Хатыр курын — фидауыны хос
Хатыр курын — фидауыны хос
«ХАТЫР курыны стыр тых ис. Уый фӕрцы быцӕутӕ ӕнӕ тыхмийӕ ахицӕн вӕййынц, адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй нал фӕкӕсынц; хицауӕдтӕ ӕргом басӕттынц, се ’мбӕстӕгтӕ фыдцӕрдтытӕ кӕй кӕнынц, ууыл; уый фӕрцы адӕм кӕрӕдзи бамбарынц». Ацы ныхӕстӕ ныффыста тынг зындгонд фыссӕг ӕмӕ ӕвзагиртасӕг, Джорджтауны университеты (Вашингтон) кусӕг Дебора Таннен.
Библи дӕр ууыл дзуры, зӕгъгӕ, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ хатыр ракурын у ӕвӕджиауы мадзал адӕмы ахастдзинӕдтӕ ӕрнывыл кӕнынӕн. Дзырдӕн, ӕркӕсӕм, Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ. Уыцы сӕфт фырт хӕдзармӕ куы сыздӕхт ӕмӕ йӕ фыдӕй зӕрдӕбынӕй хатыртӕ куы ракуырдта, уӕд ыл йӕ фыд тынг бацин кодта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ бинонтыл банымадта (Лукайы 15:17—24). О, адӕймаг афтӕ сӕрбӕрзонд хъуамӕ ма уа, ӕмӕ хатыр ракурын ӕмӕ бафидауыны тыххӕй йӕхи ма басӕтта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕрныллӕг адӕймагӕн хатыр курын афтӕ зын нӕу.
Хатыр курыны тых
Рагзаманты Израилы цард иу зондджын сылгоймаг, Авигейӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый цӕвиттонӕй хорз зыны хатыр курыны тых, кӕд йӕхи нӕ, фӕлӕ йӕ лӕджы рӕдыды тыххӕй куырдта хатыр, уӕддӕр. Давид, фӕстӕдӕр Израилы паддзах чи сси, уый ӕдзӕрӕг быдыры куы цард, уӕд йӕ адӕмимӕ хъахъхъӕдта Авигейӕйы мой Навалы фысты дзугтӕ. Фӕлӕ Давиды адӕм Навалӕй дзул ӕмӕ дон куы ракуырдтой, уӕд сӕ уый афтидкъухӕй арвыста ӕмӕ ма сын алывыдтӕ дӕр фӕкалдта. Ууыл Давид мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йемӕ 400 адӕймаджы бӕрц акодта, афтӕмӕй рацыд Навал ӕмӕ йӕ хӕдзаронты ныхмӕ. Уыцы хабар Авигейӕ куы базыдта, 1 Паддзахӕдты 25:2—35).
уӕд Давиды размӕ ратагъд кодта. Куы йӕ федта, уӕд йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд. Стӕй загъта: «О, мӕ хицау, мӕныл уӕд азым; ӕмӕ, дӕ хорзӕхӕй, ныхасы бар ратт дӕ цагъар сылгоймагӕн ӕмӕ байхъус, дӕ цагъар сылгоймаг цы зӕгъа, уымӕ». Авигейӕ Давидӕн хъуыддаг бамбарын кодта ӕмӕ йын хӕрд ӕмӕ нуӕзт радта. Уӕд ын Давид загъта: «Цу фарнимӕ дӕ хӕдзармӕ. Ӕз дӕм байхъуыстон ӕмӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Авигейӕ сӕрныллӕг кӕй разынд ӕмӕ йӕ лӕджы ӕнӕхсӕст мийы тыххӕй хатыртӕ кӕй ракуырдта, уый фӕрцы йӕ хӕдзаронты фервӕзын кодта. Давид ма дзы бузныг дӕр фӕци, туг ныккалынӕй йӕ кӕй баурӕдта, уый тыххӕй. Давид ӕмӕ йӕ адӕмы кӕд Авигейӕ нӕ фӕхъыг кодта, уӕддӕр уый йӕ бинонты азым йӕхимӕ райста ӕмӕ Давидимӕ бафидыдта.
Хатыр курын кӕд хъӕуы, уый ма зыдта апостол Павел дӕр. Иухатт ӕй йӕхи раст кӕнын бахъуыд Синедрионы, иудейты сӕйраг тӕрхондоны раз. Хистӕр сауджын Анани Павелы ӕргом ныхасмӕ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ, Павелы цур чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ былтӕ цӕвой. Уӕд ын Павел афтӕ: «Хуыцау нӕмдзӕн дӕу, чъырӕй цагъд къул! Ды бадыс, цӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнай ӕмӕ, закъоны сӕрты хизгӕйӕ, мӕн нӕмын кӕныс». Уым чи лӕууыд, уыдон Павелӕн куы бауайдзӕф кодтой, зӕгъгӕ, хистӕр сауджыны куыд фауыс, уӕд апостол уайтагъддӕр йӕ рӕдыдыл басаст ӕмӕ загъта: «Ӕз нӕ зыдтон, ӕфсымӕртӕ, уый хистӕр сауджын кӕй у, уый; уымӕн ӕмӕ фыст у: „дӕ адӕмӕй хицауиуӕггӕнджытӕн ӕвзӕр ма дзур“» (Куыстытӕ 23:1—5).
Павел раст загъта: тӕрхонгӕнӕгӕй ӕвӕрд чи у, уымӕн тыхмийӕ архайыны бар нӕ уыд. Фӕлӕ ’нӕзонгӕйӕ хистӕр сауджынимӕ ахӕм ныхас кӕй кодта, ӕмӕ йӕ афтӕ бамбарӕн кӕй уыд, цыма йӕ ницӕмӕ дары, уый тыххӕй хатыр ракуырдта *. Павел хатыр кӕй ракуырдта, уый фӕрцы йӕм Синедрион байхъуыста. Тӕрхоны лӕгтӕ цавӕрдӕр фарстаты кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй уыдысты, уый зонгӕйӕ сын Павел загъта, мӕрдты райгас ӕй кӕй уырны, уый тыххӕй йӕ кӕй ӕфхӕрынц. Уый фӕстиуӕгӕн стыр хъаугъа рауад, фарисейтӕ та Павелы фарс рахӕцыдысты (Куыстытӕ 23:6—10).
Цӕуыл нӕ ахуыр кӕнынц ацы дыууӕ цӕвиттоны Библийӕ? Дыууӕ адӕймаджы зӕрдӕбынӕй хатыр кӕй ракуырдтой, уый руаджы сын фӕзынд фадат дарддӕр ныхас кӕнынӕн. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ махӕн дӕр хатыр курыны руаджы ӕнцондӕр уыдзӕн фидауын. О, нӕ рӕдыдыл-иу куы басӕттӕм ӕмӕ, кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтам, уый тыххӕй-иу хатыр куы ракурӕм, уӕд-иу нӕ бон уыдзӕн нӕ ныхас дзӕбӕхӕй адарддӕр кӕнын.
«Ӕмӕ ӕвзӕрӕй куы ницы сарӕзтон?!»
Нӕ ныхӕстӕй кӕнӕ нӕ митӕй кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтам, уый куы фӕхатӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нӕ уыцы адӕймаг раст нӕ бамбӕрста кӕнӕ йӕ зӕрдӕмӕ алцы ӕгӕр ӕввахс исы. Фӕлӕ Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта: «Ӕмӕ афтӕ, ды куы ӕрбахӕссай дӕ лӕвар нывондхӕссӕнмӕ, Матфейы 5:23, 24).
ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа, де ’фсымӕр цӕмӕндӕр дӕ ныхмӕ у, ныууадз уым дӕ лӕвар нывондхӕссӕны раз, ӕмӕ ацу, раздӕр уал бафидау де ’фсымӕримӕ, ӕмӕ уӕд ӕрцу ӕмӕ ӕрхӕсс дӕ лӕвар» (Зӕгъӕм, ӕфсымӕртӕй чидӕр афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ ды йӕ разы азымджын дӕ. Ахӕм уавӕры, Йесо куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ацӕуай ӕмӕ «бафидауай де ’фсымӕримӕ», фӕнды аххосджын хатай дӕхи, фӕнды нӕ. Ацы ран Йесо цы дзырдӕй спайда кодта, уый грекъаг ӕвзагыл «амоны кӕрӕдзимӕ фыдӕх дарыны фӕстӕ кӕрӕдзийӕн ныббарын» («Vine’s Expository Dictionary of Old and New Testament Words»). Ӕмӕ ӕцӕгӕй дӕр, дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзи куы нӕ бамбарынц, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, сӕ дыууӕ дӕр вӕййынц кӕмдӕр аххосджын, уымӕн ӕмӕ дыууӕ дӕр ӕнӕххӕст сты ӕмӕ рӕдийынц. Уымӕ гӕсгӕ арӕх фӕхъӕуы кӕрӕдзийӕн ныббарын.
Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, фӕлӕ бафидауынмӕ фыццаг къахдзӕф чи сараздзӕн. Коринфы чырыстӕттӕ-иу се ’муырнджытыл тӕрхондӕттӕм бахъаст кодтой, кӕрӕдзимӕ-иу истӕй тыххӕй, зӕгъӕм, ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты тыххӕй куы фӕхӕрам сты. Ӕмӕ Павел уый куы базыдта, уӕд сын бауайдзӕф кодта: «Хуыздӕр нӕ уаид цымӕ ӕфхӕрды бынаты баззайын? Хуыздӕр нӕ уаид цымӕ ӕфхӕрдтытӕ бафӕразын?» (1 Коринфӕгтӕм 6:7, НФ). Кӕд Павел уый загъта, цӕмӕй-иу чырыстӕттӕ, кӕрӕдзимӕ кӕй фӕхӕрам сты, уый тыххӕй тӕрхондонмӕ ма хъаст кодтаиккой, уӕддӕр уыцы ныхӕсты арф хъуыды бӕрӕг у: не ’муырнджыты ’хсӕн фарн уа, уый раст ӕмӕ зылыны сбӕлвырд кӕнынӕй бирӕ ахсджиагдӕр у. Ацы хъуыды нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн хатыр курын, исчи афтӕ куы хъуыды кӕна, зӕгъгӕ йӕ хъыджы бацыдыстӕм.
Хатыр хъуамӕ курӕм зӕрдӕйӕ
Иуӕй-иутӕ та ӕгӕр арӕх фӕдзурынц, «бахатыр кӕн», зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ныхӕстӕ. Зӕгъӕм, Японы хатыр кургӕйӕ кӕй фӕзӕгъынц, уыцы дзырд, «сумимасен», бон сӕдӕ хатты фехъусдзынӕ. Уый фӕзӕгъынц, истӕй тыххӕй бузныг куы вӕййынц, уӕд дӕр, ома, адӕймагӕн искӕй лӕггад бафидын йӕ бон кӕй нӕу, уымӕй кӕй ӕфсӕрмы кӕны. Ахӕм бирӕвӕрсыг нысаниуӕг ын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ йӕ ӕгӕр арӕх фӕдзурынц ӕмӕ йӕ бамбарӕн нӕ вӕййы, чи йӕ зӕгъы, уый йӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ зӕгъы ӕви нӕ. Хатыр кургӕйӕ кӕй фӕзӕгъынц, уыцы ныхӕстӕй ма, гӕнӕн ис, ӕндӕр адӕмтӕм дӕр ӕгӕр арӕх фӕпайда кӕнынц.
Цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурай, хатыр хъуамӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ курай. Дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дӕ хъӕлӕсыуагӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, ӕцӕгдӕр кӕй фӕсмон кӕныс, уый. Йесо Чырысти Уӕлхох уацамынды йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта: «Уӕ ныхас уӕд: „о, о“, „нӕ, нӕ“, уымӕй уӕлӕмӕ цы уа, уый у хинӕйдзагӕй» (Матфейы 5:37). Кӕд хатыр курыс, уӕд зӕрдӕйӕ! Дзырдӕн, иу ахӕм цау ӕрхӕссӕм: аэропорты регистрацимӕ рады лӕугӕйӕ иу лӕг йӕ чумӕданӕй бакъуырдта, йӕ фарсмӕ рады чи лӕууыд, уыцы сылгоймаджы, ӕмӕ дзы хатыр ракуырдта. Цалдӕр минуты фӕстӕ, рады лӕууӕг адӕм размӕ куы фезмӕлыдысты, уӕд та ногӕй чумӕданӕй сылгоймаджы бакъуырдта. Лӕг та уӕзданӕй хатыр ракуырдта. Фӕлӕ ма ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ куы рауад, уӕд ын, сылгоймагимӕ чи уыд, уыцы лӕг загъта, зӕгъгӕ, кӕд хатыр зӕрдӕйӕ курыс, уӕд хъуамӕ афтӕ бакӕнай, цӕмӕй дӕ чумӕданӕй сылгоймаджы мауал бакъуырай. Уӕдӕ кӕд хатыр зӕрдӕйӕ курыс, уӕд хъуамӕ бацархайай, цӕмӕй дыккаг хатт ахӕм рӕдыд мауал ӕруадзай.
Кӕд адӕймагӕй хатыр зӕрдӕйӕ курӕм, уӕд нӕ рӕдыдыл дӕр басӕтдзыстӕм, ӕмӕ нӕ уд дӕр хъардзыстӕм, цӕмӕй нын ныббара, стӕй, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй архайдзыстӕм нӕ рӕдыд сраст кӕныныл. Уыимӕ, кӕй фӕхъыг кодтой, уый та хъуамӕ цӕттӕ уа, чи йын смаст кодта, уымӕн ныххатыр кӕнынмӕ, йӕ рӕдыдыл куы фӕсмон кӕна, уӕд (Матфейы 18:21, 22; Маркы 11:25; Ефесӕгтӕм 4:32; Колоссӕгтӕм 3:13). Иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ бафидауын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр, дыууӕ адӕймаджы ахастдзинӕдтӕ нывыл ӕркӕнынӕн хатыр курынӕй бирӕ кӕнгӕ у.
Хатыр курын раст кӕд нӕу
Фӕсмон кӕй кӕныс ӕмӕ дӕ зӕрдӕ кӕй фӕрыст, уый бамбарын кӕнын стыр ахъаз у адӕймаджы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕнынӕн ӕмӕ йемӕ бафидауынӕн, фӕлӕ зондджын адӕймаг, Филиппӕгтӕм 2:8, НФ). Фӕлӕ уый йӕ уырнындзинады тыххӕй хатыр нӕ куырдта ӕмӕ ахӕм амалӕй йӕ хъизӕмӕрттӕ фӕрогдӕр кӕныныл нӕ хъуыды кодта. Йесо хистӕр сауджынӕй дӕр нӕ ракуырдта хатыр, уый дзы куы домдта: «Ӕгас Хуыцауы номӕй дӕ курын, зӕгъ махӕн, Ды Дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» Йесо дзы ӕфсӕрмхуызӕй хатыр нӕ ракуырдта, фӕлӕ фидарӕй загъта: «Ды загътай; суанг ма зӕгъын сымахӕн, амӕй фӕстӕмӕ фендзыстут Адӕймаджы Фырты, бадгӕ тыхы рахизварс ӕмӕ ӕрцӕугӕ ӕрвон ӕврӕгътыл» (Матфейы 26:63, 64). Йӕ Фыд Иегъовӕ Хуыцауы раз ӕнаиппӕй баззайыныл куы цыди дзырд, уӕд Йесойӕн, цӕйнӕфӕлтау хистӕр сауджыны ныхмӕ рацӕуон, фӕлтау ницы дзурдзынӕн, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды йӕ зӕрдыл дӕр никуы ӕрӕфтыд.
куы нӕ хъӕуа, уӕд нӕ курдзӕн хатыр. Зӕгъӕм, дзырд цӕуы Хуыцауы раз ӕнаипдзинады тыххӕй. Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд «Йӕхи ӕрныллӕг кодта, ӕмӕ уисӕн кодта мӕлӕты онг,— суанг дзуары хъӕдыл [«хъизӕмӕртты цӕджындзыл», НД] мӕлӕты онг» (Абон чырыстӕттӕ аргъ кӕнынц хицӕуттӕн. Фӕлӕ, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый тыххӕй сӕ хатыр курын раст нӕ уаид (Матфейы 28:19, 20; Ромӕгтӕм 13:5—7).
Хӕларӕй цӕрын ницыуал хъыгдардзӕн
Нӕ фыдӕл Адамӕй нӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй рӕдийӕм абон (Ромӕгтӕм 5:12; 1 Иоанны 1:10). Адам йе Сфӕлдисӕджы ныхмӕ кӕй рацыд, уый фӕстиуӕгӕн сси тӕригъӕдджын. Фыццаг та Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд, ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, адӕмы фӕстӕмӕ уыцы ӕххӕстдзинадмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Уый тӕригъӕдӕн ӕмӕ йӕ фӕстиуджытӕн сӕ фӕд дӕр нал ныууадздзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:56, 57).
Ахъуыды ма кӕн, уый цӕуыл дзурӕг у! Йесойы ӕфсымӕр Иаков (мадӕй иу кӕимӕ уыдысты) адӕймаджы ӕвзаджы тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта: «Йӕ ныхасы чи нӕ рӕдийа, уый у ӕххӕст адӕймаг, йӕ буар ӕгасӕй дӕр уромынхъом чи у,— ахӕм» (Иаковы 3:2, НФ). Ӕххӕст адӕймагӕн йе ’взаг уромын йӕ бон у, ӕмӕ йӕ уӕдӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй дӕр нӕ хъӕуы хатыр курын. Уый «йӕ буар ӕгасӕй дӕр уромынхъом... у». Цӕй хорз уыдзӕн, алцӕмӕйдӕр ӕххӕст куы суӕм, уӕд! Адӕмы хӕларӕй цӕрын ницыуал хъыгдардзӕн. Уӕдмӕ та уал нӕ рӕдыдтыты тыххӕй зӕрдӕйӕ ӕмӕ, раст кӕд уа, уӕд куы курӕм хатыр, уӕд нын уый стыр ахъаз фӕуыдзӕн адӕмимӕ фидауынӕн.
[Фиппаинаг]
^ 8 абз. Павел хистӕр сауджыны, гӕнӕн ис, уый тыххӕй нӕ базыдта, ӕмӕ цӕстӕй ӕвзӕр уыдта.
[Ныв 5 фарсыл]
Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны Павелы цӕвиттон?
[Ныв 7 фарсыл]
Алчидӕр ӕххӕст куы уа, уӕд адӕмы хӕларӕй цӕрын ницыуал хъыгдардзӕн.