыххӕй нӕ алы бон дӕр хӕрын куыд хъӕуы, афтӕ нӕ алы бон дӕр хъӕуынц Хуыцауы ныхӕстӕ. Нӕхи цух нӕ уадзӕм Хуыцауы ныхӕстӕй? Уӕдӕ уӕд уындзыстӕм, Хуыцауы «стыр хъаруйы» руаджы цыфӕнды дудгӕ маст ӕмӕ цыфӕнды стыр зындзинадӕн дӕр нӕ бон кӕй у бафӕразын.

9. Зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?

9 Чырыстӕттӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты куы бахауынц, уӕд сын, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ свӕййынц «дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты хуызӕн» ӕмӕ «тӕрккъӕвдайӕ сӕхи кӕм бааууон кӕной, ахӕм бынаты хуызӕн». Уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын зӕрдӕбынӕй кӕй фӕнды, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕрныллӕгӕй фӕкувынц Иегъовӕмӕ, цӕмӕй сын радта «ахуыргӕнинаджы ӕвзаг» ӕмӕ сӕ бон уа, зын кӕмӕн у, уыдоны бафидар кӕнын. Ӕмӕ уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты ныхӕстӕ вӕййынц, ацы тыхст царды нын не онг чи рог кӕны, ахӕм сӕрдыгон къӕвдайы хуызӕн. «Зӕрдӕсӕстыты ныфсхаст кӕнгӕйӕ» хистӕр нӕлгоймӕгтӕ стыр ӕххуыс сты, сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй цавӕрдӕр «буары сындзӕй» чи тыхсы, уыдонӕн (Исай 32:2; 50:4; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ).

10, 11. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон куыд у, стыр зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдоны фидар кӕнын?

10 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр сты иу стыр чырыстон бинонтӕ. О, мах стӕм «кӕрӕдзийӕн уӕнгтӕ» ӕмӕ «хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм» (Ромӕгтӕм 12:5, НФ; 1 Иоанны 4:11). Фӕлӕ кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм, уыдонӕй алкӕмӕдӕр, 1 Петры 3:8-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕ «тӕригъӕдгӕнаг, ӕфсымӕруарзӕг, хӕларзӕрдӕ» куы уӕм, уӕд уымӕй. Фылдӕр та хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, «буары сындзытӕ» ацӕргӕтӕй дӕр ӕмӕ ӕрыгӕттӕй дӕр тынгдӕр кӕй тыхсын кӕнынц, уыдонӕн. Куыд?

11 Хъуамӕ сын сӕ зӕрдӕйы рис нӕ зӕрдӕмӕ исӕм. Науӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ, ӕнхъӕл дӕр ма уӕм, афтӕмӕй сын сӕ рис ноджы фӕтынгдӕр кӕнӕм. Иугӕр адӕймагӕн зын у, уӕд хъуамӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм, куыд дзурӕм ӕмӕ цы дзурӕм, стӕй нӕхи куыд дарӕм, ууыл. Нӕ ныхасӕй сӕ ныфс куы уадзӕм ӕмӕ сӕ фидар куы кӕнӕм, уӕд сын «буары сындз» цы рис ӕвзарын кӕны, уый иугыццыл уӕддӕр фӕрогдӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ сын афтӕмӕй рухс кӕндзыстӕм сӕ зӕрдӕ (Колоссӕгтӕм 4:11, НФ).

Бирӕтӕ куыд бафӕрӕзтой

12—14. а) Иу хо, ракӕй рынчын кӕй уыд, уый куы базыдта, уӕд цы сарӕзта? ӕ) Цавӕр ӕххуыс ӕмӕ йын ныфс уыдысты йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ?

12 Ацы фӕстаг бонтӕн сӕ кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас «уынгӕгдзинӕдтӕ» кӕнынц фылдӕр (Матфейы 24:8, НФ). Абон, ӕвӕццӕгӕн, зын кӕмӕн нӕу, зӕххыл иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, уӕлдайдӕр та Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй. Мӕнӕ, ӕххӕст рӕстӕг чи лӕггад кодта, иу ахӕм хойы хабар. Дохтыртӕ йӕм ссардтой рак, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йӕ комдонрӕзынджытӕ ӕмӕ йӕ гландӕтӕ хъуыдис ралыг кӕнын. Йӕ низыхатт куы рабӕрӕг, уӕд йӕ лӕгимӕ Иегъовӕмӕ скуывтой, ӕмӕ йын сӕ зӕрдӕйы рис, сӕ сагъӕстӕ иууылдӕр радзырдтой. Нӕ хо загъта, зӕгъгӕ нын уый фӕстӕ афтӕ фенцон, ӕмӕ нӕхимӕ дӕр диссаг каст. Фӕлӕ абоны онг дӕр хаттӕй-хатт йӕхи фӕхаты тынг ӕвзӕр, уӕлдайдӕр та йӕ хостӕ ӕндӕр низтӕм куы асайынц, уӕд.

13 Цӕмӕй ахӕм уавӕры йӕ ныфс ма асастаид, уый тыххӕй уыцы хо бирӕ цыдӕртӕ базыдта йӕ низы тыххӕй. Арӕх-иу ныхас кодта йӕ дохтыртимӕ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», «Райхъал ут!» ӕмӕ Библийы бындурыл фыст чингуыты касти, ахӕм низимӕ тохгӕнгӕйӕ фидар чи лӕууыд, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Афтӕ ма Библийы каст, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн зын сахат сӕ фарсмӕ куыд ӕрбалӕууы, уый тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, ахӕм цаутӕ. Агуырдта ӕндӕр хъӕугӕ ӕрмӕг дӕр.

14 Ныфссӕттӕг уавӕрты фидар лӕууӕн куыд ис, уый тыххӕй иу статьяйы бакаст ахӕм зондджын ныхӕстӕ: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый сфыдзонд уыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Уымӕ гӕсгӕ статьяйы лӕвӕрд цыди ахӕм уынаффӕ, зӕгъгӕ, «дӕхимӕ ма ныхъхъус» *. Хо дзуры: «Бирӕтӕ мын дзырдтой, зӕгъгӕ, дӕу тыххӕй фӕкувӕм. Иннӕтӕ мӕм телефонӕй дзырдтой. Дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы та мӕм дзырдтой алы бон дӕр, фарстой-иу мӕ, дӕхи куыд хатыс, зӕгъгӕ. Хастой мын дидинджытӕ, бирӕ кӕмӕйдӕрты истон фыстӕджытӕ. Суанг ма-иу мын хӕринаг дӕр скодтой. Бирӕтӕ та мын ӕххуыс кодтой, рынчындонмӕ мӕ кӕй ластой, уымӕй».

15—17. а) Иу хо авариты фӕстӕ йӕ низтимӕ куыд тох кодта? ӕ) Куыд ын ӕххуыс кодтой ӕмбырды уӕнгтӕ?

15 Иегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо Нью-Мехикойӕ (АИШ) дыууӕ хатты бахауд аварийы. Йӕ бӕрзӕй ӕмӕ йӕ фӕсонтӕ кӕй фӕхъыгдард сты, уымӕ гӕсгӕ йӕ уавӕр уыди тынг ӕвзӕр, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ дӕр 25 азы дӕргъы тыхстис стӕгнизӕй. Уый дзуры: «Мӕ сӕр тыххӕй урӕдтон, мӕ бон нӕ уыд дыууӕ килӕйӕ фылдӕр хӕссын. Фӕлӕ мын стыр тых лӕвӕрдта, Иегъовӕмӕ-иу зӕрдиагӕй кӕй куывтон, уый. Тынг мӕ фидар кодтой, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыгӕй» цы статьятӕ ахуыр кодтам, уыдон дӕр. Иу ахӕм статьяйы ӕвзӕрст цыд Михейы 6:8-ӕм стих ӕмӕ дзы дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуын нысан кӕны, адӕймаг йӕхицӕй, йӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр кӕй нӕ домы, уый. Уый фӕрцы ӕз бамбӕрстон, ахӕм уавӕры дӕр мӕхи кӕй хъуамӕ ма ауадзон, кӕд мӕ цас фӕнды, уыйбӕрц мӕ бон хъусын кӕнын нӕу, уӕддӕр. Сӕйрагдӕр у, Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнын, уый».

16 Ацы хо ноджыдӕр дзуры: «Мӕ бон цас уыд, уыйас-иу фембӕлдтӕм дӕр ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр кӕй цыдтӕн, уый тыххӕй-иу мӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕраппӕлгӕ никуы фесты. Кӕстӕртӕ та-иу мӕ куы федтой, уӕд-иу мыл ныттыхстысты. Куыд фӕразон уыдысты нӕ пионертӕ та, мӕ бон-иу куы нӕ уыди, уӕд-иу мӕн тыххӕй арӕх сӕ пълӕнттӕ фӕивтой. Боныхъӕд-иу ӕвзӕр куы уыди, уӕд-иу мӕ акодтой, дыккаг хатт-иу сӕ кӕдӕм хъуыд бацӕуын, уырдӕм, кӕнӕ та Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонмӕ. Мӕ бон уацамынды хызын хӕссын кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ-иу мын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ мӕ чингуытӕ хастой сӕ хызынты».

17 Ахъуыды кӕнӕм, ацы дыууӕ хойӕн сӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ куыд ӕххуыс кодтой, ууыл. Алчидӕр сӕ хъуыды кодта, тыхст кӕй уыдысты, ууыл ӕмӕ сын сӕ домӕнтӕ ӕмӕ сӕ уавӕртӕ хынцгӕйӕ ӕххуыс кодтой алы ӕгъдауӕй дӕр. Уӕдӕ не ’мчырыстӕттӕй зын кӕмӕн у, уыдонӕн мах дӕр хъуамӕ афтӕ ма ӕххуыс кӕнӕм? Кӕстӕртӕ, сымахӕн дӕр уӕ бон у, уе ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй «буары сындзытӕй» чи удхар кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 20:29).

18. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы цы адӕймӕгты тыххӕй вӕййы фыст, уыдон нӕ куыд фидар кӕнынц?

18 «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» арӕх мыхуыр кӕнынц, ахӕм зындзинӕдтимӕ чи тох кодта, йе та нырма дӕр чи тох кӕны, бирӕ ахӕм адӕймӕгты царды хабӕрттӕ. Ахӕм статьятӕ кӕсгӕйӕ, ды уындзынӕ, ӕгас дунейы дӕр дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй бирӕтӕ сӕ къухтӕм ӕмхасӕнтӕ кӕнгӕйӕ куыд цӕрынц, исчи сын куы амӕлы, уӕд ын куыд фӕразынц, хӕст кӕм цӕуы, ахӕм рӕтты куыд тухитӕ кӕнынц, уый. Чидӕртӕ сӕ фӕлмӕцы уӕззау низтӕй. Бирӕтӕн сӕ сӕ бон хӕрз гыццыл хъуыддӕгтӕ кӕнын дӕр нӕу. Ахӕм низтӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн свӕййынц ӕцӕг фыдӕвзарӕнтӕ, уӕлдайдӕр та сӕ бон, цас сӕ фӕнды, уыйбӕрц хъусын кӕнын куы нӕ вӕййы, уӕд. Куыд бузныг вӕййынц, се ’мчырыстӕттӕ сын хистӕрӕй-кӕстӕрӕй цы ӕххуыс бакӕнынц, уымӕй!

Фӕразондзинад хӕссы амонд

19. Кӕд Павел сындзау риссаг зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста, уӕддӕр йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ цӕмӕн ради?

19 Павелӕн йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ ради, уымӕн ӕмӕ уыдта, Хуыцау ӕй куыд фидар кӕны, уый. «Бирӕ ӕхсызгондӕрӕй мӕхи-иу ӕппӕлдзынӕн ме ’дыхдзинӕдтӕй, цӕмӕй Чырыстийы тых цӕра мӕ мидзӕрдӕйы. Ай тыххӕй зӕрдӕрухс-иу вӕййын ӕдыхдзинӕдты, ӕфхӕрдтыты, хъуӕгты, сурынтӕ ӕййафгӕйӕ, тыхмиты бын Чырыстийы сӕрыл; цӕвиттон, ӕдых куы вӕййын, тыхджын уӕд свӕййын»,— фыста уый (2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10, НФ). Павел царды ӕппӕт дӕр йӕхиуыл кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди фидарӕй зӕгъын: «Адон уый тыххӕй нӕ дзурын ӕмӕ хъуаг дӕн; уымӕн ӕмӕ ӕз сахуыр дӕн разы уӕвын, цы мӕм ис, уымӕй: зонын цӕрын хъуагдзинады дӕр, зонын цӕрын хъӕздыгӕй дӕр; сахуыр дӕн ӕппӕтыл ӕмӕ ӕппӕты, ӕфсӕдын ӕмӕ фӕразын ӕххормагӕн, уӕвын парахатдзинады дӕр, хъуагдзинады дӕр; ӕппӕтдӕр мӕ бон у мӕ фидаргӕнӕг Йесо Чырыстийы мидӕг [«алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы», НД]» (Филиппӕгтӕм 4:11—13).

20, 21. а) Абон «фенӕн кӕмӕн нӕй», уыцы хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ цӕмӕн рухс кӕндзӕн? ӕ) Абон «фенӕн кӕмӕн нӕй», уыцы хъуыддӕгтӕй дӕ зӕххон Дзӕнӕты иууыл тынгдӕр цы фӕнды фенын?

20 Уӕдӕ нӕ буары цавӕрфӕнды «сындз» ма уа, уӕддӕр нӕ бон у цин кӕнын ӕмӕ уымӕй алкӕмӕндӕр ӕвдисын, Иегъовӕйы хъару иууыл тынгдӕр ӕдыхы мидӕг кӕй разыны, уый. «Зӕрдӕсаст не ’стӕм... нӕ мидӕггагон [адӕймаг] бонӕй-бонмӕ ног кӕны. Цӕмӕйдӕриддӕр нӕ цыбыр рӕстӕгмӕ, рог хъизӕмар фегуырын-иу кӕны кӕлгӕуӕлдайӕ ӕнусмӕйы намыс, куы иу кӕсӕм... фенӕн кӕмӕн нӕй,— уыдӕттӕм, уӕд ӕвӕдза [«уымӕн ӕмӕ», НД ]... фенӕн кӕмӕн нӕй, уый... у ӕнусон» (2 Коринфӕгтӕм 4:16—18, НФ).

21 Иегъовӕйӕн абон чи лӕггад кӕны, уыдонӕй сӕ фылдӕрӕн ис ныфс, йе сконд зӕххон Дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ сын зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй кӕй бафсӕддзысты. Ныртӕккӕ уал, чи зоны, уыцы хорздзинӕдтӕ сты, «фенӕн кӕмӕн нӕй», ахӕм цыдӕр. Фӕлӕ сӕ тагъд рӕстӕджы фендзыстӕм нӕхи цӕстӕй, ӕмӕ канд уынгӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ ӕнустӕм хайджын дӕр уыдзыстӕм. Уыцы хорздзинӕдтӕй иу уый у, ӕмӕ нӕ сындзау чи рӕхойы, ахӕм зындзинӕдтӕ никуыуал бавзардзыстӕм! Хуыцауы Фырт «фехалдзӕн хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ» ӕмӕ, «мӕлӕтыл ӕлдариуӕг чи кӕны, уый ӕдых фӕкӕндзӕн» (1 Иоанны 3:8; Дзуттытӕм 2:14, НФ).

22. Дарддӕр дӕр не ’ппӕт хъарутӕ цӕмӕ хъуамӕ скӕнӕм?

22 Уӕдӕ нӕ абон цыфӕнды «буары сындз» ма хъыгдара, уӕддӕр ын бафӕразӕм. Павелау махӕн дӕр нӕ бон бауыдзӕн кӕронмӕ бафӕразын, уымӕн ӕмӕ нын Иегъовӕ рӕдауӕй дӕтты йӕ тых. Зӕххыл Дзӕнӕты куы цӕрӕм, уӕд та алы бон дӕр арфӕ кӕндзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйӕн йӕ бирӕ хорздзинӕдты тыххӕй (Псалом 102:2).

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Кӕс 2000 азӕн 8 майы «Райхъал ут!»-ы статья «Цы дзуры Библи: Куыд ис фидар лӕууӕн ныфссӕттӕг уавӕрты» (уыр.).

Цавӕр дзуапп радтис?

• Хӕйрӕг цӕмӕн ӕмӕ куыд архайы ӕцӕг чырыстӕтты басӕттыныл?

• Иегъовӕйы тых иууыл тынгдӕр «ӕдыхы мидӕг» куыд разыны?

• Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн сӕ бон куыд у, зындзинӕдтӕй чи тыхсы, уыдоны фидар кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Павел Хуыцауӕн ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын «йӕ буары сындз» сластаид.