Ныфс уӕззау рӕстӕджыты
Ныфс уӕззау рӕстӕджыты
АБОНЫ ног хабӕрттӕй цы базонӕм, уый зӕрдӕйы ӕппындӕр ныфс нӕ уадзы. Иу адӕймаг ныффыста: «Ныртӕккӕ цы цаутӕ цӕуы, уыдон лӕджы ахӕм катайы ӕппарынц, ӕмӕ йӕ арӕх дӕхӕдӕг дӕр нал фӕзоныс, ӕхсӕз сахатыл ног хабӕрттӕм бакӕсай ӕви нӕ». Кӕрон нал ис хӕстытӕн, террористты фыдракӕндтӕн, хъизӕмӕрттӕн, фыддзинад ӕмӕ низтӕн — ацы фыдбылызтӕ, абон уа ӕви райсом, гӕнӕн ис, мах дӕр бахъыгдарой, чи зоны та сӕ ӕвзаргӕ дӕр бакодтам.
Дунейы ахӕм уавӕры тыххӕй йӕ рӕстӕджы бӕлвырд фыст ӕрцыд Библийы. Нӕ дугыл дзургӕйӕ, Йесо загъта, зӕгъгӕ, уыдзӕн стыр хӕстытӕ, рынтӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, нӕ фаг кӕндзӕн хӕринаг (Лукайы 21:10, 11). Афтӕ ма апостол Павел дӕр фыста «уӕззау рӕстӕджыты» тыххӕй, адӕм кӕй уыдзысты фыдзӕрдӕ, ӕхцауарзаг, хорздзинад кӕй нӕ уарздзысты. Уыцы рӕстӕг уый схуыдта «фӕстаг бонтӕ», зӕгъгӕ (2 Тимофеймӕ 3:1—5).
Уӕдӕ дунейы уавӕртыл дзургӕйӕ, ног хабӕрттӕ Библийы пехуымпарӕдтимӕ цӕмӕйдӕр ӕмхуызон сты. Фӕлӕ ууыл сӕ ӕмхуызондзинад ахицӕн. Библи дзуры фидӕныл, ног хабӕрттӕ та — нӕ. Хуыцауы Ныхасӕй мах, уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис, ӕрмӕст уый нӕ базондзыстӕм, фӕлӕ ма фидӕны цы уыдзӕн, уый дӕр.
Хуыцау куыд кӕсы фыддзинадмӕ
Библи нын ӕмбарын кӕны, абоны фыдцардмӕ Хуыцау куыд кӕсы, уый. Кӕд ӕй развӕлгъау зыдта, зындзинӕдтӕ кӕй уыдзӕн, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц, кӕнӕ сӕ ӕнустӕм уадздзӕн. «Хуыцау у уарзондзинад»,— загъта апостол Иоанн (1 Иоанны 4:8). Иегъовӕ адӕмыл тынг тыхсы ӕмӕ йын алы ӕвзӕрдзинад дӕр ӕнӕуынон у. Удӕнцой Хуыцаумӕ куы агурӕм, уӕд раст бакӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый у хӕрзгӕнӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, ӕмӕ зӕххыл фыддзинадӕн кӕрон скӕнын йӕ бон дӕр у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны. Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «[Хуыцауы ӕвӕрд уӕларвон Паддзах] фервӕзын кӕндзӕн мӕгуыргуры, дзыназӕджы, ӕмӕ ӕфхӕрды, кӕцыйӕн нӕй ӕххуысгӕнӕг. Уыдзӕн тӕригъӕдгӕнаг мӕгуыргурӕн ӕмӕ ӕдзухъомӕн, ӕмӕ ӕдзухъомты удты фервӕзын кӕндзӕн. Налатдзинад ӕмӕ тыхдзинадӕй фервӕзын кӕндзӕн уыдоны удты, ӕмӕ зынаргъ уыдзӕн сӕ туг йӕ цӕстыты раз» (Псалом 71:12—14).
Хъизӕмар чи кӕны, уыдоныл дӕ зӕрдӕ нӕ риссы? Ӕвӕццӕгӕн, о. Иннӕтӕн сӕ цин ӕмӕ сӕ хъыг ӕмбарын — ацы ӕнкъарӕн нын Иегъовӕ сӕвӕрдта нӕ зӕрдӕйы, уымӕн ӕмӕ мах уый фӕлгонцмӕ гӕсгӕ конд стӕм (Уӕвынад 1:26, 27). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕйӕн адӕмы хъизӕмар зын кӕй у. Йесойӕ хуыздӕр ничи зыдта Иегъовӕйы, ӕмӕ уый амыдта, Иегъовӕ ныл тынг кӕй тыхсы ӕмӕ ныл йӕ зӕрдӕ кӕй риссы (Матфейы 10:29, 31).
Ӕрдз дӕр у ӕвдисӕн, Хуыцау адӕмыл кӕй тыхсы, уымӕн. Йесо загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау «фӕдзӕхсы Йӕ хурӕн скӕсын фыдзӕрдӕтыл ӕмӕ хӕрзтыл, ӕмӕ ӕрвиты уарын рӕстгӕнджытыл ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджытыл» (Матфейы 5:45). Листрӕйы сахары цӕрджытӕн та апостол Павел загъта: «[Хуыцау] не ’нцад ӕвдисӕн лӕууын Йӕхи тыххӕй хорз хъуыддӕгтӕй, дӕтгӕйӕ махӕн арвӕй уарынтӕ ӕмӕ дыргъджын рӕстӕджытӕ, ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕфсӕста хӕринагӕй ӕмӕ циндзинадӕй» (Куыстытӕ 14:17).
Чи у аххосджын?
Бафиппайын хъӕуы, Павел ма Листрӕйы адӕмӕн афтӕ дӕр кӕй загъта: «[Хуыцау] ивгъуыд фӕлтӕрты ӕппӕт адӕмы бауагъта цӕуын сӕхи фӕндӕгтыл». Уӕдӕ ӕппӕт адӕмтӕ, ома адӕм сӕйраджыдӕр сӕхӕдӕг сты аххосджын, тыхст ӕмӕ уырыдӕй кӕй цӕрынц. Уым Хуыцау аххосджын нӕу (Куыстытӕ 14:16).
Цӕмӕн уадзы Иегъовӕ, цӕмӕй алыхуызон бӕллӕхтӕ цӕуа? Искуы исты сараздзӕн, цӕмӕй мауал уой? Ацы фарстытӕн дзуапп ссарӕн ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасы. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ уыцы дзуапп баст у ӕндӕр ӕнӕуынгӕ гоймагыл ӕмӕ уый уӕлӕрвты цы фарста ӕрӕвӕрдта, ууыл.
[Нывтӕ 4 фарсыл]
Кӕд адӕм тӕригъӕд кӕнын зонынц, уӕд Хуыцауӕн адӕмы хъизӕмар зын куыннӕ хъуамӕ уа?
[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 2 фарсыл]
ЦЪАРЫ ФЫЦЦАГ ФАРСЫЛ: Танк: UN PHOTO 158181/J. Isaac; зӕххӕнкъуыст: San Hong R-C Picture Company
[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]
Уӕлейӕ галиуырдыгӕй, Хорвати: UN PHOTO 159208/S. Whitehouse; ӕххормаг сывӕллон: UN PHOTO 146150 BY O. MONSEN