Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕгады Хуыцауы фӕзмут

Ӕцӕгады Хуыцауы фӕзмут

Ӕцӕгады Хуыцауы фӕзмут

«Фӕзмут Хуыцауы, уарзон сывӕллӕттау» (ЕФЕСӔГТӔМ 5:1, НФ).

1. Бирӕтӕ ӕцӕгады тыххӕй цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у?

«ЦЫ У ӔЦӔГАД?» (Иоанны 18:38). Ацы фарст иу-2 000 азы размӕ былалгъӕй радта Понти Пилат. Ӕмӕ йӕ уымӕй зӕгъын фӕндыд, ӕцӕгад цы у, уый бамбарын кӕй никӕй бон у. Афтӕ хъуыды кӕнынц бирӕтӕ абон дӕр. Ӕцӕгад цы у, уый тыххӕй сӕм алыхуызон хъуыдытӕ ис. Адӕм арӕх фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, ӕцӕгад цы у, уый, кӕнӕ бынтон раст ницы ис, йе та знон иу цыдӕр уыди раст, абон та — ӕндӕр. Фӕлӕ ацы хъуыдытӕй иу дӕр раст нӕу. Цӕрӕнбонты адӕм уымӕн ахуыр кӕнынц, уымӕн сгарынц алы фадгуыты, ӕмӕ сӕ фӕнды, цы дунейы цӕрӕм, уыцы дунейы алцыдӕр ӕцӕгӕй куыд у, уый базонын. Ӕцӕгад цы у, уый, чи куыд хъуыды кӕны, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Зӕгъӕм, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕнӕ ис кӕнӕ нӕй. Хӕйрӕг ис кӕнӕ нӕй. Адӕймаг кӕнӕ цӕмӕндӕр цӕры кӕнӕ афтӕ ӕнӕуи. Ацы фарстытӕй алкӕцыйӕндӕр ис ӕрмӕстдӕр иу раст дзуапп. Иу дзы у раст, иннӕ — нӕ. Дыууӕ дӕр раст уой, уымӕн гӕнӕн нӕй.

2. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕ ӕцӕгады Хуыцау у ӕмӕ цавӕр фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Фыццаг статьяйы нӕ ныхас уыди, Иегъовӕ ӕцӕгады Хуыцау кӕй у, ууыл. Иегъовӕ зоны, алцыдӕр ӕцӕгӕй куыд у, уый. Йӕ мӕнгард ныхмӕлӕууӕг Сайтанӕй хъауджыдӕр Иегъовӕ сайгӕ никуы кӕны. Уымӕй дарддӕр ма ӕцӕгад иннӕтӕн дӕр цӕстуарзонӕй ӕргом кӕны. Апостол Павел уымӕ сидти йе ’мчырыстӕттӕм: «Бафӕзмут Хуыцауы, уарзон сывӕллӕттау» (Ефесӕгтӕм 5:1, НФ). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уӕвгӕйӕ, нӕ бон куыд у Иегъовӕйау алкӕддӕр, раст цы у, уый дзурын ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ цӕрын? Цӕмӕн нӕ хъӕуы афтӕ аразын? Ӕмӕ цӕмӕн у нӕ бон фидарӕй зӕгъын, рӕстӕй чи цӕры, уыдоны Иегъовӕйы хорзӕх кӕй ис? Ӕркӕсӕм ӕмӕ йӕ базонӕм.

3, 4. Апостолтӕ Павел ӕмӕ Петр «фӕстаг бонты» тыххӕй цы загътой?

3 Мах ахӕм дуджы цӕрӕм, ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма акӕсай, динтӕ адӕмы сайынц. Апостол Павел, Хуыцауы удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, загъта, ацы «фӕстаг бонты» бирӕтӕ сӕхи Хуыцауы адӕймӕгтӕ кӕй хондзысты, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг кӕй нӕ уыдзысты. Иуӕй-иутӕ ӕцӕгады ныхмӕ лӕууынц, уымӕн ӕмӕ сты «зондӕй хӕлд». Уымӕй дарддӕр «фыдзӕрдӕ адӕм ӕмӕ сайджытӕ ӕнтыстджын сты фыддзинады, рӕдийындзинадмӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ рӕдийгӕйӕ». Кӕд ахӕм адӕймӕгтӕ ӕдзух ахуыр кӕнынц, уӕддӕр «ӕцӕгады бамбарынмӕ» никуы ӕрцӕуынц (НФ) (2 Тимофеймӕ 3:1, 5, 7, 8, 13).

4 Фӕстаг бонты тыххӕй ныффыссынмӕ Хуыцау сразӕнгард кодта апостол Петры дӕр. Петр куыддӕриддӕр загъта, раст афтӕ адӕм канд ӕцӕгады ныхмӕ нӕ цӕуынц, фӕлӕ ма худынц Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ дзы цы ӕцӕгад ис, уый чи хъусын кӕны, уыдоныл дӕр. «Сӕхи цыбӕлты фӕдыл» цӕугӕйӕ ахӕм адӕм ницӕмӕ дарынц, Нойы рӕстӕджы дуне донӕй куыд фесӕфт, афтӕ тагъд ацы дунейы дӕр Хуыцауы фыдӕх кӕй баййафдзӕн, уый. Сӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕугӕйӕ сӕхи кӕй сайынц, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау йӕ рӕстӕджы ӕнӕхуыцау адӕмы куы сафа, уӕд сӕ сӕртӕ додойаг фӕуыдзысты (2 Петры 3:3—7).

Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зонынц ӕцӕгад

5. Пехуымпар Данелы ныхӕстӕм гӕсгӕ «кӕроны рӕстӕджы» цавӕр хабар хъуамӕ ӕрцыдаид ӕмӕ уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст?

5 «Кӕроны рӕстӕджы» кой кӕнгӕйӕ, пехуымпар Данел загъта, бынтон ӕндӕр кӕй уыдзӕн хабар Хуыцауы адӕмы ’хсӕн — Хуыцауы ӕцӕгады зынг фӕстӕмӕ ссудздзӕн. Данел фыста: «Бирӕтӕ агурдзысты ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ суыдзысты парахат» (Данелы 12:4, НД). Фыдбыны Цӕстфӕлдахӕг Иегъовӕйы адӕмы нӕ бакуырм кодта ӕмӕ сын сӕ зонд не схӕццӕ кодта. Уыдон Библийы агуырдтой ӕмӕ ссардтой раст зонындзинӕдтӕ. Фыццаг ӕнусы Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта ӕцӕгад. Йесо сын «байгом кодта сӕ зонд Фыстыты бамбарынмӕ» (Лукайы 24:45). Афтӕ архайы Иегъовӕ абон дӕр. Йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ организацийы руаджы ӕгас зӕххыл ӕхсӕз милуан адӕймагӕй фылдӕрӕн раргом кодта, йӕхӕдӕг цы зоны, уый — ӕцӕгад.

6. Абон Хуыцауы адӕм Библийӕ цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй зонынц ӕцӕгад?

6 Мах, Хуыцауы адӕм, ӕмбарӕм, ӕнӕуи нӕ бон кӕй нӕ бауыдаид бамбарын, бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ. Мах зонӕм дзуапп ахӕм фарстытӕн, ацы дунейы зондджын лӕгтӕ миназты дӕргъы сӕ сӕртӕ кӕуыл хойынц, фӕлӕ сӕ бон бамбарын кӕй нӕу. Цӕвиттон, мах зонӕм, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, цӕмӕн мӕлынц, адӕмӕн ӕгас дуне баиу кӕнын ӕмӕ зӕхмӕ сабырдзинад ӕрхӕссын сӕ бон цӕуылнӕ у, уыдӕттӕ. Уымӕй дарддӕр нын Хуыцау ахӕм арфӕ ракодта, ӕмӕ сомбон цы уыдзӕн, уый ӕмбарӕм — мах зонӕм, Хуыцауы Паддзахад кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн ӕгас зӕххыл дӕр, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн ӕмӕ адӕм алцӕмӕй ӕххӕст кӕй суыдзысты. Мах базонгӕ стӕм Иегъовӕимӕ, Дунейы Стыр Хуыцауимӕ. Базыдтам, цы ӕвӕджиауы миниуджыты хицау у, ӕмӕ нӕ цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй йӕ хорзӕхӕй хайджын уӕм. Ӕцӕгад кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон у хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын. Ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый руаджы та хызт стӕм мард, ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй, цӕуӕм царды хуыздӕр фӕндагыл ӕмӕ нын ис фидӕны диссаджы ныфс.

7. Библийы цы ӕцӕгад ис, уый чи ӕмбары ӕмӕ йӕ чи не ’мбары?

7 Ды дӕр ӕцӕгад ӕмбарыс? Кӕд о, уӕд уый стыр хорзӕх у. Фыссӕг йӕ чиныг куы фӕфыссы, уӕд фӕархайы, цӕмӕй дзы фӕндаг ссара бӕлвырд адӕмы зӕрдӕмӕ. Чингуытӕй иутӕ фыст вӕййынц ахуыргонд адӕмӕн, иннӕтӕ сывӕллӕттӕн, аннӕтӕ — кӕцыдӕр бӕлвырд фадыджы кусджытӕн. Библи та кӕд алкӕй бон дӕр у кӕсын, уӕддӕр ын алчи не ’мбары йӕ хъуыды ӕмӕ алкӕмӕн нӕу зӕрдӕрухсы хос. Иегъовӕ йӕ радта сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмас адӕмӕн. Ӕмӕ йын уыдон ӕмбарынц йӕ мидис,— чифӕнды ма уӕнт, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма рацӕуӕнт, ахуыргонд уой ӕви бынтон ӕнахуыргонд, хъӕздыг ӕви мӕгуыр (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг кӕмӕн нӕу, уыдонӕн та Библи у «ӕхгӕд чиныг»,— цыфӕнды зӕнджын ӕмӕ стыр ахуыргонд ма уӕнт. Сӕрбӕрзонд ӕмӕ хъал адӕмӕн сӕ бон нӕу, Хуыцауы Ныхасы цы диссаджы ӕцӕгад ис, уый бамбарын (Матфейы 13:11—15; Лукайы 10:21; Куыстытӕ 13:48). Хуыцауы йедтӕмӕ кӕй бон у ахӕм чиныг раттын?!

Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм нӕй мӕнгдзинад

8. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо ӕгасӕй дӕр уыди ӕцӕгад?

8 Иегъовӕйау йӕ иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕм дӕр мӕнгдзинад нӕй. Йесо Чырысти, Иегъовӕйы сӕйраг Ӕвдисӕн, адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй дӕр ӕмӕ йӕ цардӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр фидар кодта ӕцӕгад. Йесо бӕлвырд кодта, Иегъовӕйӕн йӕ ныхас ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕцӕг кӕй сты. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо ӕгасӕй дӕр уыди ӕцӕгад, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ (Иоанны 14:6; Раргомад 3:14; 19:10).

9. Раст цы у, уый кӕй хъуамӕ дзурӕм, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

9 Йесо уыди «фарн ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕст», «йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас никуы схауд» (Иоанны 1:14, «Мах дуг» №5, 1992; Исай 53:9). Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр, Йесойы фӕзмгӕйӕ, алкӕддӕр дзурынц, раст цы у, уый. Павел йе ’муырнджытӕн ахӕм уынаффӕ радта: «Дзурут ӕцӕгдзинад алчи йӕхионӕн, уымӕн ӕмӕ мах стӕм кӕрӕдзийӕн уӕнгтӕ» (Ефесӕгтӕм 4:25). Уымӕй раздӕр пехуымпар Захари дӕр фыста: «Кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурут» (Захари 8:16). Чырыстӕттӕ уымӕн нӕ сайынц, ӕмӕ сӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды. Иегъовӕмӕ йӕхимӕ мӕнгдзинад нӕй, стӕй мӕнгдзинад куыд стыр бӕллӕхтӕм кӕны, уый дӕр хорз ӕмбары. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр, раст цы у, уый дзурой, уый дӕр ӕй уымӕн фӕнды.

10. Адӕм цӕмӕн фӕсайынц ӕмӕ сайын хорз цӕуылнӕ у?

10 Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, сайын хорз у, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы дӕ къухы бафтдзӕн, цы дӕ хъӕуы, уый. Адӕм сайынц, цӕмӕй ӕфхӕрд ма баййафой, цӕмӕй сӕхион сӕхирдыгӕй фӕуа, кӕнӕ та сын иннӕты цӕсты кад уа. Ӕцӕгӕй та сайын у лӕмӕгъдзинад — адӕймаг афтӕ сахуыр вӕййы ӕмӕ стӕй ӕндӕрхуызон йӕ бон нал вӕййы. Стӕй йӕ сӕйраг бӕллӕх уый у, ӕмӕ сайгӕ чи кӕны, уый Хуыцауы хорзӕх ницыхуызы ссардзӕн (Раргомад 21:8, 27; 22:15). Адӕм нӕ ӕнӕхин адӕймӕгтӕй куы зоной, уӕд нын нӕ ныхӕстыл нӕ гуырысхо кӕндзысты, ӕууӕнддзысты ныл. Фӕлӕ иунӕг хатт дӕр куы фӕсайӕм, уӕд нын, гӕнӕн ис, ӕмӕ дарддӕр нӕ алы ныхасыл дӕр дызӕрдыг кӕной. Ахӕм ӕмбисонд ис: «Иу гӕдыныхас таурӕгъ сафы». Кӕнӕ ма афтӕ дӕр фӕзӕгъынц: «Адӕймаг иу хатт йӕхи куы фенӕууӕнк кӕны, уӕд ыл ничиуал феууӕнды».

11. Мӕнгдзинад нӕм нӕй, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъынӕн, раст цы у, ӕрмӕст уый дзурын фаг цӕуылнӕ у?

11 Адӕймаг, раст цы у, уый куы дзура, ӕрмӕст уый фаг нӕу афтӕ зӕгъынӕн, ӕмӕ йӕм мӕнгдзинад нӕй: уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ царды алы къахдзӕфӕй дӕр; ахӕм хъуамӕ уа нӕ удысконд. Ӕцӕгад адӕмӕн ӕрмӕст ныхасӕй не ’ргом кӕнӕм, фӕлӕ цы аразӕм, уымӕй дӕр. «Иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ, дӕхи куыд нӕ ахуыр кӕныс? — бафарста апостол Павел.— Ӕргом амоныс ма давут! Дӕхӕдӕг та давыс? Дзурыс: хӕтаг ма ут,— дӕхӕдӕг та хӕтыс?» (Ромӕгтӕм 2:21, 22, НФ). Кӕд иннӕтӕн ӕцӕгад амонӕм, уӕд нӕхӕдӕг хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр уӕм раст ӕмӕ ӕууӕнкджын. Адӕм нӕ ӕнӕхӕрам ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймӕгтӕй куы зоной, уӕд сын цы амонӕм, уый сын сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр агайдзӕн.

12, 13. Ӕууӕнчы тыххӕй иу ӕрыгон чызг цы ныффыста ӕмӕ ахӕм фидар удыхъӕды хицау цӕй фӕрцы у?

12 Рӕстӕй цӕрын куыд ахсджиаг у, уый ӕмбарынц, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй нырма хӕрз ӕрыгон чи у, уыдон дӕр. Дженни, 13 азы йыл куы цыди, уӕд скъолайы йӕ фысгӕ куысты, ныффыста: «Мӕнӕн, ӕууӕнкджын уон, уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис царды. Хъыгагӕн, алы хъуыддаджы дӕр кӕуыл ис ӕууӕндӕн, ахӕм адӕм абон бирӕ нӕй. Фӕлӕ ӕз мӕхицӕн загътон, ме ’ууӕнк кӕй никуы фесафдзынӕн. Раст цы у, уый дзурдзынӕн, йӕ зӕгъын мӕхицӕн дӕр ӕмӕ ме ’мбӕлттӕн дӕр уыцы тӕккӕ пайда куы нӕ уа, уӕд дӕр. Ӕз ӕй зонын, мӕ хӕлӕрттӕ алкӕддӕр кӕй уыдзысты, сайгӕ чи нӕ кӕны, ӕууӕнк кӕуыл ис, ахӕм адӕймӕгтӕ».

13 Дженнийы куысты фӕдыл йӕ ахуыргӕнӕг загъта: «Афтӕ ӕрыгонӕй фидар уаг ӕмӕ ӕгъдауыл хӕст дӕ. Уырны мӕ, дарддӕр дӕр хӕрзӕгъдау кӕй уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ тынг фидар удыхъӕды хицау дӕ». Уыцы скъоладзау чызг афтӕ фидар цӕй фӕрцы уыд? Йӕ фысгӕ куысты разныхасы Дженни ныффыста, зӕгъгӕ мын мӕ дин «амоны, куыд цӕрон, уый». Уӕдӕй нырмӕ авд азы рацыди. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнӕг куыд загъта, афтӕ Дженни, иннӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтау, дарддӕр дӕр кӕны хӕрзӕгъдау цард.

Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕргом кӕнынц ӕцӕгад

14. Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл уыцы стыр бӕрндзинад цӕмӕн ис, ӕмӕ ӕцӕгады сӕрыл дзурой?

14 Раст у, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дарддӕр ма иннӕ адӕмӕй дӕр ис, чи нӕ сайы ӕмӕ рӕстӕй цӕрын чи архайы, ахӕмтӕ. Фӕлӕ махыл, Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл, иннӕтӕй хъауджыдӕр ис стыр бӕрндзинад — ӕцӕгады сӕрыл дзурын. Хуыцау нын нӕ бӕрны бакодта Библийы ӕцӕгад — ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ӕцӕгад. Ӕмӕ нӕ хӕс у, иннӕтӕн дӕр ӕй амонӕм. «Алкӕмӕй, бирӕ лӕвӕрд кӕмӕ ис, уымӕй бирӕ агуырд уыдзӕн» (Лукайы 12:48). Хуыцау уыцы кады аккаг кӕй скодта, ӕмӕ йӕхи тыххӕй диссаджы сусӕгдзинӕдтӕ кӕмӕн раргом кодта, уыдонӕй, ай-гъай дӕр, «бирӕ ӕрцагурдзӕн».

15. Адӕмӕн Библийы ӕцӕгад амонын дын стыр цины хос цӕмӕн у?

15 Адӕмӕн ӕцӕгад амонын — уый стыр амонд у. Фыццаг ӕнусы Йесойы ахуыргӕнинӕгтау мах дӕр хорз хабар — адӕмы зӕрдӕтӕтавӕг ныфсы хабар — хъусын кӕнӕм, «ӕнӕфыййау фыстау, фӕллад ӕмӕ хӕлиу» чи у ӕмӕ «хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕ» сӕ зонд кӕмӕн схӕццӕ кодтой ӕмӕ кӕй бакуырм кодтой, уыдонӕн (Матфейы 9:36, НФ; 1 Тимофеймӕ 4:1). Апостол Иоанн фыста: «Мӕ сабитӕ ӕцӕгады кӕй цӕуынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мын нӕй» (3 Иоанны 4, НФ). Иоаннӕн стыр цины хос уыди, йӕ «сабитӕ»,— ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгадимӕ кӕй базонгӕ кодта, уыдон,— Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый. Адӕм Хуыцауы Ныхасӕн куыд аргъ кӕнынц, уый куы фӕуынӕм, уӕд цинӕй байдзаг вӕййынц нӕ зӕрдӕтӕ дӕр.

16, 17. а) Ӕцӕгад алчи цӕуылнӕ исы? ӕ) Библийы ӕцӕгад адӕмӕн дзургӕйӕ цавӕр циндзинадӕй уыдзынӕ хайджын?

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕгад алчи нӕ исдзӕн. Йесо Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгад дзырдта, адӕм ӕм тынг куы нӕ хъуыстой, уӕд дӕр. Йӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы иудейтӕн иухатт афтӕ загъта: «Цӕуылнӕ ӕууӕндут Мӕныл? Хуыцауӕй чи у, уый хъусы Хуыцауы дзырдтӕм, сымах уымӕн нӕ хъусут, ӕмӕ не стут Хуыцауӕй» (Иоанны 8:46, 47).

17 Йесойау мах дӕр нӕхиуыл фӕстӕ нӕ хӕцӕм, Иегъовӕйы тыххӕй цы зынаргъ ӕцӕгад зонӕм, уый иннӕтӕн дзурынӕй. Зонӕм ӕй, цы дзурӕм, уый алчи кӕй нӕ исдзӕн — Йесо цы дзырдта, уымӕ дӕр алчи нӕ хъуыста. Фӕлӕ уӕддӕр цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ раст цы у, уый аразӕм. Иегъовӕ адӕмы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнды, ӕцӕгад сӕ алчидӕр куы базонид. Ӕмӕ уыцы ӕцӕгад чырыстӕтты бӕрны кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ уыдон ацы талынг дунемӕ хӕссынц рухс. Нӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр ӕцӕгады рухс тӕмӕн куы кала, уӕд уый фӕрцы иннӕтӕ дӕр кадджын кӕндзысты нӕ уӕларвон Фыды (Матфейы 5:14, 16). Мах ӕргом дзурӕм, Сайтан нын ӕцӕгады ӕфсон цы хъары, уый кӕй нӕ исӕм ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг ӕмӕ раст Ныхас цы дзуры, ӕрмӕстдӕр ууыл кӕй хӕцӕм. Цы ӕцӕгад зонӕм ӕмӕ амонӕм адӕмӕн, уыцы ӕцӕгад йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдонӕн хӕссы ӕцӕг сӕрибардзинад (Иоанны 8:32).

Цӕрут рӕстӕй

18. Йесо Нафанаилӕн цӕмӕн ӕмӕ куыд скад кодта?

18 Йесо уарзта ӕцӕгад ӕмӕ дзургӕ дӕр кодта, раст цы у, уый. Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ хорзӕхӕй хайджын кодта ӕнӕхин адӕмы. Зӕгъӕм, Нафанаилы тыххӕй Йесо загъта: «Мӕнӕ ацы лӕг Израилаг, ӕнӕгӕды» (Иоанны 1:47, «Мах дуг» №5, 1992). Фӕстӕдӕр Йесо йӕ 12 апостолы куы равзӕрста, уӕд сӕ иу уыд Нафанаил, хуыдтой ма йӕ Варфоломей дӕр (Матфейы 10:2—4). Цы ма уа уымӕй стырдӕр кад!

19—21. Кӕддӕры куырм адӕймаг, раст цы у, уый зӕгъынӕй кӕй нӕ фӕтарст, уый тыххӕй йӕм цавӕр кад ӕрхауд?

19 Библийы, Иоанны Евангелийы иу сӕры ӕнӕхъӕнӕй, дзырд цӕуы, Йесо кӕмӕн раарфӕ кодта, ӕндӕр ахӕм ӕнӕхин лӕджы тыххӕй. Йӕ ном ын нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, уыцы лӕг куырмӕй кӕй райгуырд ӕмӕ мӕгуыргур кӕй цыди. Йесо йын йӕ цӕстырухс куы раздӕхта, уӕд адӕмы дисӕн кӕрон нал уыди. Уыцы диссаг фарисейтӕй кӕйдӕрты хъустыл ӕрцыд. Фарисейтӕн ӕцӕгад уыди сӕ цӕстысындз ӕмӕ сӕхимидӕг баныхас кодтой, Йесойыл чи ӕууӕнда, уыдоны-иу ӕмбырдгӕнӕнӕй кӕй фӕсурдзысты. Уый зонгӕйӕ, раздӕр куырм чи уыди, уыцы лӕппуйы ныййарджыты тас бацыди ӕмӕ фарисейтӕн мӕнг загътой, нӕ фырт йӕ цӕстӕй куыд ракаст ӕмӕ йӕ чи сдзӕбӕх кодта, уый нӕ зонӕм, зӕгъгӕ (Иоанны 9:1—23).

20 Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы лӕджы та ногӕй ӕрбакодтой фарисейты размӕ. Кӕд ӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зыдта, уӕддӕр нӕ фӕтарст, раст цы у, уый зӕгъынӕй. Радзырдта сын, цӕстӕй куыд ракаст, уыдӕттӕ, комкоммӕ сын загъта, Йесо йӕ кӕй сдзӕбӕх кодта, уый дӕр. Йесо Хуыцауӕй кӕй у, ууыл ахӕм дзырддзӕугӕ ӕмӕ ахуыргонд лӕгтӕ кӕй не ’ууӕндынц, уыцы хъуыддагыл дисгӕнгӕйӕ сӕм раздӕры куырм ӕрсидт, сӕхи цӕстӕй цы уыдтой, ууыл басӕттынмӕ: «Уый Хуыцауӕй куы нӕ уаид, уӕд ницы уаид кӕнын Йӕ бон». Фарисейтӕ ма цы загътаиккой, уый нал зыдтой, ӕмӕ семӕ афтӕ ныхас кӕнын кӕй бауӕндыд, уый тыххӕй йӕ уырдыгӕй ратардтой (Иоанны 9:24—34).

21 Йесо уыдӕттӕ куы базыдта, уӕд ӕм йӕ уарзагзӕрдӕ сдзырдта уыцы лӕджы ӕрцагурын. Куы йӕ ссардта, уӕд ын фӕфидар кодта, уӕдмӕ дӕр хъуыддагӕй кӕй равдыста, уыцы уырнындзинад. Йесо йын комкоммӕ загъта, Мессиа кӕй у. Цӕй стыр кад ӕрхауд уыцы лӕгмӕ, раст кӕй загъта, уый тыххӕй! Ӕнӕмӕнг, Хуыцауы хорзӕх ис, раст чи дзуры, уыдоны (Иоанны 9:35—37).

22. Цӕмӕн нӕ хъӕуы рӕстӕй цӕрын?

22 Ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ цӕрын нӕ кӕй хъӕуы, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Ӕнӕ уымӕй нӕдӕр адӕмимӕ бауыдзӕн нӕ бон хӕларӕй цӕрын ӕмӕ нӕдӕр Хуыцауимӕ. Мӕнгдзинад кӕмӕ нӕй, уый у ӕргомдзырд, ӕнӕхин, ӕнцондзырд ӕмӕ ӕууӕнкджын, ӕмӕ ахӕм адӕймаджы ис Иегъовӕйы хорзӕх (Псалом 14:1, 2). Гӕдылӕг та у мӕнгард, ӕнӕууӕнк ӕмӕ фӕлитой; ахӕм адӕймаг исы Иегъовӕйы фыдӕх (Ӕмбисӕндтӕ 6:16—19). Уӕдӕ де ’ппӕт хъарутӕ дӕр ратт рӕстӕй цӕрынмӕ. Цӕмӕй ӕцӕгады Хуыцауы фӕзмӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ зонӕм ӕцӕгад, дзурӕм, раст цы у, уый ӕмӕ цӕрӕм рӕстӕй.

Цавӕр дзуапп раттис?

• Ӕцӕгад кӕй зонӕм, уый тыххӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

• Цы хъӕуы, цӕмӕй Иегъовӕйау махмӕ дӕр мӕнгдзинад ма уа?

• Библийы ӕцӕгад иннӕтӕн кӕй амонӕм, уый фӕрцы цавӕр хорздзинӕдтӕй стӕм хайджын?

• Цӕмӕн нӕ хъӕуы рӕстӕй цӕрын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Хуыцау чырыстӕтты бӕрны бакодта Библийы ӕцӕгад, ӕмӕ йӕ адӕмӕн зӕрдиагӕй амонынц.

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы куырм лӕг, раст цы у, уый загъта ӕмӕ йӕм стыр кад ӕрхауд.