Уыдон ссардтой дзуапп
Уыдон ссардтой дзуапп
ХУЫЦАУМӔ бирӕтӕ кувынц. Иуты фидарӕй уырны, Хуыцау сын сӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Иннӕтӕ та дызӕрдыг кӕнынц, сӕ куывдтытӕ Хуыцаумӕ хӕццӕ кӕнынц, ӕви нӕ. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ дзуапп агурынц, фӕлӕ сӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй Хуыцаумӕ скувой, бафӕрсой йӕ, уый сӕ хъуыдыйы никуы ӕрцыд.
Библи ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй зӕгъы, «Ды хъусыс кувын», зӕгъгӕ (Псалом 64:3). Кӕд ды дӕр фӕкувыс, уӕд дӕ бон фидарӕй зӕгъын у, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцаумӕ кувыс? Дӕ куывдтытӕ Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ сты?
Зӕххы алы къуымты дӕр бирӕтӕ фидарӕй зӕгъдзысты «о»! Куыд райстой сӕ куывдтытӕн дзуапп? Ӕмӕ цы базыдтой?
Хуыцау. Чи у?
Португалийы иу ахуыргӕнӕг (сылгоймаг) цардис, ус-моладзантӕ ӕмӕ йын сауджынтӕ куыд амыдтой, афтӕ. Йӕ дины кӕнонтӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кодта. Цы аргъуанмӕ цыд, уый йе ’гъдау куы фӕивта ӕмӕ йын афтӕ кӕмӕй дзырдтой, тынг ахсджиаг сты, зӕгъгӕ, уыцы кӕнонтыл аргъуан йӕ къух куы систа, уӕд сылгоймаг йӕ сӕрӕн ницыуал зыдта. Ӕндӕр бӕстӕм балцы куы ацыд, уӕд базонгӕ скӕсӕйнаг дины кӕнонтимӕ ӕмӕ, иунӕг ӕцӕг Хуыцау ис, ууыл гуырысхо кӕнын райдыдта. Кӕмӕн ӕмӕ куыд кува? Уыдӕтты фӕдыл Библи цы дзуры, уымӕй-иу сауджыны куы фарста, уӕд-иу ыл йӕ къух ауыгъта, ӕмӕ йын уый йе онг бынтондӕр асаста.
Сылгоймаг цы горӕты цард, уым католикон аргъуан парахат кодта гӕххӕттытӕ — сӕ адӕмы фӕдзӕхстой, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ма ныхас кӕнут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын уӕддӕр уыцы фарстытӕ йӕ зӕрдӕ ӕхсыдтой. Иу бон ын Ӕвдисӕнтӕ йӕ дуар куы бахостой, уӕд сӕм байхъуыста, ӕмӕ цы базыдта, уый йӕ цымыдисы баппӕрста. Уӕд фыццаг хатт ныхас кодта семӕ.
Цы бирӕ фарстытӕ йӕм уыди, уыдонӕн дзуапп ссарынӕн сылгоймаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Алы къуыри дӕр-иу ӕм се ’рбацыдмӕ уыди дуне фарстытӕ. Фӕндыд ӕй базонын, куыд у Хуыцауы ном, ӕрмӕстдӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцау ис, Хуыцауӕн кувгӕйӕ дзуӕртты нывтӕ ӕмӕ сурӕттӕ хъӕуынц ӕви нӕ, ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Сылгоймаг уыдта, сӕхи хъуыдытӕ йын кӕй нӕ дзурынц, фӕлӕ Библийы цы фыст ис, уый. Уыцы хъуыддаг ӕй стыр дисы ӕфтыдта ӕмӕ цы ахуыр кодта, уый йын йӕ зӕрдӕмӕ рухс Иоанны 4:23).
уагъта. Цадӕггай йӕ фарстытӕн дзуапп ссардта. Абон уый кувы Иегъовӕйӕн, Йесо Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ «ӕцӕг кувджытӕ» куыд хъуамӕ кӕной, афтӕ — «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» (Шри-Ланкайы иу бинонтӕ алы бон дӕр Библи иумӕ кастысты, фӕлӕ сӕм цы бирӕ ахсджиаг фарстытӕ ӕвзӕрд, уыдонӕн дзуапп нӕ ардтой. Кӕд сӕ ӕххуыс хъуыди, уӕддӕр сын сауджынӕн йӕ бон ницӕмӕй уыди баххуыс кӕнын. Фӕлӕ сӕм иу хатт Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ сын ныууагътой, Библи ӕмбарынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм литературӕ. Фӕстӕдӕр сын зӕрдӕзӕгъгӕ дзуапп радтой, Библийӕ сӕм цы фарстытӕ уыди, уыдонӕн, ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы сты. Цы-иу базыдтой, уый тынг цыди сӕ зӕрдӕмӕ.
Ӕрмӕст ус йӕ гыццылӕй аргъуаны цӕуыл сахуыр, уый йӕ къуылымпы кодта — Йесо Чырыстийы Фыд, Йесо йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» кӕй у, уый йӕ зонд никуыд ахста (Иоанны 17:1, 3). Сылгоймаджы сахуыр кодтой, Йесо ӕмӕ Фыд ӕмбар кӕй сты ӕмӕ уыцы «сусӕгдзинад» дызӕрдыггаг кӕй нӕу. Уыцы тыхстӕй йӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Иегъовӕмӕ йӕ номӕй скуывта, ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, Йесо чи у, уый мын раргом кӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ ногӕй лӕмбынӕг ӕркаст, уыцы фарст бӕлвырдгӕнӕг стихтӕм (Иоанны 14:28; 17:21; 1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6). Цыма йӕ цӕстытӕ байгом сты, афтӕ фӕци, иу мисхал дӕр ын дызӕрдыггаг нал уыди: арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг ӕмӕ Йесо Чырыстийы Фыд — Иегъовӕ — у ӕцӕг Хуыцау (Исай 42:8; Иереми 10:10—12).
Цӕмӕн ис уыйбӕрц маст ӕмӕ хъизӕмар?
Иов цас хъизӕмар, цас зынтӕ бавзӕрста, уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, никуы ничи бавзӕрста. Тыхдымгӕйӕ йӕ хъӕбултӕ иууылдӕр бацарӕфтыд сты ӕмӕ йӕ фӕрныг цардӕй мӕгуырмӕ ӕрхаудта. Уӕдӕ йӕ ӕвирхъау низ нӕ бадомдта, уӕдӕ йыл йӕ мӕнг хӕлӕрттӕ рӕстӕй алы тугтӕ нӕ мысыдысты. Утӕппӕт дудгӕбӕтты Иовӕй йӕ мӕстӕй ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ дӕр сирвӕзт (Иов 6:3). Фӕлӕ йын Хуыцау йӕ уавӕртӕ уыдта (Иов 35:15). Хуыцау зыдта, Иовӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый, ӕмӕ йын зонд бацамыдта. Афтӕ ӕххуыс кӕны Хуыцау адӕмӕн абон дӕр.
Кастройыл (цӕры Мозамбикы) дӕс азы йедтӕмӕ нӕма цыд, афтӕ йӕ мад амард. Йӕ зӕрдӕ мастӕй тыдта. «Цӕмӕн амард мӕ мад, цӕмӕн нӕ ныууагъта?» — ацы фарстытӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Кӕд йӕ ныййарджытӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕм уыдысты, уӕддӕр ацы тӕккӕ цы акодтаид, уымӕн ницы зыдта. Кӕм ссара удӕнцой, цӕуыл фӕлӕууа йӕ зӕрдӕ? Чиевӕ ӕвзагыл сӕм цы гыццыл Библи уыди, уый кӕсын райдыдта ӕмӕ йыл йӕ хистӕр ӕфсымӕртимӕ ныхас кодта, ӕмӕ йын фенцондӕр.
Фӕстагмӕ Кастро бамбӕрста, йӕ мад Хуыцауы аххосӕй кӕй нӕ амард, фӕлӕ адӕм иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 5:12; 6:23). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый куы базыдта Библийӕ, уӕд йӕ зӕрдӕ фӕфидар, уымӕн ӕмӕ дзы ныфс бацыд, йӕ мады ногӕй кӕй фендзӕн (Иоанны 5:28, 29; Куыстытӕ 24:15). Хъыгагӕн, цыппар азы фӕстӕ та йӕ фыд амард. Фӕлӕ Кастройӕн ныр ӕнцондӕр уыди уыцы стыр зиан сфӕразын. Абон Кастро уарзы Иегъовӕйы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕны. Цы стыр цин ыл сӕмбӕлд, уый уынынц, чи йӕ зоны, уыдон иууылдӕр.
Кастройӕн Библийӕ стыр ныфсы хос цы зонындзинӕдтӕ фесты, уыдон тынг фидар кӕнынц бирӕ ӕндӕр, зиан кӕуыл ӕрцыд, ахӕм рыстзӕрдӕ адӕймӕгты дӕр. Фыдадӕмы къухӕй стыр хъизӕмӕрттӕ чи бавзӕрста, уыдон арӕх Иовау фӕфӕрсынц: «Фыдгӕнджытӕ сӕхицӕн дзӕбӕхӕй цӕмӕн цӕрынц?» (Иов 21:7). Ацы фарстӕн Хуыцау йӕ Ныхасы цы дзуапп дӕтты, уымӕ адӕймаг йӕ хъус лӕмбынӕг куы ӕрдары, уӕд бамбары, Хуыцау зӕххыл хъуыддӕгтӕ куыд лыг кӕны, уый адӕмы хорзӕн кӕй у (2 Петры 3:9).
Барбарӕ схъомыл Америкӕйы Иугонд Штатты, ӕмӕ хӕсты дудгӕбӕттӕ йӕхиуыл нӕ бавзӕрста. Фӕлӕ йӕ алыварс дунейы хӕсты хал никуы аскъуыд. Иу ахӕм бон дӕр нӕ уыд, ӕмӕ ног хабӕртты хӕсты кой ма уыдаид. Скъолайы истори куы ахуыр кодта, уӕд ӕй сагъӕстыл ӕфтыдта, дунейы цаутӕ, ӕнхъӕл куыд ничи уыди, афтӕ кӕй ивтой кӕрӕдзи. Цӕмӕн-иу ӕрцыд афтӕ? Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ Хуыцауы ӕндӕвтой? Хуыцау ис, уый йӕ уырнгӕ кодта, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы алыхуызон хӕццӕ хъуыдытӕ тох кодтой кӕрӕдзиимӕ.
Фӕлӕ Барбарӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ кӕй базонгӕ, уый руаджы цардмӕ цадӕггай
ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Хъуыста сӕм ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кодта. Цыд сӕ фембӕлдтӕм Паддзахады залмӕ. Суанг ма иу стыр конгрессы дӕр уыди. Уымӕй уӕлдай фӕхатыд, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты-иу истӕмӕй куы бафарста, уӕд-иу ын алчи йӕхирдыгонау кӕй нӕ лӕвӕрдта дзуапп. Сӕ ныхас уыдис иу, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ ӕнцадысты Библийыл.Ӕвдисӕнтӕ йын Библийӕ равдыстой, дуне Сайтан Хӕйрӕджы къухы кӕй ис, уый кӕй у йӕ хицау, ӕмӕ дуне ӕгасӕй дӕр уый зондыл кӕй цӕуы (Иоанны 14:30; 2 Коринфӕгтӕм 4:4; Ефесӕгтӕм 2:1—3; 1 Иоанны 5:19). Бамбарын ын кодтой, йӕ зонд цы цаутӕй хӕццӕ кодта, уыдон бирӕ раздӕр Библийы фыст кӕй ӕрцыдысты (Данелы чиныг, 2, 7 ӕмӕ 8-ӕм сӕртӕ). Хуыцау сӕ рагацау загъта, уымӕн ӕмӕ йӕ куы бафӕнда, уӕд йӕ бон у, фидӕны цы уыдзӕн, уый фенын. Уыцы цаутӕй иутӕ ӕрцыдысты Хуыцауы фӕндӕй. Иннӕтӕ та ӕнӕуи ӕруагъта. Ӕвдисӕнтӕ Барбарӕйӕн равдыстой, Библийы бирӕ раздӕр фыст кӕй ӕрцыдысты, абон хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цытӕ цӕуы, уыдон, стӕй уыцы цаутӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый дӕр кӕй ӕмбарын кӕны (Матфейы 24:3—14). Равдыстой ма йын, хъизӕмарӕн йӕ кой дӕр кӕм нал уыдзӕн, уыцы рӕстаг ног дунейы тыххӕй дзы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдон дӕр (2 Петры 3:13; Раргомад 21:3, 4).
Барбарӕ ӕмбарын райдыдта: кӕд Иегъовӕ Хуыцау адӕмы хъизӕмӕртты гӕнӕг нӕу, уӕддӕр сӕхи куыд фӕнды, афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд сӕ йӕ фӕдзӕхстытӕм тыхӕй нӕ хъусын кӕны (Дыккаг закъон 30:19, 20). Хуыцау ӕппӕт дӕр сарӕзта, цӕмӕй фидӕны нӕ бон уа ӕнустӕм амондджынӕй цӕрын, фӕлӕ нын уый фадат дӕтты, ӕмӕ ныридӕгӕн нӕ цардӕй равдисӕм, йӕ рӕстаг закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрдзыстӕм ӕви нӕ (Раргомад 14:6, 7). Барбарӕ зӕрдӕйӕ ӕрӕвнӕлдта Хуыцауы закъӕттӕ базонынмӕ ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын райдыдта. Афтӕ ма Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн федта, Йесо цы уарзты кой кодта, зӕгъгӕ, уымӕй базондзысты мӕ ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты, уыцы уарзт (Иоанны 13:34, 35).
Уымӕн цы баххуыс кодта, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ стыр ахъаз фӕуа дӕуӕн дӕр.
Цард дзӕгъӕлы кӕд нӕу
Афтӕ кӕмӕй зӕгъынц, хорз цӕры, зӕгъгӕ, уыцы адӕм дӕр фӕагурынц дзуапп, ӕнцой сын цы фарстытӕ нӕ дӕттынц, уыдонӕн. Цӕвиттонӕн райсӕм Стыр Британийы цӕрӕг ӕрыгон лӕппу Матфейы. Йӕхи зонынхъом куы фӕци, уӕдӕй тырныдта, ӕцӕг Хуыцау чи у ӕмӕ адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый базонынмӕ. Ӕвддӕс азы йыл куы цыди, уӕд йӕ фыд амард. Азтӕ цыдысты, ӕмӕ Матфей фӕци уӕлдӕр музыкалон скъола. Ӕмӕ уӕд тынгӕй-тынгдӕр хатын райдыдта, йӕ хъӕздыг цард ын йӕ удӕн кӕй ницы дӕтты, ӕппӕт дӕр дзӕгъӕлы кӕй у. Йӕ хӕдзар ныууагъта, Лондонмӕ алыгъд цӕрынмӕ ӕмӕ наркотиктӕ, астрологи ӕмӕ спиритизмыл бафтыд, ӕхсӕвыгон клубты рахау-бахау кодта, дзэн-буддизм ӕмӕ ӕндӕр философитыл ныххӕцыд,— ӕмӕ ӕппӕт дӕр, зӕрдӕзӕгъгӕ цардвӕндаг кӕй агуырдта, уый тыххӕй. Йӕ сӕрӕн куы ницыуал зыдта, уӕд сдзынӕзта Хуыцаумӕ, ӕцӕгад ссарынӕн мын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ.
Дыууӕ боны фӕстӕ Матфей сӕмбӕлд йӕ рагон хӕларыл ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы сагъӕс ракодта. Уый та Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кодта Библи. Матфейӕн, 2 Тимофеймӕ 3:1—5 цы фыст ис, уый куы равдыста, уӕд тынг бадис кодта, нӕ алыварс дуне цыхуызӕн у, уый тыххӕй Библи афтӕ рӕстытӕ кӕй дзуры, ууыл. Уӕлхох уацамынд куы каст, уӕд ын йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта (Матфейы Евангели, 5—7-ӕм сӕртӕ). Райдианы йӕ ныфс нӕ хаста Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕм цӕуын, уымӕн ӕмӕ сыл цъыф кӕм калдтой, ахӕм уац бакаст, фӕлӕ ӕппынфӕстаг уӕддӕр бацыд, хӕстӕг ӕм цы Паддзахады зал уыди, уырдӕм.
Цӕуыл дзы дзырдтой, уый Матфейӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй сӕ иуимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Матфей цы ахуыр кодта, уымӕй бамбӕрста, цы агуырдта уый кӕй ссардта — Хуыцау ын йӕ куывд кӕй фехъуыста ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны. Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы митӕ нӕ цӕуы, уыдоныл йӕ къух куыд иста, афтӕ йӕ цард кодта хуыздӕрӕй-хуыздӕр. Цас тынгдӕр тарст Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй, уыйас ӕй тынгдӕр фӕндыд йӕ цард Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ аразын. Матфей базыдта, ахӕм цард ӕцӕгдӕр дзӕгъӕлы кӕй нӕу (Екклесиаст 12:13).
Матфей кӕнӕ ма ацы статьяйы ӕндӕр кӕй кой ракодтам, уыдон царды раст фӕндаг кӕй ссардтой, уый сын хъысмӕтӕй нывгонд нӕ уыд. Уыдон базыдтой, Иегъовӕ Хуыцау йӕ зӕрдӕхӕларӕй Куыстытӕ 10:34, 35). Йӕ фӕнд та уый мидӕг ис, ӕмӕ адӕм ӕнустӕм цӕрой, хӕст, низ, ӕххормагдзинад ӕмӕ суанг мӕлӕт дӕр кӕм нӕй, ахӕм дунейы (Исай 2:4; 25:6—8; 33:24; Иоанны 3:16). Ды дӕр бӕллыс ахӕм цардмӕ? Кӕд о, уӕд дӕ хонӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залмӕ, Библи кӕм ахуыр кӕнынц, уыцы фембӕлдтӕм, цӕмӕй фылдӕр базонай, зӕрдӕрухс цард цӕмӕй кӕнгӕ у, уый тыххӕй.
цы сфӕнд кодта саразын, уымӕй хай кӕй ис, йӕ фӕдзӕхстытӕм ын зӕрдӕбынӕй чи хъуса, уыдонӕй алкӕмӕндӕр ([Ныв 7 фарсыл]
Хуыцаумӕ кув йӕ номӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй.
[Ныв 7 фарсыл]
Библи ахуыр кӕн, цы фыст дзы ис, ӕцӕгдӕр уый чи амоны, уыдонимӕ.
[Нывтӕ 7 фарсыл]
Цу фембӕлдтӕм Паддзахады залмӕ.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]
Бӕлццон: Chad Ehlers/Index Stock Photography