Зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕн Иегъовӕйӕн
Зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕн Иегъовӕйӕн
«Схъӕбатыр мӕ зӕрдӕ, Хуыцау, схъӕбатыр мӕ зӕрдӕ» (ПСАЛОМ 56:8, МГТ).
1. Давидау нӕ бон цы у фидарӕй зӕгъын ӕмӕ цӕмӕн?
ИУГӔР нӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодтам ӕмӕ ӕцӕг чырыстон фӕндагыл слӕууыдыстӕм, уӕд нӕ уый фидар кӕны (Ромӕгтӕм 14:4). Уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у псаломзарӕггӕнӕг Давидау зӕгъын: «Ныффидар мӕ зӕрдӕ» (Псалом 107:2, МГТ). Нӕ зӕрдӕ фидар куы уа, уӕд Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕн кӕддӕриддӕр хицау уыдзыстӕм. Ӕмӕ Хуыцауы уынаффӕтӕм куы хъусӕм ӕмӕ дзы хъару куы курӕм, уӕд уыдзыстӕм «фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр ӕнтыстджын Хицауы хъуыддаджы» (1 Коринфӕгтӕм 15:58).
2, 3. Павел 1 Коринфӕгтӕм 16:13-ӕм стихы цы уынаффӕ радта, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд?
2 Апостол Павел рагон Коринфы чырыстӕттӕм цӕмӕ сидт, уый хауы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕм абон дӕр: «Хъӕлдзӕг ут [«цырд-иу лӕуут», НФ], уырнындзинады лӕуут, хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут» (1 Коринфӕгтӕм 16:13). Грекъаг тексты ацы ныхӕстӕ иууылдӕр ӕвӕрд сты нырыккон афоны ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕнынц иугӕндзон архайдмӕ. Ацы уынаффӕйӕ Павелы цы зӕгъын фӕндыд?
3 Цӕмӕй «цырд лӕууӕм», уый тыххӕй хъуамӕ Хӕйрӕгӕн ныхкъуырд дӕттӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм (Иаковы 4:7, 8). Нӕ ныфс Иегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый фӕрцы та стӕм ӕмвӕнд-ӕмзонд ӕмӕ иумӕ фидар «лӕууӕм [чырыстон] уырнындзинады». Не ’хсӕн цы бирӕ сылгоймӕгтӕ ис, уыдонимӕ иумӕ мах «хъӕбатырӕй» хъусын кӕнӕм Паддзахады хабар (Псалом 67:12). «Фидар» та стӕм, ӕдзухдӕр нӕ уӕларвон Фыдӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн хъару кӕй курӕм, уый фӕрцы (Филиппӕгтӕм 4:13).
4. Аргъуыд райсынмӕ нӕ цы сразӕнгард кодта?
4 Нӕхи ӕнустӕм Иегъовӕйӕн куы снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд куы райстам, уӕд Иоанны 17:3). Уый фӕрцы нӕм фӕзынд уырнындзинад ӕмӕ, цы тӕригъӕдтӕ ракодтам, уыдоны тыххӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл худын райдыдта (Куыстытӕ 3:19; Дзуттытӕм 11:6). Уый фӕстӕ мах «раздӕхтыстӕм», ома не ’взӕр митӕ ныууагътам ӕмӕ нӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ сарӕзтӕм (Ромӕгтӕм 12:2; Ефесӕгтӕм 4:23, 24). Стӕй Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывтам ӕмӕ йын нывонддзырд радтам (Матфейы 16:24; 1 Петры 2:21). Ӕппынфӕстаг Хуыцауӕн балӕгъстӕ кодтам, цӕмӕй нын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом уа ӕмӕ уый фӕстӕ аргъуыд райстам (1 Петры 3:21). Аргъуыд райсынӕн нӕ цас цыдӕртӕ бакӕнын хъуыди, уый нӕ зӕрдыл даргӕйӕ мах ӕмбардзыстӕм: нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн ӕмӕ Иегъовӕйӕн дарддӕр зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕнынӕн нӕ ӕдзухдӕр хъӕуы нӕхиуыл кусын.
слӕууыдыстӕм ӕцӕгады фӕндагыл. Фӕлӕ нӕ аргъуыд райсынмӕ цы сразӕнгард кодта? Фыццаджыдӕр уал бӕлвырд базыдтам, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый (Дарддӕр дӕр ахуыр кӕн Библи
5. Дарддӕр дӕр нӕ Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
5 Цӕмӕй нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ дарддӕр дӕр хъӕуы, Фыстад ахуыргӕнгӕйӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Ӕцӕгадимӕ фыццаг хатт куы базонгӕ стӕм, уӕд Хуыцауы ныхӕстӕм нӕ зӕрдӕ куыд тынг ради! (Матфейы 24:45—47). Алы ахуырӕй дӕр-иу хӕрзад хӕринагау нӕ мондӕгтӕ суагътам ӕмӕ нын уый нӕ уырнындзинад фидар кодта. Ахӕм хӕрзад монон хӕринаг нӕ уӕд куыд хъуыди, ныр дӕр нӕ афтӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй, Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ фидар нӕ уыдзӕн нӕ зӕрдӕ.
6. Библийы ӕцӕгад бауарзынӕн дын куыд баххуыс кодтой?
6 Сыгъдӕг Фыстад хуыздӕр базонынӕн нӕ хъӕуы фыдӕбон кӕнын, раст арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ куыд агурай, афтӕ. О, фӕлӕ куыд зынаргъ сты уыцы хӕзнатӕ — «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 2:1—6). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ Библи, ӕвӕццӕгӕн, ахуыр кодтой чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ӕй. Иу бонмӕ нӕ рацыдыстут ӕппӕт уыцы ӕрмӕг, чи зоны уӕ кӕцыдӕр сӕртӕ сахуыр кӕнынӕн бахъуыди цалдӕр хатты фембӕлын дӕр. Стыр ахъаз-иу дын фӕци, Библийӕ дзы цы стихтӕ уыди, уыдон кӕй кастыстут ӕмӕ сӕ кӕй ӕвзӕрстат, уый. Цы-иу не ’мбӕрстай, уый та-иу дын бӕстон бамбарын кодтой. Демӕ Библи чи ахуыр кодта, уый-иу дӕм ӕрбацыд цӕттӕйӕ, скуывта-иу Хуыцаумӕ сыгъдӕг уды тыххӕй ӕмӕ дын афтӕмӕй ӕххуыс кодта ӕцӕгад бауарзынӕн.
7. Ӕцӕгад иннӕтӕн амонын нӕ бон цӕй фӕрцы свӕййы?
7 Ӕппӕт уыцы фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы нӕ уыдысты. Уый тыххӕй Павел фыссы: «Дзырдӕй зондамындисӕг, хай кӕн дӕ алы хорздзинадӕй зондамонӕгӕн» (Галатӕгтӕм 6:6). Грекъаг текст куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Хуыцауы Ныхас баззайы, ныхасӕй йӕ кӕмӕн амындӕуы, уый зонд ӕмӕ зӕрдӕйы. Дӕхи дын кӕй сахуыр кодтой, уый фӕрцы дӕуӕн дӕр дӕ бон сси иннӕты ахуыр кӕнын (Куыстытӕ 18:25). Дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн дӕ дарддӕр дӕр хъӕуы Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ фидар уа ӕмӕ Иегъовӕмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнай (1 Тимофеймӕ 4:13; Титмӕ 1:13; 2:2).
Куыд ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ куыд раздӕхтӕ, уый дӕ зӕрдыл дар
8. Цӕмӕй не ’фсарм ма фесафӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
8 Ӕцӕгад куыд базыдтай ӕмӕ алцӕуылдӕр куы ӕрфӕсмон кодтай, Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл куы баууӕндыдтӕ ӕмӕ дын Хуыцау дӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кодта, уӕд дӕ цы уаргъ ахауд, уый ма хъуыды кӕныс? (Псалом 31:1—5; Ромӕгтӕм 5:8; 1 Петры 3:18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ дӕ фӕнды фӕстӕмӕ тӕригъӕды фӕндагмӕ аздӕхын (2 Петры 2:20—22). Фӕлӕ цӕмӕй де ’фсарм ма фесафай, Иегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уымӕн хицау уай ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнай, уый тыххӕй дӕ бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтимӕ иумӕ ӕдзух хъӕуы Иегъовӕмӕ кувын дӕр (2 Петры 3:11, 12).
9. Иугӕр не ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътам, уӕд нӕ дарддӕр цы кӕнын хъӕуы?
9 Иугӕр де ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътай, уӕд дӕ дарддӕр хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ дыууӕрдӕм ма кӕна. Адӕймаг Исай 30:20, 21; Матфейы 7:13, 14).
куы фӕдзӕгъӕл уа, ӕмӕ стӕй картӕйы руаджы раст фӕндаг куыд ссара, афтӕ уыди дӕ хабар дӕр. Уӕдӕ мауал фӕзил уыцы фӕндагӕй. Дарддӕр дӕр хъус Хуыцауы разамындмӕ ӕмӕ дӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ радт, цӕмӕй царды фӕндагыл фидар лӕууай (Макуы дӕ ферох уӕд дӕ нывонддзырд ӕмӕ дӕ аргъуыды бон
10. Нӕ нывонддзырды тыххӕй нӕ нӕ зӕрдыл дарын цы хъӕуы?
10 Дӕ зӕрдыл дар, Иегъовӕмӕ кӕй скуывтай ӕмӕ йын афтӕ кӕй загътай, зӕгъгӕ дын ӕнустӕм иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзынӕн, уый (Иудӕйы 20, 21). Нывонддзырд радтын нысан кӕны Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн хи ахибар кӕнын кӕнӕ хи аиуварс кӕнын (Левит 15:31; 22:2). Уый нӕу рӕстӕгмӕ бадзырд кӕнӕ адӕмӕй искӕмӕн дзырд радтын. Ды цӕрӕнбонтӕм дӕхи снывонд кодтай Дунескӕнӕг Стыр Хуыцауӕн ӕмӕ цӕмӕй дӕ ныхасӕн хицау уай, уый тыххӕй дӕ алы бон дӕр хъӕуы Хуыцауы раз ӕнӕзӕрдӕхудтӕй цӕрын. О, «цӕргӕ кӕнӕм, ӕви мӕлгӕ кӕнӕм,— ӕдзухдӕр стӕм Хицауы [«Иегъовӕйы», НД]» (Ромӕгтӕм 14:7, 8). Цӕмӕй амондджын уӕм, уый тыххӕй нӕ дарддӕр дӕр хъӕуы йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ йын зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕнын.
11. Дӕ аргъуыды бон дӕ рох кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?
11 Ма рох кӕн, аргъуыд райсгӕйӕ, ды равдыстай, дӕхи ӕгасӕй дӕр Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтай, уый. Тыхӕй дын ничи райсын кодта аргъуыд, дӕхи фӕндыд. Фӕнды дӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын? Ды куывтай Хуыцаумӕ, цӕмӕй йӕ разы дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа ӕмӕ аргъуыдӕй равдыстай, дӕхи йын ӕгасӕй дӕр кӕй снывонд кодтай, уый. Уӕдӕ ныр дӕ ныхасӕн хицау у, цӕмӕй Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, ӕмӕ афтӕмӕй хайджын уыдзынӕ Иегъовӕйы стыр арфӕдзинӕдтӕй (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).
Алцыдӕр дӕхицӕй кӕнгӕ у
12, 13. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн нывонддзырд кӕй радтам ӕмӕ аргъуыд кӕй райстам, уый уыди нӕхи фӕндон?
12 Ӕгас дунейы дӕр милуантӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста, Хуыцауӕн сӕ цард кӕй снывонд кодтой ӕмӕ аргъуыд кӕй райстой, уый. Аргъуыд райсгӕйӕ адӕймаг амӕлы йӕ ивгъуыд цардӕн, фӕлӕ уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕ цард йӕ бар нал у. Библи цы дзуры, уый куы базыдтам ӕмӕ йыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ Иегъовӕйӕн нывонддзырд радтам ӕмӕ уый фӕстӕ та аргъуыд райстам. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ дарддӕр дӕр хъӕуы, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый бӕлвырд кӕнын ӕмӕ йӕ барвӕндӕй ӕххӕст кӕнын (Ефесӕгтӕм 5:17). Уымӕй мах фӕзмдзыстӕм Йесойы. Уый йӕхи фӕндонӕй ныууагъта хъӕддӕсныйы куыст ӕмӕ, аргъуыд райсгӕйӕ, йӕхи ӕгасӕй дӕр снывонд кодта йӕ уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн (Псалом 39:8, 9; Иоанны 6:38—40).
13 Иегъовӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ Фырт хъуамӕ «сӕххӕст уыдаид хъизӕмӕрттӕ» бавзаргӕйӕ. Уӕдӕ уыцы хъуыддаг хъуамӕ Йесойӕн йӕхи фӕндыдаид, цӕмӕй ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр бафӕрӕзтаид. Уымӕ гӕсгӕ уый «тыхджын дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕстысыг калгӕйӕ, куывта-иу ӕмӕ лӕгъстӕ кодта... ӕмӕ Йӕ фехъусынчындӕуыд йӕ хуыцауы ӕфсармы руаджы» (Дзуттытӕм 2:10, 18; 5:7, 8, НФ). Кӕд махмӕ дӕр Хуыцауы ӕфсарм ис, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг «фехъусдзӕн» ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл, йӕ Ӕвдисӕнтӕ уӕвгӕйӕ, уӕм ӕнувыд ӕмӕ зӕрдӕфидар (Исай 43:10).
Дарддӕр дӕр дӕ зӕрдӕ фидар уӕд
14. Цӕмӕн нӕ хъӕуы Библи алы бон дӕр кӕсын?
14 Цӕмӕй дарддӕр дӕр дӕ зӕрдӕ фидар уа ӕмӕ дӕ нывонддзырдӕн хицау уай, уымӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? Алы бон дӕр кӕс Библи, ӕмӕ уӕд арфдӕр ӕмбардзынӕ Хуыцауы хъуыдытӕ. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр нын ӕппынӕдзух уый дзуры. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгад ӕдзух нӕ зӕрдӕйы куы нӕ уа, уӕд Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнын нӕ бон нӕ уыдзӕн. Иегъовӕйы организаци зонгӕ-зонын, раст цы нӕу, уый куы амонид, уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмӕ кӕмӕн хъусын кӕнынц, уыдонӕн Библи кӕсыны кой кӕнгӕ дӕр никуы скӕнид.
15. а) Цыфӕнды хъуыддаг ма скъуыддзаг кӕнӕм, уӕддӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? ӕ) Чырыстӕттӕн сӕ царды иууыл сӕйраг куыст цӕуылнӕ у?
15 Цыфӕнды хъуыддаг ма скъуыддзаг кӕнай, дӕ зӕрдыл дар, дӕхи Иегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уый. Зӕгъӕм, дӕ куыст. Исты аразыс уый тыххӕй, цӕмӕй дын дӕ куыстӕй Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕныны фадат уа? Бирӕтӕ тынг аргъ кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕнӕзӕрдӕхудт куыстӕн, ӕмӕ ма уынынц, кадмӕ кӕй нӕ бӕллынц ӕмӕ хуыздӕр бынатыл иннӕ куысджытимӕ кӕй нӕ тох кӕнынц, уый. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ царды нысан нӕу хъӕздыгдзинад, кад кӕнӕ стыр бынат. Йӕ нывонддзырдӕн хицау чи у, ахӕм адӕймагӕн царды мидӕг Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, куыст ӕрмӕстдӕр уымӕн у, цӕмӕй сӕ бон уа сӕхи ӕмӕ сӕ бинонты дарын. Апостол Павелау уыдонӕн дӕр сӕ сӕйраг куыст у хъусын кӕнын (Куыстытӕ 18:3, 4; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:7, 8; 1 Тимофеймӕ 5:8). Дӕуӕн дӕр царды иууыл ахсджиагдӕр Паддзахады хъуыддаг у? (Матфейы 6:25—33).
16. Зындзинӕдтӕ нӕ нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын куы хъыгдарой, уӕ нӕ цы кӕнын хъӕуы?
16 Цалынмӕ ӕцӕгад нӕ зыдтам, уӕдмӕ-иу, чи зоны, фырмӕтӕй ӕгъуыссӕг дӕр фестӕм. Фӕлӕ Паддзахады тыххӕй куы фехъуыстам, куы йыл баууӕндыдыстӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ байдзаг цин ӕмӕ уарзтӕй, ӕмӕ мах тынг бузныг уыдыстӕм Хуыцауӕй. Ӕцӕгад нын уӕдӕй ардӕм цас хорздзинӕдтӕ ӕрхаста, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, Иегъовӕйӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Фӕлӕ нӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд, сындзыты ’хсӕн зайӕгой сырӕзын ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссын куыд нӕ бафӕразы, афтӕ махӕн дӕр «Хуыцауы дзырд» нӕ зӕрдӕмӕ нал хъардзӕн (Лукайы 8:7, 11, 14; Матфейы 13:22; Маркы 4:18, 19). Кӕд дӕхӕдӕг кӕнӕ дӕ бинонтӕ ахӕм уавӕры стут, уӕд дӕ мӕт иууылдӕр Иегъовӕйыл сӕвӕр ӕмӕ дзы кур ӕххуыс, цӕмӕй уын хорздзинадӕй цы ис, уымӕй бузныг уат ӕмӕ уӕм стыр уарзондзинад уа. Дӕ уаргъ ыл куы сӕвӕрай, уӕд дӕ уый фӕфидар кӕндзӕн ӕмӕ йын дарддӕр дӕр зӕрдӕфидарӕй ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕндзынӕ (Псалом 54:23; Филиппӕгтӕм 4:6, 7; Раргомад 2:4).
17. Фыдӕвзарӕны фидар фӕлӕууӕн куыд ис?
17 Кув Иегъовӕ Хуыцаумӕ ӕппынӕдзух дӕр, дӕ цард ын куы снывонд кодтай, уӕд ӕм куыд куывтай, раст афтӕ (Псалом 64:3). Исты фӕлварӕны кӕнӕ карз фыдӕвзарӕнты куы бахауай, уӕд лӕгъстӕ кӕн Хуыцауӕн, цӕмӕй дӕ куыд бакӕнын хъӕуы, уый дын бацамона ӕмӕ дын уымӕн тых дӕр радта. Ацы хъуыддаджы уырнындзинад куыд тынг хъӕуы, уый тыххӕй фыста ахуыргӕнинаг Иаков: «Кӕд сымахӕй искӕмӕн нӕ фаг кӕны зонд [фыдӕвзарӕны фидар лӕууынӕн], уадз курӕд Хуыцауӕй, ӕппӕтӕн хӕларӕй ӕмӕ ӕнӕуайдзӕфӕй дӕттӕгӕй,— ӕмӕ йын лӕвӕрд уыдзӕн. Фӕлӕ уадз курӕд уырнгӕйӕ, гыццылдӕр дызӕрдыг нӕ кӕнгӕйӕ, дызӕрдыг чи кӕны, уый дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ [кӕй] ахӕлиу кӕны, уыцы денджызы уылӕны хуызӕн у: уадз ахӕм адӕймаг Хицауӕй исты райсын ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд, дыууӕрдӕм хъуыдыгӕнӕг адӕймаг фидар нӕу йӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл» (Иаковы 1:5—8). Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ фыдӕвзарӕны дӕ бон фидар фӕлӕууын нӕ бауыдзӕн, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн Библийы ныхӕстӕ: «Сымахыл сӕмбӕлд адӕймагон фыдӕвзарӕн; ӕмӕ Хуыцау нӕ бауадздзӕн уӕ хъаруйӕ стырдӕр фыдӕвзарӕн, фӕлӕ уын фыдӕвзарӕны ратдзӕн ӕххуыс дӕр, цӕмӕй уӕ бон уа уый дӕр ахӕссын» (1 Коринфӕгтӕм 10:13, НФ).
18. Уӕззау тӕригъӕд нӕ куы хъыгдара, Иегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн, уӕд цы кӕнгӕ у?
18 Зӕгъӕм, сусӕгӕй уӕззау тӕригъӕд ракодтай ӕмӕ ныр дӕхи афтӕ ныхкъуырд хатыс, ӕмӕ Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын дӕ бон нӕу. Куыд кӕнгӕ у уӕд? Кӕд дӕхи ӕцӕгдӕр фӕсмонӕй хӕрыс, уӕд ӕй зон, ӕмӕ Иегъовӕ «саст ӕмӕ сабыр [«ныллӕг», МГТ] зӕрдӕйыл ӕлгъ нӕ Псалом 50:19). Цы дыл ӕрцыд, уый радзур де ’мбырды хӕларзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕзмынц Иегъовӕйы, ӕмӕ дӕ дӕ уӕларвон Фыды раз ногӕй сыгъдӕг цӕсгомимӕ ӕрлӕууын кӕй фӕнды, уымӕ сын уӕлӕнгай ахаст нӕ уыдзӕн (Псалом 102:10—14; Иаковы 5:13—15). Ӕмӕ та уӕд ног хъарутимӕ ӕмӕ зӕрдӕфидарӕй дӕ бон уыдзӕн фӕстӕмӕ раст фӕндагыл слӕууын ӕмӕ Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕнын (Дзуттытӕм 12:12, 13).
кӕны» (Дарддӕр дӕр зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕн
19, 20. Цӕмӕн нӕ хъӕуы алы бон дӕр нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын?
19 Ацы уӕззау рӕстӕг нӕ нывонддзырдӕн хицау уӕм ӕмӕ Хуыцауӕн дарддӕр зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕнӕм, уый ӕнцон нӕу. «Кӕронмӕ ныффӕразӕг... фервӕздзӕн»,— загъта Йесо (Матфейы 24:13). «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон, гӕнӕн ис, ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр ӕрцӕуа (2 Тимофеймӕ 3:1). Стӕй нӕ иу дӕр нӕ зоны, райсом ыл цы ’рцӕудзӕн, уый (Иаковы 4:13, 14). Растдӕр нӕ уый тыххӕй хъӕуы нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ алы бон дӕр цӕрын!
20 Уый кой кӕны апостол Петр йӕ дыккаг ӕрвысты. Петр дзуры, зӕгъгӕ, Доны хъаймӕты ӕнӕхуыцау адӕм куыд фесӕфтысты, афтӕ «Иегъовӕйы бон» (НД) фесӕфдзӕни «зӕхх», ома фыдадӕм иууылдӕр. Иугӕр афтӕ у, уӕд Петр фӕрсы: «Цымӕ куыд хъуамӕ уат сымах сыгъдӕг царды ӕмӕ хуыцауы ӕфсармы»?! Уый ма фӕдзӕхсы йе ’муырнджыты: «Ахсджиӕгтӕ! Адӕттӕ рагацау уын кӕм базонынчындӕуыд, уым хъахъхъӕнут уӕхи, цӕмӕй ма сцъил уат [мӕнг ахуыргӕнджытӕй ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕмӕй], ӕмӕ уӕ фидардзинадӕй ма фӕхауат» (2 Петры 3:5—17, НФ). Аргъуыд чи райста, ахӕм чырыстон йӕ зӕрдӕ куы нӕ бахъахъхъӕна, ӕцӕгады фӕндагӕй куы ахауа ӕмӕ йӕ мӕлӕт афтӕмӕй куы ӕрӕййафа, уымӕй стырдӕр бӕллӕх ма цы хъуамӕ уа!
21, 22. Псалмы 56:8-ӕм стих (МГТ) Давидыл куыд сӕххӕст ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕм та куыд хауы?
21 Дӕ аргъуыд райсыны амондджын бон дӕ зӕрдыл куы дарай ӕмӕ Иегъовӕмӕ куы кувай, цӕмӕй йын куыд ныхасӕй, афтӕ хъуыддагӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай, уӕд дарддӕр дӕр дӕ бон уыдзӕн, цы нывонддзырд ын радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Иегъовӕ йӕ адӕмы зӕрдӕхудты никуы бацыд, ӕмӕ мах дӕр ууыл хъуамӕ архайӕм, фыдӕнхъӕл нӕ куыд нӕ фӕуа (Псалом 93:14). Иегъовӕ Давиды рис йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста ӕмӕ йын кӕй фӕтӕригъӕд кодта, уымӕ гӕсгӕ ныссуйтӕ кодта йе знӕгты фыдвӕндтӕ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фервӕзын кодта. Давид дзы афтӕ бузныг уыди, ӕмӕ ӕргом дзырдта, йӕ Ирвӕзынгӕнӕджы цы ӕгӕрон уарзтӕй уарзы, уый тыххӕй. Давид зӕрдӕбынӕй зарыд: «Схъӕбатыр мӕ зӕрдӕ, Хуыцау, схъӕбатыр мӕ зӕрдӕ; зардзынӕн ӕмӕ цӕгъддзынӕн» (Псалом 56:8, МГТ).
22 Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр Давидау сӕ ныхасӕн хицау сты. Уыдон зонынц, Иегъовӕ кӕй у сӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ сӕ Хъахъхъӕнӕг, ӕмӕ зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй зарынц йӕ кадӕн. Дӕ зӕрдӕ фидар куы уа, уӕд Хуыцауыл никуы фӕгуырысхо уыдзынӕ, ӕмӕ алкӕддӕр дӕ бон уыдзӕн, цы дзырд ын радтай, уый ӕххӕст кӕнын. О, ды уыдзынӕ, псаломзарӕггӕнӕг афтӕ кӕуыл зарыд, «нӕ тӕрсы ӕвзӕр уацхъуыдӕй; йӕ зӕрдӕ фидар у ӕмӕ Хицауӕй ныфсджын у» (МГТ), зӕгъгӕ, уыцы «рӕстгӕнӕджы» хуызӕн (Псалом 111:6, 7). Хуыцауыл куы ӕууӕндай ӕмӕ йыл алы хъуыддаджы дӕр дӕ ныфс куы дарай, уӕд дарддӕр дӕр дӕ бон уыдзӕн, цы дзырд ын радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ йын зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕнын.
Хъуыды кӕныс?
• Дарддӕр дӕр нӕ Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
• Не ’взӕр митӕ куыд ныууагътам ӕмӕ Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстӕм, уый нӕ рох кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?
• Нӕ нывонддзырд ӕмӕ аргъуыд райсыны бон нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый ахъаз цӕмӕн уыдзӕн?
• Цӕмӕй Иегъовӕйӕн дарддӕр дӕр зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 28 фарсыл]
Царды нын сӕйрагдӕр хъусын кӕныны хъуыддаг куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн Иегъовӕйӕн зӕрдӕфидарӕй лӕггад кӕнын.
[Ныв 28 фарсыл]
Цӕмӕй дӕ зӕрдӕ фидар уа ӕмӕ Иегъовӕмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнай, уый тыххӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕныс?