Ӕнӕ ӕууӕнкӕй царды амонд нӕй
Ӕнӕ ӕууӕнкӕй царды амонд нӕй
АДӔЙМАГ хӕринагӕй куы фӕхъӕстӕ вӕййы, уӕд йӕхи тынг ӕвзӕр фӕхаты. Ахӕм хабар цалдӕр хатты кӕуыл ӕрцӕуы, уый хӕринаг ӕвзарын фӕхъӕуы. Фӕлӕ та куы фӕхъӕстӕ уа, уый тасӕй бынтон йӕ дзыхмӕ мацыуал иса, уый дӕр раст нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй йӕхицӕн ноджы тынгдӕр цы разиан кӕна, ӕндӕр ын ӕххуыс ницы фӕуыдзӕн. Ӕнӕ хӕринаг лӕг бирӕ нӕ ахӕсдзӕн.
Раст афтӕ зын вӕййы, искӕй ӕууӕнк куы фӕсайынц, уый дӕр. Цалдӕр хатты куы фӕуӕм ӕууӕнксайд, уӕд ӕвӕццӕгӕн, фылдӕр хъуыды кӕндзыстӕм, нӕхицӕн хӕлӕрттӕн кӕй ӕвзарӕм, ууыл. Фӕлӕ ныл исчи сайдӕй куы рацӕуа, уый тасӕй адӕмӕй нӕхи бынтон бамбӕхсӕм, хъуыддаг уымӕй нӕй алыг кӕнӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ иннӕтыл ӕнӕууӕнк куы кӕнӕм, уӕд уымӕй къахыр кӕны нӕхи амонд. Цӕмӕй цардӕй райгонд уӕм, уый тыххӕй нын хъуамӕ уа, зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ банцойгӕнӕн кӕуыл уа, ахӕм исчи.
Иу чиныджы дзырдӕуы: «Ӕууӕнк у, адӕмы ӕрвылбон кӕрӕдзиимӕ ӕнӕуи ныхас кӕнынӕн дӕр кӕй сӕр хъӕуы, уыцы сӕйрагдӕр рахӕцӕнтӕй иу» («Jugend 2002»). «Адӕймаг зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ йӕхи кӕуыл бакъул кӕна, уый алкӕйдӕр хъӕуы»,— ахӕм ныхӕстӕ ис газет «Нойе цюрхер цайтунг»-ы. «Ӕууӕнк у цард аразӕг», уый афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ «ӕнӕ уымӕй фӕцӕрӕн нӕй». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уыцы газет дарддӕр куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕнӕ ӕууӕнкӕй «адӕймагӕн йӕ бон ницы бауыдзӕн».
Иугӕр нӕ афтӕ тынг хъӕуы нӕ зӕрдӕ искӕуыл банцой кӕнын, не ’ууӕнк искӕуыл бафтауын, уӕд ахъуыды кӕнын хъӕуы: нӕ ныфс сӕвӕрӕн кӕуыл ис ӕмӕ нын не ’ууӕнк чи никуы фӕсайдзӕн, ахӕм адӕймаг ис?
Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Иегъовӕйыл
«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Иегъовӕйыл»,— дзуры нын Библи (Ӕмбисӕндтӕ 3:5). О, Хуыцауы Ныхас нӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ дарӕм не Сфӕлдисӕгыл — Иегъовӕ Хуыцауыл.
Цӕмӕн у нӕ бон нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарын? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ Иегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау. Пехуымпар Исай фыста: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Иегъовӕ» (Исай 6:3). Чи зоны дӕ Иегъовӕ, сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕй йӕхимӕ не ’лвасы. Уӕвгӕ та зӕрдӕ уыцы хъуыдыйӕ хъуамӕ рухс кӕна, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, Иегъовӕ кӕй у уаз, ӕвзӕрдзинадимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы ис ӕмӕ йыл нӕ бон кӕй у нӕ зӕрдӕ фидарӕй дарын. Иегъовӕ йе ’фсарм никуы бахӕрдзӕн кӕнӕ нӕ хъыджы никуы бацӕудзӕн, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ нын не ’ууӕнк фӕсайа.
Нӕ ныфс Хуыцауыл сӕвӕрын ма нӕ бон ноджыдӕр уымӕн у, ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн баххуыс кӕнын йӕ бон дӕр у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны. Зӕгъӕм, ӕмбисонды тыхы хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у цыфӕнды дӕр саразын. Цы аразы, уый аразы йӕ ӕххӕст зонд ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ цыдӕриддӕр аразы, уымӕ йӕ разӕнгард та кӕны, ӕмбал кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы уарзондзинад. «Хуыцау у уарзондзинад»,— ныффыста апостол Иоанн (1 Иоанны 4:8). Хуыцауӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр зыны йӕ уарзондзинад. Иегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр арфӕйаг миниуджыты хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уымӕй хуыздӕр Фыд нӕй, нӕ бон ыл у цыфӕнды хъуыддаджы дӕр нӕ ныфс сӕвӕрын. Иегъовӕйыл куыд ис зӕрдӕ дарӕн, афтӕ ӕндӕр никӕуыл ӕмӕ ницӕуыл.
Иегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ амондджынӕй цӕр
Иегъовӕйыл ма ноджыдӕр уымӕн у нӕ бон ӕууӕндын, ӕмӕ нӕ уый хуызӕн ничи ӕмбары. Уый зоны, алы адӕймаджы дӕр кӕй хъӕуы, цӕмӕй йе Сфӕлдисӕгыл фидарӕй йӕ зӕрдӕ дара, уа йӕ хӕлар. Ахӕм хӕлар кӕмӕн ис, уыдон царды сты ныфсджындӕр. «Тӕхудиаг у адӕймаг, кӕцы Хицауыл [«Иегъовӕйыл», НД] ӕвӕры йӕ ныфс»,— загъта паддзах Давид (Псалом 39:5). Абон бирӕтӕ разы сты Давиды ныхӕстыл.
Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Дорис алы бӕстӕты царди: Доминиканон Республикӕйы, Германы, Грецийы ӕмӕ Америкы Иугонд Штатты. Мӕнӕ цы дзуры: «Ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Иегъовӕйыл, ӕмӕ дӕн амондджын. Уый зоны, цы мӕ хъӕуы царды ӕнӕуи дӕр, мӕ уырнындзинадӕн дӕр ӕмӕ мӕ уды домӕнтӕн дӕр. Уымӕй хуыздӕр хӕлар никуы и». Мӕнӕ цы зӕгъы Вольфганг та (кусы барадон фарстаты фӕдыл уынаффӕгӕнӕгӕй): «Дӕ хорздзинадыл зӕрдӕйӕ чи тыхсы, дӕуӕн иууыл хуыздӕр цы у, уый саразын йӕ бон кӕмӕн у,— ӕмӕ йӕ аразгӕ дӕр чи скӕндзӕн,— ахӕм кӕмӕйдӕр ныфсджын уай, уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа!» Байхъусӕм Хэм мӕ дӕр, уый райгуырд Азийы, ныртӕккӕ та цӕры Европӕйы: «Ӕз фидарӕй зонын, Иегъовӕйӕн алцӕуылдӕр йӕ бар кӕй цӕуы ӕмӕ рӕдийгӕ кӕй нӕ кӕны, ӕмӕ Хуыцауыл мӕ бон мӕ зӕрдӕ банцой кӕнын кӕй у, уый мӕхицӕн нымайын стыр амондыл».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не Сфӕлдисӕгӕй уӕлдай ма нӕ алкӕйдӕр хъӕуы адӕмыл дӕр ӕууӕндын. Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ, нӕ алцызонӕг ӕмӕ фенӕг хӕлар, амоны, цавӕр адӕймӕгтыл ис ӕууӕндӕн. Библи лӕмбынӕг кӕсгӕйӕ мах ссардзыстӕм, ацы хъуыддаджы нын цы уынаффӕ дӕтты, уый.
Цавӕр адӕймӕгтыл ис ӕууӕндӕн
«Ма ӕвӕрут уӕ ныфс ӕлдӕрттыл, адӕймаджы фыртыл, кӕцымӕ нӕй ирвӕзындзинад»,— фыста псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 145:3). Ацы ныхӕстӕ, Хуыцауы разамындӕй фыст ныхӕстӕ нын ӕххуыс кӕнынц, адӕмӕй бирӕтыл ӕууӕнк кӕй нӕй, уый бамбарынӕн. Ацы дунейы арвмӕ сисынц «ӕлдӕртты», зӕгъӕм, ӕхсӕнады дзырддзӕугӕ лӕгты ӕмӕ зонады алы фадгуыты дӕсныты. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сыл ӕууӕндӕн ис. Ахӕм «ӕлдӕрттӕн» сӕ уынаффӕтӕ арӕх раст нӕ вӕййынц, ӕмӕ сӕ адӕм сӕхицӕн цы ныфс бавӕрынц, уымӕй та, бирӕ нӕ рацӕуы, афтӕ фыдӕнхъӕл фӕвӕййынц.
Рацыд 18:21). Цы ис ацы ныхӕстӕй зондӕн райсӕн?
Фӕлӕ уый тыххӕй ӕппындӕр макӕуыл уал ӕууӕндӕм, уый раст нӕу. Ӕрмӕст нӕ хъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын, не ’ууӕнк кӕуыл бафтауӕм, уыдоны ӕвзаргӕйӕ. Куыд ис базонӕн, адӕймагыл баууӕндӕн ис ӕви нӕ? Тынг нын феххуыс уыдзӕн рагон Израилы адӕмы цардӕй иу хабар. Цалдӕр адӕймаджы бӕрны бакӕнын хъуыди тынг стыр хӕстӕ ӕмӕ Моисейӕн лӕвӕрд ӕрцыд ахӕм уынаффӕ, зӕгъгӕ, «ӕппӕт адӕмӕй равзар фӕлтӕрд лӕгтӕ, Хуыцауӕй чи тӕрсы, ӕууӕнкджын чи у, хӕрам ӕфтиагӕй йе сӕфт чи уыны, ахӕмты» (Уыцы лӕгтӕ цалынмӕ ахӕм бӕрнон бынӕтты ӕвӕрд не ’рцыдысты, уӕдмӕ дӕр царды ӕвдыстой Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытӕ. Уӕдмӕ дӕр бӕрӕг уыди, Хуыцауы тас сӕм кӕй уыд: уыдон аргъуыц кодтой се Сфӕлдисӕгӕй ӕмӕ тарстысты йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй. Алчидӕр ӕй уыдта, уыцы лӕгтӕ, сӕ бон цы уыди, уымӕй фидар кӕй хӕцыдысты Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдауыл. Уыдон се сӕфт уыдтой хӕрам ӕфтиагӕй, ӕмӕ уый та дзурӕг уыди, фидар удыхъӕды хицау кӕй уыдысты ӕмӕ уый фӕрцы стыр бынаты дӕр се ’фсарм кӕй нӕ бахордтаиккой. Уыдон афтӕ никуы ахъуыды кодтаиккой, зӕгъгӕ ныл адӕм баууӕндыдысты, ӕмӕ ныр нӕ бон у нӕхи, стӕй уӕд нӕ хиуӕттӕ, не ’рдхӕрдты пайдайӕн архайын.
Хорз нӕ уаид, не ’ууӕнк кӕуыл бафтауӕм, уыдоны ӕвзаргӕйӕ мах дӕр ацы барӕнтӕй куы бариккам? Хуыцауы тас ӕм кӕй ис, уый йӕ уаг, йе ’гъдауӕй кӕмӕн у бӕрӕг, ахӕм адӕймӕгты зонӕм? Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдауыл фидар чи хӕцы, ӕнаипп чи у ӕмӕ раст цы нӕу, уый чи нӕ кӕны? Рӕстудӕй чи цӕры, ӕмӕ цыфӕнды уавӕры дӕр, сӕхицӕн дзы цы ратоной кӕнӕ сӕхи фӕнд куыд акӕной, ууыл чи нӕ архайы? Ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтыл нӕ бон у не ’ууӕнк бафтауын.
Иу хатт куы фӕфыдӕнхъӕл уай, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд
Кӕуылдӕр не ’ууӕнк бафтауӕм, уыцы хъуыддаджы тагъд кӕнын нӕ хъӕуы, уымӕн рӕстӕг хъӕуы. Зонды нысан уыдзӕн, адӕймагыл де ’ууӕнк куы ӕфтауай цадӕггай, бонӕй-бонмӕ. Куыд? Адӕймагмӕ иу цасдӕр нӕ хъус куы дарӕм, уӕд фендзыстӕм, алы уавӕрты йӕхи цыхуызӕнӕй равдисы. Гыццыл хъуыддӕгты йыл ис баууӕндӕн? Зӕгъӕм, кӕмӕйдӕр цыдӕр райста, уӕд ын ӕй афоныл ратты фӕстӕмӕ, кӕнӕ, цы рӕстӕгмӕ баныхас кӕнут, уӕд ӕрбацӕуы? Кӕд о, уӕд ыл, чи зоны, стырдӕр хъуыддӕгты дӕр дӕ бон суа баууӕндын. Уый у растдӕр мӕнӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: «Гыццылыл ӕууӕнкджын ӕууӕнкджын у бирӕйыл дӕр, фӕлӕ гыццылыл ӕнӕууӕнк бирӕйыл дӕр ӕнӕууӕнк у» (Лукайы 16:10). Ӕмбаргӕ куы уӕм ӕмӕ тагъд куы нӕ кӕнӕм, уӕд афтӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм, ӕмӕ зӕрдӕхӕлд фӕуӕм.
О фӕлӕ нын, зӕгъгӕ, чидӕр не ’ууӕнк фӕсайдта, уӕд та? Библиимӕ зонгӕ чи у, уыдон хъуыды кӕндзысты, Йесо Чырыстийы, цы ӕхсӕв ӕй ӕрцахстой, уыцы ӕхсӕв йӕ апостолтӕ кӕй ныууагътой. Искариотаг Иудӕ йыл гадзрахатӕй рацыд, иннӕтӕ та фыртӕссӕй фӕлыгъдысты. Петр ма Йесойыл ӕртӕ хатты ӕвдисӕн дӕр бакодта. Фӕлӕ уӕддӕр Йесо ӕмбӕрста, ӕрмӕст Иудӕ кӕй архайдта зонгӕ-зонын. Кӕд Йесо ахӕм уынгӕджы сахат иунӕгӕй баззад, уӕддӕр ын уый къуылымпыйы хос нӕ фӕци: нымадӕй цалдӕр къуырийы фӕстӕ йӕ 11 апостолӕн йӕ ныхӕстӕй равдыста, йӕ зӕрдӕ сыл кӕй дардта, уый (Матфейы 26:45—47, 56, 69—75; 28:16—20). Уӕдӕ махмӕ дӕр афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нын чидӕр не ’ууӕнк фӕсайдта, уӕд хорз уаид ахъуыды кӕнын: мӕнгард хъуыддаг мӕм цы фӕкаст, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы адӕймагыл ӕууӕнк нӕй ӕви уый ӕрмӕстдӕр ӕнӕххӕст буары уысмон лӕмӕгъдзинад уыди?
Мӕхиуыл ис ӕууӕндӕн?
Йӕхицӕн ӕууӕнкӕмбал чи агуры, уый хъуамӕ йӕхи зӕрдӕмӕ дӕр ныккӕса ӕмӕ йӕхи бафӕрса: «Мӕнӕн мӕхиуыл ис ӕууӕндӕн? Ӕууӕнчы хъуыддаджы цӕмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон мӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр?»
Ӕууӕнкджын адӕймаг кӕддӕриддӕр дзуры, раст цы у, уый (Ефесӕгтӕм 4:25). Ахӕм адӕймаг искӕй цӕстмӕ нӕ фӕдзуры, йӕ зӕрдӕ йын алхӕнон, зӕгъгӕ. Иугӕр дзырд радта, уӕд цыфӕндыйӕ дӕр йӕ дзырдӕн хицау уыдзӕн (Матфейы 5:37). Ӕууӕнкджын лӕгыл исчи йӕ сусӕг зӕгъинӕгтӕ куы баууӕнда, уӕд сӕ адӕмыл нӕ ахъӕр кӕндзӕн. Ахӕм адӕймаг ӕнувыд у йӕ цардӕмбалыл. Уый нӕ кӕсы хӕлд нывтӕм, зӕрдӕйы чъизи монцтӕ цы гуырын кӕны, уыдӕттыл хъуыды кӕнын йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы, искӕимӕ хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ нӕ кӕны (Матфейы 5:27, 28). Ӕууӕндӕн ахӕм адӕймагыл ис, ӕмӕ йӕхи дӕр, йӕ бинонты дӕр йӕхи уды фӕллойӕ чи дары ӕмӕ, иннӕты хардзӕй ӕхца ӕнцонӕй куыд бакуса, уый чи нӕ агуры (1 Тимофеймӕ 5:8). Ацы хорз уынаффӕтӕн сӕ рахӕцӕн ис Хуыцауы Ныхасы ӕмӕ, не ’ууӕнк кӕуыл ис бафтауӕн, ахӕм адӕймӕгты агургӕйӕ ацы барӕнтӕй куы барӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн се ссарын. Стӕй нӕхӕдӕг дӕр ахӕм ӕгъдауыл хӕст куы уӕм, уӕд ныл адӕм се ’ууӕнк бафтауынӕй нӕ тӕрсдзысты.
Цы диссаг уаид, алкӕуыл дӕр ӕууӕнк кӕм уа ӕмӕ иу иннӕйы фыдӕнхъӕл кӕм нал кӕна, ахӕм дунейы цӕрын! Аргъӕуттӕ, зӕгъыс ды? Библийы зӕрдӕвӕрдтыл чи ӕууӕнды, уыдон афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Хуыцауы Ныхас зӕгъы, кӕй уыдзӕн, мӕнгард, сайд, фӕлывд ӕмӕ ӕфхӕрдӕн йӕ кой дӕр кӕм нал уыдзӕн, маст, низ ӕмӕ суанг мӕлӕт дӕр кӕм нал уыдзӕн, ахӕм алӕмӕты «ног зӕхх»! (2 Петры 3:13; Псалом 36:11, 29; Раргомад 21:3—5). Куыд дӕм кӕсы, уыцы фидӕны тыххӕй фылдӕр базонын нӕ хъӕуы? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй радзурдзысты уый тыххӕй, стӕй ма дын дзуапп ратдзысты бирӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕн дӕр.
[Ныв 4 фарсыл]
Иннӕтыл ӕнӕууӕнк куы кӕнӕм, уӕд уымӕй къахыр кӕны нӕ амонд.
[Ныв 5 фарсыл]
Алкӕмӕй тынгдӕр Иегъовӕйыл ис зӕрдӕ дарӕн.
[Нывтӕ 7 фарсыл]
Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы, зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ банцойгӕнӕн кӕуыл уа, ахӕм исчи.