Чырысти дӕ Разамонӕг у?
Чырысти дӕ Разамонӕг у?
«Уӕхи зондамонджытӕ [«разамонджытӕ», НД] ма хонут: уымӕн ӕмӕ иу у уӕ Зондамонӕг [«Разамонӕг», НД] — Чырысти» (МАТФЕЙЫ 23:10).
1. Ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ Разамонӕг чи у?
ИУӔНДӔСӔМ нисан, дыццӕг. Ӕртӕ боны фӕстӕ Йесо Чырыстийы амардзысты. Ныр фӕстаг хатт ис кувӕндоны. Ацы бон Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ уым цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕн загъта тынг ахсджиаг ныхӕстӕ: «Уӕхи ма хонут ахуыргӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ иу Ахуыргӕнӕг ис сымахӕн — Чырысти, сымах та иуылдӕр — ӕфсымӕртӕ; ӕмӕ уӕ фыд дӕр макӕйы хонут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ иу Фыд ис сымахӕн, Кӕцы ис ӕрвтыл; ӕмӕ уӕхи зондамонджытӕ [«разамонджытӕ», НД] ма хонут, уымӕн ӕмӕ иу у уӕ Зондамонӕг [«Разамонӕг», НД] — Чырысти» (Матфейы 23:8—10). Куыд уынӕм, афтӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕн Йесо Чырыстийы йедтӕмӕ ӕндӕр разамонӕг нӕй.
2, 3. Иегъовӕмӕ ӕмӕ нын Разамонӕгӕй кӕй сӕвӕрдта, уымӕ кӕй хъусӕм, уый нын хорз цӕмӕй у?
2 Йесойы разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый нӕ цардыл зыны хорзырдӕм. Разамонӕг Чырысти кӕй ӕрцӕудзӕн, уый Иегъовӕ Хуыцау развӕлгъау загъта пехуымпар Исайы уылты: «Дойны кӕмӕн у, иууылдӕр ӕрцӕут донмӕ! Ӕмӕ сымах дӕр, ӕхца кӕмӕ нӕй! Ӕрцӕут, ӕлхӕнут ӕмӕ хӕрут. О, ӕрцӕут, ӕлхӕнут сӕн ӕмӕ ӕхсыр ӕнӕ ’хцайӕ, лӕвар. [...] Мӕнмӕ лӕмбынӕг хъусут, ӕмӕ хӕрут, хӕрзад цы у, уый, цӕмӕй фиу адджын уа уӕ удӕн. Мӕнӕ! Ӕз ӕй радтон ӕвдисӕнӕй адӕмтӕн, разамонӕг ӕмӕ хицауӕй адӕмтӕн» (Исай 55:1—4).
3 Иегъовӕмӕ ӕмӕ нын Разамонӕг ӕмӕ Хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уымӕ хъусын куыд хорз у, уый равдисынӕн Исай кӕны дон, ӕхсыр ӕмӕ сӕны кой. Уый нын рог кӕны не онг. Тӕвд бон уазал донӕй адӕймаг куыд сулӕфы, афтӕ уый руаджы мах дӕр бафсӕдӕм ӕцӕгадӕй ӕмӕ рӕстдзинадӕй. Сывӕллон мады ӕхсырӕй куыд хъӕддых кӕны ӕмӕ куыд рӕзы, афтӕ махӕн дӕр «дзырды ӕхсыр» дӕтты хъару ӕмӕ нын фидар кӕны нӕ хӕлардзинад Хуыцауимӕ (1 Петры 2:1—3). Уӕдӕ цины бонты сӕнӕй зӕрдӕ ноджы хъӕлдзӕгдӕр кӕй кӕны, уый дӕр чи нӕ зоны? Афтӕ ӕцӕг Хуыцауӕн куы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нын Разамонӕгӕй кӕй сӕвӕрдта, уый къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн нӕ цардӕй (Дыккаг закъон 16:15). Уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр — ӕрыгонӕй, ацӕргӕйӕ, нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй — хъуамӕ ӕрвылбон дӕр хъуыддагӕй ӕвдиса, Чырысти, Мессиа, нӕ Разамонӕг кӕй у, уый. Фӕлӕ куыд?
Ӕрыгӕттӕ, «зондджынӕй-зондджындӕр кӕнут»
4. а) Йесо 12-аздзыдӕй Куадзӕны бонты Иерусалимы куы уыди, уӕд цы хабар ӕрцыд? ӕ) Йесойыл 12 азы йедтӕмӕ куы нӕма цыди, уӕддӕр хорз цы зыдта?
4 Ӕркӕсӕм, нӕ Разамонӕг ӕрыгӕттӕн цы дӕнцӕг ныууагъта, уымӕ. Кӕд Йесойы сабибонтӕй бирӕ ницы зонӕм, уӕддӕр нын иу цау бирӕ цӕуылдӕртыл дзуры. Дыууадӕс азы йыл куы цыди, уӕд ӕй йӕ ныййарджытӕ семӕ акодтой Иерусалиммӕ ӕрвылазон Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ. Уым Йесойӕн Фыстадыл ныхас бацайдагъ, йӕ бинонтӕ та йӕ не ’рхъуыды кодтой ӕмӕ йӕ уым ныууагътой. Ӕртӕ боны фӕстӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ, Иосиф ӕмӕ Мариа, ссардтой кувӕндоны. Уый «бадт ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, уыдонмӕ хъусгӕйӕ ӕмӕ сӕ фӕрсгӕйӕ». Ӕмӕ «Йӕм чи хъуыста, уыдон се ’ппӕт дис кодтой Уымӕн йӕ зонд ӕмӕ Йӕ дзуаппытыл». Ахъуыды ма кӕн, 12-аздзыдӕй дӕр Йесо Хуыцауы тыххӕй ӕрмӕст цымыдисаг фарстытӕ нӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ ма йӕ бон уыд зондджын дзуаппытӕ дӕттын дӕр! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаджы йын Лукайы 2:41—50, НФ).
стыр ӕххуыс уыдысты йӕ ныййарджытӕ (5. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у базонын, ӕгас бинонтӕй Библи куы фӕахуыр кӕнынц, уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый?
5 Ӕрыгон дӕ ды дӕр? Кӕд дӕ ныййарджытӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, иумӕ арӕх фӕахуыр кӕнут Библи. Цы цӕстӕй кӕсыс уыцы ахуырмӕ? Хорз уаид ахӕм фарстытыл ахъуыды кӕнын: мӕнӕй кӕнгӕ цы у, уый аразын, цӕмӕй ӕгас бинонтӕй иумӕ Библи ахуыр кӕнӕм? Нӕ ахуыр нын куыд ницы бакъуылымпы кӕна, ууыл фӕархайын? (Филиппӕгтӕм 3:16). Хъусӕй фӕбадын ӕви, дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уый фӕдыл фарстытӕ фӕдӕттын ӕмӕ ӕрмӕгӕй кӕм ис спайдагӕнӕн, уый тыххӕй мӕ хъуыды фӕзӕгъын? Уырнындзинады куыд рӕзын, афтӕ тырнын, хъомылтӕн чи фидауы, уыцы «хъӕбӕр хӕринаг» бауарзынмӕ? (Дзуттытӕм 5:13, 14, НФ).
6, 7. Ӕрыгӕттӕ Библи алы бон дӕр куы кӕсой, уӕд сын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
6 Стыр ӕххуыс ма дын уыдзӕн, Библи дӕхӕдӕг алы бон дӕр куы кӕсай, уый дӕр. «Тӕхудиаг лӕг, кӕцы нӕ цӕуы ӕнӕрӕстыты уынаффӕмӕ... фӕлӕ Хицауы закъоны йӕ фӕндон, ӕмӕ Уый закъоныл хъуыды кӕны... ӕхсӕвӕй-бонӕй»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 1:1, 2). Моисейы фӕстӕ Израилы адӕмы раздзог чи сси, уый, Навины фырт Йесо, «ӕхсӕвӕй-бонӕй ныллӕг хъӕлӕсӕй каст закъоны чиныг». Ӕмӕ уый фӕрцы архайдта зондӕй, йӕ бон уыди, Хуыцау ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнын (Йесо Навин 1:8). Нӕ Разамонӕг Йесо Чырысти та загъта: «Фыст у: „ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй“» (Матфейы 4:4). Кӕд нӕ ӕнӕуи хӕринаг алы бон дӕр хъӕуы, уӕд нӕ Хуыцауы ныхӕстӕ та цас ӕхсызгондӕрӕй хъӕуынц!
7 Хуыцауы ныхӕстӕ куыд тынг хъӕуынц, уый ӕмбаргӕйӕ, 13-аздзыд чызг Николь райдыдта Библи алы бон дӕр кӕсын *. Ныр ыл цӕуы 16 азы, ӕмӕ йӕ иу хатт бакаст ӕнӕхъӕнӕй, ныр ӕй кӕсы дыккаг хатт ӕмӕ йын каст фӕци йе ’мбис. Кӕсы йӕ хӕрз хуымӕтӕг пъланмӕ гӕсгӕ. Уый дзуры: «Ӕз мӕхицӕн загътон, алы бон дӕр дзы ӕппынкъаддӕр иу сӕр кӕй кӕсдзынӕн». Афтӕ кӕй аразы, уый йын исты ӕххуыс у? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Абон кӕдӕмфӕнды ма акӕсай, алкуыдӕр дӕ ардауынц ӕвзӕрдзинадыл. Ахӕм бон нӕ вӕййы, ӕмӕ скъолайы мӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ма цӕуа. Фӕлӕ Библи ӕрвылбон кӕй кӕсын, уый фӕрцы уайтагъд дӕр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ мын уӕд ӕнцондӕр вӕййы дунейы ныхмӕ фӕлӕууын. Афтӕмӕй ӕз тынгдӕр хатын, Иегъовӕ ӕмӕ Йесо мӕ хӕлӕрттӕ кӕй сты, уый».
8. Йесо цӕуыл ахуыр уыди ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы ӕрыгӕттӕн куыд у сӕ бон фӕзмын?
Лукайы 4:16; Куыстытӕ 15:21). Куыд хорз уаид, нӕ кӕстӕртӕ дӕр куы нӕ цух кӕниккой, Библи кӕм кӕсӕм ӕмӕ кӕм ахуыр кӕнӕм, уыцы чырыстон фембӕлдтӕ! 14-аздзыд Ричард дзуры: «Фембӕлдтӕ мӕнӕн тынг ахсджиаг сты. Ӕдзухдӕр мын мӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр, Чырысти куыд бакодтаид ӕмӕ куыд нӕ бакодтаид. Цӕмӕй уыдӕттӕ бамбарон, уый тыххӕй мӕ нӕ хъӕуы алцы мӕхи сӕрыл бавзарын». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, «Хицауы закъон ӕххӕст у, фидар кӕны уды; Хицауы раргомдзинад раст у, зондджын кӕны хуымӕтӕгты» (Псалом 18:8). Николь дӕр аскъуыддзаг кодта, ӕрвылкъуыри цы фондз фембӕлды вӕййы, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ цух кӕндзӕн. Стӕй фембӕлдтӕм ӕрмӕст цӕугӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма сӕм дыууӕ-ӕртӕ сахаты та цӕттӕ фӕкӕны (Ефесӕгтӕм 5:15, 16).
8 Йесо ахуыр уыди, ӕмбырдгӕнӕны-иу Фыстытӕ куы кастысты, уӕд лӕмбынӕг хъусын, стӕй-иу сӕ йӕхӕдӕг дӕр каст (9. Ӕрыгӕттӕ «зондджынӕй-зондджындӕр» кӕд кӕндзысты?
9 Ӕвзонджы бонтӕ сты иууыл хуыздӕр рӕстӕг «иунӕг ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ Уымӕй ӕрвыст Йесо Чырыстиимӕ» зонгӕ кӕнынӕн (Иоанны 17:3). Чи зоны дӕ карӕн фӕсивӕдӕй, дӕ зонгӕтӕй бирӕтӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитынц алы хъазӕн ныхӕстӕ кӕнгӕйӕ, анекдоттӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ видеохъӕзтытыл, йе та телевизоры раз бадгӕйӕ кӕнӕ Интернеты исты хабӕрттӕ агургӕйӕ. Фӕлӕ дӕ цымӕ уыдон фӕзмын хъӕуы, кӕд ӕмӕ дын ис нӕ Разамонӕджы алцӕмӕйдӕр ӕххӕст дӕнцӕг? Уый гыццылӕй дӕр бӕллыд Иегъовӕйы хуыздӕр базонынмӕ. Исты ахъаз ын фӕци уый? Ай-гъай дӕр, «Йесо кодта зондджынӕй-зондджындӕр» (Лукайы 2:52, НД). Ахӕм фадат ис дӕуӕн дӕр.
«Кӕрӕдзийы коммӕ кӕсут»
10. Бинонты ’хсӕн фарн ӕмӕ амонд кӕд уыдзӕн?
10 Кӕмӕндӕр хӕдзар у, йӕхи ӕдас кӕм хаты, ахӕм фидар мӕсыджы хуызӕн, кӕмӕндӕр та хыл ӕмӕ загъды бынат (Ӕмбисӕндтӕ 21:19; 26:21). Чырыстийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд уый ахъаз уыдзӕн нӕ бинонты фарн ӕмӕ амондӕн. Раст куы зӕгъӕм, уӕд бинонтӕй алкӕмӕндӕр Йесо у фӕзминаг. Библи уый тыххӕй дзуры: «Кӕрӕдзийы коммӕ-иу кӕсут Хуыцауӕй [«Чырыстийӕ», НД] тӕрсгӕйӕ. Устытӕ! уӕ лӕгты коммӕ-иу кӕсут, цыма Хицауӕн; ӕвӕдза, мой у усы сӕр, раст аргъуанӕн [«ӕмбырдӕн», НД] сӕр Чырысти куыд у, афтӕ; Уый у буарӕн йӕ Ирвӕзынгӕнӕг. [...] Лӕгтӕ! уарзут уӕ устыты Чырысти аргъуаны [«ӕмбырды», НД] куыд бауарзта, ӕмӕ уый сӕрвӕлтау Йӕхи нывондӕн куыд ӕрхаста, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:21—25, НФ). Колоссы ӕмбырдмӕ Павел фыста: «Сывӕллӕттӕ, коммӕгӕс ут уӕ ныййарджытӕн алцӕмӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уый у Хицауӕн хорз фӕндон» (Колоссӕгтӕм 3:18—20).
11. Лӕгӕн йӕ бон куыд у, Чырысти йӕ Сӕр кӕй у, уый ӕвдисын?
11 Куыд уынӕм, афтӕмӕй хӕдзары хистӕр хъуамӕ уа лӕг, йӕ бинойнаг ын хъуамӕ ӕххуыс кӕна алы хъуыддаджы дӕр, сывӕллӕттӕ та хъуамӕ кӕсой сӕ ныййарджыты коммӕ. Фӕлӕ цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй лӕг йӕ бинонтӕн хъуамӕ уа хорз хистӕр. Йӕ бинонтӕн уынаффӕгӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ лӕг хъуыды кӕны, йӕ Сӕр ӕмӕ йӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы куыд бафӕзма, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Кӕд Йесойы Хуыцау фӕстӕдӕр «ӕппӕтӕй бӕрзонддӕр, Аргъуанӕн [«ӕмбырдӕн», НД] сӕрӕй» сӕвӕрдта, уӕддӕр зӕхмӕ «уый тыххӕй нӕ ӕрцыд, цӕмӕй Уымӕн лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй балӕггад кӕна» (Ефесӕгтӕм 1:22; Матфейы 20:28). Чырыстон лӕг дӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, ацы хӕдзары хистӕр ӕз дӕн ӕмӕ мӕн куыд фӕнды, афтӕ хъуамӕ уа, фӕлӕ ауды йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттыл, хъуыды кӕны, уыдонӕн куыд хуыздӕр уыдзӕн, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Уый ахуыр кӕны йӕ сӕр Йесо Чырыстийы миниуджытыл, ӕмӕ уыйау у сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ (Матфейы 11:28—30). Куы фӕрӕдийа, уӕд та йын зын нӕ уыдзӕн зӕгъын, ныххатыр мын кӕн, кӕнӕ раст зӕгъыс, зӕгъгӕ. Уӕд йӕ бинойнагӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй йӕ «ӕххуысгӕнӕг», йӕ «къай» ӕмӕ йӕ «цардӕмбал» уа, цӕмӕй йӕ зондыл ахуыр кӕна ӕмӕ йемӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайа (Уӕвынад 2:20; Малахи 2:14).
12. Цӕй фӕрцы уыдзӕн усӕн йӕ бон алцӕмӕйдӕр йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын?
12 Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы коммӕ кӕса. Фӕлӕ йыл дунейы зондахаст куы фӕзына, уӕд гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын райдайа, зӕгъгӕ, хӕдзары хистӕр нӕлгоймаг цӕмӕн хъуамӕ уа ӕмӕ ӕз уымӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусон. Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ нӕлгоймаг йӕ хӕдзары дзырды бар макӕмӕн дӕтта, фӕлӕ уыйхыгъд зӕгъы, цӕмӕй устытӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсой (Ефесӕгтӕм 5:24). Афтӕ ма Фыстад дзуры, хӕдзары уынаффӕгӕнӕг лӕг кӕй хъуамӕ уа, ӕмӕ афтӕ куы уа, уӕд та бинонты ’хсӕн уыдзӕн фарн дӕр ӕмӕ ӕгъдау дӕр (Филиппӕгтӕм 2:5, НФ).
13. Йесо йӕ ныййарджыты коммӕ кӕй каст, уымӕй сывӕллӕттӕн цавӕр дӕнцӕг ныууагъта?
13 Сывӕллӕттӕ хъуамӕ кӕсой сӕ фыд ӕмӕ сӕ мады коммӕ. Ӕмӕ та ам дӕр фӕзминаг у Йесойы дӕнцӕг. Йесо 12-аздзыдӕй Иерусалимы кувӕндоны куы баззад ӕмӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ ӕртӕ боны фӕстӕ куы ссардтой, уӕд «Уый ацыд семӕ ӕмӕ ӕрцыд Назаретмӕ; ӕмӕ коммӕгӕс уыд уыдонӕн» (Лукайы 2:51). Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм куы хъусой, уӕд уый дӕр ахъаз уыдзӕн бинонты фарнӕн. Уӕвгӕ, бинонтӕ ӕцӕг амондджын уӕд уыдзысты, ӕмӕ дзы алчидӕр Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайа.
14, 15. Бинонты ’хсӕн цы зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдон аиуварс кӕнынӕн нын цы ӕххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
14 Бинонтӕн исты хъуыддаджы ӕнцон куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр иууыл хуыздӕр у Йесойы бафӕзмын ӕмӕ нын уый куыд амоны, афтӕ бакӕнын. Джеррийыл 35 азы куы цыди, уӕд йӕ цард баиу кодта, стыр чызг кӕмӕн уыди, ахӕм хо Ланӕимӕ. Сӕ царды фӕзынд, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй нӕ уыдысты, ахӕм зындзинад. «Ӕз ӕй зыдтон,— дзуры лӕг,— хӕдзары хистӕры хӕстӕ раст ӕххӕст кӕнынӕн кӕй хъӕуы, бинонтӕн амонд чи хӕссы, уыцы библион уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстон, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайынӕн мӕн стырдӕр зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад кӕй хъӕуы, уый». Йӕ усы чызг ӕй нӕ бауарзта, уый хъуыды кодта, зӕгъгӕ йын йӕ мады байста. Джерри йӕ хъус лӕмбынӕг дардта чызджы уагахастмӕ ӕмӕ бамбӕрста, цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уымӕн йӕ аххосаг цы уыди, уый. Цы сарӕзта Джерри? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Ланӕимӕ баныхас кодтам, чызджы бафхӕрын куы хъӕуа, уӕд-иу ӕй уый кӕй бафхӕрдзӕн, ӕз та мӕ тыхтӕ иууылдӕр кӕй сараздзынӕн, цӕмӕй нӕ чызгимӕ кӕрӕдзи бамбарӕм. Цасдӕры фӕстӕ фӕхатыдыстӕм, нӕ фӕнд кӕй фӕрӕстмӕ».
15 Бинонты ’хсӕн цыдӕр йӕ уагыл куы нӕ уа, уӕд нын ӕмбаргӕдзинад ӕххуыс кӕндзӕн, бинонтӕ сӕхи афтӕ цӕмӕн дарынц кӕнӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, уый бамбарынӕн. Цӕмӕй Хуыцауы амындтӕй арӕхстджынӕй спайда кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы зонд. Зӕгъӕм, Йесо хорз ӕмбӕрста, тугнизӕй рынчын сылгоймаг ыл цӕмӕн андзӕвыд, уый, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕфхӕргӕ нӕ бакодта, фӕлӕ йын тӕригъӕд фӕкодта (Левит 15:25—27; Маркы 5:30—34). Нӕ Разамонӕг у зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ (Ӕмбисӕндтӕ 8:12). Цыфӕнды уавӕры дӕр уый куыд бакодтаид, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын.
«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад»
16. Царды нын иууыл сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа ӕмӕ нын Йесо уый куыд равдыста?
16 Йесо бӕлвырдӕй загъта, йӕ разамындмӕ чи хъусы, уыдонӕн царды сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа, уый. Йесо загъта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ Матфейы 6:33, НФ). Ӕмӕ йӕ куыд агурӕм, уый дӕр нын равдыста йӕхӕдӕг. Донаргъуыды фӕстӕ 40 боны дӕргъы ком куы дардта, цы саразын ӕй хъӕудзӕн, ууыл куы хъуыды кодта ӕмӕ Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд ӕй Сайтан фӕлварын райдыдта. Уый йын загъта, зӕгъгӕ дын «ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ» дӕр дӕттын. Ахъуыды ма кӕн, Йесо куы сразы уыдаид, уӕд ын цы цард уыдаид! Фӕлӕ Чырысти хъуыды кодта, йӕ Фыды фӕндон куыд сӕххӕст кӕна, ууыл. Афтӕ ма ӕмбӕрста, Сайтаны дунейы ахӕм цард рӕстӕгмӕ кӕй у, уый дӕр. Ӕмӕ уыцы тӕккӕ дзуапп радта Сайтанӕн, зӕгъгӕ, «фыст у: „Дӕ Хицау Хуыцауӕн кув ӕмӕ иунӕг Уымӕн кус“». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесо адӕмӕн «райдыдта хъусын кӕнын ӕмӕ дзурын: фӕсмон фӕкӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрбахӕстӕг Уӕларвон Паддзахад» (Матфейы 4:2, 8—10, 17). Ӕмӕ суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр Чырыстийы царды иу бон дӕр ахӕм нӕ уыд, ӕмӕ уый Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ма дзырдтаид.
рӕстдзинад» (17. Царды нын Паддзахады хъуыддагӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
17 Нӕ Разамонӕгау мах дӕр Сайтаны дунейӕн уый бар хъуамӕ макуы радтӕм, ӕмӕ нӕ ахӕм зондыл бафтауа, цыма царды, хорз мызд кӕм ис, ахӕм куыстӕй кӕнӕ стыр бынатӕй ахсджиагдӕр ницы ис (Маркы 1:17—21). Дунейы адӕмау ӕхцайыл куы бафтӕм, Паддзахады хъуыддаг та рохуаты куы ныууадзӕм, уӕд куыд ӕнӕзонд уыдзыстӕм! Йесо нын бахӕс кодта Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Раст у, бирӕтӕн нӕ ис бинонтӕ, ис нын ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ нын ӕхсызгон нӕ вӕййы фӕскуыст, стӕй улӕфты бонты хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын? Ахъуыды ма кӕнӕм, 2001 лӕггаддзинады азы 780 000 адӕймагӕн сӕ бон уыди ӕххӕст рӕстӕг, ома пионертӕй лӕггад кӕнын!
18. Хъусын кӕныны хъуыддаг нын циндзинад цӕй руаджы хӕсдзӕн?
18 Евангелитӕ кӕсгӕйӕ мах уынӕм, Йесо кӕй уыд, йӕ удӕй арт чи цагъта ӕмӕ адӕмы рис чи ӕмбӕрста, ахӕм адӕймаг. Йӕ алыварс адӕмы Хуыцауы тыххӕй куыд тынг фӕндыд базонын, уый уынгӕйӕ, сӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ рысти ӕмӕ сын алкӕддӕр ӕнӕзивӕгӕй ӕххуыс кодта (Маркы 6:31—34). Хъусын кӕнын нын циндзинад хӕсдзӕн, адӕмы куы уарзӕм ӕмӕ нӕ ӕцӕгӕй куы фӕнда се ’нцой балӕууын, уӕд. Фӕлӕ нӕ цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнын фӕнда, уый тыххӕй цы хъӕуы? Ӕрыгон ӕфсымӕр Джейсон дзуры: «Рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд хъусын кӕнын тынг нӕ уарзтон». Цӕй фӕрцы йӕ бауарзта уӕдӕ? «Алы сабат дӕр-иу райсомӕй ӕгас бинонтӕй цыдыстӕм хъусын кӕнынмӕ,— дзуры Джейсон.— Ӕмӕ мын уый тынг баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ цас фылдӕр хъусын кодтон ӕмӕ цас фылдӕр уыдтон, уыцы хъуыддаг куыд тынг ахъаз у, уый, уыйас тынгдӕр цыди мӕ зӕрдӕмӕ». Мах дӕр хъӕуы арӕх ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнын.
19. Кӕд Чырыстийы нӕ Разамонӕгыл нымайӕм, уӕд нӕ алкӕйдӕр цы аразын хъӕуы?
19 Бӕгуыдӕр, Чырыстийы разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый нын рог кӕны не онг ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны. Афтӕмӕй ӕрыгӕттӕ кӕнынц зондджындӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдӕр. Уый бинонты бӕтты кӕрӕдзийыл ӕмӕ сын хӕссы амонд. Уый фӕрцы адӕймаг Хуыцауӕн лӕггад кӕны хъӕлдзӕгӕй ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ. Уӕдӕ царды мидӕг цыфӕнды ма аразӕм, цыфӕнды ма скъуыддзаг кӕнӕм, уадз алцӕмӕйдӕр бӕрӕг уӕд, Чырысти нӕ Разамонӕг кӕй у, уый (Колоссӕгтӕм 3:23, 24). Фӕлӕ ма нын Йесо Чырысти разамынд дӕтты чырыстон ӕмбырды дӕр. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уый дӕр нын куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ.
[Фиппаинаг]
^ 7 абз. Нӕмттӕй иуӕй-иутӕ сты ивд.
Бахъуыды кодтай?
• Хуыцау нын Разамонӕгӕй кӕй сӕвӕрдта, уый фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд нын уый ахъаз цӕмӕн уыдзӕн?
• Ӕрыгӕтты Йесойы разамындмӕ хъусын кӕй фӕнды, уый сӕ бон куыд у равдисын?
• Бинонтӕ Чырыстийы разамындмӕ куы хъусой, уӕд уый сӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?
• Кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд ӕвдисӕм, Чырысти нӕ Разамонӕг кӕй у, уый?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 9 фарсыл]
Ӕвзонджы бонтӕ сты иууыл хуыздӕр рӕстӕг Хуыцауы ӕмӕ нын Разамонӕгӕй кӕй сӕвӕрдта, уый тыххӕй базонынӕн.
[Ныв 10 фарсыл]
Бинонтӕ Чырыстийы разамындмӕ куы хъусой, уӕд уыдзысты амондджын.
[Нывтӕ 12 фарсыл]
Йесо фыццаджыдӕр агуырдта Хуыцауы Паддзахад. Ды та?