Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ искӕуыл ис ӕууӕндӕн?

Цымӕ искӕуыл ис ӕууӕндӕн?

Цымӕ искӕуыл ис ӕууӕндӕн?

1989 АЗЫ Берлины сис куы ныппырх, уӕд рахъӕр сты, раздӕр авд гуыдыры ӕвӕрд кӕуыл уыд, ахӕм сусӕг хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, Лидӕ * базыдта, Ныгуылӕн Германы социалистон хицауад куы уыд, уӕд Штази, Паддзахадон Ӕдасдзинады Службӕ, йӕ фӕдыл кӕй зылд ӕмӕ Лидӕ цыдӕриддӕр арӕзта, уыдон йӕхимӕ кӕй фыста. Лидӕ уый ӕнхъӕл, ай-гъай, нӕ уыд, фӕлӕ бынтон арвы цӕфау та фӕци, Штазимӕ ӕвзаг чи хаста, уый куы базыдта, уӕд — уый уыдис йӕ лӕг. Лидӕйыл гадзрахатӕй рацыд, мисхал дӕр кӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кодтаид, уыцы адӕймаг.

Лондоны газет «Таймс»-ы фыстӕуыд, Роберт, ацӕргӕ уӕздан лӕг, йӕ дохтыры кӕй нымадта «тынг кадджын, цыфӕнды хъуыддаджы дӕр баууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм хӕрзӕгъдау адӕймагыл». Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы дохтыр уыд «зӕрдӕхӕлар, ӕмбӕрста адӕймаджы рис». Ӕнӕнхъӕлӕджы Роберт амард. Мыййаг йӕ зӕрдӕ аскъуыд ӕви йӕ паралич ныццавта? Нӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дохтыр Робертмӕ хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йын йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты ӕвастӕй ахӕм судзин сарӕзта, ӕмӕ дзы амард. Роберты амардта, мисхал дӕр дызӕрдыг кӕуыл нӕ кодта, уыцы адӕймаг.

Лидӕйыл дӕр ӕмӕ Роберттыл дӕр ахӕм ӕвирхъау бӕллӕхтӕ ӕрцыд, фидарӕй кӕуыл ӕууӕндыдысты, уыдон сыл сайдӕй кӕй рацыдысты, уый тыххӕй. Уый алы хатт ахӕм стыр бӕллӕхтӕ нӕ расайы. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа,— ӕууӕнк фӕсайын стӕм хабар нӕу. Ӕрфарстытӕ уадзӕг сӕйраг гермайнаг институт куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй иу ӕрфарсты архайджытӕн сӕ 86 проценты сайды фесты, кӕуыл ӕууӕндыдысты, ахӕм адӕймагӕй («Allensbacher Jahrbuch der Demoskopie 1998—2002»). Чи зоны, ахӕм цыдӕр ды дӕр бавзӕрстай. Ӕмӕ нӕм уӕдӕ цы диссаг хъуамӕ кӕса, 2002 азы швейцайраг газет «Нойе цюрихер цайтунг»-ы кӕй ныффыстӕуыд, зӕгъгӕ, «размӕцыд ныгуылӕн бӕстӕты къаддӕрӕй-къаддӕр кӕны, кӕрӕдзиимӕ сӕ ахастытӕ ӕууӕнкыл кӕмӕн ӕнцайынц, ахӕм адӕймӕгты нымӕц, ӕмӕ афтӕ у хабар бирӕ азты дӕргъы».

Йе ссарынӕн рӕстӕг хъӕуы, йӕ фесафынӕн — уысм

Цы у ӕууӕнк? Иннӕтыл ӕууӕндын уый у, ӕмӕ дӕ куы уырна, уыдон ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй сты ӕмӕ дын барӕй кӕй ницы фыд ракӕндзысты. Ӕууӕнк ссарынӕн рӕстӕг хъӕуы, йӕ фесафынӕн та уысм дӕр фаг у. Бирӕтӕ уынынц, кӕуыл ӕууӕндынц, уыдон арӕх уымӕй кӕй пайда кӕнынц. Уӕдӕ кӕй никӕуыл уал ӕууӕндынц, уый исты диссаг у? 2002 азы Германы мыхуыры цы иртасӕн куыст рацыд, уымӕ гӕсгӕ «фӕсивӕдӕн йӕ иу ӕртыккаг хай дӕр не ’ууӕндынц, сӕ алыварс чи ис, уыдоныл».

Чи зоны, хъуыды кӕнӕм: «Цымӕ искӕуыл ис фидарӕй ӕууӕндӕн? Адӕмыл ӕууӕндӕн ис, кӕд нӕ, гӕнӕн ис, сайгӕ дӕр фӕкӕной, уӕддӕр?»

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

Иу ӕрфарсты архайджытӕн сӕ 86 проценты сайды фесты, кӕуыл ӕууӕндыдысты, ахӕм адӕймӕгтӕй.