«Мӕ зӕрдӕйы тар къуымтӕ мын ныррухс кодта»
«Мӕ зӕрдӕйы тар къуымтӕ мын ныррухс кодта»
«ЗӔРДӔБЫНӔЙ уын бузныг зӕгъын чиныг „Баввахс у Иегъовӕмӕ“-йы тыххӕй. Уый у диссаджы лӕвар. Мӕ зӕрдӕйы тар къуымтӕ мын ныррухс кодта — куыд тынг мӕ хъуыд, Иегъовӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын зынаргъ кӕй дӕн, уый ӕнкъарын. Ныры хуызӕн ӕввахс никуы хатыдтӕн мӕхи Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ уарзон Фыртмӕ. Фӕнды мӕ, алы адӕймагӕн дӕр куы зӕгъин, ахӕм чиныг ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыдонӕй йӕ алкӕмӕндӕр куы раттин». Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ райгуырд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуы зӕрдӕйы, 2002—2003 азты облӕстон конгрессты — «Хуыцауы Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ» — цы ног 320-фарсон чиныг райстам, уый куы бакаст, уӕд. Цыбыртӕй ӕркӕсӕм, ацы ног чиныджы цы ис ӕмӕ цӕмӕн ӕрцыд уагъд, уымӕ.
Ног чиныджы цы ис
Цы ис ацы ног чиныджы? Фӕстаг дыууӕ ахуыргӕнӕн статьяйы цӕй кой кодтам, уыдӕттӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Чиныджы ис 31 сӕр, алкӕцы дӕр дзы у «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыргӕнӕн статьяйы йас. Разныхас ӕмӕ фыццаг ӕртӕ сӕры фӕстӕ чиныг дих у цыппар хайыл; алкӕцыйы дӕр дзы хицӕнӕй ӕвзӕрст цӕуы Иегъовӕйы сӕйраг миниуджытӕй иу. Алы хайы дӕр райдианы уыцы миниуӕгыл дзырд цӕуы иумӕйагӕй. Дарддӕр цалдӕр сӕры та — уыцы миниуӕг Иегъовӕ куыд ӕвдисы, уый тыххӕй. Алы хайы дӕр иу сӕры та цӕуы Йесойы кой. Цӕмӕн? Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Мӕн фенӕг Мӕ Фыды дӕр федта» (Иоанны 14:9, НФ). Йесо у Иегъовӕйы ӕххӕст халдих, ӕмӕ нын Хуыцауы миниуджытӕ царды мидӕг Йесойы хуызӕн ничи равдыста. Афтӕ ма алы хайы дӕр ис хицӕн сӕр, Иегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ, уыцы хайы цы миниуӕджы кой цӕуы, уый царды ӕвдисын нӕ бон куыд у, ууыл. Иегъовӕйы миниуджытыл дзургӕйӕ ацы ног чиныг амоны Библийы чингуытӕй алкӕцымӕ дӕр.
Чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ» иу цӕмӕйдӕр тынг хицӕн кӕны иннӕ чингуытӕй. Дыккаг сӕрӕй райдайгӕйӕ дзы алы сӕры дӕр фӕлгӕты ис «Фарстытӕ ахъуыды кӕнынӕн». Уыцы фӕлгӕты Библийы стихтӕ ӕмӕ фарстытӕ ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн не сты. Сӕ нысан уый у, цӕмӕй, уыцы сӕры цӕй кой цӕуы, ууыл Библийы руаджы дӕ бон уа арфдӕр ахъуыды кӕнын. Хорз уаид, алы стих дӕр-иу дзы лӕмбынӕг куы бакӕсис. Уый фӕстӕ та-иу ахъуыды кӕн фарстыл ӕмӕ, цы базыдтай, уый дӕумӕ куыд хауы, ууыл. Афтӕ, арф хъуыдыгӕнгӕйӕ, цырен кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы цӕхӕр ӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ Иегъовӕмӕ (Псалом 18:15).
Чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ»-йы цы нывтӕ ис, уыдонӕй цӕмӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уӕм, стӕй нын цӕмӕй нӕ зӕрдӕ агайой, уый тыххӕй сӕ бирӕ февзӕрстой ӕмӕ сӕ бӕстон бацӕттӕ кодтой. Ӕвддӕс сӕры мидӕг дзы ис, ӕнӕхъӕн сыф чи ахсы, ахӕм рӕсугъд нывтӕ Библийӕ.
Цӕмӕн ӕрцыд уагъд?
Чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ» цӕй тыххӕй ӕрцыд уагъд? Ацы ног чиныг сӕйраджыдӕр уымӕн рацыд, цӕмӕй нӕ Хуыцау Иегъовӕйы ноджы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йӕм ноджы баввахсдӕр уӕм.
Куыд хъуыды кӕныс, ацы чиныг бакӕсын ма хорз кӕмӕн уаид? Чи зоны, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн, йе та нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн дӕр. Дӕхӕдӕг та? Кӕсын ӕй райдыдтай? Кӕд нӕма, уӕд дӕ бон нӕу дӕ рӕстӕг афтӕ спълан кӕнын, ӕмӕ йӕ тагъддӕр кӕсын райдайай? Рӕстӕг ар, цы бакӕсыс, ууыл хъуыды кӕнынӕн дӕр. Ацы ног чиныг дын уыцы ахъаз фӕуӕд, ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцаумӕ ноджы ӕввахсдӕр куыд кӕнай ӕмӕ йын йӕ Паддзахады хорз хабар дарддӕр дӕр зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ куыд хъусын кӕнай!