Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ нысан — ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

Нӕ нысан — ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

Нӕ нысан — ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

«Акил ӕмӕ Прискиллӕ фӕхъуыстой [Аполлосмӕ], сӕхимӕ йӕ ӕрбакодтой, ӕмӕ йын бӕлвырддӕрӕй бамбарын кодтой Хицауы [«Хуыцауы», НД] фӕндаг» (КУЫСТЫТӔ 18:26, НФ).

1. а) Аполлос кӕд «удӕй сыгъди», уӕддӕр ын цы нӕ фаг кодта? ӕ) Аполлосы ма ноджыдӕр цы хъуыд базонын?

АКИЛ ӕмӕ Прискиллӕ, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстон лӕг ӕмӕ ус, кастысты ӕмӕ хъуыстой, Аполлос Ефесы ӕмбырдгӕнӕны куыд дзырдта, уымӕ. Афтӕ дзырдарӕхст уыд ӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй дзырдта, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ӕгасӕй дӕр хъустӕ фестадысты. Уый, «удӕй судзгӕйӕ... ахуыр кодта Хицауы [Йесойы] тыххӕй раст». Фӕлӕ бӕрӕг уыд, Аполлос «ӕрмӕст Иоанны аргъуыды тыххӕй [кӕй] зыдта». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырыстийы тыххӕй цы дзырдта, уым мӕнгӕй ницы уыд. Хъуыддаг уый мидӕг уыди, ӕмӕ хабӕрттӕ се ’ппӕт нӕ зыдта. Аполлосы хъуыд, Йесо Чырыстийӕн Иегъовӕйы фӕндоны сӕххӕсты цы ахадындзинад ис, уый тыххӕй фылдӕр базонын (Куыстытӕ 18:24—26).

2. Акил ӕмӕ Прискиллӕ сӕхимӕ цавӕр стыр хӕс райстой?

2 Акил ӕмӕ Прискиллӕ сӕхиуыл нӕ бацауӕрстой, Аполлосӕн ӕнӕзивӕгӕй баххуыс кодтой, цӕмӕй, Чырысти цы бафӕдзӕхста, «уыдон иууылдӕр» (НФ) ӕххӕст кодтаид (Матфейы 28:19, 20). Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ йӕ уыдон «сӕхимӕ... ӕрбакодтой, ӕмӕ йын бӕлвырддӕрӕй бамбарын кодтой Хуыцауы фӕндаг». Фӕлӕ чырыстӕттӕй алчи йӕ ныфс нӕ бахастаид Аполлосы ахуыр кӕнын. Цӕуылнӕ? Акил ӕмӕ Прискиллӕ Аполлосимӕ Фыстадыл кӕй ныхас кодтой, уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Ӕмӕ нын ацы рагон хабар куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’ргом тынгдӕр аздахӕм адӕмимӕ хӕдзары Библийы ахуыр райдайынмӕ?

Хъуыды кӕн адӕмыл

3. Кӕд Аполлос ахуыргонд адӕймаг уыд, уӕддӕр уый Акил ӕмӕ Прискиллӕйы цӕуылнӕ бакъуылымпы кодта, цӕмӕй йӕ сахуыр кодтаиккой?

3 Аполлос уыд дзуттаг, фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй схъомыл Александрийы. Александри уыд Египеты сӕйраг сахар ӕмӕ уӕлдӕр ахуырады артдзӕст. Зындгонд уыди йӕ егъау чиныгдонӕй. Уыцы сахары цард тынг бирӕ дзуттӕгтӕ, уыди дзы ахуыргӕндтӕ дӕр. Дзуттаг Фыстыты тӕлмац грекъаг ӕвзагмӕ — Септуагинтӕ дӕр рухс ацы ран федта. Уӕдӕ диссаг нӕу, Аполлос «Фыстытӕ хорз [кӕй] зыдта», уый. Акил ӕмӕ Прискиллӕ та хуыдтой цатыртӕ. Ӕмӕ Аполлос ахӕм дзырдарӕхст кӕй уыди, уый тыххӕй йӕм мыййаг нӕбауӕндгӕ фесты? Нӕ. Сӕ зӕрдӕты уарзондзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодтой уыцы адӕймагыл, цы йӕ хъуыд ӕмӕ йын куыд баххуыс кодтаиккой, ууыл.

4. Чи ӕмӕ куыд баххуыс кодта Аполлосӕн?

4 Кӕд дзурынмӕ Аполлосӕй мӕлгъӕвзагдӕр нӕ уыд, уӕддӕр ӕй хъуыд ӕххуыс. Уыцы ӕххуыс та йын, чырыстон ӕмбырды йедтӕмӕ, иу университет дӕр нӕ бакодтаид. Аполлос хъуамӕ базыдтаид, Хуыцау адӕмы ирвӕзындзинадӕн цы сарӕзта, уый хуыздӕр цӕй фӕрцы бамбӕрстаид, уыцы хабӕрттӕ. Акил ӕмӕ йӕ Прискиллӕ «сӕхимӕ... ӕрбакодтой, ӕмӕ йын бӕлвырддӕрӕй бамбарын кодтой Хуыцауы фӕндаг».

5. Акил ӕмӕ Прискиллӕйы уырнындзинады тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

5 Акил ӕмӕ Прискиллӕйӕн сӕ уырнындзинад уыд фидар, уыди йын арф уидӕгтӕ. Ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон «уыдысты кӕддӕриддӕр цӕттӕ кӕмӕндӕриддӕр, сӕ ӕнхъӕлцаудзинадӕй сӕ чи фарстаид, уымӕн... дзуапп раттынмӕ», фӕнды хъӕздыг адӕймаг уыдаид, фӕнды мӕгуыр, фӕнды ахуыргонд, фӕнды цагъар (1 Петры 3:15). Акил ӕмӕ йӕ бинойнаг арӕхстысты «ӕцӕгады дзырд раст амонынмӕ» (2 Тимофеймӕ 2:15, НФ). Бӕрӕг у, уыдон Фыстытӕ лӕмбынӕг кӕй ахуыр кодтой. Аполлосы зӕрдӕ тынг бацагайдтой, «Хуыцауы дзырдӕй, цӕрдуд ӕмӕ хъаруджын [чи] у», уымӕй йын цы бацамыдтой, уыдӕттӕ (Дзуттытӕм 4:12, НФ).

6. Аполлос, цы ӕххуыс ын бакодтой, уымӕн кӕй саргъ кодта, уый кӕцӕй зонӕм?

6 Аполлос тынг саргъ кодта, йӕ ахуыргӕнджытӕ йӕ куыд ахуыр кодтой, уымӕн, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын байдыдта ноджы арӕхстджындӕрӕй. Цыдӕриддӕр зыдта, уымӕй ницы ӕвгъау кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы, уӕлдайдӕр дзуттӕгтӕн хъусынгӕнгӕйӕ. Аполлос, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм ӕххуыс уыди, дзуттӕгтӕн Чырыстийы тыххӕй, куыд сӕ бауырныдтаид, афтӕ фидарӕй кӕй дзырдта, уымӕй. «Фыстытӕ хорз [кӕй] зыдта», уый фӕрцы-иу сын бӕлвырд равдыста, рагзаманты пехуымпартӕ иууылдӕр Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты (Куыстытӕ 18:24). Куыстыты чиныджы дарддӕр дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый фӕстӕ Аполлос ацыд Ахаймӕ ӕмӕ уым «Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы иттӕг ӕххуыс бакодта уырнӕг адӕмӕн. Цӕмӕйдӕриддӕр ӕгас адӕмы раз уый тыхджын-иу басаста Иудеӕгты, раргом-иу кодта, Фыстытӕм гӕсгӕ, Йесо кӕй у Чырысти» (Куыстытӕ 18:27, 28, НФ).

Ахуыр кӕн иннӕ ахуыргӕнджытӕй

7. Акил ӕмӕ Прискиллӕ дӕсны ахуыргӕнджытӕ куыд систы?

7 Акил ӕмӕ Прискиллӕ Хуыцауы Ныхас амонынмӕ афтӕ дӕсны куыд систы? Хуыцауы Ныхас сӕхӕдӕг лӕмбынӕг кӕй ахуыр кодтой ӕмӕ алы фембӕлдмӕ дӕр кӕй цыдысты, уымӕй уӕлдай ма сын, ӕвӕццӕгӕн, стыр ахъаз фӕци, апостол Павелимӕ кӕй бахӕлар сты, уый дӕр. Павел афӕдз ӕмӕ ’рдӕг фӕцард Акил ӕмӕ Прискиллӕмӕ Коринфы. Уым иумӕ хуыдтой ӕмӕ ӕмпъызтой цатыртӕ (Куыстытӕ 18:2, 3). Ахъуыды ма кӕн, сӕ ныхасы цы арф хъуыдытӕ уыдаид ӕцӕгады тыххӕй! Ӕмӕ сӕ рӕстӕг Павелимӕ кӕй ӕрвыстой, уымӕй-иу сӕ уырнындзинады уд ноджы тынгдӕр куыннӕ бацыдаид! «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын»,— афтӕ дзырдӕуы Ӕмбисӕндты 13:20. Акил ӕмӕ Прискиллӕйӕн хорз ӕмбал кӕй уыди, уый фӕрцы сахуыр сты Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддӕгтыл (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

8. Павел куыд хъусын кодта, уымӕй Акил ӕмӕ Прискиллӕ цӕуыл сахуыр сты?

8 Акил ӕмӕ Прискиллӕ, Павел куыд хъусын кодта, уый уынгӕйӕ бамбӕрстой: хорз ахуыргӕнӕг ахӕм уа хъуамӕ. Куыстыты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Павел «алы сабаты дзырдта синагогы [Коринфы] ӕмӕ хъардта йӕхи Иудеӕгты ӕмӕ Грекъӕгты бауырнын кӕнын». Фӕстӕдӕр ӕм Силӕ ӕмӕ Тимофей куы ’рцыдысты, уӕд «йӕхи ӕгасӕй дӕр дзырды куыстӕн ратта, ӕмӕ ӕвдисӕн ныллӕууыд Иудеӕгты раз, Йесо тӕккӕ Чырысти кӕй у, уымӕн». Ӕмбырдгӕнӕны уӕнгты хъусын куы нӕ бафӕндыд, уӕд Акил ӕмӕ Прискиллӕ федтой, Павел хуыздӕр бынаты кӕй райдыдта хъусын кӕнын — ӕмбырдгӕнӕны фарсмӕ чи уыд, уыцы хӕдзары. Уым Павел баххуыс кодта Криспӕн, «синагогы хистӕрӕн», цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинаг суыдаид. Акил ӕмӕ Прискиллӕ куыннӕ федтаиккой, уыцы адӕймаг ахуыргӕнинаг кӕй сси, уый куыд стыр ахъаз фӕци ӕмӕ уым цӕрӕг адӕмыл куыд тынг фӕзынд. Куыстыты дарддӕр фыст ис: «Крисп... йе ’гас хӕдзаримӕ уырнӕг сысты Хицауыл; афтӕ Коринфӕгтӕй дӕр, чи дзы байхъуыста, уыдонӕй бирӕты бауырныдта ӕмӕ донӕйаргъуыд райстой» (Куыстытӕ 18:4—8, НФ).

9. Акил ӕмӕ Прискиллӕ Павелы куыстӕн куыд саргъ кодтой?

9 Уацамынды хъуыддаджы Павелы бафӕзмыдтой иннӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр, зӕгъӕм, Акил ӕмӕ Прискиллӕ. Апостол чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Мӕн-иу бафӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 11:1, НФ). Павелау Акил ӕмӕ Прискиллӕ дӕр баххуыс кодтой Аполлосӕн чырыстӕтты ахуырӕдтӕ ноджы хуыздӕр бамбарынӕн. Стӕй уый та иннӕтӕн ӕххуыс кодта. Акил ӕмӕ Прискиллӕ цӕттӕ кодтой ахуыргӕнинӕгтӕ Ромы, Коринфы ӕмӕ Ефесы дӕр (Куыстытӕ 18:1, 2, 18, 19; Ромӕгтӕм 16:3—5).

10. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын дын ӕнцондӕр цӕй фӕрцы уыдзӕн, ахӕмӕй дӕхицӕн Куыстыты 18 сӕрӕй зондӕн цы райстай?

10 Куыстыты 18 сӕрӕй цы базыдтам, уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Акил ӕмӕ Прискиллӕ Павелӕй куыд сахуыр сты, афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ, Хуыцауы Ныхас амонынмӕ дӕсны чи у, ахӕм чырыстӕтты бафӕзмӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм. Нӕхи бӕттӕм, «йӕхи ӕгасӕй дӕр дзырды куыстӕн [чи] дӕтты» ӕмӕ иннӕтӕн бӕстон ӕвдисӕн чи лӕууы, уыдоныл (Куыстытӕ 18:5, НФ). Кӕсӕм сӕм, адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ сӕ ныхӕсты стыр уӕз кӕй вӕййы, уымӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ куыд ссарынц. Уыцы хъуыддӕгтӕ куы базонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ын ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ ма кӕд дӕ бинонтӕй науӕд дӕ сыхӕгтӕй искӕй фӕнды Библи ахуыр кӕнын, уӕд-иу сӕ ӕрбахон. Кӕнӕ та кӕд, мыййаг, ӕндӕр искӕй зоны, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндид, уӕд хорз уаид, куы нын зӕгъид (Куыстытӕ 18:6—8).

Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн дӕхӕдӕг агур фадӕттӕ

11. Ног ахуыргӕнинӕгтӕ кӕм ис ссарӕн?

11 Павел ӕмӕ йе ’мчырыстӕттӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ссарыныл архайдтой, алы рӕтты хъусынгӕнгӕйӕ: хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, базарты ӕмӕ искуыдӕм цӕугӕйӕ. Ды та, Паддзахады зынгзӕрдӕ кусӕг, цы зӕгъдзынӕ: ахуыргӕнинӕгтӕ ссарынӕн дӕ бон у алы рӕтты хъусын кӕнын? Дӕ бон у алы фадӕттӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй аккаг адӕмы агурай ӕмӕ сын хорз хабар хъусын кӕнай? Цымӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ куыд ссарынц? Фыццаг уал ӕркӕсӕм, телефонӕй куыд хъусын кӕнынц, уымӕ.

12—14. Телефонӕй хъусын кӕнын хорз цӕмӕй у, уый равдисынӕн радзур дӕхи цаутӕ кӕнӕ, ацы абзацты чи ис, уыдонӕй иу.

12 Бразилийы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ иу чырыстон сылгоймаг, схонӕм ӕй Мариа, бирӕуӕладзыгон хӕдзарӕй чи рацӕйцыд, уыцы ӕрыгон сылгоймагӕн радта трактат. Мариа йӕ ныхас райдыдта трактаты сӕргондӕй. Бафарста сылгоймаджы: «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?». Сылгоймаг загъта: «Бӕгуыдӕр мӕ фӕнды. Фӕлӕ ахуыргӕнӕгӕй кусын, ӕмӕ мӕ рӕстӕг ацӕуы уроктыл». Мариа йын загъта, зӕгъгӕ, Библийыл ныхас кӕнын нӕ бон у телефонӕй дӕр. Уыцы сылгоймаг ын радта йӕ телефоны номыр, ӕмӕ тӕккӕ уыцы изӕр райдыдтой Библи телефонӕй ахуыр кӕнын брошюрӕ «Хуыцау нӕ цы домы?»-йы ӕххуысӕй *.

13 Эфиопийы нӕ хо, ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг, хъусын кодта телефонӕй. Иу нӕлгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕм телефонӕй райхъуыст хъӕр-хъӕлӕба, ӕмӕ тӕрсӕгау фӕкодта. Уыцы лӕг ын загъта, цӕмӕй йӕм фӕстӕдӕр ӕрбадзырдтаид. Хо йӕм ногӕй куы бадзырдта, уӕд дзы нӕлгоймаг хатыртӕ ракуырдта, зӕгъгӕ нӕм фыццаг хатт куы бадзырдтай, уӕд ме ’фсинимӕ нӕ тӕккӕ хылыл уыдыстӕм. Нӕ хо дӕр фӕцарӕхст ӕмӕ йын бамбарын кодта, Библи бинонтӕн алы фарстатӕ скъуыддзаг кӕнынӕн зондджын уынаффӕтӕ кӕй дӕтты. Загъта йын, бирӕ бинонтӕн стыр ӕххуыс кӕй фӕци, мыхуыры Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй рауагътой, уыцы чиныг — «Бинонты амонды сусӕгдзинад». Чиныг ын куы радта, уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ та йӕм телефонӕй бадзырдта. Райхъуысти йӕм цины хъӕр: «Ацы чиныг мын мӕ бинонты цард хӕлын нӕ бауагъта!» Уыцы нӕлгоймаг йӕ бинонты ӕрбамбырд кодта, ӕмӕ чиныджы цы хорз хъуыдытӕ бакаст, уыдон сын радзырдта. Йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕнӕсцухӕй райдыдта чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын.

14 Данийы иу хъусынгӕнӕг, хо, иу сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, телефонӕй хъусынгӕнгӕйӕ. Уый афтӕ зӕгъы: «Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг мын рагӕй дзырдта, телефонӕй хъусын кӕнын бафӕлвар, зӕгъгӕ. Фыццаг мӕ нӕ фӕндыд, загътон-иу: „Нӕ, уымӕ мӕ зӕрдӕ нӕ райы“. Фӕлӕ иу бон куы уыди, уӕд ме ’ппӕт хъарутӕ ӕрӕмбырд кодтон, ӕмӕ ныфсджынӕй фыццаг адӕймагмӕ бадзырдтон. Хӕтӕл систа Соня. Иугыццыл куы аныхас кодтам, уӕд сразы, цӕмӕй йын Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ хӕссон. Иу изӕр дзырдтам, алцыдӕр куыд фӕзынд, ууыл, ӕмӕ йӕ бафӕндыд бакӕсын чиныг „Цард — куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?“ *. Ӕз ын загътон, хуыздӕр кӕй уаид, куы фембӕликкам ӕмӕ афтӕмӕй куы аныхас кӕниккам. Соня, хорз, зӕгъгӕ, загъта. Куы йӕм бацыдтӕн, уӕд бӕрӕг уыди, Библи ахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у. Уӕдӕй фӕстӕмӕ алы къуыри дӕр ахуыр кӕнӕм». Нӕ хо ма загъта: «Уал азы дӕргъы куывтон Библийы ахуыры тыххӕй, фӕлӕ йӕ телефонӕй хъусынгӕнгӕйӕ райдайдзынӕн, уый мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыди».

15, 16. Библийы ахуыр кӕдфӕндыдӕр ӕмӕ кӕмфӕндыдӕр райдайынмӕ цӕттӕ куы уӕм, уӕд уый куыд стыр ахъаз уыдзӕн, уымӕн ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

15 Бирӕтӕ та ӕнтыстджын уымӕн сты, ӕмӕ хъусынц уынаффӕтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынц, адӕм кӕмдӕриддӕр вӕййы, уым. Иугонд Штатты иу хо йӕ машинӕ баурӕдта лӕууӕндоны, уӕй кӕцӕй кодтой, ахӕм фургон-машинӕйы фарсмӕ. Цы сылгоймаг дзы бадти, уый нӕ хомӕ куы фемдзаст, уӕд ын нӕ хо райдыдта дзурын, адӕмӕн Библи куыд ӕмӕ цӕмӕн амонӕм, уый тыххӕй. Сылгоймаг ӕм фӕхъуыста, стӕй йӕ дуканийӕ рацыд, ӕрлӕууыд хойы машинӕйы раз ӕмӕ йын загъта: «Бузныг дын, кӕй мӕм сдзырдтай, уый тыххӕй. Ныр цасдӕр рӕстӕг уӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйӕ ницыуал райстон. Уӕвгӕ мӕ ногӕй фӕнды Библи ахуыр кӕнын. Ды мемӕ нӕ ахуыр кӕнис?». О, нӕ хо уавӕрӕй афтӕ спайда кодта, ӕмӕ адӕймагӕн хорз хабар фехъусын кодта.

16 Иугонд Штатты иу хо бацыд зӕрӕдты хӕдзармӕ. Фыццаг уал фембӕлд бӕрнон кусджытӕй иуимӕ ӕмӕ йын загъта, кӕй йӕ фӕнды, чи дзы цӕры, уыдонӕн баххуыс кӕнын: Хуыцауы тыххӕй сын радзурын. Нӕ хо ма загъта, зӕгъгӕ, кӕй фӕнда, уыдонимӕ алы къуыри дӕр ӕхсызгонӕй ахуыр кӕндзынӕн Библи, лӕвар. Уыцы кусӕг ын бар радта цӕрджытӕм бацӕуынӕн. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ хо къуыри ӕртӕ хатты ахуыр кодта Библи 26 адӕймагимӕ, ӕмӕ дзы иу ныртӕккӕ ӕнӕсцухӕй цӕуы фембӕлдтӕм.

17. Арӕх куыд вӕййы Библийы ахуыр райдайӕн?

17 Паддзахады хъусынгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты сӕ къухы хорз ӕнтыстытӕ бафты, адӕймагӕн комкоммӕ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куы фӕзӕгъынц, уӕд. Иу райсом, 105 хъусынгӕнӕджы кӕм ис, ахӕм ӕмбырды сфӕнд кодтой, кӕимӕ ныхас кӕной, уыдонӕй алкӕмӕндӕр кӕй дзурдзысты Библи ахуыр кӕныны тыххӕй. Уацамынды ацыд ӕстай ӕхсӕз хъусынгӕнӕджы, ӕмӕ дыууӕ сахатмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕппынкъаддӕр 15 адӕймагимӕ.

Дарддӕр дӕр агур аккаг адӕмы

18, 19. Цавӕр ахсджиаг фӕдзӕхст хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдыл ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ хъуамӕ фидарӕй цы сфӕнд кӕнӕм?

18 Хъусынгӕнгӕйӕ дӕ чи зоны бафӕнда, ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй спайда кӕнын. Фӕлӕ, куыд хъусын кӕнӕм, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ хорз уаид, бынӕттон ӕгъдӕуттӕ дӕр куы нӕ рох кӕниккам. Фыццаджыдӕр та нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, агурут аккаг адӕмы ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Матфейы 10:11; 28:19).

19 Иугӕр афтӕ у, уӕд цӕй, ӕмӕ «ӕцӕгады дзырд раст... амонӕм» (НФ). Уый нӕ къухы ’фтдзӕн, нӕ ныхасы уӕз куы уа, кӕддӕриддӕр Фыстадыл куы ’нцайа, уӕд. Афтӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайдзыстӕм ӕмӕ сӕ хъуыддагмӕ баразӕнгард кӕндзыстӕм. Иегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, куы йӕм кувӕм, уӕд искӕмӕнты баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Уый та цӕй арфӕйаг куыст у! Уӕдӕ «архайӕм нӕхи равдисын Хуыцауӕн аккагӕй», ӕмӕ Иегъовӕйы алкӕддӕр кадджын кӕнӕм, зынгзӕрдӕйӕ Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм — уыимӕ нӕ нысан ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын кӕй у — уымӕй! (2 Тимофеймӕ 2:15).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 12 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 14 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис уырыссагау.

Бахъуыды кодтай?

• Аполлосӕн Хуыцауы фӕндаг ноджы хуыздӕр бамбарын кӕнын цӕмӕн хъуыд?

• Акил ӕмӕ Прискиллӕ апостол Павелӕй цӕуыл сахуыр сты?

Куыстыты 18 сӕрӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

• Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн дӕ бон куыд у алыхуызон фадӕттӕ агурын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Акил ӕмӕ Прискиллӕ Аполлосӕн «бӕлвырддӕрӕй бамбарын кодтой Хуыцауы фӕндаг».

[Ныв 18 фарсыл]

Аполлос ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын райдыдта арӕхстджынӕй.

[Ныв 19 фарсыл]

Павел кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид — алы ран дӕр хъусын кодта.