Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕгас дуне дӕр фесӕфт!

Ӕгас дуне дӕр фесӕфт!

Ӕгас дуне дӕр фесӕфт!

Ахъуыды ма кӕн дӕ алыварс дунейыл, цас стыр горӕттӕ, цас алыхуызон ӕгъдӕуттӕ дзы ис, цас зонадон ӕнтыстытӕ бафтыд адӕмы къухы ӕмӕ дзы цас адӕм цӕры, ууыл. Ахӕм фидар зыны, ӕмӕ адӕймаджы дисы ӕфтауы. Бауырнид дӕ, исчи дын афтӕ куы зӕгъид, зӕгъгӕ, иу бон ацы дуне ӕгасӕй дӕр фесӕфдзӕн? Ӕвӕццӕгӕн, зӕгъис, уый гӕнӕн та куыд ис? Фӕлӕ зоныс, иу раст ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг чиныгмӕ гӕсгӕ ма ацы дунейы размӕ дӕр ӕндӕр дуне кӕй уыд ӕмӕ кӕй фесӕфт, уый?

МАХ цавӕрдӕр рагон, хъӕддаг знӕмты кой нӕ кӕнӕм. Цы дуне фесӕфт, уый уыд размӕдзыд: уыдис дзы сахартӕ, адӕм уыдысты ӕнтыстджын аивады ӕмӕ зонады. Фӕлӕ, Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй дзуттӕгты фыдӕлты фыд Авраамы райгуырдӕй 352 азы раздӕр, дыккаг мӕйы ӕвддӕсӕм боны ӕнӕнхъӕлӕджы райдыдта доны хъаймӕт ӕмӕ ӕгас дуне дӕр бабын *.

Библийы цы фыст ис, уый раст у? Ахӕм цау ӕцӕгӕй ӕрцыд ӕви нӕ? Ӕцӕгдӕр ма уыдис, размӕдзыд чи уыд ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы чи фесӕфт, ахӕм дуне? Кӕд о, уӕд цӕмӕн фесӕфт? Хъуыд даг цӕй мидӕг уыд? Ӕмӕ кӕй фесӕфт, уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Рагон дуне ӕцӕгдӕр фесӕфт?

Кӕд ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх ӕцӕг ӕрцыд, уӕд бынтондӕр хъуамӕ ма ферох уыдаид. Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, бирӕ адӕмты таурӕгъты ис уыцы цауы кой. Цӕвиттон, ӕркӕсӕм, хабар кӕд ӕрцыд, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыстад куыд бӕлвырд фыссы, уымӕ. Рагон къӕлиндармӕ гӕсгӕ дыккаг мӕй нымадтой абоны октябры ӕмбисӕй ноябры ӕмбисмӕ. Уӕд йӕ ӕвддӕсӕм бон хауы фыццӕгӕм ноябрмӕ. Уӕдӕ би рӕ бӕстӕты алы аз уыцы афон мӕрд ты бонтӕ кӕй кӕнынц, уый хуымӕтӕджы нӕу.

Доны хъаймӕты ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ абоны онг дӕр баззадысты адӕмы таурӕгъты. Иууыл рагондӕр адӕмтӕм, стӕмтӕй фӕстӕмӕ, алкӕмӕ дӕр ис таурӕгъ, сӕ фыдӕлтӕ Дунеон доны хъаймӕтӕй куыд фервӕзтысты, уый тыххӕй. Африкӕйаг пигмейтӕ, европӕйаг кельт тӕ, Хуссар Америкӕйы инктӕ — алкӕмӕдӕр сӕ ис ахӕм таурӕгътӕ, афтӕ ма Австрали, Аляскӕ, Инди, Китай, Литва, Мексикӕ, Микронези, Ног Зеландийы ӕмӕ Цӕгат Америчы иуӕй-иу адӕмтӕм дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр се ’ппӕт не сты.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕг куыд цы ди, афтӕ уыцы таурӕгътӕм бирӕ диссӕгтӕ бафтыдтой. Фӕлӕ сӕ бындуры иу хабар кӕй ис, уый бӕрӕг у, се ’ппӕты дӕр цы ӕмхуы зон хъуыдытӕ ис, уымӕй, зӕгъӕм: Хуыцау смӕсты ис, адӕм фыддзинад йедтӕмӕ кӕй ницыуал арӕзтой, уый тыххӕй; ӕр уагъ та сыл стыр Доны хъаймӕт; адӕм иууылдӕр фесӕфтысты; цалдӕр рӕстгӕнӕджы удӕгасӕй баззадысты; уыдон сарӕзтой нау ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ууыл фервӕзтысты хъаймӕтӕй; иу цасдӕры фӕстӕ науӕй мӕргъты рауагътой, цӕмӕй сур зӕхх ссардтаиккой; ӕппынфӕстаг, нау хохыл ӕрлӕууыд; чи фервӕзт, уыдон науӕй куы рахызтысты, уӕд ӕрхастой нывонд.

Уыдӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты? Уыйбӕрц ӕмхуызон хабӕрттӕ хуымӕтӕджы нӕ уыдаиккой. Ацы таурӕгътӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, бӕлвырд кӕнынц, Библи рагзаманты цы загъта, уый — абон цы адӕм цӕры, уыдон иууылдӕр, дунеон хъаймӕтӕй чи фервӕзт, уыдонӕй кӕй равзӕрдысты. Уӕдӕ, цы ӕрцыд, уый базонынӕн мах нӕ хъӕуы таурӕгътӕ кӕнӕ аргъӕуттӕ кӕсын. Уыцы хабар фыст ис, абоны онг ӕнӕфӕивгӕйӕ чи баззад, уыцы чиныджы — Биб лийы, Дзуттаг Фыстыты (Уӕвынад, 6—8 сӕртӕ).

Библийы ис Хуыцауы разамындӕй фыст истори, суанг дуне рафӕлдисынӕй. Фӕлӕ, бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Библи ӕрмӕст ис тори нӕу. Йӕ раст пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ арф хъуыдытӕ ӕвдисынц, ӕцӕгӕйдӕр кӕй у Хуыцауы ныхас адӕммӕ. Таурӕгътӕй хъауджыдӕр, Библийы фыст ис, цы адӕмы кой кӕны, уыдоны нӕмттӕ, цы цаутӕ ӕрцыд, уыдоны рӕстӕг ӕмӕ, кӕм ӕрцыдысты, уыцы бынӕттӕ, ӕцӕг куыд уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Библийӕ базонӕн ис, Доны хъаймӕты размӕ цард цыхуызӕн уыд ӕмӕ ӕнӕхъӕн дуне ӕнӕнхъӕлӕджы цӕмӕн фесӕфтис, уый.

Уӕдӕ, Доны хъаймӕты агъоммӕ цы дуне уыд, уый цӕмӕн фесӕфт? Иннӕ статьяйы равзардзыстӕм уыцы фарст. Абоны дунейӕн йӕ фидӕн цы уыдзӕн, ууыл чи хъуыды кӕны, уыдоны бафӕнддзӕн уый тыххӕй базонын.

[Фиппаинаг]

[Таблицӕ 4 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Доны хъаймӕты таурӕгътӕ алыхуызон бӕстӕты

Бӕстӕ Ӕмхуызондзинӕдтӕ 1 2 3 4 5 6 7 8 9 10

Греци 7 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Ромы паддзахад 6 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Литва 6 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Ассири 9 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Танзани 7 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Инди — индустӕ 6 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Ног Зеланди — маори 5 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Микронези 7 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

АИШ, штат Вашингтон — якима 7 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

АИШ, штат Миссисипи — чокто 7 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Мексикӕ — мичоакан 5 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Хуссар Америкӕ — кечуа 4 ◆ ◆ ◆ ◆

Боливи — чиригуано 5 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

Гайанӕ — аравактӕ 6 ◆ ◆ ◆ ◆ ◆ ◆

1. Хуыцау смӕсты адӕммӕ сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй.

2. Доны хъаймӕт дуне фесӕфта.

3. Уый уыд Хуыцауӕй.

4. Хуыцау адӕмы фӕдзӕхста.

5. Адӕмӕй удӕгасӕй баззад цалдӕр.

6. Фервӕзтысты науыл.

7. Цӕрӕгойтӕ дӕр фервӕзтысты.

8. Маргъ кӕнӕ ӕндӕр цӕрӕгой рауагътой.

9. Ӕппынфӕстаг ӕрлӕууыдысты хохыл.

10. Нывонд ӕрхастой.