Цӕмӕн фесӕфт уыцы рагон дуне?
Цӕмӕн фесӕфт уыцы рагон дуне?
ДУНЕОН хъаймӕт ӕрдзон бӕллӕх нӕ уыд. Уый уыд Хуыцауы тӕрхон. Уыцы тӕрхоны тыххӕй Хуыцау адӕмы фӕдзӕхсгӕ дӕр кодта, фӕлӕ йӕ сӕ фылдӕр ницӕмӕ ӕрдардтой. Цӕуылнӕ? Уый Йесо бамбарын кодта афтӕ: «Хъаймӕты размӕ бонты [адӕм]... хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ бацыд, уыцы боны онг, ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты [«нӕ хъуыды кодтой», НД], хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты, уӕдмӕ» (Матфейы 24:38, 39).
Размӕдзыд дуне
Доны хъаймӕты размӕ цы дуне уыд, уый иуӕй-иу хъуыддӕгты нырыккон дунейӕ хуыздӕр уавӕрты уыд. Зӕгъӕм, адӕм иууылдӕр дзырдтой иу ӕвзагыл (Уӕвынад 11:1). Уый ахъаз куыннӕ уыдаид аивадон ӕмӕ зонадон ӕнтыстытӕн, уымӕн ӕмӕ цӕмӕй ахӕм ӕнтыстытӕ къухы бафтой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмгуыст кӕной бирӕ адӕм алыхуызон курдиӕттимӕ. Афтӕ ма, адӕмӕн сӕ фылдӕр тынг бирӕ кӕй цардысты, уый фӕрцы сӕ бон уыди сӕдӕ азты дӕргъы сӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын.
Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, уӕды рӕстӕджы дӕр адӕймаг афтӕ бирӕ нӕ цард ӕмӕ, Библийы цы азтӕ фыст ис, уыдон та азтӕ не сты, фӕлӕ мӕйтӕ. Цымӕ ахӕм хъуыды раст у? Ӕркӕсӕм Малелеилы цӕвиттонмӕ. Библийы кӕсӕм: «Малелеил фӕцарди ӕхсай фондз азы ӕмӕ йын райгуырд Иаред. [...] Ӕдӕппӕтӕй Малелеил фӕцард аст сӕдӕ нӕуӕдз фондз азы ӕмӕ амард» (Уӕвынад 5:15—17). Кӕд аз мӕй нысан кӕны, уӕд Малелеилӕн фырт куы райгуырди, уӕд ыл фондз азы йедтӕмӕ нӕ цыди? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн гӕнӕн нӕй. Уӕд адӕм ӕввахсдӕр уыдысты фыццаг адӕймаг Адамы ӕххӕстдзинадмӕ ӕмӕ ӕцӕгдӕр сӕдӕ азтӕ цардысты. Фӕлӕ сын цытӕ бантыст?
Доны хъаймӕтӕй ӕнустӕ раздӕр зӕххыл адӕм афтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ ма Адамы фырт Каин сахар дӕр сарӕзта, Енох, зӕгъгӕ (Уӕвынад 4:17). Доны хъаймӕты размӕ заманы адӕм алыхуызон дӕсниӕдтыл сахуыр сты. Уыдис куырдадзтӕ «ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ» аразынӕн (Уӕвынад 4:22). Уыцы кусӕнгӕрзтӕй куыннӕ пайда кодтаиккой аразджытӕ, хъӕддӕснытӕ, хуийджытӕ ӕмӕ зӕхкусджытӕ. Ӕппӕт ацы дӕсниӕдты кой ис зӕххыл иууыл рагондӕр адӕмты фыстыты.
Адӕм бирӕ азты дӕргъы цы базыдтой, уый фӕрцы иннӕ фӕлтӕртӕ хуыздӕр базыдтой згъӕры куыст, зӕххы куыст, фыстӕ ӕмӕ стуртӕ дарын, фӕзынд фыссынад ӕмӕ аивад. Зӕгъӕм, Иувалӕй «рацыдысты хъисфӕндырыл ӕмӕ уадындзыл цӕгъдджытӕ» (Уӕвынад 4:21). Дуне алы хъуыддаджы дӕр размӕ цыди. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фесӕфт. Цы ӕрцыдис?
Хъуыддаг цӕй мидӕг уыд?
Хъаймӕты размӕ дунейӕн кӕд бирӕ цыдӕртӕ ӕнтысти, уӕддӕр ын уыд ӕвзӕр бындур. Адам, уыцы адӕм кӕмӕй рацыдысты, уый, растад Хуыцауы ныхмӕ. Фыццаг сахар чи сарӕзта, Каин, уый та йе ’фсымӕры амардта. Уӕдӕ диссаг нӕу, фыддзинад бонӕй-бонмӕ кӕй фылдӕр кодта! Адамӕй йӕ байзӕддӕгтӕ сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уый адӕмыл тынгӕй-тынгдӕр зындис (Ромӕгтӕм 5:12).
Адӕм афтӕ фесӕфтысты, ӕмӕ Иегъовӕ загъта, ахӕм уавӕр 120 азы йедтӕмӕ кӕй нал бафӕраздзӕн (Уӕвынад 6:3). Библийы дзырдӕуы: «Зӕххыл адӕм бынысӕфт фесты, ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ ӕрмӕстдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм уыдысты. [...] Зӕхх байдзаг тыхмийӕ» (Уӕвынад 6:5, 11).
Ӕппынфӕстаг, Хуыцау Нойӕн загъта, адӕмы иууылдӕр кӕй фесафдзӕн доны хъаймӕты (Уӕвынад 6:13,17). Кӕд Ной «рӕстдзинад хъусын кодта», уӕддӕр, куыд зыны, афтӕмӕй адӕмы нӕ уырныдта, сӕ алыварс цыдӕриддӕр уыд, уый кӕй фесӕфдзӕн (2 Петры 2:5). Ӕрмӕст аст адӕймаджы байхъуыстой Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ ӕмӕ фервӕзтысты (1 Петры 3:20). Абон мах уый тыххӕй зонын цӕмӕн хъӕуы?
Цӕмӕн хъӕуы мах уый тыххӕй зонын?
Ныртӕккӕ нӕ рӕстӕг у Нойы рӕстӕджы хуызӕн. Ӕдзух хъусӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ: террористтӕ ӕбуалгъ митӕ кӕнынц, иутӕ иннӕты сӕ нацийы тыххӕй цӕгъдынц, гӕрзифтонг фыдгӕнджытӕ адӕмы ницӕй тыххӕй марынц, бинонты ’хсӕн тыхми сарӕхи. Зӕхх та ногӕй байдзаг тыхмийӕ, ӕмӕ та кӕддӕрау ацы дунейыл Хуыцау йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕндзӕн. Йесо загъта, кӕй ӕрцӕудзӕн Хуыцауы ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕгӕй ӕмӕ кӕй ахицӕн кӕндзӕн адӕмы, фыййау фысты сӕгътӕй куыд фӕхицӕн кӕны, афтӕ. Аккаг чи нӕ разына, уыдон, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй «ӕнустӕм иуварсгонд ӕрцӕудзысты» (НД) (Матфейы 25:31—33, 46). Фӕлӕ Библи куыд дзуры, афтӕмӕй ацы хатт фервӕздзысты милуантӕ— тынг бирӕ адӕм, иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон. Фидӕны, ног дунейы, уыдон бафсӕддзысты, афтӕ тынг кӕмӕ бӕллынц, уыцы сабыр цардӕй (Михейы 4:3, 4; Раргомад 7:9—17).
Библи ног дунейы тыххӕй цы фыссыӕмӕ цы тӕрхонӕй фӕдзӕхсы, ууыл бирӕтӕ худынц, ӕмӕ не ’ууӕндынц, уыцы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл. Фӕлӕ апостол Петр бамбарын кодта, ахӕм ӕнӕуырнджытӕ кӕй ницӕмӕ дарынц бӕлвырд хъуыддӕгтӕ. Уый фыста: «Фӕстаг бонты фӕзындзӕн ӕдзӕсгом фауджытӕ... ӕмӕ дзурдзысты: цы фӕци Йе ’рцыды зӕрдӕвӕрӕн? [...] Афтӕтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ зонынц, Хуыцауы дзырдӕй райдианы ӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх донӕй ӕмӕ доны фӕрцы сконд кӕй фесты, уый. Уый тыххӕй уӕды дуне фесӕфт, доны бын фӕуӕвгӕйӕ. Фӕлӕ ныры ӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх лӕууынц уыцы дзырды руаджы ӕмӕ хъахъхъӕд сты тӕрхоны бонмӕ пиллонӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕймӕгты фесафынӕн» (2 Петры 3:3—7, НФ).
Матфейы 24:14). Уыцы фӕдзӕхстмӕ нын уӕлӕнгай цӕстӕнгас хъуамӕ ма уа. Дунескӕнӕг Хуыцау йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны.
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ абон ӕгас дунейыл уыдон алкӕйдӕр фӕдзӕхсынц фидӕны тӕрхоны боны тыххӕй ӕмӕ хъусын кӕнынц хорз хабар, уыцы тӕрхоны боны фӕстӕ зӕххыл фарн ӕмӕ сабырдзинад кӕй уыдзӕн (Ног дуне
Уыцы стыр ивддзинӕдтӕ хынцгӕйӕ, цы зӕгъӕн ис адӕмы фидӕны тыххӕй? Йесо йӕ зындгонд Уӕлхох уацамынд райдыдта ахӕм зӕрдӕвӕрдӕй: «Тӕхудиаг сты сабыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны уыдзӕн зӕхх». Уый фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта Хуыцаумӕ кувын: «Уӕд дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 5:5; 6:10). О, Йесо йӕхӕдӕг дзырдта, рӕстаг адӕммӕ а-зӕххыл, диссаджы фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Йесо йӕ схуыдта «ног цард» (Матфейы 19:28).
Уӕдӕ, Хуыцау цӕмӕй фӕдзӕхсы, ууыл чидӕртӕ кӕй худы, уый дын дӕ уырнындзинад ма фӕцудын кӕнӕд. Раст у, нӕ алыварс цы дуне ис, уый лӕууы ӕнусты дӕргъы ӕмӕ фидар зыны. Фӕлӕ йыл уӕддӕр мах нӕ ныфс хъуамӕ ма ӕвӕрӕм. Хуыцау ацы дунейӕн тӕрхон рахаста. Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ бафидар кӕн Петры ӕрвысты фӕстаг ныхӕстӕй:
«Кӕд адон ӕппӕт афтӕ фехӕлдзысты, уӕд цавӕр сыгъдӕг царды ӕмӕ хорз намысы ӕмбӕлы уӕвын сымахӕн, ӕнхъӕлмӕ кӕсджытӕн ӕмӕ Хуыцауы боны ӕрцыд кӕй фӕнды... Амӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, архайут фӕзынын Уый раз ӕнӕ счъизитӕй ӕмӕ ӕнӕ аипптӕй дунейы. [...] Рӕзут нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы арфӕдзинады ӕмӕ бамбарыны» (2 Петры 3:11, 12, 14, 18). Уӕдӕ дын зондзонӕн уӕд, рагзаманты Нойы бонты цы хабар ӕрцыд, уый. Ӕввахсдӕр кӕн Хуыцаумӕ. Архай, цӕмӕй хуыздӕр базонай Йесо Чырыстийы. Дӕ алы хъуыддаджы дӕр у Хуыцауыл иузӕрдион, цӕмӕй ацы дунейы кӕрон чи фендзӕн ӕмӕ фӕрнджын ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы бирӕ адӕмы ӕхсӕн уай.
[Ныв 5 фарсыл]
Згъӕры куыст зыдтой Доны хъаймӕты размӕ дӕр.
[Ныв 7 фарсыл]
Ӕнхъӕлмӕ нӕм кӕсы диссаджы фидӕн.