Иегъовӕ йӕ адӕмыл тауы йӕ рухс
Иегъовӕ йӕ адӕмыл тауы йӕ рухс
«Иегъовӕ йӕхӕдӕг уыдзӕн дӕ рухс ӕнусмӕ» (ИСАЙ 60:20).
1. Иегъовӕ йе ’нувыд лӕггадгӕнджытӕн куыд хӕрзаудӕн кӕны?
«ХӔРЗАУДӔН кӕны Хицау Йӕ адӕмыл, кадджын кӕны сабырты ирвӕзындзинадӕй» (Псалом 149:4). Кӕддӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта псаломзарӕггӕнӕг, ӕмӕ ӕцӕг афтӕ кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн — цард. Иегъовӕйыл йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕнувыд куы вӕййынц, уӕд сыл фӕауды, фӕхъахъхъӕны сӕ ӕмӕ сын алы хъуыддаджы дӕр вӕййы ахъазгӕнӕг. Рагзаманты сын ӕххуыс кодта се знӕгтыл уӕлахиз кӕнынӕн. Абон та сын сӕ уырнындзинад фӕцудын нӕ уадзы ӕмӕ сын фидарӕй зӕгъы, Йесойы нывонды руаджы сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 5:9). Иегъовӕ афтӕ уымӕн аразы, ӕмӕ йӕ адӕм йӕ цӕсты сты рӕсугъд.
2. Кӕд Хуыцауы адӕмӕн сӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр фидарӕй цы зонынц?
2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы талынг дунейы «хорз намысимӕ» цӕрын ӕнцон нӕу (2 Тимофеймӕ 3:12). Фӕлӕ Иегъовӕ уыны, йӕ адӕмы знӕгтӕ цытӕ кӕнынц, уый, ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсы: «Цы адӕм ӕмӕ дын цы паддзахад нӕ лӕггад кӕна, уый фесӕфдзӕн; уыцы адӕмтӕ сӕхӕдӕг бабын уыдзысты» (Исай 60:12). Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ алыхуызӕтты цӕуынц. Кӕмдӕрты ӕцӕг чырыстӕтты хъыгдарынц Иегъовӕйӕн иумӕ кувын, йе та сын бынтондӕр нӕ дӕттынц Хуыцауӕн сӕрибарӕй кувыны бар. Кӕмдӕрты та, йӕхи дины йедтӕмӕ иннӕ динтӕй йе сӕфт чи уыны, ахӕм адӕм Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм сӕ къух дӕр сисынц ӕмӕ сын сӕ исбон дӕр басудзынц. Фӕлӕ нӕ рох ма уӕд, Иегъовӕйы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын чи хъыгдары, уыдонӕн йӕ уынаффӕ рагӕй кӕй у конд: сӕ фӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбаддзысты. Сионӕн зӕххыл цы сывӕллӕттӕ ис, уыдоны ныхмӕ чифӕнды ма цӕуа, ницы сын дзы рауайдзӕн. Нӕ иунӕг кадджын Хуыцау Иегъовӕйы ныхӕстӕ нӕ стыр ныфс нӕ уадзынц?
Ӕнхъӕл куыд не стӕм, ахӕм стыр хорздзинӕдтӕ
3. Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм цӕй рӕсугъд сты ӕмӕ цӕй бирӕ дыргъ хӕссынц, уый пехуымпарады куыд ӕрцыд ӕвдыст?
3 Ацы дунейы фӕстаг бонты Иегъовӕ йӕ адӕмы хайджын кӕны, ӕнхъӕл куыд не сты, ахӕм стыр хорздзинӕдтӕй. Иегъовӕ бонӕй-бонмӕ рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕны йӕ кувӕн бынат ӕмӕ дзы чи ис, йӕ ном ын чи хӕссы, уыдоны. Исайы пехуымпарады куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ Сионӕн зӕгъы: «Дӕумӕ ӕрцӕудзӕн Ливаны кад: ӕхсӕлы, Исай 60:13). Хӕхтӕ нал зынынц цъӕх-цъӕхид хъӕдӕй — цы ма уа уымӕй рӕсугъддӕр. Уымӕ гӕсгӕ, стыр цъӕх-цъӕхид бӕлӕстӕ иттӕг хорз ӕвдисынц, Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм куыд рӕсугъд сты ӕмӕ куыд бирӕ дыргъ хӕссынц, уый (Исай 41:19; 55:13).
кӕрз ӕмӕ кипарис бӕлӕстӕ иумӕ, цӕмӕй мын срӕсугъд кӕной мӕ сыгъдӕг бынат, ӕмӕ ӕз скадджын кӕндзынӕн мӕ къӕхты бын» (4. Цы сты «сыгъдӕг бынат» ӕмӕ Иегъовӕйы «къӕхты бын» ӕмӕ рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр куыд кӕнынц?
4 Исайы 60:13 бакастыстӕм «сыгъдӕг бынат» ӕмӕ Иегъовӕйы «къӕхты быны» тыххӕй. Цымӕ уыдон та цы сты? Ацы ныхӕстӕ хауынц Иегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕртытӕм, цыран ӕппӕтдӕр афтӕ арӕзт у, ӕмӕ Йесо Чырыстийы номӕй кувӕг адӕмӕн сӕ бон у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Дзуттытӕм 8:1—5; 9:2—10, 23). Иегъовӕ йе ’нӕуынгӕ кувӕндон скадджын кӕнынвӕнд кӕй кӕны, уый бӕрӕг у, ӕппӕт адӕмтӕй йӕм дзыллӕтӕ кувынмӕ кӕй ӕмбырд кӕны, уымӕй (Аггей 2:7). Ноджы раздӕр Исай цӕстылуайӕны федта, Иегъовӕйы бӕрзонд хохмӕ, йӕ кувӕн хӕдзармӕ дзыллӕтӕ куыд ивылынц, уый (Исай 2:1—4). Ӕнустӕ фӕстӕдӕр апостол Иоанн та цӕстылуайӕны федта, «тынг бирӕ адӕм, кӕцыйы ничи фӕрӕзта банымайын, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй». Уыдон лӕууыдысты Хуыцауы паддзахбадӕны раз ӕмӕ «йын куывтой ӕхсӕвӕй-бонӕй Йӕ кувӕндоны» (НФ) (Раргомад 7:9, 15). Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны абон ӕмӕ мах нӕхи цӕстӕй уынӕм, Иегъовӕйы хӕдзар рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр куыд кӕны, уый.
5. Сионы сывӕллӕтты цард куыд фӕивта?
5 Куыд тынг фӕзынд уый Сионыл! Иегъовӕ дзуры: «Кӕд дын нырмӕ иу мӕнузӕгъӕг нӕ уыд ӕмӕ алкӕмӕндӕр ӕнӕуынон уыдтӕ, де ’мгӕрӕтты ничи цыд, уӕд дӕ ныр та уыдзысты сӕрыстыр ӕнустӕм ӕмӕ уыдзынӕ цины хос фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Исай 60:15). Фыццаг дунеон хӕст йӕ кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд «Хуыцауы Израил» ӕцӕгдӕр уыд тынг ӕдзӕллаг уавӕры (Галатӕгтӕм 6:16). Афтӕ йӕм каст, цыма йын «иу мӕнузӕгъӕг» нӕй, уымӕн ӕмӕ зӕххыл йӕ сывӕллӕттӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, Хуыцау сӕм цӕмӕ ’нхъӕлмӕ каст, уый. Фӕлӕ 1919 азы Иегъовӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытыл схӕцыд, сӕ къахыл сӕ слӕууын кодта ӕмӕ сын уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕтты стыр ӕнтыстытӕ. Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис, Исайы 60:15 цы зӕрдӕвӕрд ис, уымӕй та, нӕ зӕрдӕ нын нӕ хъӕлдзӕг кӕны? Иегъовӕ «сӕрыстыр» уыдзӕн Сионӕй, ӕмӕ дзы сӕрыстыр уыдзысты йӕ сывӕллӕттӕ дӕр. Афтӕ ма Сион уыдзӕн се стыр «цины хос» дӕр. Ӕмӕ афтӕ цалдӕр боны кӕнӕ цалдӕр мӕйы нӕ уыдзӕн. Сион ӕмӕ йын зӕххыл цы сывӕллӕттӕ ис, уыдон Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты «фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ». Никуы сӕ ныууадздзӕн.
6. Ӕцӕг чырыстӕттӕ адӕмты исбонӕй куыд пайда кӕнынц?
6 Ныр та байхъусӕм, Хуыцау ма Сионӕн ноджыдӕр зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уымӕ: «Дӕхи ӕфсаддзынӕ адӕмты ӕхсырӕй ӕмӕ дӕйдзынӕ паддзӕхты риутӕ, ӕмӕ уӕд базондзынӕ, ӕз, Иегъовӕ, кӕй дӕн дӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Иаковы Тыхджын кӕй у дӕ Сӕрибаргӕнӕг» (Исай 60:16). Сион йӕхи «адӕмты ӕхсырӕй» куыд ӕфсады ӕмӕ «паддзӕхты риутӕ» куыд дӕйы? Афтӕ ӕмӕ, сӕрст чырыстӕттӕ се ’мбал ӕндӕр фыстимӕ Хуыцауы хъуыддаг размӕ кӕнынӕн пайда кӕнынц адӕмты исбонӕй (Иоанны 10:16). Мысайнӕгты руаджы Паддзахады хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххы къорийыл ӕмӕ адӕм ахуыр кӕнынц ӕцӕгадыл. Нырыккон технологитӕй кӕй пайда кӕнынц, уый фӕрцы сӕдӕгай ӕвзӕгтыл мыхуыр цӕуы Библитӕ ӕмӕ библион литературӕ. Ӕмӕ уый руаджы абоны хуызӕн бирӕ адӕмӕн никуы ма уыди Библийы ӕцӕгад базоныны фадат. Алы бӕстӕты дӕр бирӕ адӕм зонынц, йӕ сӕрст лӕггадгӕнджыты мӕнг дины уацарӕй чи ссӕрибар кодта, уыцы Хуыцау Иегъовӕ ӕцӕгдӕр Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у.
Организаци цӕуы размӕ
7. Цавӕр диссаджы ӕнтыстытӕ ӕфты Сионы сывӕллӕтты къухы?
7 Иегъовӕ ма йӕ адӕмы рӕсугъд кӕны ӕндӕр хуызы дӕр. Ӕххуыс сын кӕны бирӕ цыдӕртӕ фӕивынӕн. Исайы 60:17 кӕсӕм: «Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сыгъзӕрин, ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзист, суджы бӕсты — ӕрхуы, дурты бӕсты та — ӕфсӕйнаг; ӕмӕ дын фарн снысан кӕндзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад та — хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй». Ӕрхуыйы бӕсты сыгъзӕрин, ай-гъай дӕр, у хуыздӕр, ӕмӕ уый зӕгъӕн ис иннӕ ӕрмӕгӕй дӕр. Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг бонтӕ куы ралӕууыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ «Хуыцауы Израилы» хъуыддаг ӕнтыстджынӕй цӕуы размӕ. Ӕркӕсӕм иу цалдӕр цӕвиттонмӕ.
8—10. Радзур, 1919 азӕй Хуыцауы адӕмыл разамынды хъуыддаджы цы хорз ивддзинӕдтӕ ӕрцыд, уый тыххӕй.
8 1919 азмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕмбырдтӕн разамынд лӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ диакъонтӕ. Уыдон ӕвзӕрст цыдысты, ӕмбырды уӕнгтӕн сӕ фылдӕр сӕ хъӕлӕстӕ кӕмӕн радтаиккой, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы аз «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» алы ӕмбырдмӕ дӕр снысан кодта, хъусын кӕныны хъуыддагмӕ йӕ хъус чи дардтаид, ахӕм лӕггадгӕнӕджы (Матфейы ). Фӕлӕ ӕвзӕрст хистӕр нӕлгоймӕгтӕй чидӕртӕ хъусын кӕныны хъуыддагыл зӕрдӕйӕ кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уыцы ивддзинад бирӕ ӕмбырдты тынг нӕ сахадыдта. Ӕмӕ уӕд 1932 азы ӕмбырдтӕн загътой, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ диакъонтӕ ӕвзӕрст кӕй нал цӕудзысты. Уый бӕсты алы ӕмбырды дӕр равзарын хъуыд, нысангонд лӕггадгӕнӕгимӕ ӕмвӕндӕй чи архайдтаид, ахӕм комитет. Уый уыд, «суджы бӕсты ӕрхуы» куыд уа, ахӕм стыр санчъех размӕ! 24:45—47
9 Цӕмӕй Сыгъдӕг Фыстад цы дзуры, уый хуыздӕр ӕххӕст кодтаиккой, уый тыххӕй 1938 азы ӕппӕт ӕмбырдты дӕр фидаргонд ӕрцыд ног фӕтк. Ӕмбырдыл аудыны бар бакодтой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг ӕмӕ ӕндӕр нысангонд ӕфсымӕрты бӕрны. Уыдонӕй алкӕйдӕр нысан кодтой «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» разамындӕй. Ӕвзӕрстыты дуг фӕци! Ӕмбырдты бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕрты уӕдӕй фӕстӕмӕ нысан кодтой Хуыцауы сфидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ. Уый уыд, «дуртӕ» «ӕфсӕйнагӕй» куыд баивай, «ӕрхуы» та — «сыгъзӕринӕй», раст афтӕ.
10 Ӕрцыд ма ӕндӕр ивддзинӕдтӕ дӕр. 1972 азы бамбӕрстой, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдты куыд уыди, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды иу цӕстдарӕг кӕй хъуамӕ ма уа, фӕлӕ Хуыцауы разамындӕй нысангонд цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы. Уымӕй дӕр уыцы нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой ӕмбар. Дыууӕ азы размӕ та ӕрцыд ноджыдӕр иу хорз ивддзинад. Уӕд ӕркастысты иуӕй-иу юридикон корпорацитыл разамынд кӕныны хъуыддагмӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Разамонӕг совет юридикон фарстатӕ нал лыг кӕны, фӕлӕ йӕ тыхтӕ фылдӕр радта Хуыцауы адӕмӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынмӕ.
11. Иегъовӕйы адӕмыл разамынд кӕныны хъуыддаджы цы ивддзинӕдтӕ ӕрцыди, уыдонӕй кӕмӕй стӕм бузныг ӕмӕ сыл уыцы ивддзинӕдтӕ куыд фӕзындысты?
11 Кӕмӕй стӕм бузныг ӕппӕт уыцы диссаджы ивддзинӕдты тыххӕй? Иегъовӕ Хуыцауӕй, ӕндӕр никӕмӕй! Уый загъта, ӕз дын «хӕсдзынӕн сыгъзӕрин», зӕгъгӕ. Йӕ дзыхӕй рацыдысты ацы ныхӕстӕ дӕр: «Фарн дын снысан кӕндзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад та — хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй». О, Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕтты разамынд йӕ адӕмӕн. Ӕмӕ цы ивддзинӕдтыл дзырдтам, уыдон дӕр дзурӕг сты, йӕ адӕмы кӕй рӕсугъд кӕны, ууыл. Уыцы ивддзинӕдтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл тынг фӕзындысты хорзырдӕм. Исайы 60:18 кӕсӕм: «Фыддзинадӕн дӕ зӕххыл йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, дӕ бӕстӕ гӕныстон ӕмӕ ӕдзӕллаг уавӕры никуыуал уыдзӕн. Ӕмӕ дӕ систӕ схондзынӕ Ирвӕзындзинад, дӕ кулдуӕрттӕ та — Кад». Диссаджы ныхӕстӕ! Фӕлӕ куыд сӕххӕст сты?
12. Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн фарн цӕмӕн ис?
12 Ӕцӕг чырыстӕттӕ амындтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ агурынц Иегъовӕмӕ, ӕмӕ уый руаджы ӕххӕст кӕнынц Исайы ныхӕстӕ: «Дӕ фыртты се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Иегъовӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты фӕрнӕйдзаг» (Исай 54:13). Уымӕй дарддӕр Иегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг удӕй, ӕмӕ уыцы уды дыргътӕй та иу у фарн (Галатӕгтӕм 5:22, 23, НФ). Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фарн кӕй ис, уый фӕрцы ацы фыддунейы уыдон сты, цин ӕмӕ удӕнцой ссарӕн кӕм ис, ахӕм фидар мӕсыг. О, фӕлӕ ӕцӕг фарн ӕнӕ уарзондзинад нӕ вӕййы, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ ныридӕгӕн куыд цӕрынц, уымӕ кӕсгӕйӕ фенӕн ис, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый (Иоанны 15:17; Колоссӕгтӕм 3:14). Уыцы фарн нын афтӕ зынаргъ у, ӕмӕ нӕ алчидӕр ӕвӕллайгӕйӕ архайы, цӕмӕй не ’хсӕн йӕ уидӕгтӕ арфӕй-арфдӕр уадза. Афтӕ аразгӕйӕ мах кадджын кӕнӕм Хуыцауы ном ӕмӕ сӕйраджыдӕр уый фӕрцы ис зӕгъӕн, ныридӕгӕн дӕр дзӕнӕты кӕй цӕрӕм (Исай 11:9).
Иегъовӕ йӕ адӕмыл дарддӕр дӕр таудзӕн йӕ рухс
13. Иегъовӕйы рухс йӕ адӕмыл ӕнустӕм кӕй кӕлдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?
13 Цымӕ Иегъовӕ йӕ адӕмыл дарддӕр дӕр таудзӕн йӕ рухс? Ӕнӕмӕнг! Исайы 60:19, 20 кӕсӕм: «Нал дӕр дӕ хур хъӕудзӕн боны рухсӕн, нал дӕр мӕйы рухс. Иегъовӕ йӕхӕдӕг уыдзӕн ӕнустӕм дӕ рухс ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн дӕ фидауц. Дӕ хур никуыуал аныгуылдзӕн ӕмӕ дӕ мӕй йӕ цӕст никуыуал бамбӕхсдзӕн; Иегъовӕ йӕхӕдӕг уыдзӕн дӕ рухс ӕнусмӕ ӕмӕ дӕ фыдохы бонтӕ фӕуыдзысты». 1919 азы мӕнг дины уацары бахауӕг сӕрст чырыстӕтты «фыдохы бонтӕ» куы фесты, уӕд сыл Иегъовӕ йӕ рухс тауын райдыдта. Уӕдӕй нырмӕ, 80 азӕй фылдӕр, Иегъовӕйӕн йӕ адӕм хайджын сты йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ сыл ныр дӕр кӕлы йӕ рухс. Стӕй хъуыддаг абоныл дӕр нӕу. Нӕ Хуыцау хурау нӕ «аныгуылдзӕн» ӕмӕ мӕйау нӕ «бамбӕхсдзӕн». Хуыцау йӕ адӕмыл рухс кӕндзӕн ӕнустӕм. Ацы талынг дунейы фӕстаг бонты цӕргӕйӕ нын уый стыр ныфсы хос куыннӕ у!
14, 15. а) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы адӕм иууылдӕр сты «рӕстгӕнджытӕ»? ӕ) Исайы 60:21 ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕндӕр фыстӕ фидӕны сӕхи цӕстӕй цы фендзысты?
14 Ныр та байхъусӕм, Иегъовӕ ма Сионы зӕххон минӕвӕртты, ома Хуыцауы Израилы тыххӕй ноджыдӕр цы загъта, уымӕ. Исайы 60:21 кӕсӕм: «Дӕ адӕм иууылдӕр уыдзысты рӕстгӕнджытӕ; ӕнустӕм сӕхи бакӕндзысты, ӕз кӕй сфӕлдыстон, мӕхи къухтӕй кӕуыл фӕфыдӕбон кодтон, уыцы зӕхх, цӕмӕй уымӕй ӕз скадджын уон». 1919 азы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ къахыл куы слӕууыдысты, уӕд тынг хицӕн кодтой зӕххыл ӕппӕт иннӕ адӕмӕй. Ацы тӕригъӕдджын, чъизи дунейы сӕ Хуыцау схуыдта «рӕстгӕнджытӕ», уымӕн ӕмӕ уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ баууӕндыдысты Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондыл (Ромӕгтӕм 3:24; 5:1, НД). Кӕддӕр Вавилоны уацарӕй чи ссӕрибар, уыцы израилӕгтау уыдон дӕр «зӕхх» сӕхи бакодтой. О, фӕлӕ уый ӕцӕг зӕхх нӕу. Дзырд цӕуы, сӕ архайд кӕдӕм анхъӕвзта ӕмӕ монон дзӕнӕт кӕм скодтой, уыцы бӕстӕтыл (Исай 66:8). Уыцы зӕххы алӕмӕты рӕсугъддзинад никуы баруайдзӕн, уымӕн ӕмӕ рагон Израилӕй хъауджыдӕр «Хуыцауы Израил» йӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ никуы сивдзӕн. Сӕ уырнындзинад, сӕ фидардзинад ӕмӕ сӕ зӕрдӕты ӕхсидгӕ уарзт алкӕддӕр кад хӕсдзӕн Хуыцауы номӕн.
15 Уыцы сыгъдӕг удӕй гуырд адӕмӕй алкӕимӕдӕр Хуыцау сфидар кодта ног бадзырд. Уыдонӕн Иегъовӕйы закъон фыст у сӕ зӕрдӕты ӕмӕ, Йесойы нывондыл кӕй баууӕндыдысты, уый фӕрцы сын Хуыцау ныххатыр кодта сӕ тӕригъӕдтӕ (Иереми 31:31—34). Фырттау сӕ нымайы рӕстгӕнджытыл ӕмӕ сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы, цыма ныридӕгӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст сты (Ромӕгтӕм 8:15, 16, 29, 30). Чырыстийы нывонды руаджы сӕ тӕригъӕдтӕ барст цӕуынц се ’мбал ӕндӕр фыстӕн дӕр ӕмӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ уыдоны дӕр Авраамау нымайы рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл. «Уыдон цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй». Ӕндӕр фыстӕм дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх. «Стыр утӕхсӕны» удӕгас куы баззайой кӕнӕ та уый фӕстӕ куы райгас уой, ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр дзӕнӕт куы суа, уӕд сӕхи цӕстӕй фендзысты, Исайы 60:21 ныхӕстӕ комкоммӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый (Раргомад 7:14; Ромӕгтӕм 4:1—3). Уым «сабыртӕ... зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11, 29).
Рӕзтӕн кӕрон нӕй
16. Иегъовӕ Сионӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уыцы диссаджы зӕрдӕвӕрд куыд ӕххӕст кӕны?
16 Ӕркӕсӕм, Исайы чиныджы 60-ӕм сӕры ма фӕстаг стихы цы зӕрдӕвӕрд ис, уымӕ. Иегъовӕ дзуры Сионӕн: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, лӕмӕгъ адӕмӕй — тыхджын. Ӕз, Иегъовӕ, уыцы хъуыддаг фӕтагъд кӕндзынӕн йӕ рӕстӕджы» (Исай 60:22). Иегъовӕ йӕ ныхас ӕххӕст кӕны абон. 1919 азы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ къахыл куы слӕууыдысты, уӕд тынг гыццыл уыдысты, ӕцӕгдӕр «армыдзаг». Фӕлӕ сӕм иу кодтой иннӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр, ӕмӕ сӕ нымӕц фылдӕр кодта. Уый фӕстӕ та сӕм ивылын райдыдтой ӕндӕр фыстӕ. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фарн кӕй ис ӕмӕ, адӕм дзӕнӕты куыд хӕлар ӕмӕ ӕмудӕй цӕрдзысты, уыдон ныридӕгӕн дӕр афтӕ кӕй цӕрынц, уый уынгӕйӕ сӕм ӕрбаиу бирӕ рӕстзӕрдӕ адӕм, ӕмӕ афтӕмӕй «лӕмӕгъ адӕм» систы ӕмбисонды «тыхджын». Абон уыцы «адӕм» — Хуыцауы Израил ӕмӕ ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр ӕнувыд «ӕндӕрбӕстаджы» — афтӕ бирӕ сты, ӕмӕ иуӕй-иу бӕстӕты уыйбӕрц цӕрджытӕ уӕвгӕ дӕр нӕй (Исай 60:10). Уыцы адӕм Иегъовӕйы цӕсты сты, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ рӕсугъд, уымӕн ӕмӕ сӕ алчидӕр рухс тауы иннӕтыл дӕр.
17. Исайы чиныджы 60-ӕм сӕрӕй цӕмӕ ӕркастыстӕм, уый дын дӕ зӕрдӕ куыд агайы?
17 Исайы чиныджы 60-ӕм сӕры цы диссаджы хъуыдытӕ ис, уыдон нын бӕгуыдӕр нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц. Иегъовӕ, йӕ адӕм мӕнг дины уацары кӕй уыдзысты ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ къахыл кӕй слӕудзысты, уый бирӕ раздӕр кӕй зыдта, уый нын не уӕнгты уадзы тых. Куыннӕ нӕ ӕфтауы дисы, Иегъовӕ бирӕ раздӕр кӕй зыдта, абон йӕ кувӕг адӕм афтӕ бирӕ суыдзысты, уый. О, ӕмӕ нӕ цас ныфс уадзы, Иегъовӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, уый дӕр! Цас уарзт ис йӕ ныхӕсты, зӕгъгӕ, сахары кулдуӕрттӕ никуы сӕхгӕндзысты, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыдонӕн»! (Куыстытӕ 13:48, НД). Иегъовӕ йӕ рухсы тынтӕй дарддӕр дӕр рӕвдаудзӕн йӕ адӕмы. Иегъовӕ дарддӕр дӕр сӕрыстыр уыдзӕн Сионӕй, ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты рухс тынгдӕр рухс кӕндзӕн (Матфейы 5:16). Цӕй уӕдӕ ноджы ӕнгомдӕр ӕрбалӕууӕм «Хуыцауы Израилмӕ» ӕмӕ нын Иегъовӕ йӕ рухс иннӕтыл тауын кӕй бахӕс кодта, уыцы стыр кадӕн аргъ кӕнӕм!
Бамбарын кӕн
• Кӕд дуне нӕ ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр фидарӕй цы зонӕм?
• Сионы сывӕллӕттӕ сӕхи «адӕмты ӕхсырӕй ӕфсадынц», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?
• Иегъовӕ йӕ адӕмӕн «суджы бӕсты ӕрхуы» куыд хӕссы?
• Исайы 60:17, 21 цавӕр дыууӕ миниуӕджы кой цӕуы?
• «Лӕмӕгъ адӕм» куыд систы «тыхджын»?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Рамкӕ/Нывтӕ 28 фарсыл]
ИСАЙЫ ПЕХУЫМПАРАД — рухс ӕппӕт адӕмӕн
Ацы дыууӕ статьяйы диссаджы хъуыдытӕ ӕвзӕрст цыдысты 2001—2002 азты облӕстон конгрессты, «Хуыцауы Ныхас амонджытӕ», зӕгъгӕ. Ныхасы рацӕуӕг кӕронбӕттӕны фехъусын кодта, алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл кӕй рацыд ног чиныг «Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн», II том. Ацы чиныгӕн йӕ фыццаг том та уый размӕ азы рацыд. Ацы дыууӕ чиныджы лӕмбынӕг ӕвзӕрст цӕуы Исайы пехуымпарадӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы стих дӕр. Ӕмӕ нын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн Исайы чиныджы ныфсдӕттӕг пехуымпарӕдтӕ хуыздӕр ӕмбарынӕн ӕмӕ сын аргъ кӕнынӕн.
[Нывтӕ 25 фарсыл]
Кӕд знӕгтӕ Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр сӕ Хуыцау «кадджын кӕны... ирвӕзындзинадӕй».
[Нывтӕ 26 фарсыл]
Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ адӕмты исбонӕй пайда кӕнынц Хуыцауы хъуыддаг размӕ кӕнынӕн.
[Ныв 27 фарсыл]
Иегъовӕ йӕ адӕмы размӕ кӕны ӕмӕ сын дӕтты фарн.