Зӕрдылдарӕн бон — дӕ царды дӕр ахады
Зӕрдылдарӕн бон — дӕ царды дӕр ахады
ЙЕСО зӕххыл куы уыд, уӕд бындур ӕрӕвӕрдта, Хуыцауӕн кад чи хӕссы, ахӕм бонӕн. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕрмӕстдӕр ацы дины кӕнон бафӕдзӕхста. Уый уыди Хицауы ӕхсӕвӕр, зонынц ма йӕ Сусӕг ӕхсӕвӕрӕй дӕр (Тайная вечеря).
Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн: ды дӕр уым дӕ ӕмӕ уыныс, уыцы бӕрӕгбоны размӕ цы цаутӕ цӕуы, уыдон. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты дзуттаг Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Куадзӕны фынгыл цы хӕринӕгтӕ вӕййы, уыдон фесты хӕрд: зынгыл фых уӕрыкк, маст кӕрдӕджытӕ, донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн. Мӕнгард апостол Искариотаг Иудӕ уырдыгӕй ӕрвыст ӕрцыд ӕмӕ рӕхджы йӕ Хицауы ауӕй кӕндзӕн (Матфейы 26:17—25; Иоанны 13:21, 26—30). Йесо баззад йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ. Уыдонӕй иу у Матфей.
Матфей йӕхи цӕстӕй федта, Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куыд ӕрӕвӕрдта: «Йесо систа [донгонд] дзул ӕмӕ арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ асаста, ӕмӕ йӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕтгӕйӕ загъта: айсут, ӕмӕ хӕрут; ай у Мӕ Буар. Ӕмӕ райста [сӕны] нуазӕн, ӕмӕ бузныг зӕгъгӕйӕ, радта уыдонӕн, ӕмӕ сын загъта: нуазут амӕй уӕ ӕппӕт; цӕмӕйдӕриддӕр ай у Мӕ ног фӕдзӕхсты [«бадзырды», НД] Туг, бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдты ныппарыны тыххӕй калд кӕцы ӕрцӕудзӕн» (Матфейы 26:26—28, НФ).
Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта? Донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕнӕй цӕмӕн спайда кодта? Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр хъуамӕ аходой ацы нысӕнттӕй? Ацы зӕрдылдарӕн бон куыд арӕх хъӕуы бӕрӕг кӕнын? Ӕмӕ йын дӕ царды ӕцӕгдӕр исты нысаниуӕг ис?