Иегъовӕ йе сӕфт уыны мӕнгард адӕмӕй
Иегъовӕ йе сӕфт уыны мӕнгард адӕмӕй
«Кӕрӕдзийы ӕууӕнк [ма] сӕттут» (МАЛАХИ 2:10).
1. Ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕй Хуыцау цы домы?
ӔНУСТӔМ цӕрын дӕ фӕнды? Библи ӕнусон царды тыххӕй цы дзуры, ууыл кӕд ӕууӕндыс, уӕд ӕнӕмӕнг зӕгъдзынӕ, куыннӕ мӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дӕ цӕмӕй Хуыцау йӕ ног дунейы ӕнустӕм цӕрыны аккаг скӕна, уый тыххӕй дӕ хъӕуы, цы дӕ домы, уый кӕнын (Екклесиаст 12:13; Иоанны 17:3). Цымӕ ӕнӕххӕст адӕймагӕн уый ӕгӕр зын у? Нӕу, уымӕн ӕмӕ нын Иегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Нывӕндтӕй нӕ, фӕлӕ ӕнувыд уарзтӕй райы мӕ зӕрдӕ; артыл мын кӕй судзут, уыцы кувинӕгтӕй мын ӕхсызгондӕр уыдзӕн, Хуыцауы куы зонат, уый» (Оси 6:6). Уӕдӕ кӕд адӕймаг ӕнӕрӕдийгӕ нӕу, уӕддӕр дзы Хуыцау цы домы, уый кӕнын йӕ бон у.
2. Израилӕгтӕй бирӕтӕ Иегъовӕйы ӕууӕнк куыд басастой?
2 Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Хуыцау адӕмӕй цы домы, уый алкӕй нӕ фӕнды ӕххӕст кӕнын. Оси куыд зӕгъы, афтӕмӕй суанг израилӕгтӕй дӕр бирӕты нӕ фӕндыд уый кӕнын. Уыцы адӕм Хуыцауимӕ скодтой бадзырд, йӕ закъӕттӕм ын кӕй хъусдзысты, уый тыххӕй (Рацыд 24:1—8). Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы «бадзырды сӕрты ахызтысты», йӕ закъӕттӕ йын ницӕмӕуал дардтой. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ уыцы израилӕгтӕй загъта, «ме ’ууӕнк мын басастат», зӕгъгӕ (Оси 6:7). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджыдӕр бирӕтӕ кӕнынц афтӕ. Фӕлӕ Иегъовӕ йе сӕфт уыны мӕнгард адӕймӕгтӕй; фӕнды йын йӕхиуыл рацӕуой сайдӕй, фӕнды, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоныл.
3. Цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм ацы статьяйы?
3 Пехуымпартӕй ӕрмӕст Оси нӕ дзуры, Хуыцау мӕнгард адӕймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон цы кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй. Фыццаг статьяйы нӕ ныхас уыди пехуымпар Малахийы чиныджы фыццаг сӕрыл, уым мах ӕркастыстӕм бирӕ ахсджиаг хъуыдытӕм. Ныр та ӕркӕсӕм ацы чиныджы дыккаг сӕрмӕ. Мах фендзыстӕм, Хуыцау, йе ’ууӕнк чи сафы, уыдоны тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый. Кӕд дзы Малахи дзуры, Хуыцауы адӕм Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уымӕй дӕсгай азтӕ фӕстӕдӕр цы уавӕры уыдысты, уый тыххӕй, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ тынг ахсджиаг сты махӕн дӕр.
Карзӕй бафхӕринаг сауджынтӕ
4. Иегъовӕ сауджынты куыд бафӕдзӕхста?
4 Дыккаг сӕр афтӕ райдайы, ӕмӕ Иегъовӕ карзӕй ӕфхӕры иудейаг сауджынты, йӕ раст закъӕттӕ йын кӕй ферох кодтой, уый тыххӕй. Йӕ ныхас ын сӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ айсой ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕм куы не ’ркӕсой, уӕд сӕ хабар хорз нӕ уыдзӕн. Ӕркӕс ма фыццаг дыууӕ стихмӕ: «Сымахмӕ у мӕ ныхас, сауджынтӕ. Куы нӕ байхъусат ӕмӕ мын мӕ номӕн куы нӕ кад кӕнат,— загъта ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ,— уӕд уӕ ме ’лгъыст баййафдзӕн ӕмӕ уын уӕ арфӕтӕ ӕлгъыстырдӕм фӕкӕндзынӕн». Сауджынтӕ адӕмӕн Хуыцауы закъӕттӕ куы амыдтаиккой ӕмӕ сӕ сӕхӕдӕг дӕр куы ’ххӕст кодтаиккой, уӕд уыдаиккой арфӕгонд. Фӕлӕ иугӕр Хуыцауы фӕндон ницӕмӕ дардтой, уӕд сӕм арфӕдзинӕдты бӕсты ӕнхъӕлмӕ каст ӕлгъыст. Суанг ма сауджынты арфӕтӕ дӕр ӕлгъыстырдӕм фӕуыдзысты.
5, 6. а) Сауджынтӕ уӕлдай карзӕй бафхӕринаг цӕмӕн уыдысты? ӕ) Иегъовӕйӕн сауджынтӕ ӕнӕуынон кӕй уыдысты, уый куыд равдыста?
5 Сауджынтӕ уӕлдай карзӕй бафхӕринаг цӕмӕн уыдысты? Уый хорз ӕмбарын кӕны Мл 2:7-ӕм стих: «Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ зонындзинӕдтӕ цӕуа, адӕм закъон фехъусынмӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уымӕн ӕмӕ уый у ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕйы минӕвар». Мин азы раздӕр Хуыцау йӕ адӕмӕн радта, Моисей кӕй ныффыста, уыцы закъӕттӕ, ӕмӕ уыдон сауджынтӕй домдтой, цӕмӕй «Израилы фырттӕн амыдтаиккой, Иегъовӕ... цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон» (Левит 10:11). Фӕлӕ хъыгагӕн, фӕстӕдӕр 2 Паралипоменоны 15:3-ӕм стихы фыст ӕрцыд ахӕм ныхӕстӕ: «Дзӕвгар рӕстӕг Израил уыди ӕнӕ ӕцӕг Хуыцауӕй, нӕдӕр ын зондамонӕг сауджын уыд, нӕдӕр Закъон».
6 Малахийы рӕстӕджы, ома н. э. агъоммӕ фӕндзӕм ӕнусы, цы сауджынтӕ уыди, уыдон дӕр хуыздӕр нӕ уыдысты. Хуыцауы Закъон адӕмӕн нӕ амыдтой ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп радтаиккой. Ӕркӕсӕм, Иегъовӕ сын цы карз ныхӕстӕ загъта, уымӕ. «Уӕ цӕсгӕмттӕ уын самӕнтдзынӕн фаджысӕй, уӕ бӕрӕгбӕтты фаджысӕй»,— кӕсӕм Малахийы 2:3-ӕм стихы. Амӕй карздӕр ӕфхӕрд ма цы хъуамӕ уа! Нывонд фосы фаджыс-иу хъуыди хибар ранмӕ ахӕссын ӕмӕ йӕ уым басудзын (Левит 16:27). Уӕдӕ сын Иегъовӕ афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ уын уӕ цӕсгӕмттӕ фаджысӕй самӕнтдзынӕн, уӕд ма сын цы ’мбарын хъуыди, сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йын сӕ нывӕндтӕ дӕр куыд уӕнгӕл уыдысты, уый.
7. Иегъовӕ цӕмӕн фӕфыдӕх Закъон амонджытӕм?
7 Малахийы дугӕй мин азы раздӕр Иегъовӕ левиттӕн бахӕс кодта, цӕмӕй кастаиккой хӕсгӕ кувӕндоны цатырмӕ, фӕстӕдӕр та кувӕндонмӕ ӕмӕ йын уым лӕггад кодтаиккой. Израилы адӕмӕн левиттӕ уыдысты зондамонджытӕ. Сӕ хӕс куыд ӕххӕст кодтаиккой, ууыл баст уыди, куыд сӕхи, афтӕ адӕмы фарн ӕмӕ амонд дӕр (Нымӕцтӕ 3:5—8). Фӕлӕ левиттӕ Иегъовӕйӕ фыццагау нал тарстысты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ уый дӕр загъта: «Фӕндагӕй адзӕгъӕл стут. Сымах тыххӕй бирӕтӕ закъон не ’ххӕст кӕнынц. Ахызтыстут Левийы бадзырды сӕрты... Фидар нӕ лӕууыдыстут мӕ фӕндӕгтыл» (Малахи 2:8, 9). Сауджынтӕ израилӕгтӕн Закъон кӕй нӕ амыдтой ӕмӕ сын фӕзминаг кӕй нӕ уыдысты, уый аххосӕй бирӕтӕ адзӕгъӕл сты раст фӕндагӕй, ӕмӕ сӕм уӕдӕ Иегъовӕ куыннӕ хъуамӕ фӕфыдӕх уыдаид.
Ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ
8. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын адӕймагӕн ӕгӕр зын у? Бамбарын ӕй кӕн.
8 Раст нӕ уаид ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, уыцы сауджынтӕ ӕнӕххӕст уыдысты, сӕ бон нӕ уыди Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ныххатыргӕнӕн уыди. Адӕймагӕн йӕ бон у Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ Иегъовӕ, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ домы. Уыцы сауджынтӕй дӕр, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кодта, ахӕмтӕ куыннӕ уыдаид; фӕлӕ сӕ Йесо — ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы «Хистӕр сауджын» — кӕй ӕххӕст кодта, уый бӕлвырд у (Дзуттытӕм 3:1). Йесойӕ ӕцӕгдӕр уыди афтӕ зӕгъӕн: «Ӕцӕгады закъон уыд йе ’взагыл, мӕнг ныхас никуы схауд йӕ дзыхӕй. Уый цыдис мемӕ ӕмвӕндӕй ӕмӕ рӕстӕй, ӕмӕ бирӕты раздӕхта рӕдыд фӕндагӕй» (Малахи 2:6).
9. Абон адӕмӕн ӕцӕгад зӕрдиагӕй чи амоны?
9 Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ, ома уӕларвмӕ чи цӕуы, уыцы чырыстӕттӕ ныр сӕдӕ азӕй фылдӕр лӕггад кӕнынц «сыгъдӕг сауджынтӕй» ӕмӕ хӕссынц, Хуыцауӕн ӕхцон чи у, ахӕм монон нывӕндтӕ (1 Петры 2:5). Сӕрстытӕ разамынд дӕттынц адӕмӕн Библийы ӕцӕгад амоныны хъуыддаджы. Цы дзурынц, уыимӕ куы зонгӕ кодтай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр нӕ уыдтай, ӕрмӕстдӕр «ӕцӕгады закъон [кӕй] ис се ’взагыл», уый? Уыдоны фӕрцы ӕгас дунейы дӕр милуантӕ ныууагътой мӕнг дин, уымӕн ӕмӕ базыдтой, Библи ӕцӕгӕй цӕуыл ахуыр кӕны, уый, ӕмӕ сын фӕзынд ӕнусон царды ныфс. Ныр уыдон дӕр сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, «ӕцӕгады закъон» сӕ бон иннӕтӕн амонын кӕй у, уый (Иоанны 10:16; Раргомад 7:9).
Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм
10. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?
10 О, фӕлӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй нын Малахийы 2:1—9-ӕм стихты Иегъовӕ цы зӕгъынмӕ хъавы, уый уа зондзонӕн. Мӕнг ныхасӕй нӕхи хизӕм? Цӕвиттон, нӕ бинонтӕ кӕнӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ нӕ алы ныхасыл дӕр ӕууӕндынц? Фыццаг раст чи фӕкӕсы, ӕцӕгӕй та бынтон раст чи нӕу, ахӕм цыдӕртӕ дзурыныл куы фӕцалх уӕм, уымӕн бирӕ нӕ хъӕуы. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ куыст куыд хорз цӕуы, уыдӕттӕй раппӕлыны оххыл, йе ’нтыстытӕм къӕхтӕ ӕмӕ къухтӕ афтауы, цы йын нӕ уайы, уыдӕттӕ та ӕмбӕхсгӕ фӕкӕны. Фӕлӕ цымӕ уый Иегъовӕ нӕ уыны? Ӕмӕ ахӕм митӕ куы кӕнӕм, уӕд ын нӕ дзыхӕй цы кады нывӕндтӕ хӕссӕм, уыдон ӕхсызгон уыдзысты?
11. Йӕ ныхасмӕ уӕлдай лӕмбынӕг кӕй хъӕуы йӕ хъус дарын?
11 Ӕмбырдты Хуыцауы Ныхас чи амоны, уыдонӕн та зондзонӕн уыдзӕн Малахийы 2:7-ӕм стих. Уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, сӕ дзыхӕй «хъуамӕ зонындзинӕдтӕ цӕуа», уымӕн ӕмӕ адӕм «закъон фехъусынмӕ» уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Ӕмӕ уый та гыццыл хъуыддаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Иаковы 3:1-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй, иннӕты чи ахуыр кӕны, уыдон «карздӕр тӕрхонгонд... уыдзысты». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ ныхасы хъуамӕ уӕз уа, фӕлӕ, Хуыцауы Ныхасы цы ис ӕмӕ Иегъовӕйы организаци цы амындтӕ дӕтты, уымӕй уӕлдай хъуамӕ сӕхицӕй мацы ӕфтауой. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн сӕ бон «иннӕты ахуыр кӕнын». Уымӕ гӕсгӕ сын лӕвӕрд у ахӕм уынаффӕ: «Бадар дӕхи Хуыцауы раз равдисынмӕ аккаг ӕмӕ ӕназым кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырды раст чи амоны,— ахӕмӕй» (НФ) (2 Тимофеймӕ 2:2, 15).
12. Ӕмбырды уӕнгты чи ахуыр кӕны, уыдон сӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ дарой?
12 Нӕ ныхасмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы нӕ дарӕм, уӕд тӕссаг у, нӕхӕдӕг куыд хъуыды кӕнӕм кӕнӕ нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттӕ куы амонӕм иннӕтӕн. Ахӕм рӕдыд арӕхдӕр ӕрцӕуы, йӕхи хъуыды цыфӕндыйӕ дӕр, суанг Иегъовӕйы организаци афтӕ куы нӕ дзура, уӕддӕр раст кӕмӕ кӕсы, уыдоныл. Фӕлӕ Малахийы чиныджы 2-аг сӕр куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ӕмбырды уӕнгты чи ахуыр кӕны, уыдон хӕсджын сты, цӕмӕй «фысты» ма ӕфтауой, рӕдийын чи кӕны, ахӕм зыгъуыммӕ хъуыдытыл, фӕлӕ сын, Хуыцау цы зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдон амоной. «Чи фӕрӕдийын кӕна ацы гыццылтӕй, Мӕныл ӕууӕндджытӕй иуы,— загъта Йесо,— уымӕн хуыздӕр уыдаид йӕ хъуырыл ын куыройы фыд куы ӕрцауыгътаиккой ӕмӕ йӕ куы ныппӕрстаиккой денджызы арфы» (Матфейы 18:6).
Ӕнӕуырнӕгимӕ цард баиу кӕнын
13, 14. Малахи цавӕр мӕнгард хъуыддаджы кой кӕны?
13 Малахийы чиныджы 2-аг сӕры 10-ӕм стихы ноджы бӕлвырддӕр дзырдӕуы, ӕууӕнк басӕттын куыд ӕвирхъау ми у, ууыл. Пехуымпар дзуры, кӕрӕдзийыл баст чи у, ахӕм дыууӕ хъуыддагыл, ӕмӕ йӕ ныхасы арӕх пайда кӕны дзырд «ӕууӕнк сӕттынӕй». Ӕркӕс ма, раздӕр уал цы фарстытӕ дӕтты: «Исты не ’ппӕт дӕр иу фыды цот не стӕм? Иу Хуыцау нӕ нӕ рафӕлдыста? Уӕдӕ уӕд кӕрӕдзийы ӕууӕнк цӕмӕн сӕттӕм, цӕмӕн кӕнӕм хынджылӕггаг нӕ фыдӕлты бадзырд?» Мл 2:11-ӕм стихы Малахи йӕ ныхасмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, израилӕгтӕ сӕ мӕнгард хъуыддӕгтӕй хынджылӕггаг кӕнынц «Иегъовӕйы сыгъдӕгдзинад» дӕр. Уагӕры афтӕ ӕвзӕрӕй цы арӕзтой? Сӕ фыдракӕндтӕй иу уый уыди, ӕмӕ «ракуырдтой ӕцӕгӕлон хуыцауы чызджы».
14 Иегъовӕйы адӕмӕй, израилӕгтӕй, иуӕй-иутӕ сӕ цард баиу кодтой, уымӕн чи нӕ куывта, ахӕм адӕймӕгтимӕ. Уый стыр тӕригъӕд цӕмӕн уыди, уый нын ӕмбарын кӕнынц иннӕ стихтӕ. Мл 2:10-ӕм стихы кӕсӕм, иу фыд сын кӕй уыди, уый тыххӕй. Ам дзырд нӕ цӕуы Иаковыл (фӕстӕдӕр Израил кӕй схуындӕуыд), нӕдӕр Авраамыл ӕмӕ нӕдӕр Адамыл. Малахийы 1:6-ӕм стихӕй уынӕм, сӕ фыд кӕй уыди Иегъовӕ. О, Израилы адӕм Иегъовӕйӕн исчи нӕ уыдысты, сӕ фыдӕлтимӕ бадзырд скодта. Уыцы бадзырды закъӕттӕй та иу уыди ахӕм: «Ма сӕ агурут хӕстӕгӕн. Мадӕр сын уӕ чызджы дӕттут сӕ фыртӕн, ӕмӕ мадӕр сын сӕ чызджы курут уӕ фыртӕн» (Дыккаг закъон 7:3).
15. а) Йӕ цард ӕнӕуырнӕгимӕ чи баиу кӕны, уыдон сӕхи куыд фӕраст кӕнынц? ӕ) Бинонтӕ скӕныны хъуыддагмӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?
15 Абон дӕр иуӕй-иутӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц: «Мӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уый тынг хорз адӕймаг у. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ уый дӕр слӕудзӕн ӕцӕг Хуыцауы фӕндагыл». Ахӕм зондахастӕй бӕрӕг у, Фыстад нӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, «адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ хӕлддӕр ницы ис» (Иереми 17:9). Йӕ цард ӕнӕуырнӕгимӕ чи баиу кӕны, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, уый бӕрӕг у Малахийы 2:12-ӕм стихӕй: «Иегъовӕ фесафдзӕн, афтӕ чи кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр». Библи чырыстӕттӕн дӕр дзуры, цӕмӕй бинонтӕ кӕной «ӕрмӕст Хицауы мидӕг» (1 Коринфӕгтӕм 7:39). Раст у, абон чырыстӕттӕй йӕ цард ӕнӕуырнӕгимӕ чи баиу кӕны, уыдоны Хуыцау «нӕ сафы». Фӕлӕ ӕнӕуырнӕг Хуыцауы фӕндагыл куы нӕ слӕууа, уӕд цымӕ йӕ хабар куыд уыдзӕн, тагъд Хуыцау ацы цардӕвӕрд куы фесафа, уӕд? (Псалом 36:37, 38).
Цардӕмбалы ӕфхӕрын
16, 17. Иуӕй-иутӕ мӕнгард куыд разындысты?
16 Дарддӕр Малахи дзуры, израилӕгтӕ ма мӕнгард цавӕр хъуыддаджы разындысты, уый тыххӕй: цардӕмбалы ӕфхӕрын, уӕлдайдӕр та дзы гыццыл ницӕй тыххӕй хицӕн кӕнын. Мл 2-аг сӕры 14-ӕм стихы кӕсӕм: «Иегъовӕ йӕхӕдӕг уыд ӕвдисӕн, дӕу ӕмӕ, де ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстай, ныр та сайдӕй кӕуыл рацыдтӕ, уыцы усы ’хсӕн, афтӕмӕй та уый дӕ цардӕмбал у ӕмӕ, цӕдисы кӕимӕ бацыдтӕ, уыцы бинойнаг». Иудейаг лӕгтӕ сӕ устытыл сайдӕй кӕй цыдысты, уый аххосӕй Иегъовӕйы нывондхӕссӕн «цӕссыгӕй нал зынд» (Малахи 2:13). Ахӕм лӕгтӕ гыццыл ницӕй тыххӕй хицӕн кодтой сӕ устытӕй, ныууагътой-иу, се ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстой, уыцы бинойнӕгты ӕмӕ-иу ракуырдтой ӕвзонгдӕр, йе та суанг муртаттаг, сылгоймӕгты дӕр. Ӕмӕ сын гӕртамхор сауджынтӕ дӕр сӕ къух арӕзтой! Фӕлӕ Малахийы 2:16-ӕм стихы кӕсӕм: «„Ӕнӕуынон ын у хицӕн кӕнын“,— зӕгъы Израилы Хуыцау Иегъовӕ». Фӕстӕдӕр Йесо бамбарын кодта, адӕймагӕн хицӕн кӕнын ӕмӕ йӕ цард ӕндӕримӕ баиу кӕныны бар ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй ис, лӕг кӕнӕ ус куы хӕта (Матфейы 19:9).
17 Дзӕбӕх ма ахъуыды кӕнӕм Малахийы ныхӕстыл, нӕ нын агайынц нӕ зӕрдӕ, нӕ нӕ разӕнгард кӕнынц адӕймагдзинадмӕ?! Малахи дзуры, зӕгъгӕ, уый у «дӕ цардӕмбал ӕмӕ цӕдисы кӕимӕ бацыдтӕ, уыцы бинойнаг». Уыцы мӕнгард лӕгтӕй алчидӕр кӕддӕр йӕхицӕн цардӕмбалӕн ӕмӕ бинойнагӕн равзӕрста йӕхийау Иегъовӕйӕн кувӕг израилаг сылгоймаджы. Ӕмӕ кӕд уый раджы уыди, сӕ дыууӕ дӕр ма ӕвзонг куы уыдысты, уӕд, уӕддӕр сын рӕстӕг ӕмӕ азтӕ уый бар нӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй, кӕддӕр кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый басӕттой.
18. Малахи ӕууӕнк басӕттыны фӕдыл цы загъта, уый абон дӕр ахадгӕ цӕмӕн у?
18 Малахийы ныхӕстӕн сӕ ахадындзинад абон дӕр къаддӕр нӕ фӕци. Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕй ферох вӕййы, Хуыцау нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ цард иу кӕнӕм не ’муырнӕгимӕ. Тынг зын ма у, иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарыныл кӕй нал архайынц, уый уынын. Уый нӕ, фӕлӕ ма, Хуыцауӕн ӕнӕуынон чи у, ахӕм хъуыддагӕн цыдӕр ӕфсӕнттӕ дӕр ссарынц, ӕмӕ ӕндӕримӕ бацӕрыны оххыл ӕппын ницӕй тыххӕй хицӕн кӕнынц сӕ цардӕмбӕлттӕй. Сӕ митӕй «Иегъовӕйӕн йӕ бон нал у». Малахийы рӕстӕджы Хуыцауы фӕдзӕхст чи ницӕмӕ дардта, уыдон сӕ ныфс уымӕ дӕр бахастой, ӕмӕ Иегъовӕйӕн йӕхи зылын кодтой. Уыдон дзырдтой: «Кӕм ис раст Хуыцау?» Уымӕй хӕлддӕр зондахастӕн ма скӕнӕн ис?! Цӕй ӕмӕ мах макуы бахауӕм ахӕм къӕппӕджы (Малахи 2:17).
19. Хуыцау чырыстон лӕгтӕ ӕмӕ устытӕн йӕ сыгъдӕг уд куыд дӕтты?
19 Фӕлӕ ма Малахийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, иуӕй-иу лӕгтӕ сӕ устытыл ӕнувыд кӕй уыдысты, уый. Уыдоныл «уыд Хуыцауы сыгъдӕг уд» (Мл 2:15-ӕм стих). Хуыцауы организацийы абон тынг бирӕ ис, сӕ устыты «цытджын [чи] дары», ахӕм лӕгтӕ, ӕмӕ уымӕй райы зӕрдӕ (1 Петры 3:7). Уыдон сӕ бинойнӕгтӕм нӕдӕр ӕвзӕр дзыхӕй дзурынц, нӕдӕр сӕм сӕ къух исынц; сӕрмӕ хӕссинаг чи нӕу, ахӕм митӕ сӕ нӕ домынц буарон хӕстӕгдзинады дӕр; кад сын кӕнынц, ӕндӕр сылгоймӕгтӕм дзырдӕппарӕнтӕ кӕй нӕ кӕнынц кӕнӕ хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕм кӕй нӕ кӕсынц, уымӕй дӕр. Иегъовӕйы адӕм амондджын сты, се ’хсӕн, Хуыцауыл ӕнувыд чи у ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм чи хъусы, бирӕ ахӕм ӕгъдауджын устытӕ кӕй ис, уымӕй дӕр. Уыцы лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ зонынц, Хуыцауӕн ӕнӕуынон цы у, уый, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй уыдон дӕр уынынц се сӕфт. Уӕдӕ уыдонау сымах дӕр «Хуыцауы коммӕ кӕсут», ӕмӕ сымахӕн дӕр нӕ бавгъау кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг уд (Куыстытӕ 5:29).
20. Тагъд ӕппӕт адӕммӕ дӕр цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?
20 Тагъд Иегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн ӕгас дунейӕн дӕр. Ӕмӕ уӕд алы адӕймаджы дӕр йӕ разы дзуапп радтын бахъӕудзӕн, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ цы аразы, уый тыххӕй. «Махӕй алчидӕр йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп Хуыцауӕн» (Ромӕгтӕм 14:12). Уымӕ гӕсгӕ гуыры тынг цымыдисаг фарст: Иегъовӕйы бон чи фервӕздзӕн? Ууыл уыдзӕн нӕ ныхас ӕртыккаг ӕмӕ фӕстаг статьяйы.
Куыд бамбарын кӕнис?
• Иегъовӕ Израилы сауджынты сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй бафхӕрдта?
• Цӕуылнӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймагӕн Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын йӕ бон нӕу?
• Хуыцауы Ныхас амонгӕйӕ нӕ нӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын?
• Иегъовӕйӕн уӕлдайдӕр цавӕр дыууӕ хъуыддаджы сты ӕнӕуынон?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 25 фарсыл]
Иегъовӕ Малахийы рӕстӕджы сауджынты бафхӕрдта, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын кӕй не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй.
[Нывтӕ 26 фарсыл]
Иегъовӕ карзӕй бафхӕрдта, сӕ устыты-иу чи ныууагъта ӕмӕ-иу йӕ цард муртаттаг сылгоймӕгтимӕ чи сбаста, уыцы израилӕгты.
[Ныв 26 фарсыл]
Чырыстӕттӕ аргъ кӕнынц ӕмкъайады цӕдисӕн.