Библи — бинонты иугӕнӕг
Библи — бинонты иугӕнӕг
ӔМКЪАЙАД — ацы дзырд иуӕй-иутӕм сӕвзӕрын кӕны ӕхсызгон хъуыдытӕ, иннӕтӕн та сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ сног кӕны. «Афтӕ мӕм кӕсы, цыма мӕ лӕгӕй хицӕн дӕн,— хъаст кӕны иу сылгоймаг.— Кӕй никӕй хъӕуын, иунӕг кӕй дӕн, уыцы хъуыды мӕ уӕгъд нӕ уадзы».
Кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийыл кӕй ауддзысты, ахӕм дзырд кӕддӕр цы дыууӕ адӕймаджы радтой, уыдоны цы адард кӕны? Арӕх афтӕ рауайы, ӕмкъайад цы у, уый кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. «Бинонтӕ скӕнӕм, фӕлӕ бинонты цардмӕ ӕппындӕр цӕттӕ нӕ вӕййӕм»,— бафиппайдта медицинӕйы фадыджы кусӕг журналист.
Ӕмкъайады цӕдисы чи бацӕуы, уыдонӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл зонындзинӕдтӕ стӕмтӕм кӕй вӕййы, уый рабӕрӕг, Ратгерсы номыл Университет (АИШ, штат Нью-Джерси) ӕмкъайады фарстыты фӕдыл националон программӕмӕ гӕсгӕ цы иртасӕнтӕ ауагъта, уымӕй. «Кӕй бафарстӕуыд, уыдонӕй бирӕтӕ сты, йӕ ныййарджытӕ ӕвзӕр кӕмӕн цардысты кӕнӕ хицӕн кӕмӕн уыдысты, ахӕмтӕ,— фыссынц проекты разамонджытӕ.— Уыдон хорз зонынц, цы у ӕвзӕр ӕмкъайад, фӕлӕ сӕ бон бӕлвырд нӕу зӕгъын, хорз ӕмкъайад цавӕр хъуамӕ уа, уый. Иуӕй-иутӕн хорз ӕмкъайады тыххӕй сӕ бон у ӕрмӕстдӕр зӕгъын, зӕгъгӕ мӕ ныййарджытӕ куыд цардысты, уый уымӕй тынг хицӕн кӕны».
Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы зындзинӕдтӕ сӕвзӕры, уыдонӕй чырыстӕттӕ хызт сты? Нӕ. Фыццаг ӕнусы дӕр ма чырыстӕттӕй иуӕй-иуты хъуыди уынаффӕ, цӕмӕй «ма агуырдтаиккой [се ’мкъӕйтты] ауадзынӕн» ӕфсӕнттӕ (1 Коринфӕгтӕм 7:27, НФ). Бӕрӕг у, дыууӕ ӕнӕххӕст адӕймаджы иумӕ куы цӕрой, уӕд сӕ царды рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ кӕй ӕмбӕлдзысты зындзинӕдтыл, фӕлӕ ӕххуыс кӕм ссарӕм, уый нын ис. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон у сӕ ахастытӕ фӕхуыздӕр кӕнын, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕргӕйӕ.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи бинонты цардӕн уынаффӕты ӕмбырдгонд нӕу. Фӕлӕ йӕ кӕд, ӕмкъайады цӕдисӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, Уый ныффыссын кодта, уӕд нӕ бон у зӕгъын, йӕ уынаффӕтӕ ахъаз кӕй сты. Пехуымпар Исайы уылты Иегъовӕ Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Ехх, ӕмӕ мын мӕ амындтӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн уаид цӕугӕдонау, дӕ рӕстад та — денджызы уылӕнтау» (Исай 48:17, 18).
Кӕддӕр дӕ де ’мкъаимӕ цы уарзондзинад иу кодта, уый уӕ зӕрдӕты мынӕг кӕнын райдыдта? Уарзондзинад кӕм нӕй, ахӕм ӕмкъайады дӕхи къӕппӕджы бахауӕгау хатыс? Йӕ лӕгимӕ 26 азы чи цӕры, иу ахӕм сылгоймаг загъта: «Ахӕм цард цы рис ӕвзарын кӕны, уый зын афыссӕн у. Уыцы рис никуы банцайы ӕмӕ дзы фервӕзӕн дӕр нӕй». Фенамонд дӕн, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыдыимӕ цӕрыны бӕсты цӕуылнӕ ис уӕ ахастыты исты фӕивӕн? Иннӕ статьяйы дзырд цы Библийы уагӕвӕрдтыл цӕудзӕн, уыдон лӕг ӕмӕ усӕн баххуыс кӕндзысты се ’мкъайады иу ахсджиаг хъуыддаджы — кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый ӕххӕст кӕнынӕн.