«Уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм»
«Уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм»
«Ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (СОФОНИ 3:9).
1. Софони 3:9 куыд ӕххӕст кӕны?
НЫРТӔККӔ ӕгас зӕххыл адӕм дзурынц иу-6 000 ӕвзагыл. Фӕлӕ ма уымӕй дарддӕр ис алыхуызон ныхасыздӕхтытӕ дӕр. Кӕд адӕм уыйбӕрц ӕвзӕгтыл дзурынц — араббагӕй райдай ӕмӕ япойнагӕй фӕу — уӕддӕр Хуыцау сарӕзта диссаг: алы бӕстӕйы дӕр адӕм ахуыр кӕнынц ӕмӕ дзурынц иу сыгъдӕг ӕвзагыл. Уымӕй ӕххӕст кӕны Софонийы пехуымпарад: «Ӕз [Иегъовӕ Хуыцау] адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг [комкоммӕ амоны «сыгъдӕг былтӕ»], цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (Софони 3:9).
2. Цы у «сыгъдӕг ӕвзаг» ӕмӕ уый руаджы адӕмӕн алы ӕмӕ алы дзыллӕтӕй цы ’нтысы?
2 «Сыгъдӕг ӕвзаг» у Хуыцауӕй ратгӕ ӕцӕгад ӕмӕ фыст ис йӕ Ныхасы — Библийы. Уыцы ӕцӕгад сӕйраджыдӕр у, Хуыцауы ном чи ссыгъдӕг кӕндзӕн, Дунедарӕг кӕй у, уый чи сбӕлвырд кӕндзӕн ӕмӕ адӕмы бирӕ хорздзинӕдтӕй чи фӕхайджын кӕндзӕн, уыцы уӕларвон Паддзахады тыххӕй (Матфейы 6:9, 10). Зӕххыл ӕрмӕстдӕр иу «сыгъдӕг ӕвзаг» кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йыл дзурынц адӕм алы ӕмӕ алы дзыллӕтӕй дӕр. Ӕмӕ уый руаджы Иегъовӕйӕн «уӕхски-уӕхск» ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц.
Хъуамӕ макӕй хъулон кӕнӕм
3. Цӕй фӕрцы у нӕ бон Иегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнын?
3 Махӕн, чырыстӕттӕн, тынг ӕхсызгон у, алы адӕмыхаттӕй дӕр нын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕй ис, уый. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын Псалом 132:1). Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ, кӕмфӕнды ма цӕрӕм, мах уыцы иу сыгъдӕг ӕвзагыл кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы.
кӕнӕм бирӕ ӕвзӕгтыл, уӕддӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм ӕмвӕнд-ӕмзондӕй (4. Хуыцауӕн кувӕг адӕм цӕуылнӕ хъуамӕ макӕй хъулон кӕной?
4 Хуыцауӕн кувӕг адӕм хъуамӕ макӕй хъулон кӕной. Апостол Петр уый тыххӕй загъта, н. э. 36 азы муртаттаг лӕг ӕмӕ сӕдӕйы хицау Корнилийы хӕдзары ӕцӕгады тыххӕй куы дзырдта, уӕд. Уый загъта: «Ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, ӕхсызгон у Уымӕн» (Куыстытӕ 10:34, 35). Афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды хъуамӕ мачи макӕй хъулон кӕна, ӕфсымӕрты дихтӕ ма кӕна, зӕгъгӕ, уый ӕндӕр адӕмыхаттӕй у, мӕгуыр у кӕнӕ хъӕздыг.
5. Ӕмбырды адӕмы дихтӕ кӕнын хорз цӕуылнӕ у?
5 Иу студент чызг уыд Паддзахады залы, ӕмӕ йӕхи цӕстӕй цы федта, уый фӕдыл афтӕ загъта: «Алы адӕмыхаттӕн дӕр ӕмӕ алы знӕмӕн дӕр вӕййы йӕхи аргъуан. [...] Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та иууылдӕр иумӕ бадтысты. Нӕ дзы федтон хицӕнӕй бадгӕ иу адӕмыхатты минӕвӕртты дӕр». Фӕлӕ рагон Коринфы иуӕй-иутӕ ӕмбырды адӕмы дихтӕ кодтой. Афтӕмӕй ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты кӕрӕдзи ныхмӕ скодтой ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ хӕццӕ кодта,— сыгъдӕг уды фӕрцы та адӕм вӕййынц ӕмуд ӕмӕ се ’хсӕн вӕййы фарн (Галатӕгтӕм 5:22). Мах дӕр ӕмбырды адӕмы куы дихтӕ кӕнӕм, уӕд сыгъдӕг удӕн уыдзыстӕм къуылымпыйы хос. Уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, апостол Павел коринфӕгтӕм цы фыста: «Ӕфсымӕртӕ! Лӕгъстӕ уын кӕнын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй, дзурут-иу уыцы-иу уагыл, ма-иу фӕдихтӕ ут, фӕлӕ лӕуут баиугондӕй,— ӕмудӕй ӕмӕ ӕмзондӕй» (1 Коринфӕгтӕм 1:10, НФ). Павел ма ефесӕгтӕм дӕр фыста, цӕмӕй ӕмвӕнд-ӕмзонд уыдаиккой (Ефесӕгтӕм 4:1—6, 16, НФ).
6, 7. Иаков цы загъта адӕмы хъулон кӕныны тыххӕй ӕмӕ йын йӕ уынаффӕ куыд ис ӕххӕст кӕнӕн?
6 Чырыстӕтты алкӕддӕр ахуыр кодтой, цӕмӕй макӕй хъулон кӕной (Ромӕгтӕм 2:11). Фыццаг ӕнусы ӕмбырды иуӕй-иутӕ хъӕздгуыты уӕлдай тынг кӕй буц кодтой, уый тыххӕй сӕм ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Ме ’фсымӕртӕ! уӕд уӕм уырнындзинад нӕ кады Хицау Йесо Чырыстимӕ, цӕсгӕмттӕм нӕ кӕсгӕйӕ. Уымӕн ӕмӕ уе ’мбырдмӕ куы бацӕуа адӕймаг, йӕ къухыл сызгъӕрин къухдарӕн, хъӕздыг дарӕсы, ӕмӕ мӕгуыр дӕр куы бацӕуа ӕвзӕр дарӕсы, ӕмӕ сымах, хъӕздыг дарӕс кӕуыл ис, уымӕн куы зӕгъат: „дӕуӕн хорз уыдзӕн ӕрбадын ам“, мӕгуырӕн та куы зӕгъат: „ды уым слӕуу“, кӕнӕ „ӕрбад ам мӕ къӕхты раз“, уӕд тӕрхон нӕ кӕнут мыййаг уӕхи мидӕг ӕмӕ нӕ вӕййут тӕрхонгӕнджытӕ ӕвзӕр хъуыдытимӕ?» (Иаковы 2:1—4).
7 Ӕмбырдмӕ-иу хъӕздыг лӕг куы ӕрбацыд сызгъӕрин къухдарӕнты, зынаргъ дарӕсы ӕмӕ мӕгуыр лӕг бызгъуырты, уӕд-иу хъӕздыджы тынгдӕр сбуц кодтой: сбадын-иу ӕй кодтой хуыздӕр ран. Мӕгуыры та-иу лӕугӕйӕ ныууагътой кӕнӕ-иу ӕй искӕй къӕхты раз пъолыл сбадын кодтой. Фӕлӕ Хуыцау Йесойы нывондӕн радта куыд хъӕздгуыты, афтӕ мӕгуырты тыххӕй дӕр (Иов 34:19; 2 Коринфӕгтӕм 5:14). Уӕдӕ ныл цӕмӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ ма фӕхуда ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ макӕй хъулон кӕнӕм кӕнӕ «ӕфтиаджы тыххӕй цӕстмӕхъус митӕ [хъуамӕ ма] кӕнӕм» (Иудӕ 4, 16, НФ).
Хъуыр-хъуыр ма кӕнут
8. Израилӕгтӕ кӕй хъуыр-хъуыр кодтой, уый фыдӕй сыл цы ’рцыд?
8 Цӕмӕй ӕмуд уӕм ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Павелы уынаффӕмӕ хъусын: «Алцыдӕр кӕнут ӕнӕхъуыр-хъуырӕй» (Филиппӕгтӕм 2:14, 15). Израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уӕд разындысты мӕнгард: хъаст кӕнын райдыдтой Моисей ӕмӕ Ааронӕй ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕ Хуыцауӕн йӕхицӕй дӕр. Уый фыдӕй, 20 азы ӕмӕ уымӕй фылдӕр кӕуыл цыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕй иу дӕр — Навины фырт Йесо, Халев ӕмӕ левиттӕй фӕстӕмӕ — нӕ бацыд Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ. 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры рахау-бахаугӕнгӕйӕ фӕмардысты (Нымӕцтӕ 14:2, 3, 26—30; 1 Коринфӕгтӕм 10:10). Ӕвӕдза, сӕ хъуыр-хъуыры тыххӕй куыд бабын сты!
9. Мариамыл йӕ хъуыр-хъуыры тыххӕй цы ’рцыд?
9 Уӕдӕ йӕ уынӕм, иу адӕмыхатт ӕгасӕй дӕр хъуыр-хъуырыл куы схӕца, уӕд ыл цы ’рцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ хицӕн адӕймӕгтӕ куы хъуыр-хъуыр кӕной, уӕд та? Иухатт Моисейы хо Мариам ӕмӕ йе ’фсымӕр Аарон схъуыр-хъуыр кодтой: «Ау, Иегъовӕ ӕрмӕстдӕр Моисейы дзыхӕй дзырдта? Ӕмӕ уӕд мах дзыхӕй нӕ дзырдта?» Библийы дарддӕр дзырдӕуы: «Иегъовӕ сӕ хъуыста» (Нымӕцтӕ 12:1, 2). Ӕмӕ цы ’рцыд? Мариамы — змӕнтӕг дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый уыд — Хуыцау фегад кодта. Куыд? Хъотыр ыл бафтыдта ӕмӕ йын авд боны адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуӕн нӕ уыд, цалынмӕ не ссыгъдӕг, уӕдмӕ (Нымӕцтӕ 12:9—15).
10, 11. Исчи куы хъуыр-хъуыр кӕна ӕмӕ уымӕ хъус куы ничи ӕрдара, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
10 Хъуыр-хъуыр кӕнын ӕрмӕст искӕмӕй хъаст кӕнын нӕу. Хъуыр-хъуыргӕнаг адӕймаджы фӕфӕнды, ӕрмӕст йӕ удӕн хуыздӕр куыд у, афтӕ куы уаид, кад ын куы кӕниккой, иууылдӕр, Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ ууыл куы суаиккой. Ацы хъуыддагмӕ йӕ хъус куы ничи дара, уӕд не ’фсымӕртӕ кӕрӕдзи ныхмӕ суыдзысты, ӕмӕ сӕ бон нал уыдзӕн Иегъовӕйӕн уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ хъуыр-хъуыргӕнаг адӕймаг куы фӕхъаст кӕны, уӕд ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ йемӕ сразы уой.
11 Дзырдӕн зӕгъӕм, чидӕр хистӕр нӕлгоймаджы фауы, йӕ раныхӕстӕ куыд дзуры кӕнӕ йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй. Хъаст чи кӕны, уымӕ куы хъусӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр уый хуызӕн суӕм. Чи зоны, раздӕр хистӕр нӕлгоймӕгты куыстӕй разы уыдыстӕм, ныр та — нӕ.
Афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг цыфӕнды ма араза, раст нӕм дзы ницыуал кӕсдзӕн, ӕмӕ дзы мах дӕр хъаст кӕнын райдайдзыстӕм. Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕн ахӕм зондахаст хъуамӕ ма уа.12. Хъастгӕнаг куы уӕм, уӕд нӕм Хуыцау цы цӕстӕй кӕсдзӕн?
12 Хуыцауы ӕмбырдыл чи ауды, уыцы нӕлгоймӕгтӕй хъаст кӕнын, гӕнӕн ис, фыдгоймӕ дӕр расайа. Ӕфсымӕртӕй хъаст чи кӕны ӕмӕ сӕ фыдгой чи кӕны, уыдон Иегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынц (Рацыд 22:28). Ахӕм адӕймӕгтӕ куы нӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сын Хуыцауы Паддзахады хай нӕ уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 5:11; 6:10). Ахуыргӕнинаг Иудӕ фыста хъастгӕнджытӕй, зӕгъгӕ, уыдон «хицауады ницӕмӕ дарынц ӕмӕ ӕвзӕр дзурынц» ӕмбырды бӕрнджын нӕлгоймӕгтӕй (Иудӕ 8). Уыцы хъастгӕнджыты митӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты, ӕмӕ мах дӕр нӕ хъӕуы се ’взӕр зондыл цӕуын.
13. Хъаст кӕнын алкӕд ӕвзӕр цӕуылнӕ вӕййы?
13 Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн дӕр нӕй, ӕмӕ цӕмӕйфӕнды ма хъаст кӕнӕм, уӕддӕр нӕм Хуыцау фӕфыдӕх уыдзӕн. Содом ӕмӕ Гоморры адӕм быныхӕлд кӕй фесты, уымӕй рӕстаг адӕм «тынг [кӕй] хъаст кодтой», уый Хуыцау фехъуыста, ӕмӕ уыцы дыууӕ сахары фесӕфта (Уӕвынад 18:20, 21; 19:24, 25). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ, Иерусалимы «Грекъӕгтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын байдыдтой Евреӕгтыл уый тыххӕй, ӕмӕ уыдон, алыбон хъуӕгтӕ аразгӕйӕ [«цыдӕртӕ уаргӕйӕ», НД], сӕ идӕдз устытӕм кӕй нӕ-иу фӕкастысты, куыд ӕмбӕлди,— афтӕ». Уӕд «дыууадӕс Апостӕлы» хъуыддагмӕ ӕркастысты: «авд цардфӕлтӕрд лӕджы» равзӕрстой «ӕхсӕны куыстӕн» — уырнджытыл хӕринаг уарынӕн (Куыстытӕ 6:1—6, НФ). Абон дӕр, адӕймаг истӕуыл раст куы фӕдзуры, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «сӕ хъустӕ... [не] ’хгӕнынц» (Ӕмбисӕндтӕ 21:13, «Мах дуг» №12, 1999). Стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’муырнджыты ӕфхӕргӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц, сӕ циныл та — цин (1 Коринфӕгтӕм 8:1).
14. Цӕмӕй хъуыр-хъуыр ма кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ ӕхсызгонӕй цавӕр миниуӕг хъӕуы?
14 Хъуамӕ хъуыр-хъуыр ма кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи Хуыцауӕй дард кӕнӕм. Уый аххосӕй ӕддӕг-мидӕг дӕр ауайдзыстӕм. Уӕдӕ уый бӕсты уадзӕм сыгъдӕг уды нӕ зӕрдӕты уарзондзинады зынг цырен кӕнын (Галатӕгтӕм 5:22). «Паддзахы закъонмӕ», ома уарзондзинады закъонмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр Иегъовӕйӕн уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын (Иаковы 2:8; 1 Коринфӕгтӕм 13:4—8; 1 Петры 4:8).
Хахуыртӕ ма кӕнут
15. Цӕмӕй хицӕн кӕнынц кӕйттӕ хахуыртӕй?
15 Хъуыр-хъуыр кӕйттӕм кӕй сайы, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, цы дзурӕм, уымӕ. Кӕйттӕ кӕнын у фӕсфӕд искӕй хъуыддӕгты тыххӕй дзурын. Хахуыр кӕнын та у искӕй фыдгой кӕнын кӕнӕ йыл цъыф калын. Ахӕм ныхӕстӕ сты тынг ӕвзӕр, Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц. Хуыцау израилӕгты гъе уымӕн фӕдзӕхста: «Адӕмыл ма зил ӕмӕ хахуыртӕ ма кӕн» (Левит 19:16).
16. Искӕй кой чи кодта, уыдоны тыххӕй Павел цы дзырдта ӕмӕ йӕ уынаффӕ махмӕ дӕр куыд хауы?
16 Кӕйттӕ хахуырмӕ кӕй сайынц, уымӕ гӕсгӕ Павел карзӕй дзырдта, искӕй кой чи кодта, уыдон ныхмӕ. Ӕмбырды цы идӕдз устытӕм хъуыд фӕкӕсын, уыдоны тыххӕй куы ныффыста, уӕд уый фӕстӕ иннӕ идӕдз устыты тыххӕй та загъта, 1 Тимофеймӕ 5:11—15). Чырыстон сылгоймаг искӕй кой кӕнын куы уарза, уӕд ӕй апостол Павелы уынаффӕмӕ байхъусын хъӕуы, зӕгъгӕ, сылгоймӕгтӕ хъуамӕ «уой ӕууӕнкджын, мӕнгдзурджытӕ нӕ» (1 Тимофеймӕ 3:11). Чырыстон нӕлгоймӕгтыл дӕр нӕ фидауы дам-думтӕ кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 10:19).
зӕгъгӕ, уыдон, «ӕвдӕлон уӕвгӕйӕ, сахуыр вӕййынц хӕдзӕрттыл зилын ӕмӕ ӕрмӕст ӕвдӕлон нӕ вӕййынц, фӕлӕ дзураг, цымыдис, ӕмӕ дзурынц цы не ’мбӕлы уыдӕттӕ» («Тӕрхон ма кӕнут»!
17, 18. а) Не ’фсымӕртӕн тӕрхон кӕныны фӕдыл Йесо цы загъта? ӕ) Искӕмӕн тӕрхон кӕныны тыххӕй Йесо цы загъта, уый ӕххӕст кӕнӕн куыд ис?
17 Кӕд хахуыртӕ никӕуыл кӕнӕм, уӕд та, чи зоны, нӕхи мидӕг тох кӕнӕм, цӕмӕй искӕмӕн тӕрхон ма кӕнӕм. Уый тынг ӕвзӕр ӕгъдау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Тӕрхон ма кӕнут, ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзыстут; уымӕн ӕмӕ цавӕр тӕрхонӕй кӕнат тӕрхон, ахӕмӕй уыдзыстут тӕрхонгонд; ӕмӕ цавӕр барӕнӕй барут, ахӕмӕй сымахӕн дӕр бардзысты. Ӕмӕ цы кӕсыс ды де ’фсымӕры цӕсты къалиумӕ, дӕхи цӕсты та хъӕд нӕ ӕнкъарыс? Кӕнӕ куыд зӕгъдзынӕ де ’фсымӕрӕн: „ӕри ӕз дын райсон къалиу дӕ цӕстӕй“; мӕнӕ дӕхи цӕсты та хъӕд уӕвгӕйӕ. Цӕстмӕхъус! Райс раздӕр хъӕд дӕхи цӕстӕй, ӕмӕ уӕд фендзынӕ, куыд райсын хъӕуы къалиу де ’фсымӕры цӕстӕй» (Матфейы 7:1—5).
18 Куыд хъуамӕ зӕгъӕм не ’фсымӕрӕн, ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын «къалиу» райсон, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ, нӕхи цӕсты цы «хъӕд» ис, уый нӕ раст хъуыды кӕнын нӕ уадзы?! Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый кӕд хорз ӕмбарӕм, уӕд не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн тӕрхон нӕ кӕндзыстӕм. Сӕ зӕрдӕты цы ис, уый мах нӕ уӕларвон Фыдау кӕцӕй зонӕм?! Уӕдӕ нӕ Йесо дӕр уый тыххӕй фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «тӕрхон ма кӕнут, ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзыстут». Нӕхӕдӕг дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый нӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд никӕмӕн тӕрхон кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцаумӕ раст нӕ кӕсы.
Тӕссонд, фӕлӕ кадджын
19. Цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм не ’муырнджытӕм?
19 Кӕд нӕ Хуыцауӕн не ’муырнджытимӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд сын тӕрхон нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ сын кад кӕндзыстӕм (Ромӕгтӕм 12:10, НФ). Афтӕ ма фыццаджыдӕр нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ уыдоныл хъуыды кӕндзыстӕм, стӕй уыдон тыххӕй цыфӕнды «ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ» хӕслӕвӕрд дӕр сӕххӕст кӕндзыстӕм (Иоанны 13:12—17; 1 Коринфӕгтӕм 10:24). Цӕмӕй нын ахӕм зонд уа, уый тыххӕй цы хъӕуы? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Иегъовӕйӕн алы ӕфсымӕр ӕмӕ хо дӕр зынаргъ сты, ӕмӕ, адӕймаджы буары уӕнгтӕ куыд сты кӕрӕдзи фӕрцы, афтӕ мах дӕр кӕрӕдзи фӕрцы стӕм (1 Коринфӕгтӕм 12:14—27).
20, 21. 2 Тимофеймӕ 2:20, 21 цы фыст ис, уый нын цӕуыл дзурӕг у?
20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕ сты ӕлыгӕй мигӕнӕнтау тӕссонд, фӕлӕ сӕ бӕрны ис стыр хӕзна — Хуыцауы хъуыддаг (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Кӕд нӕ уыцы арфӕйаг хъуыддаджы Иегъовӕйы кадджын кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ йӕ цӕсты дӕр ӕмӕ йӕ Фырты цӕсты дӕр уӕм кадджын. Не ’фсарм ӕмӕ не ’гъдау куы нӕ сафӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд кадджын мигӕнӕнтау бӕздзыстӕм Хуыцауы куыстӕн. Уый фӕдыл Павел ныффыста: «Стыр хӕдзары та ис мигӕнӕнтӕ ӕрмӕст сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй нӕ, фӕлӕ хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй дӕр; ӕмӕ иутӕ кадджын, иннӕтӕ та ныллӕг архайдӕн. Уӕдӕ сыгъдӕг чи уа амӕй, уый уыдзӕн кадджын мигӕнӕн, рухсгонд ӕмӕ хорздзинадӕн хъӕугӕ Хицауӕн, алы хорз хъуыддагӕн бӕзгӕ» (2 Тимофеймӕ 2:20, 21).
21 Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон сты мигӕнӕнтӕ «ныллӕг архайдӕн». Фӕлӕ Хуыцауы зондыл куы цӕуӕм, уӕд уыдзыстӕм «кадджын мигӕнӕнтӕ, рухсгонд [кӕнӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕвзӕрст]... алы хорз хъуыддагӕн бӕзгӕ». Ныр ахъуыды кӕнӕм: ӕз «кадджын мигӕнӕн» дӕн? Ме ’муырнджытыл хорзырдӕм ӕндавын? Ме ’мбырды ӕфсымӕртимӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын?
Дарддӕр дӕр уӕхски-уӕхск лӕггад кӕндзыстӕм
22. Цӕимӕ абарӕн ис чырыстон ӕмбырд?
22 Чырыстон ӕмбырд у бинонты хуызӕн. Бинонтӕ иууылдӕр Иегъовӕйӕн куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд кӕрӕдзи фылдӕр фӕуарзынц, кӕрӕдзийыл тынгдӕр фӕхӕцынц ӕмӕ вӕййынц хъӕрмуддӕр. Стыр бинонты уӕнгтӕй кӕд иу иннӕйы хуызӕн нӕу, уӕддӕр дзы алкӕмӕндӕр ис йӕхи кадджын бынат. Афтӕ у ӕмбырды дӕр. Кӕд кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнӕм ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ Хуыцау Чырыстийы фӕрцы йӕхимӕ ӕрбакодта (Иоанны 6:44; 14:6). Иегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо уарзынц, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ ӕмуд бинонтау кӕрӕдзи уарзӕм (1 Иоанны 4:7—11).
23. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм?
23 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕйдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй, бинонтӕ кӕрӕдзиуыл куыд ӕнувыд вӕййынц, афтӕ ӕмбырды адӕм дӕр кӕрӕдзиуыл ӕнувыд уой. Апостол Павел фыста: «Уӕдӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй алыран дӕр кувой лӕгтӕ, сисгӕйӕ сыгъдӕг къухтӕ [«ӕнувыд уӕвгӕйӕ сӕ къухтӕ уӕлӕмӕ исой», НД] ӕнӕ мӕстыйӕ ӕмӕ дызӕрдыгӕй» (1 Тимофеймӕ 2:8). Уӕдӕ Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕнувыддзинад кӕй у баст, чырыстӕтты фембӕлдты «алыран» дӕр куыд фӕкувынц, уыимӕ. Ӕмбырды номӕй кувын ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр Хуыцауыл ӕнувыд нӕлгоймӕгтӕн. Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ууыл дӕр ӕмӕ кӕрӕдзиуыл дӕр ӕнувыд уӕм (Екклесиаст 12:13, 14). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр иумӕ кусӕм, адӕймаджы буары уӕнгтӕ иумӕ куыд кусынц, афтӕ. Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмуд бинонтау. Сӕйраджыдӕр та нӕ зӕрдыл дарӕм — мах кӕрӕдзи фӕрцы стӕм, ӕмӕ Иегъовӕйӕн уӕхски-уӕхск куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ йӕ зӕрдӕ райдзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн.
Цавӕр дзуапп раттис?
• Иегъовӕйы адӕмӕн цӕй фӕрцы у сӕ бон уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын?
• Чырыстӕттӕ цӕуылнӕ искӕй хъулон кӕнынц?
• Хъуыр-хъуыр кӕнын хорз цӕуылнӕ у?
• Не ’муырнджытӕн кад цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 15 фарсыл]
Петр бамбӕрста, «Хуыцау [кӕй] нӕ кӕсы цӕсгоммӕ».
[Ныв 16 фарсыл]
Зоныс ӕй, Хуыцау Мариамы цӕмӕн фегад кодта?
[Ныв 18 фарсыл]
Ӕнувыд чырыстӕттӕ Иегъовӕйӕн хъӕлдзӕгӕй уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнынц.