Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Удӕнцой, хъизӕмар чи кӕны, уыдонӕн

Удӕнцой, хъизӕмар чи кӕны, уыдонӕн

Удӕнцой, хъизӕмар чи кӕны, уыдонӕн

ӔНУСТЫ дӕргъы философтӕ ӕмӕ динамонджытӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц иу фарстыл: Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцау ӕппӕтхъомысджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн дӕр хъизӕмӕрттӕ уый ӕвзарын кӕны. Н. э. II ӕнусы фыст чиныджы — Фыстады хайыл нымад чи нӕ уыд, ахӕм чингуытӕй сӕ иуы — фыссӕг ахӕм хъуыды загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау дунейыл дыууӕ къухӕй хицауиуӕг кӕны. Йӕ «галиу къухӕй» дам, ома Хӕйрӕджы уылты адӕмӕн хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ маст ӕвзарын кӕны, йӕ «рахиз къухӕй» та дам, ома Йесойы уылты, ирвӕзын кӕны ӕмӕ хорздзинӕдтӕ дӕтты («The Clementine Homilies»).

Иннӕтӕ та нӕ разы кӕнынц, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад кӕй кӕсы, уыимӕ, кӕд сыл сӕ уый не ’руадзы, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ ахӕмтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ нӕдӕр ис. «Фыддзинад адӕм хъуыды ӕркодтой, ӕндӕр ӕцӕгӕй ахӕм цыдӕр нӕй,— ныффыста Мери Бейкер Эдди.— Тӕригъӕд, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт нымады дӕр куы нӕ уаиккой, уӕд фесӕфиккой» («Science and Health With Key to the Scriptures»).

Дунейы цы фыдбылызтӕ ӕрцыд, уӕлдайдӕр Фыццаг дунеон хӕстӕй абоны онг, уый зонгӕйӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн йӕ бон ницы у саразын адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕнынӕн. «Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы дзуттӕгты ӕнаххосӕй кӕй фӕцагътой, уый фӕстӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, тынг зын зӕгъӕн у, Хуыцау ӕппӕтхъомысджын у, зӕгъгӕ,— фыста дзуттаг ахуыргонд Давид Вольф Сильверман.— Цӕмӕй Хуыцауы иугыццыл уӕддӕр бамбарӕм, уый тыххӕй йын Йӕ хорздзинад хъӕуы сбӕттын, фыддзинад кӕй ис, уыимӕ, ӕмӕ уый гӕнӕн та ис ӕрмӕстдӕр, кӕд ӕппӕтхъомысджын нӕу, уӕд».

Фӕлӕ, адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау у аххосджын, йӕ бон сӕ аиуварс кӕнын нӕу кӕнӕ хъизӕмӕрттӕ адӕм сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой, зӕгъгӕ — ахӕм ныхӕстӕ, хъизӕмар чи кӕны, уыдонӕн ницы ӕххуыс сты. Уымӕй уӕлдай, ахӕм хъуыдытӕ, Библийы Хуыцауы тыххӕй цы ис фыст, уыимӕ никуыд ис сбӕттӕн, уымӕн ӕмӕ уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Хуыцау у раст, хъаруджын ӕмӕ аудаг (Иов 34:10, 12; Иереми 32:17; 1 Иоанны 4:8). Уӕдӕ, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уый тыххӕй Библи та цы дзуры?

Адӕмы хъизӕмӕрттӕ цӕмӕй райдыдтой?

Хуыцау адӕмы хъизӕмар кӕнынӕн не сфӕлдыста. Уый нӕ, фӕлӕ фыццаг адӕймӕгтӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн радта ӕххӕст зонд ӕмӕ буар, цӕрӕнбынатӕн сын ӕрцӕттӕ кодта замманайы рӕсугъд цӕхӕрадон ӕмӕ сын, райгонд кӕмӕй уыдаиккой, ахӕм ахсджиаг куыст бабар кодта (Уӕвынад 1:27, 28, 31; 2:8). Фӕлӕ цӕмӕй алкӕддӕр амондджын уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ разы уыдаиккой, Хуыцау сӕ Хицау кӕй у, ууыл, стӕй ма, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар уымӕн кӕй ис, ууыл дӕр. Уыцы бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй уыд, уымӕн ӕвдисӕн уыди, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕлас» чи хуынд, уый (Уӕвынад 2:17). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ куы хъуыстаиккой, уыцы бӕласы дыргъӕй ма бахӕрут, зӕгъгӕ, уӕд ӕвдыстаиккой, сӕхи йӕ бар кӕй кӕнынц *.

Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой. Иу змӕнтӕг зӕд, фӕстӕдӕр Сайтан Хӕйрӕг кӕй схуындӕуыд, уый Евӕйы баууӕндын кодта, Хуыцаумӕ хъусын ын кӕй ницы пайда у, уыцы хъуыдыйыл. Хъуыддаг афтӕ равдыста, цыма йын Хуыцау, ӕхсызгонӕй йӕ цы хъӕуы, уый нӕ лӕвӕрдта — сӕрибардзинад, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый йӕхицӕн скъуыддзаг кӕныны бар. Сайтан ын загъта, уыцы бӕласӕй куы бахӕра, уӕд йӕ цӕстытӕ кӕй байгом уыдзысты ӕмӕ кӕй суыдзӕн Хуыцауы хуызӕн, ома хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕй зондзӕн (Уӕвынад 3:1—6; Раргомад 12:9). Сӕрибар цардмӕ бабӕлгӕйӕ, Евӕ нӕфӕтчиаг дыргъӕй бахордта, ӕмӕ уый фӕстӕ Адам дӕр афтӕ бакодта.

Тӕккӕ уыцы бон Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы ныхмӕ рацӕуын цы у, уый сӕхиуыл бавзӕрстой. Хуыцауы дӕлбазыр уӕвгӕйӕ уыдысты ӕдас ӕмӕ арфӕгонд, фӕлӕ йын йӕ хицаудзинадыл сӕхи кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй ӕнӕхай фесты уыцы хорздзинӕдтӕй. Хуыцау сӕ дзӕнӕтӕй ратардта ӕмӕ Адамӕн загъта: «Дӕу тыххӕй зӕхх ӕлгъыст у. Йӕ тыллӕг ын цӕрӕнбонты тухитӕгӕнгӕйӕ хӕрдзынӕ. Дӕ цӕсгомы хид калгӕйӕ хӕрдзынӕ къӕбӕр, цалынмӕ сыджытмӕ нӕ аздӕхай» (Уӕвынад 3:17, 19). Адам ӕмӕ Евӕ низтӕ, рис, зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕты хай фесты. Адӕмы цард хъизӕмайраг сси (Уӕвынад 5:29).

Хъуыддаг ӕрнывыл кӕнын

Исчи, гӕнӕн ис, бафӕрса, зӕгъгӕ, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕд мацӕмӕ ӕрдардтаид, уый йӕ бон нӕ уыди? Нӕ, нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хицаудзинады кад ноджы ӕрхаудаид, уый та, чи зоны, расайдтаид ног змӕстытӕ ӕмӕ, уый фӕстиуӕгӕн, фылдӕр хъизӕмӕрттӕ (Екклесиаст 8:11). Уымӕй уӕлдай, Хуыцау змӕнтджытӕм йӕ хъус куы нӕ ӕрдардтаид, уӕд фыддзинады ӕмархайӕг суыдаид. Библийы фысджытӕй нын иу, Моисей, нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «[Хуыцауы] хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Хуыцау ӕнӕсайд у, нӕй йӕм ӕнӕрастдзинад; уый у раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам» (Дыккаг закъон 32:4). Йӕ уыцы миниуджытӕм гӕсгӕ архайгӕйӕ, Хуыцау бауагъта, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ, кӕй йӕм нӕ байхъуыстой, уый фӕстиуджытӕ бавзӕрстаиккой.

Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы ӕмӕ сӕ йӕ ныхмӕ рацӕуынмӕ чи самидин кодта, уыцы зӕд Сайтаны ӕвиппайды цӕуылнӕ фесӕфта? Уыйбӕрц тых ӕм, бӕгуыдӕр, уыд. Уӕд Адам ӕмӕ Евӕ зӕнӕг нӕ рауагътаиккой ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъизӕмар ӕмӕ мӕлгӕ дӕр ничи кодтаид. О, афтӕмӕй Хуыцау йӕ хъару равдыстаид, фӕлӕ, йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ адӕмыл рӕстӕй кӕй хицауиуӕг кӕны, уый не сбӕлвырд уыдаид. Уымӕй уӕлдай, зӕгъӕм, Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амардысты, уӕд нӕ сӕххӕст уыдаид Хуыцауы фӕндон, ома зӕхх сӕ байзӕддӕгтӕй, алцӕмӕй ӕххӕст адӕмӕй, байдзаг кӕнын (Уӕвынад 1:28). Фӕлӕ «Хуыцау адӕймаг нӕу... Уый зӕгъа, ӕмӕ йӕ ма сараза, дзура, ӕмӕ йӕ ма сӕххӕст кӕна?» (Нымӕцтӕ 23:19).

Иегъовӕ Хуыцауы стыр зондӕн ӕмбал нӕй. Уӕдӕ йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕн иу-цасдӕр рӕстӕг дзуапп кӕй нӕ радта, уый дӕр зондджын ми уыд. Афтӕмӕй змӕнтджытӕн, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын куыд у, уый базонынӕн фагӕй фылдӕр рӕстӕг уыдаид. Цард ӕй ирдӕй равдыстаид, адӕмы Уӕлладжы разамынд кӕй хъӕуы, ӕмӕ Хуыцауы хицаудзинад адӕмы кӕнӕ Сайтаны хицаудзинадимӕ абарӕн дӕр кӕй нӕй. Уыцы-иу рӕстӕг Хуыцау бацархайдта, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, зӕххы тыххӕй йӕм фыццаг цы фӕнд уыдис, уый. Уый зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй фӕзындзӕн «мыггаг», кӕнӕ байзӕддаг, Сайтаны «сӕр [чи] ныцъцъӕл кӕндзӕн», ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ныхмӕлӕудӕн ӕмӕ уый ӕвирхъау фӕстиуджытӕн кӕрон чи скӕндзӕн (Уӕвынад 3:15).

Уыцы «мыггаг» уыд Йесо Чырысти. 1 Иоанны 3:8 кӕсӕм: «Фӕзынд Хуыцауы Фырт... цӕмӕй фехала хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ». Йесо уыцы хъуыддаг бакодта, ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ йӕ цард кӕй радта ӕмӕ Адамы зӕнӕджы сӕ туджы рахӕсгӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕнынӕн ахӕстаргъ кӕй бафыста (Иоанны 1:29; 1 Тимофеймӕ 2:5, 6). Йесойы нывондыл ӕцӕгдӕр чи ӕууӕнды ӕмӕ уый хъуыддагӕй чи ӕвдисы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, хъизӕмӕрттӕй бынтондӕр кӕй фервӕздзысты (Иоанны 3:16; Раргомад 7:17). Кӕд уыдзӕн уый?

Хъизӕмӕртты кӕрон

Адӕм сӕхи ӕвирхъау хъизӕмӕртты хай фӕкодтой, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын сӕ кӕй бафӕндыд, уый фыдӕй. Уӕдӕ ӕмбӕрстгонд у, Хуыцау уыцы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнынӕн ӕмӕ йын зӕххӕн иууыл райдианы цы фӕнд уыдис, уый сӕххӕст кӕнынӕн йӕ бартӕй бынтон ӕндӕр хуызы цӕмӕн спайда кодта. Хуыцау цы сфӕнд кодта, уый кой кодта Йесо, йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын куы ахуыр кодта, уӕд: «Мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг [...] ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:9, 10).

Адӕм сӕхӕдӕг хицауиуӕг кӕной, уымӕн Хуыцау цы рӕстӕг радта, уый фӕуд кӕны. Библийы пехуымпарӕдты куыд уыди фыст, афтӕ 1914 азы йӕ Паддзахад уӕларвыл сфидар ис, йӕ паддзахӕй та Хуыцау сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы *. Рӕхджы уыцы Паддзахад ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ кӕрон скӕндзӕн ӕппӕт адӕмы хицауӕдтӕн (Данелы 2:44).

Йесо зӕххыл цы цыбыр рӕстӕг лӕггад кодта, уымӕй равдыста, адӕмыл фӕстӕмӕ Хуыцау куы райдайа хицауиуӕг кӕнын, уӕд сын уый цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Евангелитӕй бӕрӕг у, Йесо мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы кӕй ӕмбӕрста ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кодта. Уый рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормӕгты ӕфсӕста, мӕрдты ӕгас кодта. Суанг ма ӕрдзы тыхтыл дӕр цыд йӕ бар (Матфейы 11:5; Маркы 4:37—39; Лукайы 9:11—16). Ахъуыды ма кӕн, Йесо йӕ ахӕстаргъы сыгъдӕггӕнӕг тыхӕй ӕппӕт коммӕгӕс адӕмы хорздзинадӕн куы спайда кӕна, уӕд цытӕ сараздзӕнис! Библи зӕрдӕ ӕвӕры, зӕгъгӕ, Чырыстийы хицаудзинады руаджы «ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг [адӕмы] цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн» (Раргомад 21:4).

Удӕнцой, хъизӕмар чи кӕны, уыдонӕн

Нӕ уарзагзӕрдӕ ӕмӕ ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Иегъовӕ ныл кӕй тыхсы ӕмӕ тагъд рӕстӕджы адӕмӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый зонын махӕн ныфсы хос куыннӕ у! Уӕззау рынчын дохтырты ӕххуысыл сразы вӕййы, кӕй йын феххуыс уыдзӕн, уый куы фӕзоны, уӕд, кӕд ын риссаг хостӕ кӕндзысты, уӕддӕр. Уыйау мах дӕр куы ӕмбарӕм, Хуыцау хъуыддӕгтӕ куыд аразы, уый нын ӕнусон хорздзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, уӕд нын абон ӕнцондӕр уыдзӕн рӕстӕгмӕйы зындзинӕдтӕ фӕразын.

Библийы зӕрдӕвӕрдты удӕнцой чи ссардта, уыдонӕй иу у Рикардо, фыццаг статьяйы кӕй кой цыд, уый. «Мӕ бинойнаг куы амардис, уӕд мӕ бынтондӕр никӕйуал уынын фӕндыд,— мысы уыцы чырыстон,— фӕлӕ, бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ бамбӕрстон, афтӕмӕй мӕ усы дӕр кӕй нӕ раздахдзынӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг та ӕрмӕстдӕр тынгдӕр кӕй ныхъхъусдзынӕн мӕхимӕ». Рикардо раздӕрау чырыстон фембӕлдтӕм цыдис ӕмӕ Библийы хорз хабар адӕмӕн хъусын кодта. «Ӕнкъардтон ӕй, Иегъовӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны, уыдтон, мӕ куывтытӕ мын кӕй хъусы, суанг гыццыл хъуыддаджы тыххӕй дӕр, ӕмӕ йӕм уый руаджы баввахсдӕр дӕн,— зӕгъы Рикардо.— Хуыцауы уарзондзинад мын баххуыс кодта мӕ царды иууыл зындӕр фӕлварӕн сфӕразынӕн». Уый ма дзуры: «Мӕ усы нырма дӕр тынг мысын, фӕлӕ иу хъуыддагыл ӕппындӕр нал дызӕрдыг кӕнын: Иегъовӕ хос цӕмӕн не ссара, ахӕмӕй ныл ницы ӕрцӕудзӕн».

Ды дӕр Рикардойау, ӕмӕ ма милуангай ӕндӕр адӕмау, абоны хъизӕмӕрттӕ «хъуыды дӕр [кӕд] нал ӕркӕндзыстӕм ӕмӕ [нӕ] зӕрдыл дӕр [кӕд] нал ӕрцӕудзысты», уыцы рӕстӕгмӕ бӕллыс? (Исай 65:17). Уӕд зон, Хуыцауы Паддзахады хорздзинӕдтӕй ды дӕр кӕй уыдзынӕ хайджын, Библи цы амоны, уымӕ гӕсгӕ куы кӕнай: «Агурут Хуыцауы, куы йӕ уа ссарӕн, уӕд; сидут Ӕм, ӕввахс куы уа, уӕд» (Исай 55:6).

Уый дын бантысдзӕн, дӕ царды дын сӕйрагдӕр Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг ахуыр кӕнын куы уа, уӕд. Архай Хуыцауы ӕмӕ кӕй рарвыста, уый — Йесо Чырыстийы — хуыздӕр базоныныл. Дӕ уд хъар Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл ӕмӕ афтӕмӕй равдис, дӕхи йӕ бӕрны кӕй кӕныс. Ӕмӕ уӕд ныр дӕр амондджын уыдзынӕ, кӕд дын зындзинӕдтӕ ис, уӕддӕр. Фидӕны та, хъизӕмар кӕм ничиуал кӕндзӕн, ахӕм дунейы цӕрынӕй бафсӕддзынӕ (Иоанны 17:3).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. «Ног Иерусалимаг Библи»-йы (англ.) Уӕвынады 2:17-ӕм стихмӕ фиппаинаджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр зонын» амоны, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны хъомыс ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайыны бар; адӕймаг уыцы бархъомыс йӕхимӕ куы иса, уӕд ӕвдисы, уынаффӕ хъуаг кӕй нӕу ӕмӕ, Хуыцауы сконд у, ууыл разы кӕй нӕу». Ӕмӕ ма ноджы: «Фыццаг тӕригъӕд уый мидӕг уыд, ӕмӕ адӕмы бафӕндыд Хуыцауы бартӕ сӕхимӕ райсын».

^ 17 абз. 1914 азы тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоныл лӕмбынӕг дзырдӕуы чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ы 10 ӕмӕ 11 сӕрты (рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ).

[Рамкӕ 6, 7 фӕрстыл]

КУЫД У НӔ БОН ХЪИЗӔМӔРТТӔН ФӔРАЗЫН?

«Уӕ сагъӕстӕ иууылдӕр [Хуыцауы] бар бакӕнут» (1 Петры 5:7, НФ). Истӕй тыххӕй куы хъизӕмар кӕнӕм кӕнӕ, кӕй уарзӕм, уыдонӕй искӕй хъизӕмӕрттӕм куы кӕсӕм, уӕд, цы акӕнӕм, уый нал фӕзонӕм, мӕсты дӕр фӕкӕнӕм, стӕй нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ дӕр кӕса, ӕмӕ никӕй хъӕуӕм. Фӕлӕ нӕ Иегъовӕ кӕй ӕмбары, ууыл дызӕрдыг ма кӕнӕм (Рацыд 3:7; Исай 63:9). Рагзаманты иузӕрдион лӕггадгӕнджытау махӕн дӕр нӕ бон у нӕ зӕрдӕ Хуыцауӕн ӕргом кӕнын ӕмӕ, цӕуыл дызӕрдыг кӕнӕм, цӕуыл тыхсӕм, уый йын дзурын (Рацыд 5:22; Иов 10:1—3; Иереми 14:19; Аввакум 1:13). Уый нын нӕ зындзинӕдтӕ диссаг саразгӕйӕ нӕ фесафдзӕн, фӕлӕ йӕм зӕрдӕбынӕй куы кувӕм, уӕд нын ахӕм зонд ӕмӕ хъарутӕ ратдзӕн, цӕмӕй сын фӕразӕм (Иаковы 1:5, 6).

«Ма-иу аласут уӕхи зын фӕлварӕнӕй, уымӕй сымах бавзарынмӕ куы хъавой, уӕд, цыма сымахӕн ӕнахуыр хъуыддагӕй» (1 Петры 4:12, НФ). Ацы ран Петр дзуры, чырыстӕтты кӕй сырдтой, уый тыххӕй, фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис, уырнӕг адӕймаг цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлы, уыдонӕй кӕцыфӕндымӕ дӕр. Адӕм, сӕйраджыдӕр сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух ӕййафынц, низтӕй хъизӕмар кӕнынц, сӕ зынаргъ адӕмы мӕлӕт уынынц. Библи дзуры, зӕгъгӕ, «кӕд кӕуыл цы ӕрцӕудзӕн», уый ничи зоны (Екклесиаст 9:11). Адӕттӕй ныртӕккӕйы царды ничи у хызт. Уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн ацы царды хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ ӕнамонд цаутӕн фӕразын (1 Петры 5:9). Иууыл стырдӕр удӕнцой та нын дӕтты, «Хицауы цӕстытӕ здӕхт [кӕй] сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ Йӕ хъустӕ — сӕ дзыназынмӕ» (Псалом 33:16; Ӕмбисӕндтӕ 15:3; 1 Петры 3:12).

«Ныфсӕй уӕхи рӕвдаут» (Ромӕгтӕм 12:12). Раздӕры хорз цард мысыны бӕсты нӕ бон у хъуыды кӕнын Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл — ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн (Екклесиаст 7:10). Уыцы фидар ныфс нӕ хъахъхъӕндзӕн, згъӕрхуд сӕр куыд хъахъхъӕны, афтӕ. Ныфсы фӕрцы нӕ бон у царды зындзинӕдтӕн фидар лӕууын; уый фӕрцы не онг нӕ амӕлдзӕн, нӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8).

[Ныв 5 фарсыл]

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы хицаудзинадыл сӕхи атигъ кодтой.

[Ныв 7 фарсыл]

Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, хъизӕмар кӕм ничиуал кӕндзӕн, ахӕм дунейӕ.