Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау»

«Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау»

«Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау»

Ацы дыууӕ ахуыргӕнӕн статьяйы цы хъуыдытӕ ис, уыдон ист сты чиныгӕй, «Баввахс у Иегъовӕмӕ», зӕгъгӕ; рухс федта, 2002—2003 азты ӕгас дунейы дӕр цы облӕстон конгресстӕ ацыди, уым. Кӕс статья, «Мӕ зӕрдӕйы тар къуымтӕ мын ныррухс кодта», зӕгъгӕ, 30 фарсыл.

«Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау. Мах ыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, ӕмӕ нӕ уый фервӕзын кӕндзӕн. Уый у Иегъовӕ» (ИСАЙ 25:9).

1, 2. а) Иегъовӕ незаманты цӕрӕг Авраамы куыд схуыдта ӕмӕ нӕ уый цавӕр хъуыдытыл ӕфтауы? ӕ) Хуыцаумӕ ӕввахс уӕм, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый тыххӕй нын Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?

«МӔ ХӔЛАР». Афтӕ схуыдта арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг, Иегъовӕ, незаманты цӕрӕг Авраамы (Исай 41:8). Ахъуыды ма кӕн, хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг — Дунедарӕг Стыр Хуыцауы хӕлар! Чи зоны ды зӕгъыс: исты уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕз Хуыцаумӕ афтӕ ӕввахс уон?

2 О, ис уымӕн гӕнӕн, ӕмӕ нын уый тыххӕй бӕлвырдӕй дзуры Библи. Авраам Иегъовӕмӕ афтӕ ӕввахс уыди, кӕй йыл «ӕууӕндыд», уый тыххӕй (Иаковы 2:23). Афтӕ абон дӕр — Иегъовӕ «ӕввахс у рӕстгӕнджытӕм» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32). Иаковы 4:8 (НФ) нӕм Библи сиды: «Ӕрбаввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ». Иудзырдӕй, Иегъовӕмӕ нӕхи куы ӕввахс кӕнӕм, уӕд уый дӕр ӕнцад нӕ лӕудзӕн: уый дӕр нӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзӕн. Фӕлӕ цымӕ сыгъдӕг удӕй фыст ныхӕстӕн сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ мах — ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕм — кӕнӕм Хуыцаумӕ фыццаг къахдзӕф? Ницы хуызы. Иегъовӕмӕ ӕввахс уӕм, уый гӕнӕн ис, нӕ уарзагзӕрдӕ Хуыцау дыууӕ стыр хъуыддаджы кӕй сарӕзта, уый фӕрцы (Псалом 24:14).

3. Иегъовӕ нӕм йӕ хӕлардзинады къух кӕй дӕтты, уый цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй бӕрӕг у?

3 Фыццаг уый, ӕмӕ Иегъовӕ зӕхмӕ ӕрӕрвыста Йесойы, цӕмӕй уый «ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Растдӕр уыцы ӕлхӕнӕг нывонды руаджы у нӕ бон Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Уарздзыстӕм Уый, уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг раздӕр бауарзта мах» (1 Иоанны 4:19). О, иугӕр нӕ Хуыцау «Йӕхӕдӕг раздӕр бауарзта», уӕд нӕ хӕлардзинадӕн бындур дӕр уый ӕрӕвӕрдта. Дыккаг та уый, ӕмӕ нын Иегъовӕ йӕхи раргом кодта. Цӕвиттонӕн, дыууӕ адӕймаджы хорз хӕлӕрттӕ уӕд свӕййынц, ӕмӕ кӕрӕдзийы хуыздӕр куы базонынц, сӕ кӕрӕдзийы рӕсугъд миниуджытӕн аргъ кӕнын куы райдайынц. Цӕуыл дзурӕг нын у уый? Иегъовӕ ӕхгӕдзӕрдӕ, базонӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм Хуыцау куы уаид, уӕд мах йӕ хӕлӕрттӕ никуы суыдаиккам. Фӕлӕ нӕ Иегъовӕ йӕхи дард нӕ ласы, йӕхи нӕ не ’мбӕхсы — базонӕм ӕй, уый йӕ фӕнды (Исай 45:19). Йӕ Ныхасы, Библийы, нын йӕхи тыххӕй дзуры, кӕй ӕмбарӕм, ахӕм ӕвзагӕй — ӕмӕ уый та, кӕй нӕ уарзы, ӕрмӕст уый не ’вдисы. Уый ма ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ йӕ фӕнды, нӕ уӕларвон Фыд кӕй у, уый зонӕм ӕмӕ йӕ мах дӕр уарзӕм.

4. Иегъовӕйы миниуджытӕ цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас тынгдӕр нӕм нӕ зӕрдӕ цы дзурдзӕн?

4 Никуы федтай, сабийӕн йӕ фыды фендӕй йӕ цӕсгом хурау куыд ныррухс, куыд дзы ныббуц ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн сӕрыстырӕй куыд дзырдта, «уый мӕ фыд у», зӕгъгӕ? Раст афтӕ буц сты Иегъовӕйӕ дӕр йӕ кувӕг адӕм. Библи нын дзуры, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ Хуыцауы ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕ дзурдзысты: «Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау» (Исай 25:8, 9). Иегъовӕйы удыхъӕды миниуджытӕ цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас нӕм нӕ зӕрдӕ тынгдӕр дзурдзӕн, дунейыл уый хуызӕн Фыд ӕмӕ уымӕй хуыздӕр Хӕлар кӕй нӕй. О, Иегъовӕ нӕ йӕ миниуджытӕй ӕлвасы йӕхимӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, куыд зынынц Библийы Иегъовӕйы сӕйраг миниуджытӕ — йӕ тых, йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинад. Ацы статьяйы дзы дзырд цӕудзӕн фыццаг ӕртӕйыл.

«Стыр тыхы хицау»

5. Иунӕг Иегъовӕйы цӕмӕн ис «Ӕппӕтхъомысджын» схонӕн ӕмӕ йе стыр тыхӕй куыд архайы?

5 Иегъовӕ у «стыр тыхы хицау» (Иов 37:23). Иеремийы 10:6 кӕсӕм: «О Иегъовӕ, дӕуимӕ йӕ бон никӕмӕн у йӕхи абарын. Ды дӕ стыр ӕмӕ дӕ ном дӕр стыр у йӕ хъомысӕй». Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй иуӕн дӕр алцы нӕу йӕ бон, Иегъовӕ та у ӕгӕрон тыхы хицау. Уӕдӕ «Ӕппӕтхъомысджын» дӕр иунӕг уый уымӕн хуыйны (Псалом 67:15). Иегъовӕйӕн йе стыр тыхӕй йӕ бон сфӕлдисын дӕр у, фесафын дӕр, бахъахъхъӕнын дӕр ӕмӕ ногӕй саразын дӕр. Ӕркӕсӕм ӕрмӕстдӕр дыууӕ цӕвиттонмӕ — йӕ тыхӕй цы сфӕлдыста ӕмӕ йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уымӕ.

6, 7. Цас тых ис Хуры ӕмӕ нын уый цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл дзурӕг у?

6 Дзӕбӕх хур бон уынгмӕ куы рахизыс, уӕд цы банкъарыс? Хуры хъарм тынты рӕвдыд. Ӕцӕгӕй та дӕ тавы Иегъовӕйы тых, Хур кӕй фӕрцы сфӕлдыста, уыцы тых. Цас тых ис Хуры? Йӕ хуылфы тӕвд хӕццӕ кӕны 15 милуан градусы онг. Зӕгъгӕ, Хуры хуылфӕй ныхысӕрыйас къӕртт Зӕххыл ӕрӕвӕрдтай, уӕд уыцы гыццыл «пецмӕ» 140 километрӕй хӕстӕгдӕр бацӕуӕн нӕ уаид! Хурӕй алы секунд дӕр цы энерги цӕуы, уымӕн йӕ тых у, сӕдӕ милуан атомон бомбӕйы куы фехӕлой, уый хуызӕн. Фӕлӕ зӕхх уыцы ӕнагъӕддаджы тӕвд «пецы» алыварс ахӕм дӕрддзӕгыл зилы, ӕмӕ йӕм нӕдӕр ӕгӕр хӕстӕг у, нӕдӕр — ӕгӕр дард. Зӕгъгӕ йӕм иу гыццыл хӕстӕгдӕр у, уӕд зӕххыл дӕттӕ асур уаиккой, иу гыццыл дарддӕр, уӕд та зӕххыл ӕппӕт дӕр их фестид. Гыццыл дӕр ӕндӕрхуызон — ӕмӕ зӕххыл цард нал уаид.

7 Кӕд зӕххыл алы адӕймаджы цард дӕр Хурӕй аразгӕ у, уӕддӕр ӕм бирӕтӕ ахӕм цӕстӕй кӕсынц, зӕгъгӕ, ис ӕмӕ ис. Афтӕмӕй, Хур кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй. Псалом 73:16 нын Иегъовӕйы тыххӕй дзуры: «Ды сцӕттӕ кодтай рухсгӕнӕнтӕ ӕмӕ хур». О, хур ӕвдисӕн лӕууы «арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг» Хуыцау Иегъовӕйы кадӕн (Псалом 145:6). Фӕлӕ ма Иегъовӕ Хурӕй дарддӕр ноджы бирӕ ӕндӕр диссӕгтӕ скодта, ӕмӕ нын уыдон дӕр дзурӕг сты йе стыр тыхыл. Цас фылдӕр зонӕм, Иегъовӕ йӕ тыхӕй цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыйас тынгдӕр аргъуыц кӕнӕм йӕ разы.

8, 9. а) Цавӕр зӕрдӕмӕхъаргӕ нывтӕй нын ӕвдисы Библи, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд ауды ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕны, уый? ӕ) Рагзаманты-иу фыййау йӕ фыстыл куыд узӕлыд ӕмӕ нын уый не Стыр Фыййауы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?

8 Иегъовӕ ма йӕ ӕгӕрон тыхӕй йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр хъахъхъӕны ӕмӕ сыл ауды. Иегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сыл кӕй ауддзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ Библийы ӕвдыст сты, нӕ разы цардӕгасӕй чи сысты ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ чи агайы, ахӕм нывтӕй. Зӕгъӕм, ӕркӕсӕм Исайы 40:11. Ацы стихы Иегъовӕ йӕхи хоны фыййау, йӕ адӕмы та — фыстӕ. Мах кӕсӕм: «Фыййау дзуг куыд хиза, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты исдзӕн йӕ къухмӕ ӕмӕ сӕ йӕ тары хӕсдзӕн. Ногзӕддаг фысты сындӕг скъӕрдзӕн». Цӕй кой дзы цӕуы, уый дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын?

9 Цӕрӕгойтӕй, ӕвӕццӕгӕн, хӕдзарон фысӕй ӕнӕбондӕр ӕмӕ ӕдыхдӕр стӕм ис. Библи куы фыстой, уӕды заманты фыстӕн тӕссаг уыди бирӕгътӕй, ӕрсытӕй ӕмӕ домбӕйттӕй. Ӕмӕ-иу сӕ бахъахъхъӕнынӕн фыййауы арӕх хъуыди стыр лӕгдзинад равдисын (1 Паддзахӕдты 17:34—36; Иоанны 10:10—13). Фӕлӕ-иу хатт фысты бахъахъхъӕнынӕн фыййауы хъуыди уыдоныл сывӕллӕттау узӕлын дӕр. Зӕгъӕм, арӕх-иу фыстӕ ныззадысты уӕтӕрӕй дард кӕмдӕр, сӕрвӕты. Цы-иу хъуамӕ бакодтаид фыййау ӕнӕбон ноггуырд уӕрыккӕн? Хаста-иу ӕй (ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр боны дӕр) «йӕ тары» — йӕ уӕлӕдарӕны счъилты. Фӕлӕ-иу гыццыл уӕрыкк фыййауӕн йӕ тары куыдӕй февзӕрд? Гӕнӕн ис, ӕмӕ-иу фыййауы цурмӕ бацыд ӕмӕ-иу ын йӕ къах бакъуыр-бакъуыр кодта, нӕ мӕ уыныс, зӕгъгӕ. Куыдфӕнды ма уыдаид,— фыййауӕн йӕхи хъуыди уӕрыккмӕ ӕргуыбыр кӕнын, сисын ӕй ӕмӕ йӕ йӕ тары хъармы бавӕрын, тӕссаг ын куыд ницӕмӕйуал уыдаид, афтӕ. Цы ма уа уымӕй зӕрдӕмӕхъаргӕдӕр, не Стыр Фыййау йӕ лӕггадгӕнджыты куыд зӕрдиагӕй хъахъхъӕны ӕмӕ сыл куыд ауды, уый равдисынӕн?!

10. Иегъовӕ нӕ абон куыд хъахъхъӕны ӕмӕ нӕ уый сӕр уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы?

10 Иегъовӕ нын канд зӕрдӕ не ’вӕры, уӕ хъахъхъӕнӕг уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Йӕ бон кӕй у «фыдӕвзарӕнтӕй, Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕмты фервӕзын кӕнын», уый, Библи фыст куы цыди, уӕд равдыста бирӕ диссӕгтӕй (2 Петры 2:9, НФ). Абон та? Мах ӕмбарӕм, Иегъовӕ абон йӕ тыхӕй афтӕ нӕ архайы, ӕмӕ нӕм бӕллӕх ӕмгӕрӕтты дӕр ма уадза. Фӕлӕ нӕ уыйхыгъд цух нӕ уадзы, бирӕ ахсджиагдӕр цы у, уымӕй — ӕцӕгады фӕндагыл нӕ хъахъхъӕны. Цӕмӕй фыдӕвзарӕнты ма фӕцудӕм ӕмӕ дзы ма адард уӕм, уый тыххӕй нын нӕ уарзагзӕрдӕ Фыд дӕтты ӕппӕт дӕр ӕмӕ нӕ афтӕмӕй хъахъхъӕны, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, Лукайы 11:13 кӕсӕм: «Сымах кӕд фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, зонут хорз лӕвӕрттӕ дӕттын уӕ сывӕллӕттӕн, уӕд уӕлдайдӕр Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн». Уыцы хъомысджын тыхӕй хайджын куы уӕм, уӕд цыфӕнды зындзинад, цыфӕнды фыдӕвзарӕны дӕр нӕ фӕцуддзыстӕм (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Уӕдӕ Иегъовӕ канд нӕ абоныл — дыууӕ боны йедтӕмӕ чи нӕу, нӕ уыцы цардыл — нӕ хъуыды кӕны, фӕлӕ не ’нусон фидӕныл. Ацы хъуыды нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕм ныры царды цыфӕнды хъизӕмар дӕр кӕсдзӕн «цыбыр рӕстӕгмӕйы рог зындзинад» (2 Коринфӕгтӕм 4:17). Куыннӕ нӕ хъуамӕ фӕнда, йӕ тыхӕй нӕ афтӕ чи хъахъхъӕны, уыцы уарзагзӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын?

Иегъовӕ «уарзы рӕстдзинад»

11, 12. а) Иегъовӕмӕ нӕ йӕ рӕстдзинад цӕмӕн ӕввахс кӕны? ӕ) Иегъовӕйы рӕстдзинады тыххӕй Давид цавӕр хатдзӕг скодта ӕмӕ, Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын ныфсы хос куыд сты?

11 Иегъовӕ архайы рӕстӕй, у ӕнӕхӕрам, ӕмӕ искуы-иу хатт нӕ, фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр, хъулон никӕй кӕны. Хуыцау рӕстаг кӕй у, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕхатыр, дурзӕрдӕ у, тӕрсын дзы хъӕуы; уый ахӕм рӕсугъд миниуӕг у, ӕмӕ нӕ ӕлвасы Иегъовӕмӕ. Библийы ирдӕй уынӕм, Хуыцауы рӕстдзинад зӕрдӕ кӕй тавы. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Иегъовӕйы рӕстдзинад кӕм зыны, ӕртӕ ахӕм фӕзилӕнмӕ.

12 Фыццаг уый, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ рӕстаг зӕрдӕйӕ ӕнувыд у йӕ лӕггадгӕнджытыл, йӕ зӕрдӕ сыл нӕ ивы. Афтӕ кӕй у, уый йӕхиуыл банкъардта псаломзарӕггӕнӕг Давид. Зоныс, йӕхи цардыл, стӕй уӕд Хуыцауы хъуыддӕгтыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыд? «Хицау [«Иегъовӕ», НД] уарзы рӕстдзинад, ӕмӕ нӕ рох кӕны йӕ сыгъдӕджыты; ӕнустӕм хъахъхъӕд уыдзысты уыдон»,— загъта Давид (Псалом 36:28). Цас ныфс нӕ уадзынц ацы ныхӕстӕ! Нӕ Хуыцау иу уысммӕ дӕр нӕ ныууадздзӕн, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны. Уымӕ гӕсгӕ, кӕддӕриддӕр нӕ бон у, ӕмӕ йӕ ныфсӕй ныфсджын уӕм, нӕхи йыл бакъул кӕнӕм. Уый нӕ фидарӕй та уымӕн уырны, ӕмӕ Иегъовӕ у рӕстаг Хуыцау! (Ӕмбисӕндтӕ 2:7, 8).

13. Иегъовӕйы зӕрдӕ цардӕфхӕрд адӕймӕгтыл кӕй риссы, уый, Израилы адӕмӕн кӕй радта, уыцы Закъоны куыд зыны?

13 Дыккаг та уый, ӕмӕ Хуыцау раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕу мӕгуыр, ӕфхӕрд адӕймаджы тухитӕм ӕнцад кӕсын. Иегъовӕйы зӕрдӕ цардӕфхӕрд адӕймӕгтыл куыд риссы, уый хорз зыны, Израилы адӕмӕн кӕй радта, уыцы Закъоны. Цӕвиттон, Закъоны уыди бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдз устытӕм куыд ӕмӕ цӕмӕй фӕкӕсын хъуыди, уый тыххӕй (Дыккаг закъон 24:17—21). Ахӕм бинонтӕ куыд тыхст цард кӕнынц, уый зонгӕйӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг сси сӕ Фыд дӕр, сӕ Тӕрхонгӕнӕг дӕр ӕмӕ сӕ Сӕрылхӕцӕг дӕр (Дыккаг закъон 10:17, 18). Уый израилӕгты фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уыцы ӕвӕгӕсӕг устытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы ’фхӕрат, уӕд сын ӕз сӕ дзыназын фехъусдзынӕн, ӕмӕ «уӕм мӕ маст рафыцдзӕн»,— кӕсӕм Рацыды 22:22—24. Иегъовӕ мӕстыгӕр Хуыцау нӕу, фӕлӕ, уӕлдайдӕр, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕй, уыдоны зонгӕ-зонын чи ӕфхӕры, уымӕ йӕ рӕстаг зӕрдӕ ӕнцад нӕ кӕсы (Псалом 102:6).

14. Иегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уымӕн диссаджы бӕлвырдгӕнӕн цы у?

14 Уӕдӕ ӕртыккаг та уый, ӕмӕ нын Библи, Дыккаг закъоны 10:17, фидарӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы». Бирӕ зӕххон хицӕуттӕ ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕгтӕй хъауджыдӕр Иегъовӕ, адӕймагмӕ мулк цас ис, уымӕ дӕр нӕ кӕсы, ӕмӕ бакастӕй цыхуызӕн у, уымӕ дӕр. Уый дзӕгъӕлы фыдӕх никӕмӕ хӕссы, стӕй хъулон уарзт дӕр никӕй кӕны. Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уымӕн диссаджы бӕлвырдгӕнӕн мӕнӕ цы у: Хуыцауӕн лӕггад кӕныны бар ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны фадат ӕрмӕст цавӕрдӕр ӕвзӕрстытӕн нӕй. Куыстыты 10:34, 35 кӕсӕм: «Хуыцау... нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, ӕхсызгон у Уымӕн». О, уый фадат ис алы адӕймагӕн дӕр: чифӕнды ма уӕд, кӕцыфӕнды адӕмӕй ма уӕд ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕд. Ӕцӕг рӕстдзинадӕн ма уымӕй хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн цы уа?! Ай-гъай дӕр, цас хуыздӕр ӕмбарӕм Иегъовӕйы рӕстдзинад, уыйас ӕм кӕнӕм ӕввахсдӕр!

«О, Хуыцауы ӕнӕбын... зонд!»

15. Цы у зонд ӕмӕ Иегъовӕ йӕ зондӕй куыд архайы?

15 Ромӕгтӕм 11:33 кӕсӕм, апостол Павелӕн йӕ зӕрдӕйы рӕбынӕй чи ссыд, уыцы ныхӕстӕ: «О, Хуыцауы ӕнӕбын... зонд!». Иегъовӕ йе стыр зондӕй цытӕ сарӕзта, уыдӕттыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас дзы тынгдӕр аргъуыц кӕнӕм. Фӕлӕ куыд ис ацы миниуӕг бамбарын кӕнӕн? Зонд у, дӕ зонындзинӕдтӕ, дӕ ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ дӕ арфуынындзинадӕй иумӕ куы архайай дӕ разы ӕвӕрд хӕс сӕххӕст кӕнынӕн. Уӕдӕ, Иегъовӕйы ӕмбаргӕдзинадӕн ӕмбал кӕй нӕй ӕмӕ, уый цас зоны, уыйбӕрц кӕй ничи зоны, уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды хъуыддаджы дӕр йӕ бон у иууыл хуыздӕр уынаффӕ рахӕссын ӕмӕ цы сфӕнд кодта, уый, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ сӕххӕст кӕнын.

16, 17. Иегъовӕйы стыр зонд йе сконд дунейы куыд зыны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Иегъовӕ стыр зонды хицау кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Псалом 104:24, НД [103:24] нын дзуры: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о, Иегъовӕ! Иууылдӕр де стыр зондӕй арӕзт сты. Зӕхх йедзаг у де сконд хъуыддӕгтӕй». Афтӕ у, цас фылдӕр иртасӕм Иегъовӕйы конд хъуыддӕгтӕ, уыйас нӕ йӕ зонд тынгдӕр ӕфтауы дисы. Ахъуыды ма кӕн, ахуыргӕндтӕ цас цыдӕртӕ базыдтой Иегъовӕйы сконд дуне иртасгӕйӕ! Инженерты дӕсныйады ма суанг ахӕм фадыг дӕр ис, биомиметикӕ, зӕгъгӕ, ома ӕрдзы мидӕг цы диссӕгтӕ ис, уыдоны хуызӕгмӕ гӕсгӕ ног цыдӕртӕ аразын.

17 Чи зоны, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бадис кодтай, хӕлуарӕджы тын куыд рӕсугъд у, ууыл. Ӕцӕгдӕр диссаг конд у. Уыцы тыны лыстӕг халтӕй иуӕй-иутӕ фидардӕр сты уыдоны стӕвдӕн ӕндонӕй, кӕнӕ, нӕмыг кӕм нӕ хизы, ахӕм згъӕрхӕдоны тӕгтӕй. Фӕлӕ цас фидар сты уыцы хӕлттӕ? Зӕгъгӕ, хӕлуарӕджы тын кӕсагахсӕн хызыйас у, уӕд афтӕ фидар уаид, ӕмӕ адӕмласӕн хӕдтӕхӕг тӕхгӕ-тӕхын бауромид! Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Иегъовӕ скодта «йе стыр зондӕй».

18. Иегъовӕ йӕ Ныхас, Библи, ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг цы хуызы у?

18 Иегъовӕйы зондӕн иууыл стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн та ис йӕ Ныхасы, Библийы. Цы зондджын уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон нын амонынц царды хуыздӕр фӕндаг (Исай 48:17). Фӕлӕ Иегъовӕйы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй, уый ма бӕрӕг у, Библи фыст куыд ӕрцыд, уымӕй дӕр. Цы хуызы? Йе стыр зондӕй Иегъовӕ йӕ Ныхас ныффыссынӕн равзӕрста адӕймӕгты. Цымӕ Библи зӕдтӕн куы ныффыссын кодтаид, уӕд дӕр нӕ зӕрдӕйыл афтӕ арф ӕмбӕлдаид? Дзырд дӕр ыл нӕй, уым, уӕлӕрвты, цӕргӕйӕ, уыдон бирӕ цыдӕртӕ радзырдтаиккой, Иегъовӕ цавӕр удыхъӕды хицау у, стӕй йыл сӕхӕдӕг куыд ӕнувыд сты, уый тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ, уыцы ӕххӕст уӕларвон удгоймӕгтӕ куыд хъуыды кӕнынц, уый мах бамбӕрстаиккам, кӕд ӕмӕ уыдон зонгӕ дӕр, уынгӕ дӕр махӕй бирӕ фылдӕр фӕкодтой ӕмӕ сӕм махӕй фылдӕр хъару ис, уӕд? (Дзуттытӕм 2:6, 7).

19. Библи адӕймӕгтӕ кӕй ныффыстой, уый фӕрцы нын нӕ зӕрдӕ дӕр тынгдӕр кӕй тавы ӕмӕ нӕм хъаргӕ дӕр тынгдӕр кӕй кӕны, уый цавӕр цӕвиттонӕй бӕрӕг у?

19 Библи адӕймӕгтӕ кӕй ныффыстой, уый фӕрцы нын нӕ зӕрдӕ тавгӕ дӕр тынгдӕр кӕны ӕмӕ нӕм хъаргӕ дӕр арфдӕр кӕны. Чи йӕ фыста, уыдонӕн дӕр махау сӕ риуы зӕрдӕтӕ уыди. Ӕнӕххӕст уӕвгӕйӕ, уыдон дӕр ӕмбӕлдысты алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнтыл. Хатт-иу фыстой сӕхи номӕй — дзырдтой сӕ зӕрдӕйы рӕбинагдӕр зӕгъинӕгтӕ ӕмӕ сӕ сагъӕстӕ (2 Коринфӕгтӕм 12:7—10). Уыдон кӕй ныффыстой, ахӕм хъуыдытӕ зӕгъын иу зӕдӕн дӕр йӕ бон нӕ бауыдаид. Цӕвиттонӕн райсӕм Давиды ныхӕстӕ — 50-ӕм псалом. Ацы псаломы разныхасӕй бӕрӕг у, Давид ӕй кӕй ныффыста, стыр тӕригъӕд куы ракодта, уӕд. Уый дзырдта йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ — йӕхи фӕсмонӕй хордта ӕмӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодта, хатыр дзы куырдта. Мӕнӕ нын цы дзурынц 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм стихтӕ: «Бирӕ хӕттыты цӕхс мӕн мӕ ӕнӕзакъондзинӕдтӕй, ӕмӕ мӕ мӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ ӕнӕзакъондзинӕдтыл ӕз сӕттын ӕмӕ мӕ тӕригъӕд ӕдзух мӕ размӕ». Ӕркӕс ма 7-ӕм стихмӕ дӕр: «Мӕнӕ ӕз ӕнӕзакъондзинады гуырдз, ӕмӕ тӕригъӕдты ныййардта мӕн мӕ мад». Дарддӕр 19-ӕм стихы та дзуры: «Хуыцауӕн нывонд у саст уд; саст ӕмӕ сабыр зӕрдӕйыл Ды ӕлгъ нӕ бакӕндзынӕ, Хуыцау». Псаломзарӕггӕнӕджы удхъизӕмӕрттӕ цыма дӕхи мидхъуырдухӕнтӕ сты, афтӕ дӕм нӕ кӕсы? Ӕнӕххӕст адӕймаджы зӕрдӕйӕ йедтӕмӕ ма кӕй зӕрдӕйӕ хъуамӕ ссӕуа ахӕм ныхӕстӕ?!

20, 21. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ кӕд Библи адӕймӕгтӕ ныффыстой, уӕддӕр дзы Иегъовӕйы зонд ис? ӕ) Иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

20 Иегъовӕ ахӕм ӕнӕххӕст адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый фӕрцы нын радта, растдӕр нӕ цы хъӕуы, уый — «Хуыцауы удӕй», фӕлӕ уыимӕ зӕххон адӕймаджы ӕвзагӕй фыст Ныхас (2 Тимофеймӕ 3:16). О, чи йӕ фыста, уыдон хайджын уыдысты сыгъдӕг удӕй. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библийы ис Иегъовӕйы зонд, уыдоны зонд нӕ, фӕлӕ. Уый зондыл куы цӕуӕм, уӕд никуы фӕрӕдийдзыстӕм. Йӕ разы нӕ зонд афтӕ гыццыл у, ӕмӕ нӕм Хуыцау йӕ уарзагзӕрдӕйӕ сиды: «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Ацы зондджын уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд ноджы ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм нӕ ӕппӕтзондджын Хуыцаумӕ.

21 Иегъовӕйы миниуджытӕй нӕ йӕхимӕ ӕппӕты тынгдӕр ӕлвасы уарзондзинад — йӕ иууыл рӕсугъддӕр миниуӕг. Йӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куыд ӕвдисы, ууыл уыдзӕн нӕ ныхас иннӕ статьяйы.

Бахъуыды кодтай?

Иегъовӕ нӕм хӕлардзинады къух цавӕр хъуыддӕгтӕ саразгӕйӕ радта?

Иегъовӕ йӕ тыхӕй цы сфӕлдыста ӕмӕ йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны?

Цавӕр хъуыддӕгты бӕрӕг у Иегъовӕйы рӕстдзинад?

Иегъовӕйы зонд куыд зыны йе сконд дунейы дӕр ӕмӕ Библийы дӕр?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Фыййау уӕрыччы йӕ тары куыд хӕссы, афтӕ узӕлы ӕмӕ ауды Иегъовӕ йӕ фыстыл.

[Ныв 24 фарсыл]

Иегъовӕйы зондӕн ӕвдисӕн — Библи куыд ӕрцыд фыст, уый.