Чырысти разамынд дӕтты йе ’мбырдӕн
Чырысти разамынд дӕтты йе ’мбырдӕн
«Мӕнӕ, ӕз сымахимӕ [дӕн] ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ [«ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ», НД]» (МАТФЕЙЫ 28:20).
1, 2. а) Йесо йӕ райгасы фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куы бахӕс кодта, уӕд сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? ӕ) Йесо фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдӕн алы хъуыддаджы дӕр разамынд куыд лӕвӕрдта?
НӔ РАЗАМОНӔГ, Йесо Чырысти, йӕ райгасы фӕстӕ цалынмӕ уӕларвмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ӕмӕ сын загъта: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл; уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн; ӕмӕ мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ [дӕн] ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ [«ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ», НД]» (Матфейы 23:10, НД; 28:18—20).
2 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕхи бар нӕ ныууагъта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны ахсджиаг хъуыддаджы, фӕлӕ сын фидарӕй загъта, ӕз уемӕ уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тыххӕй Апостолты куыстыты чиныг цы дзуры, уымӕй бӕрӕг у, Чырысти, Хуыцау ын цы бартӕ радта, уыдонӕй разамынд кӕй лӕвӕрдта, ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдӕн. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн рарвыста, зӕрдӕ сын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы «ӕххуысгӕнӕг», сыгъдӕг уд; Йесо сӕ уый уылты фидар кодта ӕмӕ сын сӕ архайд, кӕцырдӕм хъуыди, уыцырдӕм здӕхта (Иоанны 16:7, НД; Куыстытӕ 2:4, 33; 13:2—4; 16:6—10). Йӕ райгасы фӕстӕ Йесо зӕдтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕной (Куыстытӕ 5:19; 8:26; 10:3—8, 22; 12:7—11; 27:23, 24; 1 Петры 3:22). Уымӕй уӕлдай Чырысти ӕмбырдӕн разамынд лӕвӕрдта, уыцы хъуыддагӕн чи бӕззыд, ахӕм нӕлгоймӕгты уылты; уыдон уыдысты разамонӕг советы уӕнгтӕ (Куыстытӕ 1:20, 24—26; 6:1—6; 8:5, 14—17).
3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?
3 Фӕлӕ абон, «ацы цӕрдӕвӕрды кӕроны» та цы ис зӕгъӕн? Йесо Чырысти абон та куыд дӕтты разамынд чырыстон ӕмбырдӕн? Ӕмӕ йӕ разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый куыд ис равдисӕн?
Хицауӕн ис ӕууӕнкджын цагъар
4. а) «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» чи у? ӕ) Хицау уыцы цагъарӕн йӕ бӕрны цы бакодта?
4 Йесо, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уый цӕмӕй базонӕн уыдзӕн, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта: «Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, кӕцыйы йӕ ӕлдар [«йӕ хицау», НФ] сӕвӕрдта йӕ ӕххуырстыты сӕргъыл, цӕмӕй уыдонӕн афоныл хӕринаг дӕтта? Тӕхудиаг у уыцы цагъар, кӕцыйы йӕ ӕлдар [«йӕ хицау», НФ] ӕрбацӕугӕйӕ, афтӕ кӕнгӕ ӕрбаййафа; ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, йӕ ӕппӕт мулкы сӕргъыл ӕй сӕвӕрдзӕн» (Матфейы 24:45—47). «Хицау» у нӕ Разамонӕг Йесо Чырысти ӕмӕ уый «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» (сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи ис, уыдоны) бӕрны бакодта, зӕххыл ын цыдӕриддӕр ис, уый.
5, 6. а) Апостол Иоанн цӕстылуайӕны цы «авд сызгъӕрин рухсгӕнӕны» ӕмӕ цы «авд стъалыйы» федта, уыдон цы сты? ӕ) «Авд стъалыйы» Йесойы рахиз къухы кӕй сты, уый цӕуыл дзурӕг у?
5 Раргомады чиныгӕй бӕрӕг у, Йесо Чырысти ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары куыстмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг кӕй дары, уый. Апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны ӕвдыст ӕрцыд «Хицауы бон» (НД); уым федта «авд сызгъӕрин рухсгӕнӕны ӕмӕ авд рухсгӕнӕны астӕу Адӕймаджы Фырты хуызӕн» ӕмӕ уый «Йӕ рахиз къухӕй хӕцыд авд стъалыйыл». Цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, уый Иоаннӕн ӕмбарынгӕнгӕйӕ, Йесо загъта: «Авд стъалыйы сусӕгдзинад, кӕцыты федтай Мӕ рахиз къухы ӕмӕ авд сызгъӕрин рухсгӕнӕны сты уыдон: авд стъалыйы сты авд аргъуаны [«ӕмбырды», НД] Зӕдтӕ; авд рухсгӕнӕны та, кӕцытӕ ды федтай, сты авд аргъуаны [«ӕмбырды», НД]» (Раргомад 1:1, 10—20).
6 «Авд сызгъӕрин рухсгӕнӕны» сты, «Хицауы боны», ома 1914 азӕй, зӕххыл цыдӕриддӕр ӕцӕг чырыстон ӕмбырдтӕ ис, уыдон. Цы сты «авд стъалыйы» та? Иууыл райдианы уыдон уыдысты, фыццаг ӕнусы ӕмбырдтыл чи аудыдта, уыцы сӕрст цӕстдарджытӕ *. Уыдон уыдысты Йесойы рахиз къухы, ома сын уый лӕвӕрдта разамынд, уый сӕм дардта йӕ хъус. О, цагъары къорд архайдта Йесо Чырыстийы разамындӕй. Фӕлӕ абон сӕрст цӕстдарджытӕ бирӕ не сты. Уӕдӕ уӕд Иегъовӕйӕн ӕгас зӕххыл 93 000 ӕмбырды цы адӕм ис, уыдонӕн Чырысти разамынд куыд дӕтты?
7. а) Ӕгас зӕххыл цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕн Йесо Разамонӕг советы уылты разамынд куыд дӕтты? ӕ) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ чырыстон цӕстдарджытӕ нысангонд цӕуынц сыгъдӕг удӕй?
7 I ӕнусы куыд уыди, афтӕ ныр дӕр сӕрст цӕстдарджытӕй фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты гыццыл къорд ӕххӕст кӕны Разамонӕг советы хӕстӕ, уый архайы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары номӕй. Ацы советы уылты нӕ Разамонӕг Чырысти ӕмбырдты ӕвӕры хистӕр нӕлгоймӕгты, сӕрстытӕй дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕй» дӕр, уыцы хъуыддагӕн чи бӕззы, ахӕмты. Ӕвӕргӕ та сӕ кӕны, Иегъовӕ йын хицаудзинады бартӕ йӕ къухмӕ цы сыгъдӕг уды руаджы радта, уый уылты (Куыстытӕ 2:32, 33). Фыццаджыдӕр уыцы цӕстдарджытӕ хъуамӕ цӕрой, Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй цы Ныхас ӕрцыд фыст, уый сӕ куыд домы, афтӕ (1 Тимофеймӕ 3:1—7; Титмӕ 1:5—9; 2 Петры 1:20, 21). Стӕй бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕрты искӕй хистӕр нӕлгоймагӕй сӕвӕрын куы фӕфӕнды, уӕд фӕкувынц Хуыцаумӕ ӕмӕ архайынц сыгъдӕг уды амындмӕ гӕсгӕ. Бӕрӕг ма вӕййы, уыцы адӕймаг сыгъдӕг уды дыргъ кӕй хӕссы, уый дӕр (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уымӕ гӕсгӕ Павелы фӕдзӕхст, «хъахъхъӕнут уӕхи ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд сымах хистӕртӕн цы дзугӕн сӕвӕрдта,— уый дӕр», зӕгъгӕ, хауы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр, сӕрстытӕ уой ӕви нӕ (Куыстытӕ 20:28, НФ). Уыцы нысангонд нӕлгоймӕгтӕ Разамонӕг советы амындтӕм гӕсгӕ аудынц ӕмбырдыл. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Чырысти немӕ кӕй ис ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмбырдӕн разамынд кӕй дӕтты, уый.
8. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕдты уылты разамынд куыд дӕтты?
8 Абон ма Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд дӕтты зӕдты уылты дӕр. Мӕнӕу ӕмӕ мӕгъӕлдаты тыххӕй фӕсномыг ныхас куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй хуымгӕрдӕн хъуамӕ уа «ацы цардӕвӕрды кӕрон». Кӕй ӕрвиты Хицау хуымгӕрдӕнмӕ? Матфейы 13:37—41). Уымӕй уӕлдай, зӕд Филиппы ефиопаг лӕгмӕ куыд ӕркодта, афтӕ абон дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ хъусын кӕнынмӕ куы вӕййынц, уӕд сӕ арӕх Чырысти йӕ зӕдты уылты ӕркӕны сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕм (Куыстытӕ 8:26, 27; Раргомад 14:6).
«Хуымгӕрдджытӕ... сты Зӕдтӕ»,— загъта Чырысти ӕмӕ стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Арвитдзӕн Адӕймаджы Фырт Йӕ Зӕдты ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты Йӕ Паддзахадӕй ӕппӕт рӕдийындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕнӕзакъондзинад кӕнджыты» (9. а) Абон Чырысти йӕ ӕмбырдӕн цӕй руаджы дӕтты разамынд? ӕ) Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Чырыстийы разамынд пайда хӕсса, уӕд нӕ цавӕр фарстмӕ хъӕуы ӕркӕсын?
9 Цӕй стыр ныфс нын дӕтты, Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Разамонӕг совет, сыгъдӕг уд ӕмӕ зӕдты уылты разамынд кӕй дӕтты, уый! Кӕд-иу фӕдылзылд кӕнӕ ӕндӕр ахӕм уавӕрты аххосӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕн Разамонӕг советимӕ рӕстӕгмӕ бастдзинад нӕ уыд, уӕддӕр-иу сыгъдӕг уд ӕмӕ зӕдты руаджы уыдон цух никуы уыдысты Чырыстийы разамындӕй. Фӕлӕ нын йӕ разамынд пайда ӕрмӕстдӕр уӕд хӕсдзӕн, кӕд ӕмӕ йӕм хъусӕм. Уӕдӕ Чырыстийы разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
«Коммӕ кӕсут ӕмӕ... уисӕн кӕнут»
10. Чырысти ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕн кад кӕй кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
10 Нӕ Разамонӕг ӕмбырдтӕн радта «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (НД) — «иуты... Евангели хъусынгӕнджытӕй, иннӕты фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй» (Ефесӕгтӕм 4:8, 11, 12). Цы цӕстӕй сӕм кӕсӕм, сӕ хорзы кой фӕкӕнӕм ӕви се ’взӕры, уымӕй бӕрӕг у, Чырыстийы разамындмӕ куыд хъусӕм, уый. Хорз уаид, Чырысти нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы арӕхстджын нӕлгоймӕгтӕ радта, уыдон тыххӕй дзы «бузныг куы уӕм», уӕд (Колоссӕгтӕм 3:15, НД). Уыдон ма сты кады аккаг дӕр. Апостол Павел куыд зӕгъы, афтӕмӕй, хорз чи сӕрдариуӕг кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн «уӕлдай кад» кӕнын хъӕуы (1 Тимофеймӕ 5:17). Уӕдӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кад кӕй кӕнӕм, уый куыд у нӕ бон ӕвдисын? «Хистӕрты коммӕ кӕсут ӕмӕ сын уисӕн кӕнут»,— дзуры Павел (Дзуттытӕм 13:17, НФ). О, кад сын кӕндзыстӕм, цы нын дзурынц, уый куы аразӕм, уӕд.
11. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы кад кӕнӕм, уӕд нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрӕм?
11 Нӕ Разамонӕг Чырысти нын хистӕр нӕлгоймӕгты хуызы цы лӕвӕрттӕ радта, уыдон йӕхицӕй хъауджыдӕр алцӕмӕй ӕххӕст не сты. Уымӕ гӕсгӕ хатт рӕдийгӕ дӕр фӕкӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр архайӕм, Чырысти ӕмбырды цы фӕтк сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ. Нывонддзырд дӕтгӕйӕ ӕмӕ аргъуыд исгӕйӕ цы загътам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын нысан кӕны, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты Хуыцау кӕй сӕвӕрдта, уый кӕй ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй кӕсӕм. «Сыгъдӕг уды номӕй» аргъуыд кӕй райстам, уымӕй равдыстам, сыгъдӕг уд цы у ӕмӕ йын Иегъовӕйы фӕндты цавӕр ахадындзинад ис, уый кӕй ӕмбарӕм (Матфейы 28:19). Уый та нысан кӕны, сыгъдӕг уды разамындмӕ кӕй хъусӕм ӕмӕ йӕ, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕнынӕн чи хъыгдары, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи кӕй хизӕм. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнӕм: сыгъдӕг уды разамындӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕвӕрд чи ӕрцыди, уыдонимӕ ӕмвӕндӕй куы нӕ архайӕм, уӕд цымӕ уый зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрӕм?
12. Кӕй кой ракодта Иудӕ, ӕмӕ уыцы адӕймӕгтӕ сӕхи куыд дардтой, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?
Иудӕйы 11, НФ). Каин ницӕмӕ ӕрдардта йӕ уӕларвон Фыд Иегъовӕйы фӕдзӕхст, зонгӕ-зонын сси лӕгмар (Уӕвынад 4:4—8). Кӕд Валаамы Хуыцау цалдӕр хатты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ мын мӕ адӕмы ма ралгъит, уӕддӕр сӕ ӕхцамондагӕй хъавыд ралгъитынмӕ (Нымӕцтӕ 22:5—28, 32—34; Дыккаг закъон 23:5). Корейӕн Израилы адӕмы ’хсӕн тынг кадджын хӕс уыди, фӕлӕ йын уый фаг нӕ уыди. Уый адӕмы скодта Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, зӕххыл иууыл фӕлмӕндӕр адӕймаг, Моисейы ныхмӕ (Нымӕцтӕ 12:3; 16:1—3, 32, 33). Каин дӕр, Валаам дӕр ӕмӕ Корей дӕр сӕхи бабын кодтой. Уӕдӕ ацы адӕймӕгты хабарӕй мах ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ Иегъовӕ разамынд кӕй бӕрны бакӕны, уыдонмӕ кӕй хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ сын кӕй хъуамӕ кад кӕнӕм.
12 Коммӕ кӕсын ӕмӕ уисӕн кӕнын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй Фыстады ис бирӕ дӕнцӕгтӕ. Ӕмбырды бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕрты тыххӕй ӕфхӕрӕн ныхас чи кодта, уыдонӕн зондзонынӕн Иудӕ ракодта ӕртӕ адӕймаджы кой. Уый загъта: «Додой сын! Цӕуынц Каины фӕндагыл ӕмӕ Валаамау мызды руаджы сайды бахаудтой, ӕмӕ Корейау сӕфынц сӕ къӕйныхы фӕрцы» (13. Пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕмӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты коммӕ чи кӕса, уыдонӕн уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕсдзӕн?
13 Кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ нӕ Разамонӕг чырыстон ӕмбырды цы диссаджы фӕтк сфидар кодта, уый йын пайда хӕсса? Ӕмбырды цӕстдарджытӕ цӕй стыр арфӕдзинад сты, уый тыххӕй пехуымпар Исай развӕлгъау загъта: «Мӕнӕ, паддзах паддзахиуӕг кӕндзӕн рӕстӕй ӕмӕ кънйӕзтӕ хицауиуӕг кӕндзысты рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Алчидӕр сӕ уыдзӕн дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты ӕмӕ тӕрккъӕвдайӕ бааууонгӕнӕн бынаты хуызӕн, хурсыгъд бӕстӕйы цӕугӕдонау ӕмӕ хус бӕстӕйы егъау къӕдзӕхы аууонау» (Исай 32:1, 2). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй алчидӕр у ахӕм ӕдас «бынаты» хуызӕн. Кӕд коммӕ кӕсын ахуыр не стӕм, уӕд та зӕрдиагӕй кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонмӕ хъусынӕн.
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Чырыстийы коммӕ куыд кӕсынц
14, 15. Ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон Чырыстийы коммӕ кӕй кӕсынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
14 Алы чырыстон дӕр, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, хъуамӕ хъусой Чырыстийы разамындмӕ. Цӕстдарджытӕн, кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, ӕмбырды ис цавӕрдӕр бартӕ, фӕлӕ уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ се ’муырнджыты «уырнындзинадыл хицауиуӕг кӕнынц» ӕмӕ сӕ фезмӕлын нӕ уадзынц (2 Коринфӕгтӕм 1:24). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ зӕрдӕмӕ исынц Йесойы ныхӕстӕ: «Сымах зонут, адӕмы ӕлдӕрттӕ уыдоныл хицауад кӕй кӕнынц, уый, ӕмӕ сыл хистӕртӕ барджын кӕй сты, уый; уӕ ӕхсӕн та афтӕ ма уӕд» (Матфейы 20:25—27, НФ). Уӕдӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕстӕры лӕггад кӕнынц иннӕтӕн.
15 Библи чырыстӕттӕм сиды: «Уӕ зӕрдыл дарут уӕ зондамонджыты [«уе ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны», НД]... ӕмӕ кӕсгӕйӕ сӕ царды кӕронмӕ, фӕзмут сӕ уырнындзинад» (Дзуттытӕм 13:7). Афтӕ аразын нӕ уый тыххӕй нӕ хъӕуы, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ разамонджытӕ сты. Йесо загъта, «иу у уӕ Разамонӕг — Чырысти», зӕгъгӕ (Матфейы 23:10, НД). Мах сын хъуамӕ фӕзмӕм сӕ уырнындзинад, уыдон нӕ ӕцӕг Разамонӕг Чырыстийы кӕй фӕзмынц, уымӕ гӕсгӕ (1 Коринфӕгтӕм 11:1). Ӕркӕсӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ сӕхи Чырыстийы хуызӕн куыд дарынц, уымӕ.
16. Кӕд Йесойӕн бартӕ лӕвӕрд уыди, уӕддӕр йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ йӕхи куыд дардта?
16 Кӕд Йесо алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕххӕст адӕмӕй уӕлдӕр уыди ӕмӕ йӕ Фыд уый хуызӕн стыр бартӕ ӕндӕр никӕмӕн радта, уӕддӕр уый уыд сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕ нӕ домдта. Уый адӕмы йӕ бирӕ зонындзинӕдтӕй дисы бафтауыныл никуы архайдта, ӕмӕ сыл афтӕмӕй дӕлӕмӕ никуы хӕцыди. Йесо ӕмбӕрста йӕ фӕдылдзӕуджыты домӕнтӕ, улӕфын дӕр-иу сӕ кӕй хъуыди, уый ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта, тыхсти сыл (Матфейы 15:32; 26:40, 41; Маркы 6:31). Никуы сӕ домдта, сӕ бон цы уыди, уымӕй фылдӕр (Иоанны 16:12). Йесо уыди «сабыр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕн». Йӕ цуры бирӕтӕн афтӕ ӕнцон дӕр уымӕн уыди (Матфейы 11:28—30, НФ).
17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды иннӕтимӕ Чырыстийау сӕрныллӕг кӕй сты, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
17 Кӕд нӕ Разамонӕг Чырысти сӕрныллӕг у, уӕд уыцы миниуӕг, ӕмбырды разамынд йӕхимӕ чи исы, уыдоны та цас ӕхсызгондӕрӕй хъӕуы! Цыфӕнды бӕрндзинад сыл ма уа, уыдон хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй дзы куыд не ’мбӕлы, афтӕ ма пайда кӕной. «Мӕлгъӕвзаг» кӕй сты, уый не ’вдисынц, ома нын афтӕмӕй иннӕты цӕсты стырдӕр кад уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:1, 2, НД). Нӕ, уыдон сӕхиуыл кусынц, цӕмӕй Библийы ӕцӕгад дзурой зӕрдӕбынӕй ӕмӕ хуымӕтӕгӕй. Афтӕ ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц, цӕмӕй иннӕтӕй, сӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр ма домой ӕмӕ сын сӕ зындзинӕдтӕ ӕмбарой (Филиппӕгтӕм 4:5, НД). Алцӕмӕй ӕххӕст кӕй ничи у, уый сӕ зӕрдыл дарынц ӕмӕ сӕ алы рӕдыды тыххӕй не ’фхӕрынц (1 Петры 4:8). Цымӕ ахӕм сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ махӕн дӕр не онг нӕ рог кӕнынц? Ай-гъай дӕр.
18. Йесо сывӕллӕттимӕ йӕхи куыд дардта, уый хистӕр нӕлгоймӕгты цӕуыл ахуыр кӕны?
18 Йесо тынг хуымӕтӕг уыди, суанг йӕхицӕй кӕстӕр чи уыди, уыдонимӕ дӕр. Райсӕм, адӕм сӕ сывӕллӕтты Йесомӕ куы хастой ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы нӕ Маркы 10:13—16, НФ). Йесо йӕ зӕрдӕйы хъармӕй ӕмӕ йӕ фӕлмӕн ныхасӕй йӕхимӕ адӕмы ӕлвӕста. Тӕрсгӕ дзы никуы кодтой. Ӕгӕрыстӕмӕй ма сабитӕм дӕр хорз касти, йӕ цуры-иу кӕй уыдысты, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр афтӕ хуымӕтӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ куы уой, уӕд семӕ ӕнцон уыдзӕн алкӕмӕндӕр, суанг ма гыццылтӕн дӕр.
уагътой, уыцы цау. Цы сын загъта Йесо? «Уадзут сывӕллӕтты Мӕнмӕ цӕуын, ӕмӕ сӕ ма уромут». Стӕй «сӕ Йӕ хъӕбысы бакодта, ӕмӕ сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сын арфӕ ракодта» (19. «Чырыстийы зонд» нӕм кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ нӕ уый тыххӕй цы хъӕуы?
19 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесо Чырыстийы цас хуыздӕр зоной, уыйас тынгдӕр уыдзысты уый хуызӕн. «Чи базыдта Хуыцауы зонд, цӕмӕй йын тӕрхон кӕна?» — фӕрсы Павел, ӕмӕ дарддӕр йӕхӕдӕг дзуры: «Махмӕ та ис Чырыстийы зонд» (1 Коринфӕгтӕм 2:16). «Чырыстийы зонд» нӕм кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ куыд хъуыды кодта, цавӕр миниуджытӕ йӕм уыди, уый афтӕ хорз зонӕм, ӕмӕ нӕ бон зӕгъын у, мӕнӕ ацы хъуыддаджы афтӕ бакодтаид, зӕгъгӕ. Ахъуыды ма кӕн, куыд хорз у нӕ Разамонӕджы афтӕ дзӕбӕх зонын! Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис. Фӕлӕ нӕ уый тыххӕй хъӕуы, Евангелиты цы цаутӕ фыст ис, уыдоныл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын, Йесойы фӕлгонц ӕдзухдӕр нӕ цӕстыты раз куыд лӕууа, афтӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ куы кӕной ӕмӕ Чырыстийы разамындмӕ куы хъусой, уӕд ӕмбырды уӕнгты тынгдӕр фӕнддзӕн сӕ уырнындзинад фӕзмын. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ нӕ Разамонӕджы къахвӕдтыл зӕрдӕрайгӕйӕ кӕй цӕуынц, уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы уыной, уӕд сӕхицӕн дӕр уыдзӕн ӕхсызгон.
Дарддӕр дӕр Чырыстийы разамындмӕ хъусӕм
20, 21. Зӕрдӕвӕрд ног дунемӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр цӕмӕ хъуамӕ радта?
20 Алкӕйдӕр нӕ дарддӕр дӕр хъӕуы Чырыстийы разамындмӕ хъусын. Ацы дунейы кӕрон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ уавӕр абарӕн ис израилӕгты уавӕримӕ, н. э. агъоммӕ 1473 азы Моавы быдырты куы уыдысты, уӕд. Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд Хуыцау пехуымпар Моисейы уылты загъта: «Ды [Йесо] бакӕндзынӕ ацы адӕмы, Иегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн дзырд цы зӕххӕй радта, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уырдӕм» (Дыккаг закъон 31:7, 8). Хуыцау Израилы адӕмӕн раздзогӕй сӕвӕрдта Навины фырт Йесойы. Цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди Йесойы разамындмӕ хъусын.
21 Махӕн та Библи дзуры: «Иу у уӕ Разамонӕг — Чырысти». Чырыстийы йедтӕмӕ нӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд рӕстаг ног дунемӕ ничи бакӕндзӕн (2 Петры 3:13). Цӕй уӕдӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ разамындмӕ хъусӕм.
[Фиппаинаг]
^ 6 абз. Ацы ран «стъалытӕ» ӕцӕгӕй зӕдтӕ не сты. Йесойы ӕнӕуынгӕ зӕдтӕн куы фӕндыдаид цыдӕр хабар фехъусын кӕнын, уӕд сын ӕй зӕххон адӕймаджы уылты нӕ фехъусын кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ «стъалытӕ» хъуамӕ уой зӕххон цӕстдарджытӕ, кӕнӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уыдон нымад сты Йесойы уацхӕсджытыл. Авд кӕй сты, уый та ӕвдисы ӕххӕстдзинад Хуыцауы цӕстӕй кӕсгӕйӕ.
Бахъуыды кодтай?
• Чырысти фыццаг ӕнусы ӕмбырдӕн разамынд куыд лӕвӕрдта?
• Абон та куыд дӕтты разамынд йе ’мбырдӕн?
• Ӕмбырды разамынд йӕхимӕ чи исы, уыдоны коммӕ кӕсын нӕ цӕмӕн хъӕуы?
• Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куыд у сӕ бон равдисын, Чырысти сӕ Разамонӕг кӕй у, уый?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 15 фарсыл]
Ӕмбырды Разамонӕг Чырыстийӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты йӕ рахиз къухы.
[Ныв 16 фарсыл]
Уе ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны «коммӕ кӕсут ӕмӕ сын уисӕн кӕнут».
[Ныв 18 фарсыл]
Йесо уыд хуымӕтӕг ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй уый хуызӕн уой.